Суббота, 05.07.2025, 02:06
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ДОНБЕТТЫРТÆ
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ДОНБЕТТЫРТÆ
Уырызмæгæн йæ ус Сатана уыди, æмæ йæм уый тыххæй Донбеттыртæ
мæстыкодтой.
Иубон æрбамбырдысты Донбеттыртæ фурды был, æмæ та Уырызмæджы
кой кæнынц.
Уæд сæ иу афтæ зæгъы:
Уырызмæджы 'рцахсæм, æмæ йæ нæхимæ акæнæм. Сатана сфæлмæцдзæн,
æмæ чындзы фæцæудзæн. Уыйфæстæ йæ Уырызмæг нал бауарздзæни 'мæ йын
ус æрхæссынкæндзыстæм.
Æмæ сæ дзырд баиукодтой Донбеттыртæ.
Уырызмæг æмæ Сатана та кæрæдзийы уыйбæрц уарзтой, æмæ
æнæкæрæдзийы дон дæр нæ нуæзтой. Кæрæдзийæн дзырд радтой: кæд мæлæм
– уæд иумæ, кæд цæрæм, уæд дæр афтæ! Кæрæдзийыл æууæндыдысты, æмæ
сæ бон куывдæн æрвыстой, се 'хсæв – чындзæхсæвæн.
Уырызмæг иуыл хатæнты хатти. Æмæ та иубон зæгъы Сатанайæн:
– Къуырибалцы цæуын, æмæ та дæм зындзынæн.
Сбадти йæ бæхыл æмæ балцы фæцæуы. Донбеттыртæ йæ базыдтой. Йæ
размæ фесты, æмæ дон афтæ раивылынкодтой, æмæ Уырызмæг доны астæу
сурыл аззади. Й' алыварс ивылд дон гуылфгуылф кæны. Нартыл дæр
тæзгъыкъæвда рацыд, æмæ лæсæнтæ кодта бæстæ.
Сатана стыхсти 'мæ ма мæсыгæй акасти. Уырызмæджы алыварс дон
ивылдæй цæуы. Хæхтæ лæсæн-ласт кодтой. Дон гуылфæй цыди, æмæ йæ
фæстагмæ уылæнтæ æд бæх ахастой Уырызмæджы. Нал фæзынд Уырызмæг,
нал йæ бæх фæзынди.
– Уæ хуыздæры уын дон фæласта, æмæ йын йæ мард уæддæр
бацагурут, – загъта Сатана Нартæн.
Нарт ныффæдис кодтой, фæлæ Уырызмæгæн йæ фæд дæр ничиуал
ыссардта. Æмæ раздæхтысты сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй фæстæмæ.
Сатана саууæфт байтыдта мæсыгыл, æмæ йæхи æвдисгæ дæр нал
кодта Нартæм.
Цыдысты бонтæ Хуыцауы фæрцы. Нартæй нал зарын хъуысти, нал –
кафтыхъæр.
Уырызмæджы Донбеттыртæ ахастой, æмæ йæ сæхимæ дардтой.
Рацыди цасдæр рæстæг, æмæ Уырызмæг фæрсы Донбеттырты:
– Кæдмæ баддзынæн ам? Къуырибалцы рацыддæн, æмæ ныр авд
къуырийы катайыл дæн. Ницыуал хъусын Нартæй, ницыуал хъусын
Сатанайæ дæр.
– Цы тагъд кæныс? Исты дæ зæнæг нæ кæуынц. Сатана у, æмæ мой
ыскæндзæн. Ды та ам дæ мадырвадæлтæм цæр. Куы сфæлмæцай, уæд
ацæудзынæ Нартæм дæр.
– Ам уыйас нæ фæбаддзынæн. Кæфтæ ахсынмæ, мыййаг, нæ рацыддæн.
– Кæфтæ дын н' ахсынкæнæм, цæрын дæ кæнæм.
Цы гæнæн ма уыди Уырызмæгæн!
Иуахæмы дын Донбеттырты лæппутæ фæцæйцæуынц Нарты уынгты.
– Уырызмæджы дон фæласта, æмæ ницы федтат? – фарстой цæ Нартæй
чидæртæ.
– Уырызмæг раджы амарди. Йе стæгдар ма доныбыл лæууы.
– Уæд та нын йе стæгдар радтут.
Донбеттырты лæппутæ цыдæр лæджы стæгдар æмæ иу бæхы стæгдар
доныбылмæ раппæрстой.
– Мæнæ Уырызмæг æмæ йæ бæхы стæгдар.
Нартæ стæгдар æрымбырдкодтой. Зæппадзмæ йæ бахастой æмæ йæ уым
бавæрдтой. Хист ын ыскодтой Уырызмæгæн. Сеппæт дæр дзы уыдысты.
Иунæг Сырдон дзы нæ уыди 'рмæст. Стæй дын бынтон æнæнхъæлæджы хист
йæ тæмæны уыд, афтæ фæзынди 'мæ йын радзырдтой Уырызмæджы хабар.
– Æмæ ыстæгдар кæм бавæрдтат? – афарста цæ Сырдон.
– Зæппадзы.
Ахицæн хист. Сырдон зæппадзмæ ссыди 'мæ стæгдармæ 'ркасти: "Ай
Уырызмæджы стæгдар нæу. А иннæ дæр йæ бæхы стæгдар нæу. Фæлæ уæддæр
Сатанамæ бацæуон мæссæлæй кæнынмæ".
Араст и Сырдон Сатанамæ. Ссыди цын сæ хæдзармæ, фæлæ йæм
Сатана кæсгæ дæр нæ ракодта. Æмæ загъта Сырдон уыйфæстæ Нарты
ныхасы:
– Гъе, бын бауай, Уырызмæг – дæ фыд дын доны цыдæр бахордта.
Де стæгдар та дын чидæр хурмæ раппæрста. Куыд быхсыс?
Хæмыцæн хъыг куыннæ уыдысты Сырдоны ныхæстæ 'мæ загъта:
– Æ Гæтæджы фырт, дæ дзыхыл хæц! Уырызмæг нал и æмæ ды дæр нал
уыдзынæ, исты ма куы срæдийай, уæд!
Сырдон йæ гадзайы цавæрдæр стæгдар æхсыныныл бафтыдта, æмæ та
дзуры:
– Бын бауат, Нартæ! Уæ хуыздæр амарди, æмæ йын йе стæгдар
уæддæр бавæрут зæппадзы. Куыйтæн æй цы хæрын кæнут!
Сатана фехъуыста уыцы ныхæстæ 'мæ дуарæй зæппадзырдæм ракасти.
Уыцы рæстæджы Хæмыц Сырдоны басырдта, фæлæ Сырдон Сатанайы фæстæ
амбæхсти. Сатана сауты уыди, æмæ Хæмыц фефсæрмы и. Æрмæст ма загъта
Сатанайæн:
– Æнусы 'взæры-иу раддекæн!
Сатана бахызт, дуар рахгæдта, æмæ Сырдоны хæдзары куы федта,
уæд дзуры:
– Ц' агурыс?
– Дæу агурын.
– Мæнæй цы кæныс – саударæгæй?
– Уырызмæг амарди æмæ дæ бахъæлдзæгкæнон. Иуыл æрхæндæгæй
бадын дæр цас хорз у?
– Мæнæн æрхæндæгæй бадын хуыздæр у.
– Уæд та мæ таурæгъмæ байхъус.
– Дзур, æрмæст цыбыр, æмæ тагъд. Стæй дын цæуыны бар и.
– Мæнæн сиахс уыди, уый зоныс. Дон æй фæласта 'мæ фесæфти.
Бавæрдтам æй. Фæлæ йæ мыстытæ бахоррдтой, иунæг ыстæгдар ма дзы
баззад. Æз ыстæгдар хурмæ райстон, фæлæ йыл хъæуы куыйтæ æрымбырд
ысты. Æхсынын æй байдыдтой, æмæ дзы мæрдтæм ницыуал бахæддзæ. Уæртæ
Уырызмæджы стæгдар куыйтæ куыд хæрынц, афтæ.
Сатана фæмæсты Сырдонмæ. Уисой фелвæста 'мæ Сырдоныл ралæууыд:
– Тагъд фесæф ардыгæй!
– Цы мæ сурыс?
Фыддæр фæци уæд Сатана. Сырдон фæуынгæджы ис, фæлæ ма уæддæр
йæ цæсгом бахъæцыд:
– Тыхсырд мæ акæндзынæ, æмæ дæхицæн – фыддæр!
– Дæуæн цы нæ бауыдзæн дæ бон!
Æрсабыр Сатана. Сырдон дæр æрбадти Уырызмæджы къæлæтджыныл.
– Уыцы стæгдар Уырызмæджы стæгдары хуызæн нæу.
– Æцæг зæгъыс?
– Æцæг зæгъын.
– Уæдæ мын кæд Уырызмæджы удæгасæй æркæнай, уæд дын, мæ
къæбицы хуыздæрæй цы ис, уый. Минаскæн æнæхъæн къуыри.
– Фæуæд дæ дзырд!
Рацыди Сырдон Сатанайæ 'мæ йæхи доны баппæрста. Дон æй аласта
'мæ Донбеттыртæм ныххæддзæ.
Донбеттырты лæппу сæ дуармæ лæууыд, æмæ йæ ку' ауыдта, уæд йæ
фыдмæ базгъордта.
– Дуармæ иучидæр!
– Мидæмæ йæ ракæн.
Лæппу Сырдоны хæдзармæ бакодта. Æмæ дын Уырызмæг уым куы
разынид уыцы хæдзары.
– Æгас дæ, Уырызмæг?
– Æгас дæн.
– Ау, Нартæ дæ мардыл куы банымадтой, æмæ дын хист дæр ма куы
скодтой! Де стæгдар дын зæппадзæй раппæрстой, æмæ йæ куыйтæ
'хсынынц...
– Æндæр аргъ мын нæ кæнынц Нартæ? Æмæ цæ Сатана та куыд уадзы?
– Саутæ дыл ыскодта, саутæ. Æддæмæ йæхи дæр не вдисы, æмæ
мойкæнынмæ хъавы.
– Раст нæ дæ, Сырдон! – загъта Уырызмæг, фæлæ йæхимæ
ныхъхъуыста.
Уæд Донбеттыр æрбахызти:
– Цæуыл фенкъард дæ?
– Куыд нæ кæнон æнкъард – Нартæ мын хист ыскодтой...
– Тынг хорз у, – зæгъы Донбеттыр. – Ныр æнæнхъæлæджы
фæзындзынæ, æмæ та Нартæн сæ сæр уыдзынæ.
– А Нартæй уадз æмæ ферох уон, мæ маст цæ сисдзынæн. Фæлæ
Сатанайæн та цы кæнон? Саутæ мыл ыскодта, мæ ном мын цыма мысы...
Æнæуый та йæм æндæр фæндтæ и.
– Раст кæны. Кæдмæ дæм баддзæн? Сылгоймаг æнæ мойæ хусдзæкъулы
хуызæн у. Ус ыссардзынæ: йе ам, йе – Нартæм.
– Ауадз мæ, æмæ Нартæй мæ маст сисон.
– Ауадздзынæн дæ. Æрмæст фæстæдæр.
Уырызмæгмæ Хуыцауы комытæфæй хай уыди, æмæ аивæй загъта
Сырдонæн:
– Дæу дæр нал ауадздзысты Донбеттыртæ. Фæлæ исты æрымысæм.
Æмæ райдыдтой цæуæнтæ бæрæгкæнын, фæндæгтæ сгарын.
Уырызмæг йæхи рынчынæфсон ыскодта.
– Æз цард райсинаг нал дæн, фæлæ мæ мæ бæстæм ауадз, ногæй та
загъта лæгъстæгæнæгау Донбеттырæн Уырызмæг. Мæ мард искæй бæстыл
цæмæй ма 'рцæуа, уыцы 'ххуыс мын бакæн.
– Æмæ ам цæмæй тыхсыс? Кæд дыл исты 'рцæуа, уæд дæ
сæмбæлынкæндзыстæм Нарты зæххыл.
– Мæхи цæстæй ма фенон Нарты.
– Уый рæстæг дын нæй, Уырызмæг. Фæлтау мæнæ дæхи аирхæфс.
Уæд дын иу зæронд Донбеттыр йæхи 'хсадта, æмæ æргъæу-кæфмæ
фæдзырдта.
– Адон Нарты зæххыл сæмбæлынкæн.
Æргъæу-кæф Уырызмæг æмæ Сырдоны йе ггой акодта, æмæ цæ
аскъæфта. Доныбыл цæ раргъæвта 'мæ раздæхти.
Уырдыгæй цæуынц Уырызмæг æмæ Сырдон. Сырдоны гадза ма
стæгдарыл йæхи ирхæфста.
– Кæс-ма, Уырызмæг! Дæлæ ма мæ гадза де стджытæй йæхи ирхæфсы.
Уый де стæгдар хуыдтой, æмæ йæ Нартæй зæппадзмæ ничи баппæрста.
Уырызмæджы бауырныдтой Сырдоны ныхæстæ.
– Æз уырдæм нæ бацæудзынæн. Фæлæ фæцу, Сырдон, æмæ мын
бæрæгныхас зæгъ Сатанайæ.
Æрцыди Сырдон Сатанамæ. Дзуры йæм, фæлæ иу кæсæг нæй. Уæд
Сырдон Нарты фæрсы:
– Сатана мард у, æви æгас?
– Дæуæй уæлдай йын мах дæр ницы зонæм.
Раздæхти Сырдон æмæ фæстæмæ 'рбахæддзæ Уырызмæгмæ. Зæхмæгаст
кодта афтæмæй дзуры:
– Æгас у, æви мард у, уый Нартæй ничи зоны. Мæхæдæг дзырдтон
Сатанамæ, фæлæ æрвгæнæнтæ дæр ныффидар ысты. Цæрæнбонты гом нал
уыдысты, æмæ цын нал дæр бакæнæн ис, нал дæр – асæттæн.
– Фæлæуут, Нартæ! Фендзыстут! – загъта Уырызмæг. Æмæ араст
ысты Тара-быдырмæ. Уым царди иу куырм уæйыг. Йæ фосæн ныккæнæн нæ
уыди. Бацыдысты йæм, бахъæр æм кодтой:
– Уазæг дуармæ, фысымтæ!
– Мидæмæ! – радзырдта цæм куырм уæйыг.
Бахызтысты мидæмæ. Уый цæм дзуры:
– Чи стут? Ныр авд азы мæ цæсты рухс ист у. Нæ уынын.
– Хъусæй та куыд дæ?
– Уымæй мын ницы у. Хъусгæ хорз кæнын. Мæ цард хъусынæй у,
уыййæддæмæ къодах дæн, æмæ къодах!
– Мах Нартæй ыстæм.
– Уо, хъуыстон цæ. Никуы сæмбæлдтæн Нартаг адæмыл. Цы уæ
'рхаста Тара-быдырмæ?
– Стæры уыдыстæм, – загъта Сырдон. – Не мбæлттæй фæхицæн
ыстæм, æмæ афтæмæй æрхаудтам ардæм. Ныр нæ фысым ды дæ.
– Хорз уæдæ, – зæгъы куырм уæйыг. – Уæртæ галиуфарс дуар
бакæнут, æмæ иу карк уæддæр рацахсут.
Сырдон бауади. Кæрчытæ фыстыйæстæ уыдысты. Иу дзы рацахста,
æмæ йæ карк хæрдмæ систа, къултыл æй фæхоста 'мæ йæ хъæр цыди.
Куырм уæйыг зæгъы:
– Рахæсс æй.
– Ахсын нæ комы.
Куырм уæйыг бахъæркодта.
– Хъохъо, иу карк ракæн.
Хъохъо уасæгæй загъта. Йæ уасæг та фырыйас уыди. Хъохъо иу
карчы йæ быны акодта 'мæ ныууасыди. Уасæджы уастмæ Уырызмæг æмæ
Сырдон сæ хъустыл ныххæцыдысты. Куырм уæйыг авнæлдта 'мæ карчы
рацахста. Йæ къубал ын ыстыдта. Асыгъдæг æй кодта йæ бумбулитæй, йæ
систæй. Дон уæларт уыди. Афыхта йæ карчы 'мæ фынгыл æрбадтысты.
Акъабæзтæ йæ кодта 'мæ хаты:
– Хæрут!
Уырызмæг æмæ Сырдон карчыбазыр бахæрой, уый сæ бон не сси.
Куырм уæйыг цæ йæхæдæг ахордта.
– Куы ницы бахордтат, мæ уазджытæ!
Уæд ын Уырызмæг афтæ:
– Мах маргъы фыд нæ хæрæм!
– Уыимæ дæр разы! Фæлæ мæнæн æххормаг у. Астæуггаг дуар
бакæнут. Иу фыс дзы рацахсут. Карчыфыд нæ хæрут, фæлæ фысыфыд
уæддæр бахæрут.
Астæуггаг дуар бакодтой, æмæ бакастысты: куырм уæйыгæн йæ
фыстæ дыгæрдгуытыйæстæ уыдысты. Сырдон дзы иу далысыл фæхæст и.
Далыс æй йæ фæстæ аласта. Тыххæй ма фервæзти.
Уæд æм Куырм уæйыг дзуры:
– Ралас кусæрттаг!
– Иу ран нæ лæууынц.
Куырм уæйыг иу цæумæ бадзырдта:
– Дзуарка, ракæн кусæрттаг!
Дзуарка, хъуджы йас уыди, ахæм фыс йæ разæй ыскодта 'мæ
ныууасыди. Уырызмæг æмæ та Сырдон сæ хъустыл ныххæцыдысты.
Куырм уæйыг фысы рацахста 'мæ йын йæ бæрзæй ыстыдта. Астыгъта
йæ, уæхстыл æй афизонæгкодта, фынгыл æй авæрдта 'мæ йæ
'ркъабæзтæкодта.
– Хæргæут, нæртон уазджытæ!
Райдыдтой хæрын, фæлæ цас бахордтаиккой Уырызмæг æмæ Сырдон!
Иу базыг бахæрын дæр сæ бон нæ баци. Куырм уæйыг та цæ уæнггай
аныхъуырдта 'мæ загъта:
– Куы ницы та бахордтат, мæхæдæг æй куы бахордтон!
– Мах гуыбынмæхъус адæм не стæм, – загъта Уырызмæг. – Ноджы
иуæй хæрдджын ыстæм, иннæмæй – мах кусарт ыстурæй кæнæм.
Куырм уæйыг та уæд афтæ зæгъы:
– Уæртæ рахизфарсырдыгæй дуар, æмæ йæ бакæнут.
Рахизфарсырдыгæйдуар бакодтой. Кæсынц, æмæ дзы стурвос – бæхты
йæстæ уыдысты. Сырдон дзы иу къуылых рæуæдыл фæхæст и, фæлæ йæ уый
йæ сыдзыл аласта, æмæ галты къæхты бын фæцæйсæфт, Уырызмæг куы нæ
уыдаид, уæд.
– Нæма равзæрстат кусæрттаг? – дзуры цæм Куырм уæйыг. – Тынг
сæххормаг дæн мæхæдæг дæр.
– Дæ фос бæхау зæвæткæнынц, бацæуæг нæ уадзынц!
Куырм уæйыг уæд иу лома-галмæ фæдзырдта, раст бæхы бæрзæндæн
чи уыд, ахæммæ:
– Лома, ракæн ма иу уæныг!
Лома-гал йæ разæй иу уæныджы ракодта.
Куырм уæйыг æй рацахста. Йæ бæрзæй йын сыздыхта, æмæ йын йæ
сæр арæдывта. Астыгъта йæ, æмæ йæ бауæларткодта. Æмæ йæ афыхта
æнæхъæнæй. Галыйас уæныджы фынгмæ фелвæста, æмæ йæ руæнгтæкодта.
– Хæрут, Нарты адæм!
Уырызмæг æмæ Сырдон бавналынц, фæлæ иу ысгуы бахæрын дæр сæ
бон нæ уыди дыууæйæ. Куырм уæйыг цæ йæхæдæг фæдфæдыл аныхъуырдта.
– Мæхи хæринаг та фæци уæныг дæр. Иу уæнг дæр куы нæ
бахордтат!
Уырызмæг æмæ Сырдон сæфсонкодтой:
– Махæн нæ иу бахæрд иу афонæй иннæ афонмæ хæссы. Хæрдджын
ыстæм. Стæй фæлмæцыд дæр ыстæм, æмæ нæ чемы не стæм.
– Фæуæд афтæ. Уæд уал уæ фæллад ысуадзут!
Сынтæджытæм цын ацамыдта. Сырдон, Хуыцауыгæрах, нæ фынæйкодта,
тарсти куырм уæйыгæй. Фæлæ Уырызмæг уайтагъд афынæй. Йæ хуыр-хуыр
ыссыди. Æмæ цæм куырм уæйыг дзуры:
– Фынæй ыстут?
Ничи цæ ницы сдзырдта Нартæй.
Уæд куырм уæйыг загъта йæхинымæр: "Фæлæуут, æз уын ныр
фенынкæндзынæн!"
Сырдон уыцы ныхас айхъуыста. Сынтæджыты хъæдыкъодæхтæ авæрдта.
Уырызмæджы та дурдзæджындзы фæстæ амбæхста фынæйæ. Уырызмæг ахæм
фынæй уыди, æмæ ницы бамбæрста. Куырм уæйыг бабырыди, æмæ дыууæ
къодахыл фæхæст и. Æрбалхъывта цæ, стæй цæ зæххыл ныццавта, æмæ сæ
гыбаргыбур ыссыди.
Хъæрмæ Уырызмæг фехъал и 'мæ дзуры:
– Цы фæдæ, Сырдон?
– Мæнæ куырм уæйыгимæ хæцын.
– Æндæр ма фен, кæд хæцæг нæ дæ!
Куырм уæйыг цæ фехъуыста.
– Цæмæн сыстадыстут?
– Хуыссын нæ нæ уадзыс...
Уæд цæ куырм уæйыг къуымты айста йæ разæй. Сырдон йæхи цъиу
фестынкодта. Хуынкъæй агæпласта, æмæ куырм уæйыгмæ дзуры:
– Дæ фос дын хæрын!
Уæйыг дуар фегомкодта. Сырдон æй йæ фæдыл асайдта. Æмæ айнæгæй
ахаудта куырм уæйыг. Уырызмæг куыддæр дуар гомæй ауыдта, афтæ
феддæдуар ис, æмæ куырм уæйыгмæ 'рцыди æмæ йæм дзуры:
– Куыд дæ?
– Хорз дæн. Хатын æй, тыхæй уæ бон ницы у, фæлæ мыл хинæй
рацыдыстут.
Уырызмæг æмæ Сырдон уæйыгыл дурдзæвæн ыскодтой. Куырм уæйыг
ыстыхсти 'мæ дзуры:
– Мæ удæй мын мауал хъазут, æмæ мæ фæллой – сымах.
– Дæ мæргъты дын куы нæ акæндзынæн, мыййаг! – загъта Сырдон.
Исты Нарты уынгтæ сæрфынхъуаг ысты, æмæ цæ уыдон базыртæй
сæрфдзыстæм?
– Мæргъты бынаты тарвазыл ис æхсæр-уасæн. Райс æй. Уасæнæй
цæгъдгæ цу, æмæ сæхæдæг дæ фæдыл цæудзысты.
– Уо, куыннæ! Кæнæ дæ фыстæ! Сæ багатæ Нарты уынгты хъуамæ
ныккалой, æмæ фаджысы бын фæуой Нарт.
– Тарвазы сæр бæрз-уасæн. Райс æй, æмæ, кæуылты цæуай,
уыууылты цæудзысты уасæны уастмæ дæ фæдыл.
– Нæ мæ уырны, æмæ ыстуртæ мæ фæдыл рацæуой. Сæ сæфтджыты
рыгæй Нартæ хуыдуг кæндзысты 'мæ хъуамæ фæцагъды уой.
– Уым тарвазы сæр нæзы-уасæн. Уасгæ ацу сæ разæй. Кæуылты
цæуай, уыууылты цæудзысты уыдон дæр.
Уæд Уырызмæг æмæ Сырдон арт ыскодтой. Дыууæ стыр хъæды систой
судзгæсудзын, æмæ цæ куырм уæйыджы хъусты атъыстой. Куырм уæйыг
ныббогъласта, æмæ сау къуырма баци. Стæй зæрдæскъуыд фæци 'мæ
ныммарди.
– Сырдон, мах цæуæм ныр. Фæлæ Нартæй мæ маст куыд сисон? –
загъта Уырызмæг.
– Хуыцауы комытæфæй дæм хай ис. Хуыцаумæ скув. Уый дæм
байхъусдзæни. Цы курай, уый дæ къухы бафтдзæн.
Уырызмæг Сырдонмæ байхъуыста 'мæ скуывта:
– Хуыцау, Нартыл ахæм ыстонг заман ыскæн, æмæ се ддæмæкæсæн цы
хæрой! Сæ хæрд сæ фарсыл ма хæцæд!
Уырызмæг фарны лæг уыди. Йæ куывд Хуыцауыл сæмбæлд, æмæ Нартыл
фыдаз ыскодта. Цы бахæрынц, уый сæ фарсыл нал бахæцы. Ноджы цæ
хæрын фæнды, фæлæ сæ фос æртæ бонмæ цагъды фесты. Цы бахæрой, уый
нал ардтой. Чи йæ дзабыртыхъустæ хордта, чи йæ кæрцыфæдджитæ
хордта. Суанг ма сæ сæргъты гæрзытæ дæр хæрд фесты, æмæ алчи
фæскъулмæ цыди, æмæ уым йеддæмæкæсæн хордта. Ныддæлгæмттæ сты Нартæ
чи уынджы, чи – хæдзары. Нал цæ ныхас цыди, нал – зарын, нал –
хъазтыхъæр.
Уырызмæг æмæ Сырдон райстой æхсæр-уасæн, бæрзуасæн æмæ нæзы-
уасæн. Ныууасыдысты. Сæхæдæг рацæуынц, æмæ маргъæй, фосæй сæ фæдыл
цæуынц. Нарты арæнтæм бахæддзæ сты.
Уæд ын Уырызмæг афтæ зæгъы Сырдонæн:
– Ды разæй ацу. Нартæ цы ми кæнынц, уый базон.
Æмæ Сырдон йæхи фæразæйкодта. Акасти Нартыл, æмæ дæлæ
ныддæлгом ысты алы рæтты.
Сатанамæ фæуади Сырдон, æмæ йæм бадзырдта:
– Сатана, æддæмæ ракæс! Сырдон дæн.
– Цы мын æрхастай? Исты мын Нарты сæ зæнгтыл куы нæ
сыстынкодтай!
– Хорз уал мæ фен дæ къæбицы иу къуыри.
Сатана Сырдоны йæ къæбицмæ бауагъта. Сырдон йæхи хорз федта,
æмæ Нартыл æфсæстгуыбынæй разылд. Бухъытæ цыл кæны. Фæлæ Нартæй
хъаруйыцъыртт никæмæуал уыди, æмæ ма цы ракодтаиккой Сырдонæн!
Сырдон æнæхъæн къуыри Сатанайы къæбицы йæхи хорз фæуыдта. Стæй
Уырызмæгмæ фæцыди.
– Нартæй иу дæр йæ сæрæн нал у. Æнæхъæн къуыри цыл фæзылддæн,
æмæ седдæмæкæсæн хæрынц. Æмæ ма мæнг удæгас ысты. Нал цæрдтæй ысты,
нал – мæрдтæй.
Уырызмæг цыл мæргъты ауагъта. Нартæй иу карк æрцахсын дæр
никæй бон баци.
Уæд цыл Уырызмæг фысты ауагъта, æмæ цæ уыдон сæ багаты бын
фæкодтой. Фыс æрцахсын цæ никæй бон уыди.
Уырызмæг Нартæн галтæ фергæвста. Рабадын цæ кодта, æмæ цæ хорз
федта. Нартæ фæсурау ысты. Байуæрста цыл Уырызмæг йæ фæллæйттæ, æмæ
та Нарт Уырызмæджы фæрцы сфосджын ысты.
– Дæ митæ дын барст фæуæнт дæуæн дæр, Уырызмæджы мын æгасæй
кæй фенынкодтай, уый тыххæй! Дæ хорздзинад нæ рох нæ уыдзæн, –
загъта ма æппынфæстаг Сатана Сырдонæн, æмæ йе хгæд дуæрттæ
байгомкодта.
Æмæ та Нартæ сæ гаччы сбадтысты.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 339 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск