Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆДЖЫ ХАБАР
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆДЖЫ ХАБАР Уырызмæг иугæндзон хæтæнты хатти æмæ та-иуахæмы хæтæнтæй æрцæйыздæхт. Иу цавæрдæр коммæ бахауд, æмæ доныбылтыл кæны йæ фæндаг. Фæлæ дын йæ бæх иу бырцы цур йæ къæхтæ ныссагъта 'мæ размæ нал цæуы. – Цы дыл æрцыд, цы кæныс? – загъта Уырызмæг йæ бæхæн. – Мæ разы фæстæмæзæвæтджынтæй иу цалдæр ис, æмæ цæ искæй куы фенон, уæд нæ фæндагæн ыстыр тас у. Уырызмæг бæхæй æрхызти, бырцæй акасти, æмæ мæнæ диссаг: Уырызмæджы хъуджы хæйрæг æрцахста, йæ фæдджытæй йын иу дæйгæ кæны, иннæ 'ртæ фæдæджы та къæртамæ дуцы. Уырызмæг ысмæсты. Бауади 'мæ хæйрæджы йæ сæрыхъуынтæй рацахста. Хæйрæг ныцъцъæхахстласта. – Ай мæ хъуг у, æмæ йæ ардæм кæцæй æркодтай? – дзуры йæм Уырызмæг. – Суадз мæ, Уырызмæг! Æмæ дæ бæркадæн ныккæнæн нал уыдзæн. – Уæддæр куыд æгъдауæй? – Куыд куы! Аходæнмæ цы бакусай, уый дын афæдзы фаг уыдзæни. – Ды мæн сайгæ кæныс! – Нæ дæ сайын. Уæд хæйрæг йе тарæй Цыкурайыфæрдыг систа 'мæ загъта: – Гъиай ахæсс, æмæ йæ уæ бынаты нывæр, æрмæст дæ сылгоймаг ма фенæд. Стæй кæсдзынæ дæ бæркадмæ. Раздæр-иу фæрдыгæй дæ фосы асæрф, уыйфæстæ та – дæ хор. – Уæд та мæ сайгæ кæныс, æмæ ма дæ уæд кæм ыссардзынæн? Хæйрæг æм æртæ хъуыны радта. – Мæ сæр дæ куы бахъæуа, уæд-иу æмбисæхсæв ацы хъуын артыл авæр, стæй дæм зындзынæн. Уырызмæг æртæ хъуыны нывæрдта йæхимæ, æмæ рацæуы. Уæд æй Сатана дардмæ ауыдта 'мæ загъта: "Нæ лæг афтидæй цæмæн æрцæуы? Æвæдздзæгæн, æмæ йыл исты тых сæмбæлд". Æрбахæддзæ Уырызмæг, æмæ йæ Сатана афарста: – Лæг ма къæцæл уæддæр æрхæссы хъæдæй. Ды та бынтон афтидармæй куы æрыздæхтæ! – Æз мæ пайда мæ разæй æрæрвыстон ардæм. – Æмæ æз куы ницы федтон. – Райсом æй фендзынæ. Уæд Уырызмæг ыссаддонмæ бацыди, æмæ фæрдыгæй ыссад асæрфта. Стæй йæ сæ бынатысæр сæвæрдта, Сатана йæ нæ базыдта, афтæмæй. Уæд æм Уырызмæг райсомы дзуры: – Сатана, кæрдзын-ма ракæн. Сатана ссад балуæрста 'мæ йæ сызмæста. Стæй йæ ранхъизынмæ фæуагъта. Уыцы рæстæг Уырызмæг Цыкурайыфæрдыг райста, йæ фосыл æй асæрфта, стæй йæ хорыл æмæ та йæ нывæрдта. Стæй йæ къæлæтджыныл йæхи 'руагъта 'мæ хъуыдыты ацыд. Сатана хъуг дуцы, æмæ йæ къæртатæ байдзаг ысты. Фæлæ уæддæр хъуджы 'хсыр зæхмæ цыхцыртæй ныллæууыди. – Уæ зæронд! – дзуры Сатана Уырызмæгмæ. Ракæс-ма диссагмæ. Нырма иу хъуг дæр нæ фæдæн дыгъд. Иннæ хъудздзыты та ма кæдæм æрдуцон? Уырызмæг æмбæрста хабар, фæлæ ницы сдзырдта. Уæд хыссæ дæр базмæлыди, æмæ арынгæй фæйнæрдæм кæлы. – Фæтагъддæркæн, дæ хыссæ арынгæй кæлы, – зæгъы Уырызмæг. – Ме хсыр зæххы хай баци, хыссæмæ мæ нал æвдæлы. – Нартæм фæдзур, æмæ, кæй цас хъæуы, уыйас æрдуцæд. Сатана цæм фæдзырдта, æмæ нартæ æд къæртатæ згъордтой æмæ Сатанайæ хастой æхсыр. Æмæ доны бæсты æхсыр нуазын байдыдтой Нартæ. Сатана й' арынгмæ суади. Кæсы, æмæ йæ хыссæ арынджы нал цæуы, æмæ зæххыл азæйкодта. Æмæ хъæркæны Сатана: – Амæн та ма цы кæнон?!. – Нартæн æй радт. Сатана та дыггаг хатт Нартæм фæдзырдта: – Хæссут хыссæ, кæй цас хъæуы, уыйас! Нарты сылгоймæгтæ хыссæ хæссын байдыдтой, æмæ ма сæ къæбылатæн дæр лæвæрдтой уыцы хыссæйæ. Иннæ хатт Сатана куыройы ссинаг бавгæдта. Ссинаг æгасæй дæр кæфойыдзаг йæддæмæ нæ уыд. Афтæмæй уыйбæрц ыссад калдта куырой, æмæ йын Сатана хæссынæн ницы фæрæзта. Йæ зæронд лæгмæ та фæдзырдта: – Уо, зæронд, ай ныл цы сæмбæлди, ыссад хæссынæн куы ницы фæразын! Кæм æй ныккæнон, уый дæр мын нал и. – Нартæн æй радт. Сатана æртыггаг хатт фæсидти Нарты сылгоймæгтæм. – Хæссут ыссад, кæй цас хъæуы, уыйас. Нартæн та сæ сылгоймæгтæ цæуын байдыдтой, æмæ хастой ыссад, кæй цас хъуыди, уыйас. Стæй Сатана бацыд хæдзармæ. Æмæ йæ Уырызмæг афарста: – Гъы, куыд дæм кæсы мæ пайда? – Тынг хорз. Фæлæ-ма зæгъ, æз куы никæй федтон, уæд кæцæй цæуы ацы пайда? – Уымæй мæ ма бафæрс, фæдзæхст дæн. – Мæнæй кæй æмбæхсыс, уый цавæр у? Æви дын кæд аггаг нæ дæн? – Аггаг та куыннæ дæ! Фæлæ нæлгоймаджы хъуыдытæ уыйбæрц ысты, æмæ сылгоймаджы сæрыл уал хъуыны нæй. Стæй цын радзурæн дæр нæй сегасæн. Уæд ма сылгоймагæй цæмæй хицæнкæны нæлгоймаг? – Хорз, фæуæд дæ ныхас, – загъта Сатана 'мæ изæры хорз фынг ыскодта. Уырызмæг æй фæрсы: – Кæмæн цæттæкæныс ахæм фынг? – Дæуæн! Чи мын ис дæуæй зынаргъдæр? – Афтæ хорз мæ дæ зæрдæйы цы дарыс? – Дæ пайда. Уый канд мæ пайда нæу, фæлæ Нарты пайда у. Карз ронг рахаста Сатана, æрывæрдта фынг, æмæ 'рбадтысты æхсæвæрыл. Уырызмæджы 'мдых Сатана дæр нуазын байдыдта. Уæд æй Уырызмæг фæрсы: – Цы ми кæныс, Сатана, мемдых куыд нуазыс? – Ма кæн, фæрасыгуыдзынæ. – Мыййаг, кæд дæхæдæг нæ дарыс дæ зæрдæ дæхиуыл? Нуазынц, фæлæ Сатана ахæм уыди, æмæ йæ цы бафæндыдаид, æмæ цы нæ сарæзтаид! Уырызмæг расыг байдыдта 'мæ цухмухтæкæны. Агуры хъазын Сатанайæ. Фæлæ Сатана коммæ нæ кæсы. – Нæ лæг, ысрасыг дæ! – Нæ, уый ды срасыг дæ! – Æз дæуæй æвронгдæр дæн, дæуау цухмухтæ нæ кæнын. Фæлæ-ма зæгъ: æцæгæйдæр мæ бирæ уарзыс? – Мæхицæй фылдæр. – Уæдæ мын, дæ пайда кæцæй у, уый цæуылнæ зæгъыс? – Цæй, Хуыцау мын æй ныббарæд, фæлæ дын дзы иу хъуыддаг зæгъдзынæн. Ыссады пайда мын хæйрæджытæй у. – Иннæ пайда та? – Хыссæйы пайда дæр уыдонæй у. – Æхсыры пайда та кæцæй у? – Гъе уый дæр – хæйрæджытæй. – Уæдæ нæ бæркад уыдонмæ ис. – Уо, сусæг-æргомæй. Хæйрæг хъуыддаг бамбæрста, æмæ цын ыссады бæркад нал лæвæрдта. Уæд Сатана хор бавгæдта сæ куыройы, фæлæ фыдздзаджы хуызæн ыссад нал æрбахаста. – Уæ, зæронд лæг! – загъта уæд Сатана. – Не ссады бæркад нал и. Уырызмæг хæйрæджы хъуын зынгыл æрывæрдта. Хæйрæг уым февзæрди. – Цы дæ хъæуы, Уырызмæг? – Ме ссады бæркад нал ис. – Искæмæн загътай мæ ныхас? – Сатанайæн. – Уæдæ ма йæ къухты бæркад бирæ уæд, иннæ сæфт у. Уырызмæг хъусæй лæууыд – ницы сдзырдта. Уæд дын Сатана хыссæ кодта. Кæсы, æмæ уый дæр фыдздзагау нал у. – Гъе, зæронд, де рхæссæггаг фæстæмæ цæуы, нæ хыссæ нал бирæ кæны. Уырызмæг хил артыл авæрдта. Хæйрæг æм фæзынди уайтагъд. – Цы дæ хъæуы, Уырызмæг? – Нæ хыссæйы бæркад фæци. – Æвæдздзæгæн та уый дæр загътай искæмæн. – Сатана йæ зоны. – Уæдæ хыссæйы бæркад – мæн, хыссæ та йæхи уæд. Ницы та сдзырдта ныр дæр Уырызмæг. Сатана хъуг дуцы, æмæ йæ хъуг къæртайы 'рдæг æркодта æгасæй. – Нæ хъуджы 'хсыры бæркад дæр нал зыны, – дзуры Сатана. Уырызмæг æртыггаг хатт зынгыл авæрдта хæйрæджы хил, æмæ та йæм хæйрæг фæзынди. – Цы та дæ хъæуы, Уырызмæг? – Не хсыры бæркад нал и. – Кæд та уый дæр загътай? – Расыг уыддæн, æмæ мæ сирвæзти... – Уæдæ нырæй фæстæмæ æвронгæй фæсмонкæнут, расыгæй та стырзæрдæ ут. Уе хсыр уæхи уæд, йæ бæркад та – мæн. Æмæ хæйрæг уыйадыл фæдæлдзæх и. Æмæ загъта уæд Уырызмæг Сатанайæн: – Хæйрæджы 'лгъыст фæдæн дæу тыххæй. Æвронгæй – фæcмонкæндзынæн, расыгæй та – стырзæрдæ. Уæдæй фæстæмæ расыг лæг ыстырзæрдæ вæййы, фæлæ æвронгæй та фæсмон фæкæны. Сылгоймаг æмæ нуæзт хæйрæджы хос ысты. | |
Просмотров: 424 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |