Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ИУДЗОНГОН УÆЙЫГ
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ИУДЗОНГОН УÆЙЫГ Нарты Уырызмæг фæцæйцыди балцы. Иу доны былмæ бахæддзæ ‘мæ хъуыдыкæны: «Ныр доны ауаин, æмæ мæ дон куы фæласа. Ма ауайон, æмæ уый та – худинаг». Доны фаллаг был зынди мæсыг. Иу чызг мæсыгæн йæ рудзынг бакодта ‘мæ кæсы. Ауыдта Уырызмæджы доны фаллаг фарс, æмæ дзуры йæ мадмæ: – Иу барæг доны уонг æрбацыди ‘мæ доныбылты зилы. Цыма исты агуры... – Уый кæд хуымæтæджы лæг у, уæд донæн йæ тæнджытæ агурдзæн. Кæд æцæг барæг у, уæд донæн йе рфыты æрбацæудзæн... Фенæм уал, кæддæра кæуылты ‘рбахизид. Уæд æм йæ бæх дзуры Уырызмæгмæ: – Цæй-ма, Уырызмæг, цæуæм дарддæр, æви нал? – Цæуæм, фæлæ кæуылты? – Донæн йе ‘рфыты, – загъта бæх. Æмæ донæн йæ тæккæ гуылфæны балæгæрста. Уырызмæгæн ма йæ сæрытенка фæзынди, æмæ бæхæн та – йæ барц. Ацы фарсмæ ‘рбахызт барæг. Чызг æй ауыдта ‘мæ загъта: – Уыцы барæг уæдæй нырмæ æвæдздзæгæн, тæккæ арфдæр ран агуырдта. – Уæдæ тæссаг барæг у, – зæгъы йæ мад, – æмæ уал дæ уатмæ ацу. Уæдмæ Уырызмæг ысхæддзæ и ‘мæ бахъæркодта дуарæй. Чызджы мад æм рауади. Уырызмæг къæсæрæй бахызти. Æмæ йын ус уайтагъд фынг авæрдта йæ разы. – Ахæр уал. Уæдмæ нæ хæдзары хицау дæр кæд зынид. – Цалынмæ, чи стут, уый базонон, уæдмæ æз мæ дзыхмæ комдзаг дæр нæ сисдзынæн. – Мæ сæры хицау – уæйыг, æз та – йæ бинойнаг дæн. – Æндæр ма уæм чи ис? – Иу чызг ма нæм ис. – Уæдæ мæ размæ рацæуæд. Гæнæн нал уыди ‘мæ чызджы ‘рбакодта мад. Уæдмæ уæйыг дæр фæзынди. – Уазæг æгас цæуæд! – Фысым дæр æнæниз уæд! – загъта Уырызмæг. – Кæцæй цæуæг дæ? – Æз нæртон лæг дæн. – Уо-о, уæдæ æз нæртон лæджы уындмæ рагæй куы бæллын. Райдыдтой нуазынтæ ‘мæ хæрынтæ æмæ Уырызмæг фæрасыг и æмæ уайтагъд афынæй. Уæйыг æй хицæн уаты ‘рхуыссынкодта. Стæй зæгъы йæ чызгæн уæйыг. – Райсом мæ ‘хсæвыцæстæй сыхъалкæн. Ацы нæртон лæджы æз хъуамæ сфизонæгкæнон. Адон мыггаг мах мыггаджы сыскъуыйынкодта. Уæйыг дæр æрфынæй. Чызг хъуыды байдыдта, сыхъалкæнид йæ фыды, æмæ тæригъæд у сафынæн сæ уазæг. Ма йæ сыхъалкæна, æмæ йæ уæд йæ фыд маргæ кæндзæни. Æмбисæхсæвтæм фæхъуыдыкодта. Уæд чызг нал фæлæууыди, бацыди, Уырызмæг кæм хуыссыди, уырдæм, æмæ йæм дзуры: – Хъус-ма, нæртон лæг. – Хъусын, кæцы дæ? – Мæ фыд дæ хæрдзæни, фæлæ лидзгæ. – Цæмæй йæ зоныс? – Йæхæдæг мын æй загъта. Уæ мыггаг дам уæйгуыты мыггаджы фæцагъта. Æмæ дæм мæстыкæны. Мæн бафæдзæхста, цæмæй йæ раджы сыхъалкæнон. Уырызмæг фæтæррæстласта ‘мæ йын загъта чызгæн: – Бузныг, дæ лæггад дын нæ ферохкæндзынæн. Уырызмæг æрдынбос райхæлдта. Дуарæн æй мидæгæй афидаркодта, цæмæй дуар чи бакæна, æмæ мидæмæ чи ‘рбахиза, уыууыл сæмбæла фат. Йæхæдæг рудзынгæй рахызти, æмæ лидзы. Чызгæн ма бафæдзæхста: – Куыддæр карк ныууаса, афтæ-иу сыхъалкæн дæ фыды. Æз алыгътæн, уый ма зæгъ. Карк куыддæр фыдздзаг уаст ныккодта, афтæ чызг йæ фыды сыхъалкодта. Уæйыг арт йæхæдæг акодта, æмæ æртæ ‘фсæн уæхсты тыхджын ыстæвдысты. Уыйфæстæ бацыди, Уырызмæг кæм хуыссыди, уырдæм. Дуарыл сындæг бахæцыд. Куыддæр æй æмбисы уонг бакодта, афтæ фат фæхицæн, ратахти ‘хситгæнгæ, æмæ уæйыджы рахиз цонгыл сæбмæлд. Цонг йæ тæккæ фæкъæдзгæнæныл атахти, æмæ уæйыджы ‘рдиаг ыссыди. Уæйыджы ус æмæ чызг бауадысты, æмæ йæ фæрсынц: – Цы кодтай? – Цы фыддæр нæ уазæджы сæр, мæ цонг мын атæхынкодта. Ам æй нал æрбаййæфтон, уыййæддæмæ йæ амыртмырткодтаин. Уæйыг йæ цонг раскъуыдта. Фырмæстæй йæ йæ дзыхы баппæрста ‘мæ йæ аныхъуырдта. Уырдыгæй Уырызмæджы сурынтæ систа. Уырызмæг лидзы. Иудзонгон уæйыг æй суры. Иу ран æй фæцæйæййæфта. Уæд Уырызмæджы амондæн иу цуанон рацæуы. Ахæм фæттæ ‘хсы, æмæ арвы нæрынау нæрынц. Цъиуæн йæ цæстмæ ныхъхъавы, æмæ йæ æрыппары. Уырызмæг æм дзуры: – Æз дæ мад, дæ фыды уазæг – баххуыс мын кæн. – Цы кодтай уагæры? – фæрсы йæ цуанон. – Уæйыг мæ расуры, æмæ мæ мардзæни. – Мæнæ мæ фатыл фидар хæц! Уырызмæг фатыл фидар ныххæцыди. Цуанон фат ысуагъта, æмæ фат Уырызмæджы аскъæфта. Æртæ бонцауы æддæдæр æй фæхаста фат. Лидзы Уырызмæг дарддæр. Иудзонгон уæйыг цуаноны фæрсы: – Цæмæн ауагътай уыцы лæджы? – Йæхи мыл бафæдзæхста. Суры та иудзонгон уæйыг Уырызмæджы. Иу ран та йæ фæцæйæййæфта. Уырызмæг ауыдта иу фыййауы ‘мæ йæм дзуры: – Æз де уазæг, уæйыг мæ расуры, æмæ мæ мардзæни. – Æмæ цы кодтай уагæры? – афарста йæ фыййау. – Уæйыг мæ хæрдзæн, æмæ мæ фервæзынкæн. – Уæдæ мæнæ мæ лæдзæгыл фидар хæц. Уырызмæг фыййауы лæдзæгыл фидар ныххæцыди. Фыййау лæдзæг фехста, æмæ та æртæ бонцауы ‘ддæдæр атахти Уырызмæг. Лидзы та Уырызмæг. Уæйыг дæр æй суры. Раздæр æрбахæддзæ ис фыййаумæ. – Ауылты цы лæг ралыгъд, уый цы фæци? – Арвыстон æй, кæдæм æмбæлди, уырдæм. – Цæмæн æй ауагътай? – Йæхи мыл бафæдзæхста. Иудзонгон уæйыг та йæ сурын райдыдта. Иу бон та йæ феййафы уæйыг Уырызмæджы. Уырызмæджы амондæн иу лæг хуымкодта. Уырызмæг æм дзуры: – Æз де уазæг, аирвæзын мæ кæн. – Æмæ цы кодтай уагæры? – Иудзонгон уæйыг мæ расуры ‘мæ мæ мардзæни. – Мæнæ сыджыты бын бабыр. Хуымгæнæг дзывыр уагъта. Уырызмæг, дзывыр цы сыджыт æппæрста уый бын йæхи бакодта. Уæдмæ уæйыг æрцыди ‘мæ хуымгæнæджы фæрсы: – Цы фæци, ауылты цы лæг ралыгъди, уый? – Цæмæн дæ хъæуы? – Уыдон мыггаг нын нæ мыггаджы быныскъуыд фæкодта, æмæ цæ иу лæджы та æз амарон. – Кæд дзы нырмæ никæй амардтат, уæд уе сæфт хуыздæр у. Æрбад, сихорафон у, æмæ уал сихор ыскæн. Стæй йæ фендзынæ. Иудзонгон уæйыг æрбадти, Уырызмæг кæм уыди, уым, йæ уæлæ, æмæ кæрдзын хæры. Уырызмæг йæ фарсылдарæн кард ысласта, сыджыты йæ стъыста, æмæ уæйыджы ‘рбадæнтæ ‘рбалыгкодта. Иудзонгон уæйыг фесхъиудта. Стæй та ‘рбадт фæстæмæ. Уырызмæг ын уæд йæ мæхсдæттæ ‘рбалыгкодта кардæй. – Ай цы ис сыджыты бын? – Ма тæрс, уыдон мæлдзгуытæ уыдзысты... Æмæ та Иудзонгон æрбадти. Уырызмæг æртыггаг хатт ыстъыста кард сыджыты. Æмæ уæйыджы хордзонтъанджы сфардæг и кард. Уæйыг хæрдмæ фæхаудта ‘мæ дзуры: – Ам сыджыты бын, бæлвырд, чидæр ис. – Чи дзы ис, мæ фыдыфыд Додзæ? Уæд хуымгæнæг Уырызмæджы ракъахта. Иудзонгон уæйыджы та бырсгæ ‘ркодта ‘мæ загъта Уырызмæгæн: – Æз иугæйттæ нæ фæмарын, фæлæ йæ ды амар. Уырызмæг уæйыджы сæр ралыгкодта. Йæ сæрытенка йын систа ‘мæ дзы нуазæнкъус ыскодта. – Цæй, куыд дæ? – фæрсы Уырызмæджы хуымгæнæг. – Ницы мын у, – зæгъы Уырызмæг, – фæлæ дын ацы хорз цæмæй бафиддзынæн? – Мæ лæппу усгур у, æмæ йын чызг ыссар. Æндæр мæ дæуæй ницы хъæуы. – Ацы иудзонгонæн хорз чызг ис, æмæ йæ ‘ркæн. Иумæ рацыдысты. Фыййауы дæр æмæ цуаноны дæр семæ ракодтой. Æрцыдысты иудзонгоны хæдзармæ. Хуымгæнæг йæ фыртæн чызджы ракодта, фыййау та усы йæхицæн бинонтæн æрхаста, цуанон фосы ратардта. Уырызмæг та хæзнатæ рахаста ‘мæ Нартæм æрфардæг и. Байуæрста Нартыл уыцы хæзнатæ, æмæ Уырызмæг Нарты цæсты ноджы фæкадджындæр. | |
Просмотров: 358 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |