Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УЫРЫЗМÆДЖЫ МÆСЫГ
УЫРЫЗМÆДЖЫ МÆСЫГ Нарты Уырызмæг рахъомыл и 'мæ хъуыдытæкодта: "Ныр мæ лæджы ранмæ рацыддæн, ис мын æфсымæр – Хæмыц. Мемæ нæ фидауы. Фаззæттæ стæм, æмæ кæрæдзийæн бар нæ дæттæм – ус нæ раздæр чи хъуамæ 'рхæсса, уыууыл у нæ быцæу. Хæмыц æрхæсса – æмæ уæд Нартæн мæнæй цæй хистæр ис? Чи мæ бафæрсдзæни зондæй? Зæгъдзысты, Нарты хистæр Хæмыц у, æмæ ма дзы ды та чердæм хъæуыс? Хъуыдыкодта Уырызмæг. Хуыздæр амал н' ардта 'мæ загъта йæхицæн: "Йехх: фæцæуон мæ мадырвадæлтæм, Донбеттыртæм, уыдон мын кæд исты бацамониккой." Фæсидти Хæмыцмæ 'мæ йын загъта: – Хæмыц! Æз цæуын дард балцы. Иунæгæй дæ уадзын, æмæ хъыг ма кæн. Ме рцыдмæ дын æппæт дæр ис: хæрд æмæ нозт. Нартæм æрвылизæр хъазт вæййы – кафгæ дæр кæн, æмæ заргæ дæр. Кæд фæлмæцай, уæд та-иу дæхи аирхæфс – цуаны-иу ацу. Уæдмæ дæм æз дæр зындзынæн. Мæ фæндаг кæдæм у, уый мæхæдæг дæр нæ зонын. Хæмыц ахъуыдыкодта. Иуырдыгæй йын хъыг уыди, иунæг къотца- къуыдырæй куы баззайон, зæгъгæ. Уæд мыл Нартæ 'вварс кæндзысты, æмæ мæ худинаджы хъæр хъуысы. Иннæрдыгæй та цинкодта: Нарты 'хсæн хъæзтыты чызджытæ мæхи бар уыдзысты, æмæ мæ рæстæг афтæмæй æрвитдзынæн... Хæмыц уæддæр йæхи фенкъардхуыз кодта 'мæ загъта: – Цы нæ вæййы, фæлæ дæм агурæг та уæд кæцырдæм цæудзынæн? – Сæуæхсид ирддæрæй кæцырдыгæй зына, гъеуырдæм. Уырызмæг араст и уыйадыл балцы. Цæуы бон, дыггаг, æртыггаг, цæуы къуыри, æнæхъæн мæй. Зæгъы йæхицæн: "Хорз, æмæ нæ загътон Хæмыцæн, ай мæ мадырвадæлтæм цæуын, уый. Уыййæддæмæ мын мæ фæнд базыдтаид." Уырызмæг ахызт. Нарты хæхтæй, къуылдымтæй, быдыртæй. Сауфурдмæ бахæддзæ. Йæ бæхæй æрхызти 'мæ йын афтæ: – Ныммæлæн дын ма уа, мæ бæх! Хорз мæ фæхастай, къахæй цæуын мæ нæ бахъуыди 'ппындæр. – Мæнæн мæ мæлæт, фæстæмæ куы здæхай уæд у, æмбисфæндагыл. Дарддæр дæ бахъæудзæн къахæй цæуын. Дæуæн дæ фæстаджы бæх дæ ныййарæг мадæй уыдзæни. Æндæр бæх дын не сбæздзæни дæуæн дæ балцы. Уыныс, Нарты бæхты 'хсæн мæн хуыздæрæн равзæрстай, фæлæ ма дын æз дæр иу балцваг не суыдзынæн æххæстæй. Цæй, фендзыстæм зæгъгæ загъта Уырызмæг. Бæхы суагъта идадзæй хизынмæ, йæхæдæг Сауфурды афардæг и Донбеттыртæм. Уырызмæгыл йæ мадырвадæлтæ фæцинкодтой, хæрæфырты номыл ын гал аргæвстой, фынг æрывæрдтой. Донбеттырты адæм бадтысты куывды 'мæ минаскодтой. Уырызмæг та цын хæрæфырт æййæфта, æмæ уырдыгыстæг лæууыди. Адæм цас фылдæр бадтысты куывды, уыйас Уырызмæг та йæхи æвæлладдæр æмæ цæрдæгдæрæй æвдыста. Адæм Уырызмæджы мадырвадæлтæн арфæтæкодтой, ахæм хæрæфырт цын кæй басгуыхти. Куыннæ ныббуцуыдаиккой Уырызмæджы мадырвадæлтæ дæр сæхицæй! Уалынмæ ахицæн и куывд. Адæмæй алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. Уырызмæджы йæ мадырвадæлтæ бауырæдтой Къутугæнæнтæм сæхимæ. Уырызмæг хъуыдыкодта: "Цымæ мæ цæуылнæ бафæрсынц мæ фысымтæ, цæмæн афтæ бирæ бадын æз ам уазæгуаты?" Донбеттыртæ та сæхирдыгонау хъуыдыкодтой: "Иунæгæй, æвæдздзæгæн, Нарты 'хсæн хъыгкæны, æмæ уадз æмæ бада. Й' афон ку' амона, уæд йæхæдæг цæудзæни". Афтæмæй дыууæты хъуыдытæ кæрæдзийыл æмбæлгæ нæ, фæлæ кæрæдзимæ 'ввахсдæр нæ цыдысты. Къутугæнæнты Донбеттырты фæсивæд фат æмæ 'рдынæй хъазыдысты. Фатæй æхстой. Уырызмæг дæр фехста, æмæ сегасы къутутæ дæр ныппырхкодта. Дзæвгар фæхъазыдысты афтæмæй. Уæд уæлфурдырдæм ыскасти Уырызмæг, æмæ йæм арв æмæ зæхх æмхуызон зынын байдыдтой. – Цы диссаг у, арв кæм и, кæнæ зæхх кæм и? Æмæ кæрæдзийæ куынæ хицæн кæнынц... – Йех, Уырызмæг! Уый цас зонинаг у, загъта Донбеттыртæй иу. – Зæххыл залтымит æмæ æнусыцъити ныууарыд. Бæстæ урсурсид дары, æмæ зæхх кæм и, æмæ арв кæм и, уый доны бынæй не взарыс. Уырызмæгæн йæ бæх йæ зæрдыл æрбалæууыд, æмæ ныккæрзыдта: – Уох-хай-гъе!.. – Цы кодтай, Уырызмæг, цæмæн афтæ ныккæрзыдтай? – Иу хайуан уым хизгæ ныууагътон нæууыл, æмæ мын æххормагæй сæфдзæни. Стæй ма Нартæм цæуыл ацæудзынæн? Донбеттыртæ 'ртæйæ иу лиуырд акодтой. Иу уысммæ уæлдон февзæрдысты. Кæсынц, æмæ Уырызмæджы бæхы алыварс æндæр урс бæх зилы. Йæ комытæфæй мит тайынкæны, æмæ бæх дæр хизы астæумæцъæх- цъæхид кæрдæгыл. Иу уобауыл иу цавæрдæр лæг, нымæт йæ нывæрзæн, афтæмæй фынæйкæны. Донбеттыртæ алы ныхас кæнынц: – Цымæ чи уа? – Зæххон адæймаг æххæст нæу. – Уæдæ дæлзæххон та æппындæр нæу. – Уæларвон дæр бæрцбæрцæй нæу. – Райхъал æй кæнæм, бафæрсæм æй, чи у, уымæй. – Кæд, мыййаг, хистæр у махæй, уæд йæ райхъалкæнын аив нæу. Фæлтау банхъæлмæкæсæм, йæхæдæг райхъалуыдзæн. – Уый, чи зоны 'мæ Уырызмæгмæ кæсы 'нхъæлмæ, æмæ рагæй ам ис. Уæд ын кæнæ йе стонг нæу, йе уазал нæ кæны? – Ахæм бæх кæмæн ис, æмæ йæ комытæфæй залтымит æмæ æнусыцъити чи тайын кæны, уый йæхи дæр уазалкæнын нæ бауадздзæн. Цалынмæ уыдон ныхаскодтой, уæдмæ иу бындз райхъал и. Барæджы фындзыхуынчъы фæмидæг. Барæг æрыхснырста, æмæ æртæ Донбеттырæн фадат фæци, æмæ ныхъхъæркодтой: – Цæр! Цæр! Цæр! Хъæрмæ барæг фехъал и. Ракасти, æмæ доныбыл Донбеттырты ауыдта. Кæрæдзийæн салам радтой. Стæй цæ барæг фæрсы: – Чи стут? Кæдæм цæут? – Цæуæм Донбеттыртæй, мæнæ нæ уазæджы бæх бабæрæгкæнæм. – Æмæ уæм цавæр уазæг ис? – Нæртон лæг у. – Уæдæ æз ахæм лæджы фендмæ куы бæллын. Фæдзурут-ма йæм! – Æмæ нæ куы фæрса дæуæй, уæд ын цы зæгъдзыстæм? – Уастырджи дæн зæгъгæ-иу зæгъут. Æртæ лæппуйы ныздæхтысты Донбеттыртæм. Уым рахабаркодтой, цы федтой, цы фехъуыстой, уый. – Уæдæ мæнæн æдзæугæ нæй, – загъта Уырызмæг. – Фæлæу, уый та куыд? Де мбалæн æмбæлæггаджы хай уæддæр ахæсс. – Бæгуыдæр, ныр мæ уæ сæр нал хъæуы. – Ау, æмæ дæ кæд мах сæр истæмæн хъуыди, уæд нын афонмæ цæуыннæ загътай? – Æз æнхъæл уыддæн, уæхæдæг мæ бафæрсдзыстут. – Мах та 'нхъæл уыдыстæм, æнæ бинонтæ дs иунæгæй хъыгкæныс, æмæ Нартæй ардæм дæхи ирхæфсынмæ 'рцыддæ. Фæлæ нын зæгъ, цы хъуыддагæн нæ агуырдтай? – Хæмыцимæ фаззæттæ стæм. – Уый зонæм. – Уæдæ мæн фæнды, цæмæй æз раздæр æркæнон бинонтæ, æмæ хистæры бынаты уон. – Афтæ 'мбæлы. Æдза уын зоны уæ хабар, æмæ афтæ зæгъы: Уырызмæг дам æртæ уысмы раздæр райгуырд, Хæмыц та æртæ уысмы фæстæдæр. – Æндæр ма йæ чи зоны? – Æндæр ничи. – Уæдæ мын æвдисæнæн цъынды радтæд. Донбеттыртæ сæ Æдзайы номæй цъынды 'рбахастой, æмæ йæ радтой Уырызмæгмæ. Уырызмæг цын бузныг загъта. Æмæ æртæ кæстæримæ сфардæг и доны сæрмæ. Раздæхта Донбеттырты. Йæхæдæг Уастырджимæ бацыди, арфæ йын ракодта. Стæй йын æмбалы номæй æмбæлæггаджы хай фынгæн æрывæрдта. Хорз федтой сæхи. Стæй йæ Уастырджи фæрсы: – Кæм уыддæ, Уырызмæг? Дæ хъилхъус бæхы бынтон рохуаты куы ныууагътай. Уырызмæг ын йæ балцы хабар ракодта Уастырджийæн. Уæд Уастырджи загъта: – Хæмыц, чи ныббара, ахæм нæу. Фæлæ хистæрæн ды цæмæй баззайай, уымæн дæм цы ис æвдисæнæн? – Цъынды, Донбеттырты Æдзайæ. – Æндæр ма дæм цы ис? – Æндæр – мæхи лæгдзинад... Фаг не сты? – Не сты, – загъта Уастырджи. – Хистæры ныхас Хуыцауыл тынгдæр æмбæлы. Фæлæ кæд дæу, Нарты хистæр ысуай, уый фæнды, уæд мæм байхъус. Иумæ ацæуæм Нартæм. Мæн æвдисæн ыскæн, æрмæст, æз Уастырджи дæн, уый ма зæгъ. Алчидæр мæсыг амайæд йæхи номæн. Аивдæр, хуыздæр æмæ фидардæр кæй мæсыг рауайа, уый уæд хистæр. Æрмæст ма дæ æз иу хъуыддаг курын. Сымах цы мад ныййардта, уымæн ма мæн тыххæй сылыкъах, бæхы байраг æмæ куыдзы хъæвдын рацæуæд. Æмæ уыцы 'ртæ фæуæнт дæуæн дæ фидæны царды нысан. – Уый та ран зоны, – асагъæскодта, исдуг фæуыргъуыйау, афтæмæй загъта Уырызмæг. Æрцыдысты Нартæм Уастырджи 'мæ Уырызмæг. Уастырджи йæхи зæронды хуызы равдыста. Ничи йæ базыдта, чи у, уый. Нартæн сæ Ныхасмæ бацыдысты. Йæхи чи даста, æмæ милхъуын кæуыл разад, уыдон иумæ бадынц. Уастырджийæн уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ стыр уайдзæфæн загъта: – Хистæр æмæ кæстæр нæ зонут, мæнæ хорз адæм! Æз зæронд лæг дæн, æмæ махмæ 'гъдау афтæ амоны: хистæрæн– хистæры бынат, кæстæрæн та – кæстæры бынат. – Хистæр хъуамæ истæмæй хицæнкæна, æмæ йæ уæд мах дæр æмбардзыстæм, – загъта Нартæй иу цæгæрсæр. – Уый æнцон у, – зæгъы Уастырджи. – Æз кæсын, æмæ Æртæ Нартмæ æгасæй æртæ мæсыджы дæр нæй. Хуыздæр, аивдæр æмæ фидардæр мæсыг чи самайа, уый у уеппæтæй сæрæндæр, фендджындæр. Зондæй дæр æххæст æмæ фидар. Æмæ гъеуый фæуæд уæ хистæр. Нартæй алчидæр хъавыди хистæры бынатмæ. Райдыдта алчи йæхи номыл мæсыг амайын. Æвдисæн та цын Уастырджи уыди. – Дæ мадырвадæлтæй цы цъынды 'рхастай, уый ахæсс фæстæмæ, – загъта Уастырджи Уырызмæгæн. – Ацу мæ бæхыл, дæхиуон йæ сæрæн нал у. Акæн мæ куыдзы дæр. Куыдз фурдмæ ныррæйдзæни, науæд дæхи хъæр нæ фехъуысдзæн Донбеттыртæм. Стæй дæм чи фæзына, уыдонæн дæ цъынды радт, æмæ зæгъ: "Авд хатты мæм авд фæлтæры авдавды адæм æрхуымæсыг амайынмæ куыд фæзынат Нартыхъæумæ!" Уырызмæг Уастырджийы бæхыл ысбадти 'мæ дымгæйау атахт. Уæд Уырызмæг зæгъы йæхицæн: "Гъе, тæхуды, иу ахæм байраджы мыггаг!" Бæх æй фембæрста 'мæ загъта: – Тагъд æй фендзынæ! Фурды былмæ ныццыдысты. Уырызмæг ныхъхъæркодта йæ мадырвадæлтæм. Фæлæ доны хуылфмæ авд ивазны дæр нæ ныхъхъуысти йæ хъæр. Уæд Уастырджийы куыдз ныррæйдта. Фурд уылæнтæй фæстæмæ фæцыди, Уырызмæджы хъустæ фæндырдзагъд ыскодтой, æмæ Донбеттыртæ æртæ кæстæрæй уым февзæрдысты. Фæрсынц Уырызмæджы: – Цы кæныс, нæ хæрæфырт? – Цы кæнон – авдæддæгуæлæ, авдбынатон æрхуымæсыг амайын, фæкæсын мæм хъæуы. Авд хатты мæм авд фæлтæрæй авдавдæй куыд фæкæсат, афтæ! Мæ мæсыг та амад хъуамæ авд бонмæ фæуа! – Тæрсгæ ма кæн, Уырызмæг. Цу фæстæмæ, бон цы нæ фенай, уый æхсæв баххæсткæндзыстæм, нæ цъындыйыстæн! Раздæхт Уырызмæг, сæххормаг. Уастырджийы куыдз фембæрста хабар. Хъæдмæ азгъордта 'мæ сæгуыт рацахста. Уырызмæгмæ йæ 'рдавта, æмæ йæм æй радта. Уырызмæг дæр физонджытæ акодта, йæхи афсæста. Сбадти та бæхыл, æмæ загъта: "Тæхуды, ацы куыдзы мыггагæй мæ иу хъæвдын уæддæр к' уаид!" – Дæ мид-зæрды кæй зæгъыс, уый рæхджыбон дæхи цæстæй фендзынæ, – дзуры куыдз. Ницыуал загъта Уырызмæг, æрмæст ахъуыдыкодта: "Мæ дзыхæй ныхас не схауы, афтæмæй мын мæ хъуыдытæ бамбарынц Уастырджи, йæ бæх æмæ йæ куыдз. Цымæ цæмæн афтæ уа? Цæй, цард та йæхæдæг амондзæн хабар." Æрыздæхти Уырызмæг Нартæм. Кæсы, æмæ йæ ныццыдмæ Нартæй алчидæр дур ласы, мæсыг амайы. Уырызмæгæн та нырма бынæвæрд дæр нæй. Уастырджи йæ цуры февзæрд, æмæ йæ фæрсы: – Цы бадæ, Уырызмæг? Радтай дæ цъынды? – Уо, радтон æй! – Цы дын загътой? – Бон дам цы нæ фенай, уый æхсæв баххæсткæндзыстæм. Æмæ уый цы дзуапп у? Æз мæсыгамайæгмæ бон мæхи цæстæй куы нæ кæсон, уæд æхсæвы амад цас хорз рауайдзæни, нæ зонын. – Ноджы хуыздæр! – зæгъы Уастырджи. – Уымæй раст нæ зæгъыс. Уастырджи фæхудти. – Æхсæвы куыст æнтысагдæр у. Мæт ма кæн. Фæлæ ныр изæр у, ды та – фæлмæцыд. Мæсыг кæм аразынкæныс, уым тырыса 'рсадз. Дæхæдæг уал дæ фæллад ысуадз. Райсоммæ бæрæг уыдзæн æппæт дæр. Уырызмæг иу уобауыл тырыса 'рсагъта. Æмбисæхсæвты Донбеттыртæ фæзындысты. Уастырджи цæм рацыд, бацамыдта Уырызмæджы тырыса. Уæд Донбеттыртæ февнæлдтой, æрми-æрми лæвæрдтой дур. Иннæ Нартæн дæр ма фæйнæ кæрийы дур бакалдтой. Æхсæвы Уырызмæджы мæсыг иу уæладзыг амад фæци. Бонрухсы Донбеттыртæ фæтары сты. Мæсыг Уастырджийы зондæй зæххы бын абырыди, зындис ма 'рмæст йæ уæллаг хай. Уырызмæг сыстад, кæсы, æмæ йæ тырысайы цур сис – амад. Уæд дзуры Уастырджимæ: – Æвæдздзæгæн, æндæр амайын сæ бон нæ баци. – Мæнмæ хъус, Уырызмæг. Нартæй нырма алчи йæ мæсыг æрмæст фадхъулты уонг ыскодта, дæуæн та уæладзыджы бæрзæндæн у. – Уæдæ кæм и? – Й' афоныл зындзæни. Уырызмæг дæр ницыуал загъта. Дыггаг изæр дæр та сæ фæллад уадзынц. Уырызмæджы хуырхуыр ыссыд. Уæд Донбеттыртæ фæзындысты. Райдыдтой та кусын, æмæ дыггаг уæладзыг ысцæттæ. Уæлдай дуртæ та Нарты иннæ мæсыгамайджыты дуртæм бакалдтой. Боныцъæхæй та фæцыдысты Донбеттыртæ. Уастырджи 'мæ Уырызмæг сыстадысты, æмæ кæсынц. Нартæй алчи йæ мæсыг амайы. – Нæ мæсыг уæлдæр куы нæ цæуы, уæд уый цæмæн афтæ у, цымæ? – загъта Уырызмæг. – Ма тыхс, Уырызмæг, – зæгъы Уастырджи. – Нартæй алчи йæ мæсыг зæнгбæттæнты уонг ыскодта. Дæуæн та дæ дыггаг уæладзыг дæр цæттæ у. Ницы загъта Уырызмæг. Æртыггаг æхсæв дæр та афтæ. Нартæн фæкъæдзгæнæнтæм уыдысты сæ мæсгуытæ. Уырызмæгæн та æртыггаг уæладзыг фæцис амад. Цыппæрæм бон Нартæн сæ мæсгуытæ æрбадæнтæм уыдысты, Уырызмæджы мæсыг та цыппаруæладзыгон ысси. Фæлæ та Уастырджийы фæндæй зæххы абырыд. Уырызмæг мæстыкодта, фæлæ уырæдта йæхи. Уастырджи йæм куы фæхæрам уа, уымæй дæр тарсти. Фæндзæм хатт Нарты мæсгуытæ лæджыбичъы уонг ысхæддзæ сты, Уырызмæджы мæсыг та фондз æддæгуæлæйы уыди. Æхсæзæм хатт Нарты мæсгуытæ дæллагхъуырмæ схæддзæ сты, Уырызмæгæн та æхсæз æддæгуæлæмæ схызти. Уырызмæг хъуыдыкæны: "Ай цы хабар у, æз мæ мæсыджы уæлæмæ амадæй куы нæ уынын, уæд мæ Уастырджи хъазгæ кæны, æви мæ мæстæймары? Цæй, иу бон ма бафæразон æххæст." Æвдæм бон райдыдта. Нартæн сæ мæсгуытæ лæджы бæрзæндæн амад фесты. Уырызмæгæн та авд æддæгуæлæйæ фæфылдæр. Фæлæ та ацы хатт дæр мæсыг Уастырджийы фæндæй зæххы абырыд – зындис ма йæ уæллаг хай, цыма бындур уыд, афтæ. Уырызмæг акасти æвдæм бон, æмæ йыл Нартæ худынц: – Гъы, Уырызмæг, дæхи Нартæн хистæр кæнинаг куы уыддæ, æмæ дæ мæсыгæн нырма йæ бындур йæддæмæ куы ницы зыны. Уæд цæм Уастырджи дзуры: – Æххæст цæ арæзт фæут. Уæдмæ кæд Уырызмæджы мæсыг дæр ысзынид. – Кæд ма сзындзæн, – зæгъынц Нартæ, – Хуыцау мах фарс хæцы. Уыныс, зæронд лæг, алы хатт нын Хуыцау дурыцæндтæ нæ мæсгуыты цур сæмбырдкæны, Уырызмæджы мæсыджы цур та иу дур дæр не рывæры. – Уыууыл цы тыхсæм! Чи зоны, Уырызмæджы мæсыг иу æхсæв сырæза... Нартæ ныххудтысты, æндæр ницыуал загътой. Уырызмæгæн уый маст уыд. Уастырджийын фæфиппайдта йæ зæрдæйы тыхст æмæ загъта: – Кæстæрмæ дзурæн нæй, цалынмæ дæм йæхæдæг худаистæй æрбацæуа, уæдмæ. – Цæй худаисты кой кæныс, мæхи удаисты куы бацыддæн, – загъта Уырызмæг. Нарты фæсивæд мæ, æвæдздзæгæн, сæ бæхтæсæрфæг ыскæндзысты, æндæр ницы. – Тыхсгæ ма кæн, Уырызмæг. Алцыдæр фендзынæ й' афоныл. – Афонмæ дæр искуы 'нхъæлмæ кастæуы? Нæ, раст нæу уый. – Кастæуы, Уырызмæг, кастæуы! Уæдæ-иу фæкæс Нарты мæсгуытæм, кæд дзы дæ мæсыгæн йе мбисы уонг дæр ыссæуа искæй мæсыг! Фесты Нартæ амад сæ мæсгуытæ. Æркодтой æвдисæнты иубон, æмæ рауын-бауын, ракæсбакæскæнынц æхсæнылæгтæ мæсгуытæм. Æхсæнылæгтæй иу загъта: – Борæты мæсыг бæрзонддæр у иннæ мæсгуытæй. – Раст нæ зæгъут, Уырызмæджы мæсыгæн йе мбисы уонг дæр нæу, – загъта Уастырджи. Уæд Нартæ уыцы ныхасыл ныххудтысты. – Уобауæй куы нæ зыны, уæд цæй мæсыг ис Уырызмæгæн? Æхсæнылæгтæй иннæ загъта: – Алæгаты мæсыг рæсугъддæр арæзт у. – Раст не стут, Уырызмæджы мæсыг рæсугъддæр, аивдæр æмæ хуыздæр у, – зæгъы Уастырджи. Нарты адæм та тынгдæр ныххудтысты, афтæмæй æхсæнылæгтæ æртæ дихы фесты: иу къорд Борæты фарс хæцыди, иннæ къорд – Алæгаты. Æмæ иунæгæй Уастырджи Уырызмæджы фарс уыди. Æппын куы нæ фидыдтой, уæд Уастырджи загъта: – Цомут, фенут Уырызмæджы мæсыг. Æхсæнылæгтæ 'мæ Нартæ, Уырызмæг цы уобауыл арæзта йæ мæсыг, уыйонг куыддæр ыссыдысты, афтæ Уастырджи йæ лæдзæг зæххыл æркъуырдта. Уырызмæджы мæсыг, Донбеттырты амад, хæрдмæ цæуын байдыдта. Уымæй дæр дурæйамады фæстæ æрхуыæвæрд алы дурыл тæмæнтæ калдта хуры рухсмæ. Æмæ адæм хæлиудзыхæй аззадысты. Уырызмæг дæр цыдæр æнæууæнк каст кодта. Фæлæ йæм Уастырджи дзуры: – Гъы, Уырызмæг, цы зæгъынц Нартæ дæ диссаджы мæсыгæй? Хъыпсыпп цæ куы ничиуал кæны. Уæд дыл худæгæй куы мардысты! Æппынфæстаг мæсыг æгасæй дæр хæрдмæ ссыди. Йæ фæрстæ зынгау сæрттывтой хурмæ. Иннæ мæсгуытæ сагъд хъæлтау зындысты йæ цуры. Уырызмæг æмбарын байдыдта, хъуыддаг цæй мидæг уыди, уый. Куыннæ фæбузныг уыдаид Уастырджийæ! Нартæ сæ сæртæ 'руагътой, æндæр сæ бон дæр цы уыди Уастырджийы раз. Уæд Уастырджи фæрсы æхсæнылæгты: – Цæй, цы зæгъут Уырызмæджы мæсыгæй? – Цы ма зæгъæм, йæхæдæг йæхи загъта мæсыг. – Уæдæ 'ххæст уый дæр зæгъон, æхсæнылæгтæ, Нарты адæмæн уæ цуры: Уырызмæг у Нартæн се рхъуыдыджындæр, æмæ мыггагæй æвзыгъддæр, стæй сæ хистæр дæр, æмæ йын аргъ кæнæнт нырæй фæстæмæ! – Кæм ис Уырызмæгæй хуыздæр! Уый у æцæгæйдæр Нартæн сæ хистæр, – загътой уæд æхсæнылæгтæ. Æхсæнылæгтæ 'мæ Уастырджийы Уырызмæг сæхимæ 'рбакодта. Фынг цын æрывæрдта, хорз цæ федта, стæй цæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди. Уырызмæг ма Уастырджийы ахизынкодта фæстагмæ. Стæй загъта Уастырджи Уырызмæгæн: – Мæ ныхас кæнинаг уыдзæн. – Хорз, нырма уал фæндараст. Æмæ ацыди Уастырджи. Уырызмæг æнкъардæй æрыздæхти 'мæ катайкодта йæ мид-зæрдæйы: "Худинагæй бæстæ байдзагуыдзæни, мæ ныййарæг ма зæронд æмæ рынчынæй сылыкъах, бæхы байраг æмæ куыдзы хъæвдын куы ныййара, уæд. Цæй, фæлтау æй хъæр дæр макæмæн ыскæнон." Æмæ æцæгæй дæр афтæ бакодта Уырызмæг: нæдæр йæ мадæн, нæдæр Хæмыцæн, нæдæр æндæр искæмæн исты загъта. Хъахъхъæдта иугæндзон йæ мады. Иуахæмы Дзерассæ мæлын æрымысыди. Фæрнæг æмæ ма Уæн чысылтæ уыдысты, фæлæ фæдзырдта Дзерассæ Уырызмæг æмæ Хæмыцмæ, æмæ цын фæдзæхсы: – Æз мæлын, фæлæ уæ курын: мæ мард мын-иу æртæ 'хсæвы бахъахъхъæнут. Кæимæдæр уыддæн хæснаг. Фæсайдтон æй, æмæ мын йæ маст Мæрдтыбæстæйы дæр нæ ныууадздзæн. Уыйадыл амарди Дзерассæ, æмæ йын йæ мард бавæрдтой зæппадзы. Фыдздзаг æхсæв зæппадзхъахъхъæнæг ацыди Уырызмæг. Хъуыдыкæны: "Чи уыдаид цымæ уый, æмæ мæ мад ахæм сайд кæмæн фæкодта?" Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Уастырджийы ныхæстæ: "Сымах цы мад ныййардта, уымæн ма мæн тыххæй рацæуæд сылыкъах, бæхы байраг æмæ куыдзы хъæвдын". Æмæ кæд Уастырджи исты зыдта, уæд æй цæуылнæ фарстон?.. Бирæ рахъуыдыбахъуыды фæкодта, æмæ йе ‘хсæв афтæмæй æрвыста. Уастырджи дæр фæзынди, фæлæ зыдта, Уырызмæг æнцонтæй афæливын нæ бакомдзæн æмæ хъуыдытæгæнгæ 'рвыста уый дæр йе хсæв. Уæдмæ 'рбабон, æмæ Уырызмæг сæхимæ 'рцыди. Баулæфын æй бæргæ фæндыди, фæлæ йе рцыдмæ Борæты Йеухæрмæ куывд уыди, æмæ йæм æрырвыстой: – Саггагкæн, Уырызмæг, нæ куывдмæ. Уæддæр нæ хистæр дæ. "Нæ" зæгъын нæ уыди Уырызмæджы бон. Араст и Борæты куывдмæ. Уым баййæфта Уастырджийы дæр. Уырызмæджы хистæрæн ысбадынкодтой. Куывды рæгъытæ кæнын систа. Уастырджи алы хинтæй æмæ алы 'фсæнттæй фæдарынкодта карз нозт Уырызмæгæн. Уæдмæ 'рталынгтæ æмæ Уастырджи зæгъы: – Уæ, Уырызмæг, æз уазæг дæн. Дард балцы цæуын, æмæ мын бахатыркæнут. Нарты хистæр дæ, æмæ уæ куывдæй райгонд ут. Нартæй ма йæм иу зæронд лæг дæр бахатыдта Уырызмæгмæ: – Уазæджы фæндаг дард у, йæ бар ын йæхи ауадзæм. Бæргæ йæ нæ фæндыди Уырызмæджы, фæлæ ма загъта уæддæр æнæбары: – Дæ дзырд фæуæд, Уастырджи! Фæндараст фæу. Уастырджи рацыди, арфæтæ фæкодта зæронд Йеухæрæн, æмæ араст и йæ фæндагыл. Чысыл фæстæдæр Уырызмæг загъта: – Фæрнæй кæн дæ куывд, Йеухæр, фæлæ ахсæв хъуамæ мæ мады цур фæбадон йæхи курдиатмæ гæсгæ. Чи зоны, аив нæу фынгæй сыстын, фæлæ мæ рæстæг æндæр н' амоны. Йеухæр уæлдай ницыуал загъта, æмæ Уырызмæг рацыд. Расыг, фæлæ фидар зондыл хæст, Уырызмæг ыссыди зæппадзмæ 'мæ хъахъхъæны. Хъуыдытæ та кодта, уæдæ чи у цымæ? Йæ мад Дзерассæ хæсджын кæмæй фæци? Уастырджи дæр дард н' ацыди. Йæхи зæппадзы цурты фæцæйцæуæгкодта, ахъахъхъæдта, лæджы 'ндæрг ауыдта, æмæ йæ базыдта, ай та Уырызмæг хъахъхъæны, уый. Нæ бахаста йæ ныфс. Афтæмæй цыл ысбон и. Борæты Йеухæры куывд иннæ бон тынгдæр уыди. Уырызмæг зæппадзæй æрцæйцыди, æмæ та йæм барвыстой: – Сæр дих хъæуы, Уырызмæг! Дæумæ кæсынц бадтыадæм. Уырызмæгæн æдзæугæ нæ уыди, афтæмæй – фæллад, фæлмæцыд, дыууæ 'хсæвы цъындыхъæстæ нæ фæци, æмæ ма цастæ уыди йæ хъару. Бацыди Уырызмæг куывдмæ. Æрбадти та уæлейы. Уастырджийы дæр уым баййæфта. Цæуынц рæгъытæ карз ронджы нуæзтæй. Уастырджи аивæй Хæмыцæн нуазæн авæрдта: – Хуыцау дæ хорз кæстæр æфсымæр фæкæнæд, Хæмыц! Уæ хистæрæн лæггадхъом ут. Йæ бæсты кусын фæразут, цæмæй-иу уый дæр йæ фæллад ысуадза. Хæмыц фембæрста, ай йын Уастырджи уайдзæф кæй кæны, уый. Райста нуазæн æмæ загъта: – Дæ нуазæнтæ бирæ уæд, Уастырджи! Алы хатт дæр-иу нæ ахæм фынгтыл æййаф. Анызта Хæмыц, æмæ ахызти. Бон сау изæрмæ та адæм цæл-минасыл фæбадтысты. Уæд Уастырджи йæ хъус дары, æмæ Уырызмæг кæй ном не ссардта, ахæм нал баззади – Хуыцауæй суанг зæххон адæм, стæй мæрдтыбæстæм. Райста Уастырджи нуазæн æмæ дзуры: – Йеухæр, тынг ныл цинкæныс ныр дыггаг бон. Хуыцау дыл бацинкæнæд. Фæлæ уæ курæг дæн, ам дæ хæдзары Нарты разагъддæр чи у, уый ном дæр æрхъуыдыкæнæм. Уырызмæджы хуызæн гуырдтæ арæхдæр уæд Нартæм! Уырызмæджы цæрæнбон бирæ! Уыйау зондджын, уыйау арæхстджын, фæразон, хистæриуæг куыд фæразат, уыцы амонд уæ уæд, Нартæ! Нартæ уоммен загътой, æмæ Уырызмæджы цæрæнбоны тыххæй рацыди гаджидау. Йеухæр дæр арфæтæ ракодта, æмæ йæ анызта. Уæдмæ та 'рталынг, æмæ Уастырджи дзуры Йеухæр æмæ Уырызмæгмæ: – Цом-цомы уазæг – хæдзархор. Цæй, æз фæцæуон. Хорзæй баззайут, Нартæ! – Фæндараст фæу! – зæгъынц Нартæ, æмæ Уастырджи йæ бæхыл абадти 'мæ афардæг. Уырызмæг дæр чысыл фæстæдæр сыстади 'мæ зæгъы Йеухæрæн: – Дæ лæггæдтæ бирæ, Йеухæр! Фæлæ та æз ауайон мæ дысоны бынатмæ. Хæмыц æй фехъуыста 'мæ нал бауырæдта йæхи: – Фæлæу-ма, ме фсымæр, Нартæн хистæрæй ды дæ, нæ мад нæ иумæ ныййардта, хæсгæ дæр нæ иумæ скодта. Ныр дыууæ 'хсæвы хъахъхъæныс – æнæхуыссæг, фæлмæцыдæй. Адæмæн бон – лæггад, æхсæвы та – гæс. Уæд æз дæ кæстæр куы дæн! Мæн ауадз, иу æхсæв та æз æрлæууон хъахъхъæнæг. Йеухæр дæр нал фæхæцыд йæхиуыл æмæ йæ ныхас баппæрста: – Æмæ цы кæны, цы! Раст зæгъы Хæмыц! – Бæргæ, – загъта Уырызмæг. – Кæстæр-иу хистæры рис куы 'мбарид! Уыйонг дæ ныфс хæссыс, уæд ацу, æгаддзинад ма 'руадз. Хæмыц ма иу анызта, æмæ араст и йæ мады зæппадз хъахъхъæнынмæ. Слæууыди Хæмыц Зæппадзы дуары цур. Уастырджи дæр та фæзынди æмæ зæгъы йæхицæн: "Фæлæу ныр, Хæмыц. Ды Уырызмæг нæ дæ, дæу фæхибаркæндзынæн". Уастырджи доныбыл чындзхæсджытæ фестынкодта. Цыма Нартæм бацыдысты, æмæ цыл Нартæ 'мбырдкæнынц. Цыма Борæты Йеухæры бадтыадæм дæр чындзхæсджытæн арфæтæкодтой. Йеухæр, Уырызмæг чындзхæсджыты хистæрмæ нуазæн радтой æмæ стынг и фæндыры цагъд. Сцыбæл и Хæмыц, æмæ загъта: "Йехх, æвæдза, ме фсымæр Уырызмæг æдылы у. Чи цы хъавы мард адæймагæй? Фæлтау цон-цæуон, æмæ Нартыхъæуы уыцы чындзæхсæвы фæкафон, фæсимон". Ныууагъта зæппадз Хæмыц, æмæ рараст и Нартæм. Уастырджи йæм касти. Куыддæр ахибар и Хæмыц, афтæ Уастырджи йæ бæхыл æмæ йæ куыдзимæ уым зæппадзы цур ыстæлфыди. Йæ уæйлаг нымæт зæххыл айтыгъта, йæхæдæг зæппадзæй мард Дзерассæйы райста. Нымæтыл æй æрывæрдта уæлгоммæ. Нымæтын йæхсæй йæ 'ркъуырдта, æмæ Дзерассæ райгас и. Базыдта ус йенамонд. Уастырджи йæм дзуры: – М' аххос нæу, дæуæн æз дæ лæг æмæ дæ тиуы куы бавæрдтон, уæд мæ фæсайдтай. Ныр нал аирвæздзынæ. – Цыфæнды дæр мын кæн, – зæгъы ус, – уæддæр м' амæлæтмæ æз дæу мæхимæ не руагътон. Æлгъыст фæуæд Хæмыц, мæн иунæг чи ныууагъта! Уастырджи усы нымæтынйæхсæй æрцавта, æмæ та Дзерассæ мæрдон хуыз райста. Бавæрдта йæ зæппадзы, стæй уæларвмæ фæтахти Уастырджи. Хæмыц æрцыди, æмæ чындзæхсæвы бæсты æрыййæфта Нарты Йеухæртæм куывд. Кæйдæрты афарста æмæ бамбæрста, сайд ыл кæй æрцыди, уый. Атагъдкодта фæстæмæ зæппадзмæ. Никæй баййæфта. Æрмæст æртæ хатты зæппадзæй хъæрзын ыссыди. Хæмыц-иу бакасти, фæлæ ницы федта. Сæ мад Дзерассæ уæлгоммæ хуыссыди 'мæ не змæлыд. Æрбабон и. Хæмыц æрцыди сæхимæ. Уæд Дзерассæйæн райгуырди сатæгсаухил чызг, байраг æмæ хъæвдын. Уыдон радыгай дадтой Дзерассæйы дзидзитæ. Рацыди бон, дыггаг, æртыггаг. Мæйы фæстæ Сырдон æрцæйцыди хæрæгыл Нарты уæлмæрдтыл. Дзерассæйы зæппадзмæ куыддæр баввахс и, афтæ йæ хъустыл ауади чызджы кæуын, байраджы уасын æмæ куыдзыхъæвдыны рæйын. Куыдзыхъæвдын рагæпласта, æмæ Сырдоны нал размæ уагъта цæуын, нал – фæстæмæ. Уæд байраг дæр зæппадзæй расæррæтласта. Сырдоны хæрæгыл æмæ Сырдоныл армаццагæй балæууыди. Æмæ Сырдон йæ хæрæгæй фесхъиудта. Атахти 'мæ лæнкауы смидæг и тымбылтæй. Йæ хæрæджы къæдзил ын куыдзыхъæвдын йæ рæбыныл атыдта, йæ хъустæ та йын бындзарыл ысрæмыгъта. Тыххæй ма ныййирвæзти хæрæг Сырдоны цурмæ – æнæкъæдзил, æнæхъустæ. Сырдон ма йе рагъмæ схылди, æмæ йæ синтыл хæцгæйæ фæцæуы. Нарты лæппутæ йæ ауыдтой. Йæ хæрæг ын Ныхасы астæуты батардтой, æмæ Нартæ артæндихтæ кодтой фырхудæгæй. Хæмыцæн бынтон æрынцой нал уыд, йæ болат рихитæ йæ худыны комытæфмæ арцæй ныббадтысты. Æмæ йæм дзуры: – Бынбауай, Сырдон! Цавæр ыстонджы дын уыди дæ хæрæгыл нал дымæг ныууагътай, нал – хъустæ. Уæд Сырдон фæмæсти и 'мæ йын афтæ зæгъы: – Æз цæмæн бабын уон! Бынтыбын æмæ саубон сымахыл хъуамæ 'рцæуа, йæ зæппадз бахъахъхъæнын чи нæ фæразы! Кæйдæр гацца уæ зæппадзæй чызджы куыд кæны. Цавæрдæр байраг уын уæ зæппадз фаджысы бын фæкодта. Æмæ иу куыдзыхъæвдын, уый та уын уæ мæрдтыл мизгæ кæны. Афтæмæй уæ зæппадзæй гатцадон ыскодтат, бæхдон æмæ куыдздон. Уыууылты рацæйцыддæн. Иу куыдзыхъæвдын мын мæ хæрæджы дымæг æмæ хъустæ бахордта. Иу байраг мын мæ фæрстæ цъæлсаст фæкодта, иу гатца- чызг та мыл цъæхахсткодта. Фембæрста Уырызмæг хабар. Азгъордта сæ зæппадзмæ, æмæ дзы райста чызг, байраг æмæ куыдзыхъæвдын. Чызг сатæгсаухилджын уыди, æмæ йыл уымæ гæсгæ сæвæрдтой ном – Сатана, уома саутæуон, саухилджын чызг. Байрагыл Уырызмæг ном сæвæрдта Æрфæн, æмæ куыдзыхъæвдыны та схуыдта Силæм. | |
Просмотров: 362 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |