Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СЫРДОН
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СЫРДОН Нартæ æрымбырд ысты 'мæ загътой: "Уырызмæг йæхиуыл фæхæцыд, æмæ фервæссыди йæхиуыл. Ныр ма уымæн зæнæг куы фæуа, уæд йæ зæнæг дæр сæ фыды хуызæн рахæсдзысты, æмæ ма нын уæд Нарты 'хсæн цæй цæрæн ис махæн?" Рахъуыды-бахъуыды байдыдтой, ратæрхон-батæрхон, æмæ ницы сæ бон уыд æрымысын. Уæд загътой: – Сырдоны бафæрсæм. Сырдон Нартæм мæсты уыди, æмæ цын сæ Ныхасмæ дæр нал цыди. Тæрхонкæнынц Нарт: – Чи бацæудзæн Сырдонмæ? Ничи йæ ныфс хаста. Уымæн æмæ зыдтой: Сырдон никæмæ байхъусдзæн, æмæ нæ рацæудзæн. – Уырызмæгæн йæхи барвитæм, – загъта Хæмыц. Сразы сты Нарт. Фæлæ Уырызмæджы Ныхасмæ ракæнынмæ дæр йæ ныфс ничи хаста. – Хъæлæба сисæм, æмæ кæд Уырызмæг йæхæдæг æрбацæуид! – ногæй та зæгъы Хæмыц. – Раст у! – Раст нæу! Уырызмæг æмæ Сатана хъусынц Нарты хъæр. – Цæуыл хъæлæбакæнынц? – фæрсы Уырызмæг. – Истæуыл та нæ фидауынц, æвæдздзæгæн, – загъта Сатана. Уæд Уырызмæг йæ уæлæфтау йе уæхсчытыл æрбаппæрста 'мæ рараст и. Дзуры цæм Уырызмæг Нартæм: – Цы у уæ хъæлæба? Цæуыл нæ фидаут? – Сырдон нæ хъæуы, æмæ йæ куыд ракæнæм, уый нæ зонæм. – Уæ иу æм бацæуæд, æмæ йæ ракæнæд. – Мах дæр уыууыл катайкæнæм, æмæ нæ иуы коммæ дæр нæ бакæсдзæн. Никæмæн ракомдзæн. – Цæуылнæ уæд? – Уымæн æмæ махæй иу дæр ахæм нал баззад, æмæ Сырдоны чи нæ бахъыгдардта. – Æз æй ракæндзынæн уæдæ, – загъта Уырызмæг. – Хуыздæр фæу, Уырызмæг! Бузныг де 'гъдауæй. Æмæ йæм бацыди Уырызмæг Сырдонмæ. – Нарты Ныхасмæ рацу. Быцæукæнынц, æмæ æнæ дæу н' ахицæнуыдзæн сæ быцæу. – Фæлтау мæ уадз, Уырызмæг. Дæуæй ма нæ зонын æфхæрд, æмæ мæм дæхи ма хæрамкæн. – Æнæ цæугæ дын нæй. – Уадз мæ, Уырызмæг. – Нæй дын ныууадзæн. – Уæдæ-иу фæсмойнаг ма у. Æмæ араст Сырдон Уырызмæджы фæстæ Нарты Ныхасмæ. Нарт Сырдоныл æртыхстысты. Æрбадын æй кодтой се хсæн, æмæ йæ фæрсынц: – Цæрын ма дæ фæнды? – Нæ фæнды – æнæ сымах. Кæд дзы æнæ сæфгæ нал и, уæд – Нартимæ иумæ! – Уый та куыд? – Куыд куы! Сымах куынæуал уат, уæд мæ мæлæт у. Фæлæ æгас куы баззайат, уæд та мæ цæрын фæнды. Нартæ ныххудтысты. – Раст нын зæгъ, Уырызмæгæй куыд фервæзæм? – Кæннод дæ марæм. – Нырма мæ Уырызмæгæй фæрсут. Стæй та мæ æндæр искæмæй бафæрсдзыстут уыйфæстæ. Фæлæ йæ нал уадзынц Нартæ. Мыхъхъытæ æмæ йæ гуыппытæ кæнынц. Уырызмæг æм дзуры: – Зæгъ, Сырдон, куыд æгъдауæй мæ фервæзой хъуамæ Нарты адæм? – Уæдæ дæ тæригъæд дæхи, Сатанайæ дын цы зæнæг цæуа, уыдон уын кæронмæ ма цæрæнт! Æмæ дæ фервæздзысты уæд. Сырдоны дзырдтæ Уырызмæгыл æрцыдысты. Сатанайæ йын цы цæуæт цыди – æргомæй дæр æмæ фæсаууонæй дæр – уыдонæй иу дæр лæджырæгъмæ нæ фæхæддзæ, æмæ йæ фæстæ дæр никæй ныууагъта. Уырызмæг æм рамæсты Сырдонмæ, фæлæ байрæджы. Æмæ фæсмойнаг фæци Уырызмæг. Нартæ ницыуал ысфæрæзтой ысдзурын. Æмæ Уырызмæг мæстæйæхсидгæ балæууыд сæхимæ, æмæ ракодта Сатанайæн Сырдоны ныхас. Сатана дæр ма цы загътаид? Йæ бон сывæллон ысхъомылкæнын нал баци сусæгæй, æмæ æргомæй дæр. | |
Просмотров: 309 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |