Четверг, 03.07.2025, 19:14
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ЗÆРИСÆРЫ ЧЫЗГ
ЗÆРИСÆРЫ ЧЫЗГ
Дæллагхъæуы ма баззад иу зæронд лæг – Зæрисæр. Ракодтой йæ
Дæллагхъæуы чызг-фæсивæд, æмæ йæ фæрсынц:
– Цы нын амоныс уæддæр хуыздæрæн?
– Мæнмæ иу фæнд ис, æмæ уын æй нæ сусæгкæнын. Уыд ахæм хабар.
Æз рынчын уыддæн. Нæ чысыл лæппу хуым бакодта, фæлæ йæ баласын йæ
бон нæ уыд. Нарты Дзылæу адæг ацауæзта, æмæ йæ баластой иумæ. Нарт
æххуысæн æххуыс ысты, хæстæн – хæст. Нартæн баххуыскæнын фарны
хъуыддаг у, Бæргъуанæн та ацы маст ма ныббарут.
Зæрисæры чызг сыхыл азылди, æмæ сæ сыхы чызг-фæсивæды йемæ
тархъæдмæ акодта. Иу тулдзбæласы цур æрæмбырд ысты, æмæ бахордтой
æрдхæрæны ард. Уыйфæстæ сæхи хæстахуыр кодтой. Милмæ фæлвæрдтой,
кардæй хæцыдысты.
Къуырийы дæргъы гуымиртæ 'мæ Бæргъуаны 'фсæдтæ æнцой нæ
уагътой Борæ 'мæ Болатбæрзæйы. Къуырийы фæстæ та ногæй ысхæцыдысты.
Æмæ цæ Зæрисæры чызг-æфсад чъылдымдзæф фæкодтой. Бæргъуаны 'фсад
куынæг байдыдтой...
Зæрисæры чызг-æфсадыл ызгъæртæ конд уыди, лæгдарæсы уыдысты.
Æмæ цæ ничи зыдта, чи сты, уый.
Уæд, Болатбæрзæй дзуры Борæмæ:
– Чи уыдзысты ацы 'фсад?
– Зын зæгъæн у. Чи сты, уый фæсхæст рабæрæгуыдзæн.
Æхсæвы гуымиртæ авд хатты фæфылдæр ысты, стæй куы 'рбабон,
уæдта ногæй хæцын байдыдтой.
Зæрисæры чызг дæр йе фсадимæ смидæг и гуымирты астæу. Æртывæр
фыддæр ысхæцыдысты. Болатбæрзæй гуымирты афтæ фæцагъта, æмæ дон нал
зынди сæрыкъуыдыртæй. Фæлæ та цæ дыггаг бон ногæй хæцгæйæ уыдта.
Фæхæцыдысты бон-изæрмæ, æмæ изæры Болатбæрзæй Луанылæгæтмæ бафтыди.
Борæ нал федта Болатбæрзæйы. Болатбæрзæйыл гуымиртæ хох
бафæлдæхтой. Æмæ ахсты бахаудта лæппу.
Луанылæгæты гуымирты хистæр Æвдсæроны 'фсымæр аууоны йæ фæллад
уагъта, æмæ йæм Болатбæрзæй дзуры:
– Ды та кæцы дæ?
– Æз де уазæг, ма мæ амар! Æвдсæрон уæйыджы кæстæр æфсымæр
дæн. М' амардæй дыл ницы бахæцдзæн, фесæфдзынæ, æмæ ды дæр ам
бамбидзынæ. Фæлтау дæ ауадзынкæндзынæн мæ сæры аргъмæ.
Болатбæрзæй йæ нал фæцагайдта. Борæ та Болатбæрзæйы агуырдта.
Æмæ талынджы, хæст куы банцади, уæд Борæ сæхимæ фæцæйцыд.
Луанылæгæты фæрсты æрцæйызгъордта, æмæ йæ Болатбæрзæй базыдта.
– Бафæрс-ма-иу нæхимæ, цы сæртæ алыгкæнын, уыдон та дыггаг бон
куы райгас вæййынц. Æмæ уый цæй аххос у?
Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы. Фæлæ уæддæр сæхимæ фæрсы
Сæуæссæйы:
– Сæртæ ракæнæм, доны цæ бакалæм, фæлæ та райсоммæ
райгасвæййынц, æмæ хæцын байдайынц. Уый, цæмæн афтæ у?
– Уæ, æвзæртæ, хæцын нæ зонут. Гуымирты хæст сымах афтæмæй нæ
фæуыдзыстут. Уыдонмæ сидын куыдхистæрæй хъæуы, кæннод кæстæры сæр
хистæр йæхиуыл асæрфы, æмæ та райгасвæййы.
– Ме фсымæр дæр, нæ зонын, цы фæуыдаид...
– Уый гуымиртæ хинæй æрцахстаиккой. Уыдонмæ йæ хъæуы агурын.
Уæд Борæ нызгъордта Куырдалæгонмæ.
– Мæ карды ком мын фæцыргъдæркæн.
Куырдалæгон кард сырх зынг ыскодта, æмæ йæ уыйфæстæ
сойæсæрстæй цъитидоны нытътъыста. Кард сыгъдæг болат фестади. Æмæ
Борæ фæстæмæ ратындзыдта.
Райсомы та хур куыддæр ыскасти, афтæ авд æфсымæры хистæр
Æвдсæрон радыгай æрвыста гуымирты, фæлæ цæ Борæ быныцагъд кодта.
Æвдсæронæн дæр ма цы гæнæн уыд, уынгæджы фæци, æмæ загъта:
– Фæуадз мæ иу къуыри. Фенон ма мæ кæстæр æфсымæры. Стæй мæ
амар.
– Дзырд мын радт, ме фсымæры дæр мын кæй æркæндзынæ.
Уый йын ард бахордта.
Æвдсæрон уæйыг Луанылæгæтмæ суади 'мæ хох рафæлдæхта.
Цæугæ де фсымæрмæ зæгъгæ йын загъта Болатбæрзæйæн.
– Æмæ ды кæдæм цæуыс?
– Къуыримгъуыдæй дзы мæхи ракуырдтон. Мæ иунæг æфсымæр ам
уыди, уый зыдтон. Уадзгæ дæр дæ уый тыххæй акодтон. Уыййæддæмæ ам
бамбыдаис.
Болатбæрзæй ауагъта Æвдсæроны. Уый йе фсымæры аскъæфта, æмæ йæ
уæйгуытæм ысхаста.
– Авд æфсымæры уыдыстæм, фондзæй цагъды фестæм. Мæхицæн дæр мæ
кæрон æрцыди, фæлæ гъиай нæ кæстæр у, æмæ уе уазæг уæд.
Æмæ скуыдта Æвдсæрон.
– Цæуыл кæуыс, æгас куы дæ?
– Нартыл нæ бон тых кæнын нæу. Уагæры ма фылдæр куы бауой! Уæд
цын тыхгæнæг тых нал ыссардзæн.
Уыцы ныхас уæйгуытæм тæлммæ фæкасти æмæ загъта сæ хистæр:
– Хорз бакодтай, æмгъуыд кæй райстай, уымæй. Мах уæдмæ 'фсад
ыскæндзыстæм, æмæ дæм зындзыстæм.
Æвдсæрон раздæхти. Уæйгуыты хистæр æфсад æрæмбырдкодта
гуымиртæй æмæ уæйгуытæй. Арвæй уал æртахы не рхаудтаид, уыдон цас
уыдысты.
Æвдсæрон дæр та хæцын райдыдта. Уæд фæзындысты уæйгуыты
хистæры 'фсæдтæ.
Зæрисæры чызг цæ куы федта, уæд загъта:
– Фылдæр æфсадæй та 'рцæуынц гуымиртæ.
Сæхи ныццавтой чызг-æфсад, æмæ Бæргъуаны 'фсæдты бынтон
ыскуынæгкодтой. Бæргъуанæн гæнæн нал уыди, æмæ фæцæйлыгъд, фæлæ
Зæрисæры чызг йæ размæ февзæрди 'мæ йæм дзуры:
– Гъей, лидзгæ бæргæ кæныс, фæлæ кæдæм?
Кæрдтæм февнæлдтой. Зæрисæры чызгæн йæ сæрзæнт æрхауди, æмæ йæ
дзыггутæ 'ркалдысты.
Болатбæрзæй уæд йе фсымæрмæ 'рцæйцыди, ауыдта чызджы, æмæ йæм
хибарæй хъавыди. Ницы загъта Борæйæн.
Чызг-æфсад се хсæн фæкодтой Зæрисæры чызджы. Йæ сæрзæнт ыл
акодтой, æмæ та схæцыдысты гуымирты 'фсæдтимæ. Бон-изæрмæ
фæхæцыдысты. Изæры ныууагътой сæ хæцын. Зæрисæры чызг Бæргъуаны сæр
ахауын кодта, æмæ йæ талынджы Дæллагхъæумæ 'рхаста. Хъилыл æй
ныссагъта, æмæ йæ сæвæрдта, Бæргъуан кæй фæцагъта, уыдонæн сæ
зæппадзы сæрмæ. Йæхæдæг та æмæхсæвæджы ацыди йæ чызг-æфсæдтæм.
Райсомы Зæрисæр зæппадзыл ауыдта Бæргъуаны сæр хъилыл сагъдæй.
Хъæу базмæлыди 'мæ цинкодтой сеппæт дæр Бæргъуаны сæфтыл.
Гуымиртæй ма чи баззади, уыдон Борæмæ барвыстой: "Бауадз нæ улæфын
бонæмгъуыдмæ".
Борæ сразы 'мæ загъта Болатбæрзæйæн:
– Мах дæр уал нæ фæллад ысуадзæм.
Æмæ бонæмгъуыдмæ сæ хæст ныууагътой.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 402 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск