Пятница, 04.07.2025, 09:23
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ÆЛДÆН-МÆЛИКК
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ÆЛДÆН-МÆЛИКК
Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц Донбеттырты хæрæфырттæ уыдысты. Сæ
фыдыбæстæм æрцыдысты, сæ фыдыуæзæг ыссардтой æмæ æрыййæфтой
æнæфæкæсæгæй сæ фыдыфыд Уæрхæджы.
Раджы базæронд и, цæстæй хорз нал уыдта Уæрхæг. Фæлæ уый
зæронды аххосæй нæ уыди. Ацы стыр фыд ын Æлдæн-мæликк ракодта.
Рарынчын ис Уæрхæг æмæ арф ныуулæфыди:
– Уох-хай-гъе!
– Цы кæныс, нæ зæронд фыд, æви кæд мæстыкæныс мах æрцыдыл? –
загъта Уырызмæг.
– Сымах æрцыд мæ удæн æнцой у. Мæ маст æндæр цæуылдæр у.
– Æппын æй нæ зæгъдзынæ?
– Нырма уын тæрсгæ кæнын.
– Цæмæй нын тæрсыс? Чызджытæ не стæм, мыййаг. Æмæ нæ тыхæй
ничи аскъæфдзæн. Кæд нæм тыхæй цæуæг уа, уæддæр фендзыстæм! Цæмæй
тæрсыс?
– Уæдæ мын Нарты лæгрæгъæуттæм фæдзур.
Уырызмæг Нарты лæгрæгъæуттæм фæдзырдта, æмæ цæ Уæрхæг фæрсы:
– Ам ыстут уеппæт дæр?
– Ам ыстæм, ам!
Уæрхæг та ныуулæфыд:
– Уох-хай-гъе!
Нартæ йæ фæрсынц:
– Цы кодтай, цы дыл æрцыд?
– Æппын уæ æддæ ничиуал ис?
– Ничи.
Æртыггаг хатт дæр та ныуулæфыд Уæрхæг.
– Уох-хай-гъе!
– Æвæдздзæгæн, мæлæтæй фæтарстæ!
– Мæлæтæй нæ тæрсын. Нартæ мæ фæстæ цы уыдзысты, уыууыл у мæ
сагъæс.
– Сымах куыд уыдзыстут, мах дæр афтæ!
– Махæн нæ фыдæлтæ знаг нæ ныууагътой. Мах дæр уын нæ уадзæм.
Фæлæ ма иу ызнагæй мæ маст не ссыди, æмæ уыууыл хъуыдыкæнын
æппынæдзух.
Нартæ кæрæдзимæ бакастысты. Уæрхæг цæм дзуры:
– Чи уæ лæгдæр у, уый мæм йæ цонг æрбадарæд.
Нартæ радыгай сæ цæнгтæ бадардтой Уæрхæгмæ, фæлæ цæ ныфсы
ныхас никæмæй загъта. Фæстаг хатт æм Уырызмæг дæр бадардта йæ цонг.
Уæрхæг ын æрысгæрста йæ фæзилæнтæ, йæ ныуæрттæ, йæ хæцъæфтæ 'мæ
загъта:
– Уырызмæг, цæугæ дæхæдæг иунæгæй. Кæдæм дын зæгъон, уырдæм.
– Æмæ мах цæуылнæ уадзыс, иумæ цыд нын хуыздæр у. Уæд та
Уырызмæгыл исты цæуы, æмæ йæ уæлхъус куы ничи уа, уæд цы кæндзæни?
– дзурынц Нартæ.
– Уырызмæджы нуæртты сой зилы туджы бæсты. Уый уазалы дæр нæ
фæтæрсдзæн. Уый тæвды дæр бафæраздзæн. Нæ фæтæрсдзæн уарынæй дæр, –
загъта Уæрхæг.
Нартæ уæлдай ницыуал загътой. Акодта Уæрхæг Уырызмæджы. Стæй
йын афтæ зæгъы:
– Ды цæудзынæ фыдæбоны фæндагыл. Уыцы фæндагыл дæу
фервæзынкæндзæн мæ бæх. Авд ныггæнды бын бастæй лæууы. Хæринаджы
бæсты йæ фаджыс хæры, нуазинагæн та йæ мицъыра нуазы. Кæд дæ бон
бауа йæ раласын, уæд дæ хъуыддаг раст. Фæлæ дын исты фыдбылыз куы
ракæна, уæд та мын маст уыдзæн.
Уырызмæг авд ныггæндмæ дуæрттæ байгомкодта. Кæсы, æмæ бæхæн йæ
кæвдæс дæндагæй æхсыд, кæрæдзиуыл нал хæцы. Хæринаг ын нæй бæхæн,
æмæ йæ фаджыс æууилы, ысхуыпкæны йæ мицъырадон.
Бæхмæ рухс бакасти 'мæ ныммырмыркодта. Уырызмæджы ауыдта, æмæ
йæ цæфхæдтæй зæхх ныххоста. Уырызмæг бæхы йæ фæстаг къæхтæй
рацахста, зилгæ йæ рахаста, æмæ йæ цады нытътъыста. Бæх ма йæхи
ныууыгъта, фæлæ йæ бон цы уыди! Хæрзнад æй ныккодта, стæй йæ
бафæлварон зæгъгæ, загъта йæхинымæр. Уæд æм бæх дзуры:
– Барæгæн мын бæздзынæ, Уырызмæг!
– Ды та мын хæссæнæн бæздзынæ. Фæлæ мын мæ ном та цæмæй зоныс?
Нырма мæ фыдздзаг хатт куы уыныс...
– Зонын æй, дæу Уæрхæг мæнмæ рарвыста. Уый дæм рагæй каст
æнхъæлмæ. Фæлæ дын уæддæр цы дзырдта?
– Нартæн фыдбылыз нæ ныууагъта зæгъгæ зæгъы. Фæлæ ма иу
кæмæйдæр йæ маст нæ райста, æмæ уый тыххæй у йæ катай.
– Чи у уыцы фыдбылыз?
– Нæ йæ загъта.
– Уæдæ йæ бафæрс. Стæй дзы хæцæнгарз дæр райс.
Уырызмæг Уæрхæгмæ фæцыди...
– Цы сарæзтай, Уырызмæг?
– Бæх къухты бафтыд, фæлæ хæцæнгæрзтæй цух дæн. Нарты знаг кæй
хоныс, уый дæр мын зæгъ.
– Зæгъдзынæн, бæгуыдæр. Фæлæ уал ды ныггæнд-къæбицмæ бацу. Уым
ысты мæ хæцæнгæрзтæ. Кæд цæ рахæссын базонай, уæд хорз. Кæд нæ, уæд
дыл фыдбылыз æмбæлдзæни, æмæ аххосджын – дæхæдæг.
Уырызмæг ныггæнд-къæбицмæ ныццыди, федта дуар, æмæ йыл
æрвгæнæн – æрмæрины йас. Стыдта йæ Уырызмæг, стæй дуар бакодта.
Бараст и мидæмæ, кæсы æмæ дын къулыл – цирхъ, кæрддзæмæй
ыслæсыслæскæны. Фат æрдынмæ йæхи ивазы, æмæ йæм нæ хæддзæкæны. Арц
зæххыл зилы.
Уырызмæг цирхъы фистоныл фæхæст и. Сласта йæ кæрддзæмæй, æмæ
йæ фæхсыны фæтъыста. Цирхъ цæхæртæ скалдта, æмæ йæ кæрддзæмы 'нцад
æрлæууыди уыйфæстæ. Уырызмæг æй йæхиуыл бабаста. Иннæ фæхсынмæ
бахаста фаты фындз, æмæ йæ фæтъыста фæхсыны. Уæд уый дæр æрсабыр и.
Æрдын йæ уæлæ 'ркодта, æмæ фатдоны та фат нытътъыста. Æртыггаг
фæхсын бахаста Уырызмæг, æмæ дзы арцыфындз фæтъыста уым дæр. Арц ма
йæ фæздæг ысуагъта. Стæй йæ Уырызмæг й' армы айста. Бацыди бæхмæ
'мæ йæм дзуры:
– Цæй, куыд мыл фидауынц Уæрхæджы хæцæнгæрзтæ?
– Хуыздæртæй хуыздæр. Фæлæ цæугæ. Базон мын, чи у Нарты знаг.
Уырызмæг Уæрхæгмæ бацыди.
– Мæнæ дæн!
– Сарæхстæ, Уырызмæг!
– Зæгъ мын Нарты знаджы.
– Фæлæу. Афтæ цæуыс?
– Афтæ!
– Бацу 'мæ бæхы барцыл дæ къух ауадз. Стæй, цы зæгъа, уый мын-
иу радзур. Æртæ хатты йæ асæрфдзынæ балцы. Уымæй къаддæр – нæ,
уымæй фылдæр дæр – нæ!
Уырызмæг Уæрхæджы бæхмæ бацыди. Бæхы барцыл æртæ хатты
'рсæрфта йæ къух. Æмæ бæх йæ сæр æрбазылдта Уырызмæгмæ.
– Цæуæм?
– Цæуæм, цæуæм!
– Саргъ мыл сæвæр.
– Уох, цæй рох мæ фæци!
Уырызмæг фездæхти фæстæмæ, æмæ афарста Уæрхæджы.
– Ау, æмæ æнæ саргъæй та куыд? Саргъ мæ нæ хъæуы?
Уæрхæг ма чысылтæ уыдта йæ цæстæй. Æххæст æй нæ уырныдтой
Уырызмæджы ныхæстæ.
– Уæлæ, тарвазыл ауыгъд цы саргъ ис, уый ахæсс.
Уырызмæг, тарвазыл ауыгъд цы саргъ уыд, уый райста. Æрдæг
фæндагыл уыд, æххæст æм нæма бахæддзæ, афтæ йæм бæх дзуры:
– Ахæсс уыцы саргъ фæстæмæ, уыцы саргъы бын хæрæджы фидыд
кæндзынæн. Æз та хæцынмæ цæуын.
Уырызмæг раздæхти 'мæ дзуры Уæрхæгмæ:
– Хуыздæр саргъ мын авæр, ай ницы у, мæ быны ныссæтдзæн йæ
къуыдыр.
– Уæд та, цæджындзыл ауыгъд цы саргъ ис, уый ахæсс.
Уырызмæг, цæджындзыл цы саргъ уыд, уый райста 'мæ йæ рахаста.
Æртæ къахдзæфы ма йæ хъуыди бæхмæ, афтæ йæм бæх дзуры:
– Аздæх фæстæмæ, Уырызмæг. Уыцы саргъы бын æз хæргæвсы фидыд
кæндзынæн. Æз та хæцынмæ цæуын.
Фæмæсты Уырызмæг, æмæ та раздæхт. Дзуры Уæрхæгмæ:
– Æз хæцынмæ цæуын, æмæ мæн лæджы саргъ хъæуы. Ды та мын иу
цавæрдæр фидиссаг саргъ фæкæныс мæ фыдздзаг.
– Гъеныр мæ уырны, мæ бæх æмæ дæ мæ хæцæнгæрзтæ сæхимæ
бауадздзысты, уый. Мæнæн мæ бæхæн æндæр саргъ ис. Уæртæ ныггæнды
къæй рафæлдах. Уым æвæрдæй лæууы мæ бæхы саргъ. Кæд æй рахæссын
базонай, уæд хорз. Кæннод аххос дæхирдыгæй фод.
Уырызмæг та ныггæндмæ бацыди. Кæсы, æмæ дзы иу ыстыр къæй. Авд
ивазны иуырдæм уыди, авд ивазны – иннæрдæм. Ныззылдта йæ, æмæ къæй
уæдæрттау зилгæ атахти. Сæмбæлди комы, æмæ ныппырх. Саргъ йе
хтæнгтæ рахсы. Кæй ацахсынц, уый атæхынкæнынц й' астæуыл. Уырызмæг
хъæд бадардта, æмæ йæ æхтæнгтæ атæхынкодтой хъæды. Уыйфæстæ куыддæр
æрсабыр ысты, афтæ саргъ йæ хъустæй фелвæста Уырызмæг, æмæ йæ бæхыл
авæрдта. Æхтæнгтæ цырд æрбалхъывта, уидон бафтыдта, æмæ саргъыл
бæхы хъарм куы сæмбæлди, уæд æй æрбалхъывтой. Бæх ныммырмыркодта,
æмæ уæд йе ргъæвджытæ цæхæр ыскалдтой.
Уырызмæг бæх идадзæй æрбаласта 'мæ та дзуры Уæрхæгмæ:
– Мæнæ дæн, æд бæх, æд хæцæнгæрзтæ! Зæгъ мын ныр Нарты знаджы.
Уæрхæг бæхы 'рсæрфтытæкодта, идон æмæ саргъыл йе нгуылдзтæ
'руагъта. Бæх йæ сæр æрбазылдта Уæрхæгмæ. Æмæ йæ уæд Уæрхæг
æрбахъæбыскодта 'мæ загъта:
– Йе, мæ Дымсур! Уад дæ уайынмæ не ййæфта фæдисы, дæ риу
айнæджытæ саста тохы. Ныр мæ сæрæн нал дæн, ды та ма дæ тыхы дæ.
Зон æй, Нарты фыдызнаг чи у, уый. Мæ цæсты рухс кæй аххосæй батар,
уый – Æлдæн-мæликк. Уымæй ма куы райстаин мæ маст, уæд ма мæ
мæлæтыл та цы мæткæнын!
– Фæндаг мын бацамон æрмæст! – загъта Уырызмæг.
– Фæндаг мæ Дымсур хорз зоны. Уый дын кæндзæни ныр мæ
хабæрттæ.
– Уæд та мын иу-дыууæ зондджын ныхасы зæгъ, цæмæй фæндараст
фæуон.
– Зондджын митæ куы кæнай, уæд дыл мæ ныхæстæ 'рцæудзысты.
Фæлæ дын уæддæр зæгъын. Фыдздзаг уый, æмæ, бæхыл куы цæуай, уæд-иу
тæссаг хидыл ма ацу. Дыггаджы – тугвæд чердæм цæуы, уыцырдæм ма
ацу, тугвæд кæцæй цæуы, уыцырдæм ацу. Æртыггаджы – зондамонæг дын
куы фæуа, уæд æй дæ зæрдыл бадар, фæлæ йæ ныхасыл ма ацу.
Уæрхæг æй æрбахъæбыскодта Уырызмæджы. Стæй бæхыл абадти
Уырызмæг æмæ араст и.
– Уæрхæг цæмæй æмæ куыдæгъдауæй бакуырм? – афарста уæд
Уырызмæг йæ бæхы.
– Уый – Æлдæн-мæличчы аххосæй. Сæдгæрфæнык бакалдта мæликк
Уæрхæджы цæстыты, æмæ йæ бон хæцын нал уыди. Нартæм ма йæ бæргæ
'рхастон, фæлæ уæдæй фæстæмæ йæ сæрæн нал кæны.
– Æмæ йын уæдæ хос нал уыдзæн?
– Йæ хос уымæн сæдгæрсыф у. Сæдгæрсыф рафыцын хъæуы доны. Æмæ
уыцы донæй куыддæр æрыхса йæ цæстытæ, афтæ цæ ракæсдзæн. Фæлæ
сæдгæр æрмæст Æлдæн-мæличчы цæхæрадоны зайы.
Нырма уал ын йæхиуыл фæтых хъæуы. Стæй нын сыф кæдæм ирвæзы!
Уырызмæг цæуы дарддæр йæ фæндагыл. Иу фæзранмæ бахæддзæ сты.
Фæзы фалейы дон цæуы. Æмæ Уырызмæг йæ бæхы хизынмæ ауагъта, йæхæдæг
чысыл æрфынæй. Уæд йæ хъустыл цыдæр хъæлæба ауад æмæ Уырызмæг
фехъал и. Фæстæмæ фестади, кæсы, æмæ дон фыдивылд ракодта. Адæм
æрымбырд ысты хиды цур, æмæ йыл нæ уæндынц ахизын.
Уырызмæг йæ бæхыл абадти 'мæ сæ цуры февзæрд.
– Цæуыл тыхсут?
– Куыннæ тыхсæм, дон фыдивылд ракодта, æмæ хидыл ахизæн нæй.
Тæссаг хид у.
Уырызмæгæн Уæрхæджы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ загъта:
– Ма тæрсут, æз уæ ахизынкæндзынæн.
Бæхы ивылд доны батардта Уырызмæг, æмæ хидыл йе уæхсчытæй
ысхæцыди.
– Рахизут ныр!
Адæм уæд хидыл ахызтысты, æмæ Уырызмæг та бæхыл ауади доны.
Арфæтæ йын кодтой адæм.
Уырызмæг дарддæр араст и 'мæ федта ахæм диссаг: иу ададжы туг
цæуы, æмæ йæ фæд донау уадзы. Уырызмæг тугвæдыл н' ацыди, фæлæ, туг
кæцæй цыд, уырдæм йæ ных сарæзта. Кæсы, æмæ – стыр арынгтæ, æмæ
адæм сæ тугæй уырдæм рауадзынц. Чи нæ цæуы арынджы, уый та акæлы
'мæ алæсæнкæны ададжы.
Æмæ фæрсы Уырызмæг йæ бæхы:
– Ай цавæр диссаг у?
– Гъе, Уырызмæг, адон туг-хъалон дарынц Æлдæн-мæликкæй. Йæ
хъалон чи нæ фæразы фидын, уыдон сæ туджы 'мбис ам, ацы арынджы,
ауадзынц. Йæ маст цæ уымæй исы.
Уырызмæг ницы загъта, æмæ та араст и дарддæр. Иу бæласы бын
æртæ лæджы бады, æмæ цæуылдæр тæрхонкæнынц. Сæ иу дзуры:
– Нæй афтæ цæрæн, мах нæ туг калæм, уый Хуыцауы тæригъæд у.
– Туг радт, уæд адæймаг мæрдтыл нымад у. Н' адæм дæр æрдæгмард
ысты, – зæгъы иннæ.
– Махæй йын иу дæр ницы кæндзæни, нæртон адæймаг куы нæ уа,
уæд, – загъта æртыггаг.
Афарста Уырызмæг йæ бæхы.
Адон цæуыл дзурынц зæгъгæ.
– Æлдæн-мæликкыл у сæ ныхас. Уымæй æфхæрд ысты, æмæ йын ницы
сæ бон у й' амарынæн. Уымæн йæ мæлæт нæртон лæджы къухæй у.
Æргæпласта уæд йæ бæхæй Уырызмæг. Бацыди æртæ зæронд лæгмæ 'мæ
цæм дзуры:
– Фарн уæ ныхасы!
– Фæрнæйдзаг у, æмæ нæм алыбон æгас фæцу. – Æмæ йын зæронд
лæгтæ ысцæйыстадысты.
– Бадгæ кæнут, уæ хорзæхæй.
– Дæрддаг бæлццон дæ, куыд уынæм, афтæмæй.
– Уо, бæгуыдæр. Нартыбæстæй дæн.
– Æмæ кæцытæй дæ Нартæй?
– Æхсæртæггатæй.
– Йе, мæгуыр. Ацы бæхы хуызæн ма æз Нарты Уæрхæгмæ федтон, –
зæгъы иу зæронд.
– Æз дæр æй федтон, – зæгъы дыггаг зæронд, – уый йын бæргæ
схоскодтаид Æлдæн-мæликкæн.
– Раст у, – зæгъы æртыггаг лæг, – фæлæ сæдгæрфæныкæй бакуырм
и, мæгуырæг. Йæ бæхы фæрцы ма аирвæзти.
– Уæдæ сымах цы Уæрхæджы кой кæнут, уый ме стыр фыдæлтæй у.
Фæлæ-ма зæгъут: чердыгæй цæры Æлдæн-мæликк?
– Мæнæ ацы фæндагыл ныллæу, æмæ дæ комкоммæ бахæддзæкæндзæн йæ
хæдзармæ.
– Бузныг, – загъта Уырызмæг, æмæ араст и йæ фæндагыл.
Рыг йæ сæрмæ сыстади, æмæ куыд æввахс кодта, афтæ Дымсур-
Уырызмæджы бæх – йæ фурттытæй нал æнцад.
Бæхы фурттытæ фехъуыста Æлдæн-мæликк æмæ загъта:
– Акæсут-ма, цавæр рыг у?
– Барæг æрбацæуы.
– Цавæр барæг у?
– Барæг – ыставдкæндтытæ. Ивтонг алцæмæй дæр. Йæ бæхы къæхты
бынæй рыг сыстади 'мæ арвыл æмбæлы.
– Кæд мæн агура, уæд мын-иу зæгъут.
Уæдмæ 'рбахæддзæ Уырызмæг дæр æмæ бахъæркодта:
– Ам уæ чи ис? Æддæмæ ракæсæд!
Æлдæн-мæликк хъæрмæ иу лæппуйы рарвыста.
– Акæс. Кæд мæн агура, уæд ын-иу, рынчын у зæгъгæ, зæгъ.
Куыд ын бафæдзæхста Æлдæн-мæликк, афтæ бакодта лæппу, фæлæ йыл
Уырызмæг нæ баууæндыд.
Уæд Æлдæн-мæликк фæгæпласта 'мæ æддæмæ фæци.
– Кæцы дæ? Чи дæ?
– Нæртон лæг дæн!
– Æ, фæлтау дын дæ мард куы федтаин дæ удæгасы бæсты!
– Дæхиуыл æрцæуæд де лгъыст! Æз нырма цæрынхъуаг дæн, тъыссæн
хæрæг! Рахиз æддæмæ!
– Ды бæхыл дæ. Мæн дæр бауадз бæхыл бадын...
Æлдæн-мæликкæн базырджын бæх уыди, æмæ йыл куыннæ дардтаид йæ
зæрдæ!
Уæд æм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ:
– Куыддæр бæхы раласа, афтæ йын-иу йæ рахиз уæны сæр
фæкæрддзæфкæн бæхæн, кæннод аирвæздзæн.
Æмæ йæм Уырызмæг бахъавыд. Ныггæндæй йæ куыд ласта, афтæ йын
Уырызмæг йæ рахиз уæны сæр фæкæрддзæфкодта бæхæн. Бæх йæ базыртæ
айтыгъта, æмæ фæцæйтахти, фæлæ йæ рахиз базыр кæрддзæф уыди 'мæ
'рсасти. Æрхаудта Æлдæн-мæличчы бæх зæхмæ. Æмæ уæд кардæй
ысхæцыдысты Уырызмæг æмæ Æлдæн-мæликк. Авд суадоны сæр айнæджы
цъуппыл ын æфсæнхæдзар уыди мæликкæн. Æмæ уырдæм тыдта йæхи.
Уæд та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ:
– Сайдзæн дæ, айнæджы цъуппыл ын æфсæн хæдзар ис уымæн. Æмæ
куыддæр уырдæм баирвæза, афтæ йын ницыуал ракæндзынæ.
Æлдæн-мæликк айнæджы бынмæ байста йæхи. Уæлейы цы рæхыс уагъд
уыди, уыууыл куыддæр фæхæст и, афтæ йæ Уырызмæг рариуыгъта цирхъæй,
æмæ рæхыс фæлыг и. Æлдæн-мæликк зæххыл сæмбæлд. Уæд йæхи хæстæгдæр
байста Æлдæн-мæликк зилгæдуармæ.
Æмæ та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ:
– Дыууæ хатты сарæхстæ. Ацы хатт ма кæд сарæхсай, уæд дæ
къухты ис Æлдæн-мæликк. Зилгæдуар ис йе фсæнхæдзармæ ссæуæны, æмæ
цырд фæлæу, ма дæ фæсайæд.
Æлдæн-мæликк ма зилгæдуармæ бæргæ багæцласта. Фæлæ йæ Уырызмæг
цирхъæй ракъуырдта й' астæуыл, æмæ дыууæ дихæй атахт. Ронбастæй
дæлæмæ æддейы аззади. Уырдыгæй уæлæмæ зилгæдуары бахауди æмæ йæ
хорау æрыссадта дуар.
Фесæфти Æлдæн-мæликк. Уыйадыл Нарты бæсты къæвдахæддзæ туг
ныууарыди. Æмæ йæ Нартæ афарстой Уæрхæджы:
– Дæ рæстæджы дæр-иу искуы ахæм къæвда скодта? Æмæ-иу искуы
тугæмхæддзæ уарыди?
– Никуы. Фæлæ кæд афтæ у, уæд Уырызмæг мæлæтдзаг тохы бацыди.
Кæсут боныгъæдмæ: кæд ныгуылæнæй рухскæна, уæд хъуыддаг хорз у. Кæд
ыскæсæнæй рухскæна, уæд тæссаг у Уырызмæгæн.
– Ныгуылæнырдыгæй дыдзыирд кæны арв.
– Уæдæ уайут Уырызмæджы размæ.
Нартæ ныххæррæтластой, æмæ Уырызмæджы размæ фæцыдысты.
Уырызмæг Æлдæн-мæличчы ронбастæйдæлæмæ арцыл æрцауыгъта, стæй
азылди айнæджы сæрырдæм. Уым уыди фидар æхгæд дуæрттæ, сæ уæлæ
ивазны бæрц æрвгæнæнтæ. Уырызмæг цæ стыдтытæкодта 'мæ цæ
ныззыввыттытæласта. Мидæгæй ахæст адæм цæуын байдыдтой, æмæ нал
фæуд кодтой. Сеппæт дæр уыдысты мæрдвæлурс æмæ цола. Чи та ма
тыххæй лæууыди йæ къæхтыл.
Уырызмæг афарста:
– Чи стут ай?
– Мах ыстæм ахæст адæм, – загътой уыдон. Нæ тугæй нын йæ
куыйты хæссы Æлдæн-мæликк.
– Уо, арв ыл ныккæла Æлдæн-мæликкыл, кæд цытæ кæны! Фæлæ мауал
тæрсут, уый мард у. Дæлæ йын м' арцыл йе рдæг æрсагътон.
– Уо, дæ бонæй уай, ацы лæг! Уымæн ахæм ус ис, бæстæ дæндагæй
чи хæры. Уый дæ уæддæр н' ауадздзæни. Йæ куыйты рæгъау дæм нæма
рауагъта.
– Амонгæ мын цæ бакæнут.
Ахæст адæм бацамыдтой Уырызмæгæн уыцы куыйты рæгъау кæм ысты,
уый. Уырызмæг цын сæ дуæрттæ стъæппытæласта. Куыйты рæгъау
ралæбурдтой. Уырызмæг йæ бæхыл разæй тæхы, фæлæ йæ фæцæйæййафынц
куыйтæ.
Уæд та йæм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ.
– Авд комы кæм баиу ысты, уым ис рæхыс ауыгъд, уыууыл фæхæц.
Æриваз æй, æмæ фервæзæм. Кæннод нæ дыууæ дæр сæфæм.
Авд комы кæм баиувæййынц, уыйонг бахæддзæ Уырызмæг, æмæ рæхыс
ацахста.
Æривæзта йæ. Авд комы фæхстæ æрыхгæдтой, æмæ куыйтæ
баззадысты. Уырызмæг та айнæгхохы сæрмæ сфардæг и. Кæсы æмæ уæртæ
Æлдæн-мæличчы ус ахæст адæмы йæ хъæлæсы ахаста. Æмæ цæ саунадæй
мæлæтдзаг фæкодта.
Уырызмæг æм тагъдгомау бацыди усмæ:
– Уæ, мæнæ ус-мæликк, акæс-ма айнæгæй, Æлдæн-мæликк йæ сæрыл
куыд лæууы. Фæлæ ронбастæй уæлæмæ цыма йæ гуыр йæ уæлæ нæй, афтæ
зыны.
Ус-мæликк акасти айнæгæй. Уырызмæг æй фесхуыста, æмæ ус-мæликк
комы ныппырх и. Стæй цын ахæст адæмæн афтæ зæгъы Уырызмæг:
– Сæрибар ыстут ныр!
Адæм арфæтæ фæкодтой Уырызмæгæн.
– Нæ Хуыцауы хай! Уæд та чи дæ, уый нын зæгъ.
– Æз уеппæтимæ кæм фæдзурдзынæн. Фæлæ мæм æртæ лæджы
'рбарвитут.
Фæндагыл цæугæйæ Уырызмæгыл чи æмбæлд, уыцы æртæ зæронд лæджы
йæм æрбакодтой адæм.
– Нал мæ зонут? – загъта Уырызмæг.
– Нарты Уæрхæджы байзæддаг дæ – куыннæ дæ зонæм!
Кæм ма цын уыди бауыромæн! Сæ уæлныхты йæ хастой адæм
Уырызмæджы.
– Арфæйаг фæут æмæ уæ цæрæнбон бирæ. Ауадзут мæ ныр мæ бæстæм.
– Ацæудзынæ, нæртон лæг! Фæлæ дын мæнæ сæдгæрсыф, ахæсс æй
демæ. Ноджы акæн бæхрæгъæуттæ, фосы дзугтæ. Ницæмæй дын
бафиддзыстæм дæ дзæбæх.
Йæ разæй йын сæдæсæдæтæ скодтой бæхрæгъæуттæ 'мæ фосы дзугтæй.
Рафæндараст æй кодтой Уырызмæджы. Уырызмæг арцыл хæцыд. Æлдæн-
мæличчы ронбастæй дæлæмæ, йæ уæлæ сагъд, афтæмæй. Арфæ ма ракодта
Уырызмæг ноджы æмæ аздæхта адæмы.
Цæуы Уырызмæг. Кæсы, æмæ дунейы адæм йæ размæ 'рбацæуы.
Уырызмæг сагъæсыл фæци: "Уæдæ цымæ чи уой адон?"
Æгæр бирæ æмæ æгæр уадцыдæй куы цыдысты, уæд исдуг тæрсгæ дæр
фæкодта. Фæстагмæ бамбæрста: уый Нартæ рацæуынц йæ размæ æмгуыппæй.
Æрбахастой йæм Уæрхæгмæ арцыл сагъд Æлдæн-мæличчы мард йæ
ронбастæй дæлæмæ.
Уæрхæг æй æрысгæрста 'мæ загъта:
– Йех, кæм дæ, мæ цæстырухс? Кæд Æлдæн-мæликкæн йæ цурхъытæ
давгæ ракодтой æмæ цæ кæйдæр мæгуыры къæхтыл ыскодтой...
Уырызмæг сæдгæрсыф доны рафыхта. Æмæ уыцы донæй æрыхсынкодта
Уæрхæджы цæстытæ. Æмæ Уæрхæг йæ цæстытæй ракасти.
– Кæм дæ, Уырызмæг? Ды сысгуыхтæ, æмæ Нарты сæр фæу!
Уæрхæджы ныхæстыл сеппæт дæр фæцинкодтой адæм.
Стыр куывд уыди уыйфæстæ Нартæм. Æмæ æнæхъæн къуыри ахаста.
Бæхрæгъæуттæ Уырызмæг Нартыл байуæрста. Ахæм нал баззади
Нартæй, æмæ хай кæй нæ фæци. Æмæ, зæгъы, Уырызмæг уæдæй фæстæмæ
Нарты сæр ысси æмæ царди кад æмæ радæй.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 379 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск