Четверг, 03.07.2025, 23:46
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТ СЫБÆЛЦ
УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТ СЫБÆЛЦ
Уæрхтæнæг Нарты зæрæдтæй уыди 'мæ æвæстаг кодта йæхи. Нартæ
дзырдтой Уæрхтæнæгæн:
– Ус æрхæсс, æмæ дæ мыггаг уæрæх ацæуа, мах тæнæг лæг нæ
хъæуы.
– Кæй мын хæссынкæнут? Ме взонгæй мæ зæронды бонтæм æнхъæлмæ
кæмæ фæкастæн, уый мæ къухы нæ бафтыд. Æндæр та мæ хъæугæ ничи
кæны.
– Уомæ чи у? Æнхъæлмæ кæмæ кастæ, æмæ ныр дæр ма 'нхъæлмæ кæмæ
кæсыс?
– Цы уын æй дзурон? Фондзыссæдз сагсур лæппуйы мæ кæд уа, уæд
цын æй фенынкæндзынæн.
Нартæ Уæрхтæнæджы тыххæй фондзыссæдз сагсур лæппуйы
фæхицæнкодтой, æмæ йын зæгъынц:
– Кæй агурыс, уыдон ысты. Кæдæм цæ кæныс?
– Уæдæ уал рацæуæнт мæ фæдыл.
Нартæ фондзыссæдзæй Уæрхтæнæджы фæдыл араст ысты. Ахызтысты
авд доны сæрты. Ахæддзæ сты иу ыстыр быдырмæ. Быдырмæ дардæй зынджы
цæст зынди, иннæ – иугæндзон фæз.
– Уартæ уыцы рухс кæцæй цæуы, уым цæры Адзаты иудзæстон уæйыг,
– загъта Уæрхтæнæг. – Уый мын аскъæфта мæнæн мæ дунейырухсы,
Хорæхæрзæйы. Хорæхæрзæ йæхи мæнг рынчын ыскодта, цалынмæ йæм æз
фæзынон, уæдмæ. Уырдæм бацæуын та зын у. Æфсæндуæрттæй бахизæн нæй
– ныхъхъыллистласынц, æмæ Адзаты уæйыг фехъалвæййы. Нæй йын
басæттæн. Æфсæндуæрттæй куы бахизай, уæд та сæмбæлдзынæ иу уасæгыл.
Уый ахæм уаст ныккæны, æмæ Адзаты иудзæстон уæйыг, цыфæнды фынæй
уæд, æнæ сыхъал нæ фæуыдзæн. Уымæй дæр ку' аирвæзай, уæд та – йæ
бæх. Исчи мидæмæ цæуа – уæд æй йæ хъустæ хæрынц, æддæмæ цæуа, уæд
та – йæ къæхтæ. Ныммырмыркæндзæни, æмæ уырдыгæй æвыдæй нал
рацæудзæн лæг фæстæмæ.
– Уæдæ цыхуызы бацæуæм, Уæрхтæнæг? – фæрсынц æй Нартæ.
– Бацæуæм æртæ дихæй.
Уæрхтæнæг æртæ дихы фæкодта Нарты. Иу ма дзы 'мбалæн ныууагъта
йæ цуры, æмæ та зæгъы:
– Фыдздзаг дих æфсæндуæрттыл сой ауадзæнт, æмæ-иу цæ сабыргай
бакæнæнт уыйфæстæ. Хæцæнт цыл, цæмæй фæстæмæ ма сæхгæной. Дыггаг
дих къæбæр атулæнт ронджы, æмæ йæ уасæгæн баппарæнт. Уасæг уыцы
къæбæр ахæрдзæн, æмæ фынæйау фæуыдзæн. Стæй йын-иу йæ сæр къæссайы
нытътъыссæнт. Æртыггаг хай бæхмæ бацæуæнт, æмæ йын йæ дуæрттæ фидар
сæхгæнæнт, рудзгуытыл æмбæрзæнтæ бакæнæнт. Мах та ме мбалимæ
Хорæхæрзæмæ бацæудзыстæм. Стæй йæ куыддæр ракæнæм, афтæ-иу нæ фæдыл
рацæут сымах дæр.
Куыд цын загъта, афтæ бакодтой Нартæ. Фыдздзаг дих æфсæн
дуæрттæ сойæ байсæрстой, бакодтой цæ, æмæ цыл хæцынц. Дыггаг дих
уасæгæн къæбæрыл ронг æркодтой. Уый къæбæр ахордта, фæрасыгау и,
æмæ хуры хъарммæ йæхи аивæзта, æмæ йын йæ сæр къæссайы атъыстой.
Æртыггаг дих бæхыл дуæрттæ сæхгæдтой, рудзгуытæ бамбæрзтой, æмæ йæ
хъахъхъæнынц.
Уæрхтæнæг æмæ йе мбал мидæмæ бацыдысты. Адзаты иудзæстон
пылыстæгсынтæгыл хуыссыди. Уæрхтæнæг Хорæхæрзæмæ бацыди, æмæ йæм
дзуры:
– Уæлæмæ сыст, æмæ цæуæм.
– Æрхæддзæ мæм дæ?
– Æрхæддзæ дæм дæн, æрхæддзæ!
Хорæхæрзæ фестади 'мæ рацыди.
– Уæ иу рудзгуытæ бакæнæд бæхæн.
Уæрхтæнæджы 'мбал бæхæн рудзгуытæ бакодта, йæхæдæг разгъордта.
Абадтысты бæхтыл Нартæ 'мæ рацыдысты.
Адзаты бæх æвирхъау ныммырмыркодта. Бæхы мырмырмæ уасæг
фехъал, æмæ ныууасыди къæссайы хуылфы. Кæрты срæуæг и, æмæ
иугæндзон уасыд. Æфсæн дуæрттæ сæхи фидар ныхгæдтой, æмæ кæнын нал
куымдтой.
Фехъал и йæ фынæйæ Адзаты иудзæстон. Æмæ дзуры йæ усмæ:
– Цы фæдæ, Хорæхæрзæ?
Хорæхæрзæ ма уым кæцæй уыди! Адзаты иудзæстон йæ бæхмæ бауад,
фæлæ æхгæнæнтæ гомкæнын нал куымдтой. Æмæ цæм дзуры уæйыг:
– Кæм уыдыстут нырыуонг?
Уыдон дæр сæхи фегомкодтой. Йæ бæхы раласта уæйыг, саргъыл
авæрдта 'мæ, а рацæуа, афтæ уасæг йæ размæ фæци, æмæ йæ нæ уадзы.
– Æнæсæр маргъ дæ, æмæ къуырмайæ баззай! Нырмæ кæм уыддæ?
Къæссайæ йын йæ сæр сæфтыдта, æмæ æфсæндуæрттæм рахæддзæ и.
Уæд æфсæндуæрттæ дæр сæхи бакодтой. Æмæ расырдта Адзаты
Иудзæстон Нарты.
Нарты хъустыл æрвнæрдау аныдзæвди йæ гуыбар-гуыбар.
Зынджыстъæлфæнтæ схъиудта сæ размæ. æмæ цæм дзуры Хорæхæрзæ Нартæм:
– Гъе, Нартæ, цæугæйæ нын нал у, æрбаййафы нæ Адзаты
иудзæстон. æмæ æртæ дихы аут. Æртæрдыгæй йыл куы нæ схæцæм, уæд –
никуы 'мæ ницы.
Нартæ сæхи æртæрдыгæй рауагътой, æмæ Адзаты иудзæстоны с'
астæу фæкодтой. Схæцыдысты йыл, æмæ йæ амардтой. Иу ныхас ма
сфæрæзта уæйыг:
– Нырæй фæстæмæ сылгоймагыл мачиуал баууæндæд! Нæлгоймагæн та
мастыхос уæд æнусæй æнусмæ!
Æгас хæдзар ыссардтой уыйфæстæ Нартæ.
Уæрхтæнæг Нартæн чындзæхсæвтæ фæкодта. Æмæ бирæ азты
фæцардысты уыйфæстæ Хорæхæрзæ 'мæ Уæрхтæнæг уарзонæй æмæ хæларæй.
Иубон рарынчын и Уæрхтæнæг. Хорæхæрзæ йын йæ доныхуыпп æддæмæ
рахаста, сыджытыл æй ауагъта 'мæ æгæр тахъафынк куы кодта, уæд
загъта йæхицæн: "Æвæдза Уæрхтæнæгæн ма бæззы нырма йæ хъусхос."
Йæхи ныдздзæбæхтæкодта Хорæхæрзæ. Æхсæвы Уæрхтæнæджы фарсмæ
абырыди, æмæ йын йæ низ фæтардта. Стæй йæ фæрсы:
– Ацы лæг, куыд у, дæ хъусхос ма хæцы?
– Рагæй йæ нал бафæлвæрдтон.
– Уæдæ хорз хус уыдзæни...
– Цы ма 'хсон, ме взонджы бонтæ фæцыдысты дæумæ кæсынæй. Ныр
ме нцойы бонтæ дæу тыххæй ысты. Цы ма цæрон, уый дæр цыбыр. Æмæ мæ
ныууадз.
– Æвæстаг худинаг у.
– Нартæ ныл фæхуддзысты.
– Уымæй худинаг дæр ныл ма сæмбæлæд...
Хорæхæрзæ бонтæ, мæйтæ нымайын байдыдта, æмæ й' афон æрцыди.
Уæрхтæнæг йæхи фырæфсæрмæй æддæмæ дæр нал æвдыста, Нартæ та цын
арфæтæкодтой, æвæстаг кæй нæ зайынц, уый тыххæй.
Иу фæсæхсæвæр Хорæхæрзæ дзуры Уæрхтæнæгмæ:
– Цыдæр кæнын.
Уæрхтæнæг сыхаг устытæм фæдзырдта, йæхæдæг Хурыскæсæн хохыл
ысбадти. Хорæхæрзæ хурыскастмæ фыдæбонкодта. Хыр ыскасти 'мæ
фæлурсæй зынди. Уыцы рæстæг хъуамæ Хурæн чызг райгуырдаид,
Уæрхтæнæгæн та – лæппу.
Æвиппайды Хур ыскасти ногæй, æмæ йæ тынтæ Уæрхтæнæджы синты
хъарм бацавтой. Бамбæрста: Хурæн райгуырди чызг. Уæд Уæрхтæнæгæн та
лæппу райгуырд. Æмæ Нартыл арвыгæрахау айхъуысти. Хæрзæггурæггаг
цыдысты Нартæ сæ кæрæдзимæ.
Уæрхтæнæг лæппуйы куывд ыскодта Нартæн.
Æртæ боны фæстæ лæппуйы авдæнмæ хурытын ныккасти, æмæ лæппу йæ
мидбылты бахудти. Хурытыны йæ къухтæй сæрфы, æмæ йæ мадмæ дзуры:
– Мæ фыды фат æмæ ма мын йе рдын рахæсс.
– Æмæ нырма авдæны куы хуыссыс, цæмæн дæ бахъуыдысты афтæ
'хсызгон.
– Æрхæсс мæм цæ!
Æрхаста цæ Хорæхæрзæ. Лæппу фатыл йæ мылытæй æрхæцыди, фæугард
æй кодта, æрдынбосыл æй авæрдта'мæ йæ Хурмæ фехста.
Фат цæхæркалгæ атахти. Хур йæ хæтæны уыд, æмæ йæ кæсæныл
сæмбæлди Уæрхтæнæджы фырты фат. Æмæ Хур фæталынг и.
– Мæнæ диссаг, уыцы лæппу дын дæ фат Хурмæ фехста, æмæ Хур
фæталынг и, – загъта Хорæхæрзæ Уæрхтæнæгæн.
– Нæ, уый Хуры не хста. Фæлæ, нæ лæппу цы бон райгуырди, уыцы
бон Хурæн та чызг райгуырди, æмæ йæм мæ фат нысангарзæн арвыста.
Къуыри рацыди æмæ лæппу йæ мадмæ дзуры:
– Æддæмæ мæ ахæсс! Ам мæ хæдзары цы дарыс?
Мад æй æддæмæ рахаста 'мæ лæппу хурытынимæ дзуры:
– Куыд у чызг?
– Хуыцауæй бузныг, – загъта Хурытын.
– Фат йæхимæ и?
– Йæхимæ, никæмæн æй дæдты.
Куыннæ бадискодтаид уыцы ныхæстыл Хорæхæрзæ!
Лæппу къуыримæ йæ къахыл ауад æмæ дзуры йæ ныййарджытæм:
– Ауадзут мæ, азилон искуыты.
– Нырма дын цæуæн никуыдæм ис. Нæдæр дæ зонæг ис.
– Æмæ ам куы бадон, уæд мæ афтæмæй чи базондзæн?
Ауагътой йæ æмæ Нарты лæппутимæ хъазыди кæм хъулæй, кæм
быцæуæй, кæм фатæхсынæй. Æмæ та-иу цæ амбылдта.
– Нарты лæппутæ кæрæдзийы фæрсынц:
– Ныр цы бакæнæм амæн, куыд дзы фервæзæм? Уæд та йæ
Хъазæнфæзмæ фервитæм?
Уæ, æнæном, зæгъгæ йын бафидис кодтой лæппутæ. – Дæлæ
Хъазæнфæзы дауджыты фырттæм фæцу æмæ уыдонимæ ахъаз кæд дæ ныфс
хæссыс, уæд!
Уæрхтæнæджы фырт сæхимæ 'рбацыди, æмæ фæрсы йæ мады:
– Ном мыл цæуылнæ ис?
– Дæ номæвæрæг дæ кайыстæ уыдзысты.
– Хорз, фæлæ мын Хъазæнфæзмæ æнæцæугæ нæй.
– Уырдæм цæмæ цæуыс? Дауджыты фырттимæ мах ницы хъуыддаг и.
– Куыннæ нæ ис хъуыддаг? Кæд мæ Хуры чызгимæ ис хъуыддаг, уæд
мæ уыдонимæ нæй?
Уыйфæстæ Уæрхтæнæгмæ бацыди лæппу.
– Æппын дæм хъултæ нæй хъазынæн? – Авæр мын цæ. Хъазæнфæзы
дауджыты фырттимæ хъазынмæ цæуын.
– Æмæ уырдæм цæмæн цæуыс? Нарты кæимæ ахъазай, ахæм нал и?
– Мæ ныхмæ цæ ничи лæууы.
Йæ фыды хъултæ ахаста лæппу, æмæ Хъазæнфæзмæ фæцæуы. Фæндагыл,
авд уæйыджы сæ хъом хызтой, æмæ уыдоныл амбæлд.
– Уæ бон хорз уа, æхсырæйхæстытæ!
– Алыбон æгас нæм цæуай, лæджи. Цæмæн нын фидискæныс?
– Фидис уын нæ кæнын, нырма æз дæр æхсырæй цæрын.
– Гъемæ дын уый тыххæй хатыр фæуæд. Фæлæ нæма федтай
тыхджынты.
– Уæдæ ма бæндæнæн йæ иу кæронырдыгæй уæхи авдæй бабæттут у'
астæутыл. Иннæ кæронырдыгæй та æз бабæтдзынæн мæхи, æмæ фæйнæрдæм
ахæцæм, кæддæра чи тыхджындæр у.
Уæрхтæнæджы фырт бæндæны кæроныл фæхæцыди. Ныззылдта цæ, æмæ
уæйгуытæ авдæй дæр Хъазæнфæзы сæмбæлдысты. Кæмæн йæ цонг фæсаст,
кæмæн – йæ уæраг, чи – фæрсксаст, чи та – сохъхъыр фæци.
Æмæ цæ фæрсынц дауджыты фырттæ.
– Цы кодтат ай?
– Ахæм тыхгæнæг æрцæуы, æмæ й' ас мустучъийы йас, фæлæ йæ тых
– арвы цæхæр.
Дауджыты фырттæ ныххудтысты – нæ цæ бауырныдта.
Цæуы Уæрхтæнæджы фырт, æмæ та иу уæйыджы ауыдта.
– Дæ бон хорз уа, фынæйдзæг!
– Хорз дæ хай, фæлæ дæ дзыхыл куы хæцис!
– Уæдæ цы фынæйкæныс бонсихорафон?
– Ацу, хатыр дын уæд ацы хатт. Дыггаг хатт мауал фæрæди. Ды
нырма тыхы хицау нæ дæ.
– Уымæй дæ нæ фæрсын, фæлæ-ма зæгъ, чи дæ? Æз Нарты
Уæрхтæнæджы фырт дæн.
– Æз та дæн авд уæйыджы фыд – Цаппар.
– Уæдæ дын дæ фыртты æз ныззыввытластон. Хъазæнфæзы бамидæг
ысты, æмæ цæ уым агур.
Уæйыг фæмæсты и. Фæлæбурдта лæппумæ. Фæлæ йæ уый ахæм
мæлæтдзаг цæф фæкодта, æмæ уым баззади уæйыг æрдæгмардæй. Йæхæдæг
дарддæр фæцæуы.
Ныххæддзæ и Хъазæнфæзмæ. Æрæййæфта авд уæйыджы, æмæ цæм дзуры:
– Уæ фыд мæлæтдзаг у, æмæ уæм æрвыста.
Уæйгуытæ авдæй дæр азгъордтой сæ фыдмæ æмæ йæ йæ уд исгæ
баййæфтой.
– Мæ хæдзарыл мæ сæмбæлынкæнут. Æмæ мын мæ маст та Нарты
Уæрхтæнæджы фыртæй агурут, – загъта Цаппар й' авд фыртæн.

* * *
Уæрхтæнæджы фырт дауджыты лæппутæм дзуры:
– Бауадзут мæ уемæ хъазын.
– Бауадзиккам дæ, фæлæ куы фембылды уай, уæд афтæ 'нцонтæй нал
ацæудзынæ.
– Фод уæ ныхас, фæлæ æз дæр зæгъын: сымах куы фембылды уат,
уæд мæ уæларвмæ акæнут. Уыууыл уæд нæ ныхас.
Сразы сты дауджыты лæппутæ. Райдыдтой хъазын.
Æмæ Хуры чызг йæ мадæн афтæ зæгъы:
– Акæсын-ма мæ кæн.
– Хъазæнфæзы дауджыты фырттæ хъулæй хъазынц Нарты Уæрхтæнæджы
фыртимæ æмæ йын йæ уындмæ бакæсон.
Хуры чызг акасти Хуры кæсæны. Дауджыты фырттæ хъултæ суылдтой,
æмæ Хъазæнфæз цъыфæй айдзаг и.
– Гъеуый ыссыгъдæгкæн.
Уæрхтæнæджы фыртдæр ысуылдта йæ хъултæ. Мизгæзæгъ уарын
байдыдта, æмæ тæхгæсуадæттæ фæзынд кæцæйдæр. Æмæ асыгъдæг и
Хъазæнфæз цъыфæй.
Дауджыты фырттæ та суылдтой сæ хъултæ, æмæ Хъазæнфæз авд
ивазны бæрц их сæвæрдта.
– Ацы их сис.
Уæрхтæнæджы фырт дæр ысуылдта йæ хъултæ, æмæ бæстыл хур
атылди, æмæ их цырагъау атад.
Дауджыты фырттæ та æртыггаг хатт ысуылдтой сæ хъултæ, æмæ
хъæды бæлæстæн сæ сыфтæр бахус, кæрдæг ныббур.
– Гъеуыдон хускæнын ма бауадз.
Уæрхтæнæджы фырт ысуылдта йæ фыды хъултæ æмæ хъарм къæвда
рацыди. Къæвда уд бауагъта бæлæстæ 'мæ кæрдæджы, æмæ цъæхцъæхид
фестадысты.
– Амбылдтай нæ! – загътой Дауджыты фырттæ.
– Уæдæ мæ уемæ акæнут.
Æфсæнтæхæнтыл æй авæрдтой. Хур акъул и, Ныгуылынмæ хъавыди
хур, афтæ схæддзæ сты.
Бауарзтой Уæрхтæнæджы лæппуйы дауджыты фырттæ 'мæ йæм дзурынц:
– Ахсæв махмæ лæу.
– Бузныг уæ лæггадæй, мæнæн мæ фысым æндæр у.
Уæд дын Хурычызг йæ мадмæ бауади 'мæ йын афтæ зæгъы:
– Нарты лæппу амбылдта дауджыты фыртты.
Уæд хур дæр сæхимæ 'рцыди 'мæ дзуры йæ чызгимæ.
– Абон мæ кæсæны ды кастæ?
– Æз. Дауджыты фыртты Уæрхтæнæджы фырт амбылдта. Уый æз мæхи
цæстæй федтон.
– Стæй цы фæци?
– Уой, мæ игæрыл! Æмæ уый куынæуал базыдтон!
– Уæдæ уый а бæсты и. Дауджыты фырттæ йæ семæ скодтой. Ардæм
æй хъæуы. Уый никæмæ баздæхдзæн.
Æхсæвæрафон уыд: Уæрхтæнæджы лæппу Хуры хæдзары дуармæ
балæууыди, æмæ бахъæркодта:
– Ам дæ, Хур?
Хъæрмæ Хурычызг рауади. Йæ цæстытæ зынгау æрттывтой, йæ
дæллагхъуыртæй ыстъалытæ каст, йæ ныхæй Бонвæрнон худти.
– Чи дæ хъæуы, Нарты лæппу?
Уæрхтæнæджы фырт дискæны: кæцæй мæ зоны, нырма йæ фыдздзаг
хатт куы уынын. Стæй зæгъы чызгæн:
– Хур мæ хъæуы.
Нарты лæппу дæм дзуры зæгъгæ загъта чызг йæ фыдæн.
– Æнафоны уазæг – хæдзарсафæг, хæстæггæнæг – хæдзардарæг.
Ракæн æй мидæмæ!
Чызг лæппуйы хæдзармæ бакодта.
Абадтысты иучысыл, æхсæвæр ыскодтой æмæ схуыссыдысты.
Райсомы Хур сæумæраджы араст йæ балцы. Уæрхтæнæджы лæппу
сыстад, æмæ Хуры ус йæ чызгмæ дзуры:
– Йæхи йын æрыхсынкæн.
Чызг хъуывгъаны дон рахаста 'мæ тас авæрдта лæппуйы цур.
– Дæхи уал æрыхс.
Лæппу йæхи æрыхсадта, ныссæрфта йæхи. Хисæрфæн æм радта 'мæ
йын арфæ ракодта:
– Д' амонд бирæ уæд, фæлæ ма дæ сæр хæрзфаст к' уаид.
Чызг йæ мадмæ 'рбауад, уыйфæстæ.
– Цы мын загъта Нарты лæппу! Д' амонд дам бирæ, фæлæ ма дæ сæр
хæрзфаст к' уаид!
– Ма мæсты кæн, мæ къона. Де рфгуыты сæрмæ-иу æрду ныххæцыди,
æмæ дын уымæй зæгъы. Фынг ын æрывæр.
Чызг ын фынг æрбахаста, æмæ та йæм лæппу дзуры:
– Бузныг, фæлæ кæри куы 'мбырдкæнай, уæд – хæрзæмбырд.
Чызг та йæ мадмæ бауад:
– Ахæм ныхас мын загъта: Кæри куы 'мбырдкæнай, уæд дам –
хæрзæмбырд. Æмæ цæмæй зæгъы?
Мад фæхудти, æмæ йын афтæ:
– Раст дын зæгъы, мæ хъæбул. Дæ дзабырыхъусы хоры нæмыг и.
Лæппу хæрд фæци æмæ мад йæ чызгмæ дзуры:
– Фынг сис.
Чызг фынг систа, æмæ та йын лæппу афтæ:
– Уæ бæркад бирæ, фæлæ-иу уæ донгарз дзагæй макуы уадз.
Чызг фынг айста, æмæ та йæ мадмæ хъæстмæ фæци:
– Афтæ мын загъта! Уæ донгарз дам дзагæй макуы уадз.
– Уæ, дæ сæрыл мæ æрхæссай! Сонт дæ нырма. Нарты ныхæстæ
ацахсын дæ бон нæма у. Дæ нуазæн ын н' авæрдтай, æмæ дæм фæхæрам.
– Саубыны рох мæ куыд фæци!
– Ницы кæны, мæ къона! Абалц уал кæнут иумæ. Уæдмæ дæ фыд дæр
зындзæни.
Лæппу 'мæ чызг азылдысты Хуры цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæттыл.
Изæры Хур æрцыди, æмæ фæрсы йæ усы:
– Кæм и Нарты лæппу?
– Мæнæ чызгимæ цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæттыл акодтой сæ балц.
Уалынмæ уыдон дæр æрбацыдысты.
Бахордтой та 'хсæвæр æмæ схуыссыдысты.
Дыггаг бон дæр та Хур фæцыди. Чызг æмæ лæппу дæр та балц
акодтой дыргъдæттæ 'мæ цæхæрадæттыл. Бон-изæрмæ та
фæразилбазилкодтой.
Изæры Хур æрыздæхти.
– Куыд уыди уæ балц?
Хорз зæгъгæ загъта чызг.
Æхсæвæр та скодтой, æмæ схуыссыдысты.
Æртыггаг бон дæр та Хур йæ куыстмæ ацыди. Чызг æмæ лæппу дæр
сæ балц кодтой Хуры цæхæрадæттæ 'мæ дыргъдæтты.
Изæры ногæй æрымбырд ысты, æмæ Хур фæрсы йæ усы:
– Сæ балц куыд уыди?
– Сæ балц – æппæлинаг балц.
Æхсæвæр дæр скодтой, æмæ та райсомы Хур ацыди. Лæппуйæн мад
æмæ чызг аходæн æрывæрдтой. Фæлæ лæппу нæ хæры. Уыдон æй фæрсынц:
– Цæуылнæ исты ахæрыс?
– Æз ардæм хæрынмæ не ссыддæн. Ныр мæ æртæ боны дæргъы фæрсгæ
дæр нæ бакодтат. Æмæ цæугæ кæнын. Зæгъут Хурæн, æмæ мæ йæ тынтыл
ныргъæва зæхмæ.
– Зæгъдзыстæм, куыддæр изæры 'рцæуа, афтæ.
– Æмæ йæм кæдмæ лæууон! Исты Нарты мæ фаг – йе хæрд нæй, йе –
нуæзт!
– Ма ацу, уæд та айонг нæ уазæг дæ. Æмæ дæхи дæр нæ
бацамыдтай.
– Уый уæхи аххос у. Хорзæй баззайут. Мæн ардæм чи скодта, уый
мæ фæстæмæ дæр акæндзæн.
– Бæргæ не мбæлы Нартæйлæгæн тæргай лидзын! – загъта Хурычызг.
– Хорз фысымæн дæр бæргæ не мбæлы йæ уазæджы зæрдæхудты
бацæуын.
Уыцы ныхæстæм чызг ыскуыдта.
– Хатырæй ма ныллæу.
– Æз мæхи хъаны нæ дæдтын, кæд дæуæн мад æмæ фыд ис, уæд мæнæн
дæр ис.
– Уæд мæ мады хатырæй лæу... Уæд та мæ фыды хатырæй... Уæд та
адæймаг-лæджы хатырæй ныллæу.
Ныллæууыди Уæрхтæнæджы фырт хатырæй.
Уæдмæ Хур дæр æрыздæхти, æмæ йæм йæ ус дзуры:
– Бын бауай, лæг куы дæ! Æртæ боны Нарты лæппу дæумæ кæсы, æмæ
йæ ды та фæрсгæ бакæн, цæмæ 'рцыди, йе кæй лæппу у. Абон мын
лыгъди, æмæ ма йæ тыххæй бауырæдтон.
Хур фæхудти:
– Хорз æхсæвæр ыскæн уæдæ.
Ус æхсæвæр кæныныл фæци. Хур Изæрæхсидмæ фæдзырдта 'мæ йын
бафæдзæхста:
– Бæстæ хускæны. Дымгæйыбардуагмæ бацу, æмæ йын зæгъ, æмæ
райсом къæвда скæнынкæна.
Райсоммæ бæстæ къæвдайы мигътæй бамбæрзта равы, æмæ зæхх нал
зынди.
Сцæттæ æхсæвæр. Æрбадтысты. Хур уызæлыди лæппуйыл.
– Уæрхтæнæг кадджынæй базæронд и...
– Нарты 'мдых у. Нырма йын ницы у.
– Æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ?
– Нырма æнæном дæн. Мæ номæвæрæг сымах ыстут зæгъгæ мын загъта
мæ фыд. Цæугæ дæр уæм уый тыххæй ыскодтон.
– Гъемæ балцыты арæх куыд цæуай æмæ-иу фæстæмæ дæр дзæбæхæй
куыд сæмбæлай, уыцы хорзæх дæ уæд. Дæ ном Сыбæлц фæуæд.
– Авдæны уыддæн, дæндаг дæр мыл нæма уыд, афтæ дæм фат нысанæн
сæрвыстон. Фат мæ фыды фат у, æмæ мын æй фæстæмæ куы радтис...
Хур фæттæ рахæссынкодта. Сыбæлц цæм æркасти.
– Адонæй иу дæр мæ фат нæу!
Уæд æм мылытæйхæст фат æрхастой. Сыбæлц æм æркасти 'мæ загъта:
– Ай мæ фат у, фæлæ йæ куыдæй ахæссон?
– Фæрнæй йæ фæхæсс. Кæд дын фæндон у, уæд зæгъ дæ ныхас.
– Аипп ма уæд, фæлæ дæ чызгыл у мæ ныхас.
– Мæнæн дæр уыууыл у мæ сагъæс. Ды дунемæ куы фæзынддæ, уæд æз
Уæрхтæнæджы синтæм мæ тынтæ радтон. Æмæ мæ хорз бамбæрста уæд
Уæрхтæнæг.
– Æз та дын дæ тынтæ лæгъзытæкодтон уæд авдæны мæ къухæй.
Бафидыдтой уым.
Райсомы Хур ыстыр чындзæхсæв ыскодта. Уæларв цæрджытæ дзы
минаскодтой. Фæлæ къæвдайыбардуаг бынтон æнæнхъæлæджы йæ дуæрттæ
фегомкодта, æмæ залтызæгъ ныккалдта. Æмæ йын æппын фæуыныхъомыс нал
уыд.
Чысыл рæстæг рацыди уыйфæстæ 'мæ Уæрхтæнæг дзуры Хорæхæрзæмæ:
– Æртæ кæрдзыны-ма ракæн. Нæ лæппу балцы ис, æмæ йын йæ
фæндагæн акувæм.
Хорæхæрзæ æртæ кæрдзыны ракодта, æмæ цæ ронджы нуазæн æмæ
кусартыуæнимæ скуывта Уæрхтæнæг:
– Хуыцау, нæ лæппу йæ хæдзарыл дзæбæхæй цы сæмбæла!
Йæ куывд уæларвмæ фехъуысти. Æмæ загъта уæд Хур йæ ног
хæстæгæн:
Хуыцау дын д' амонд бирæ скæнæд! Дæ фыды куывд мыл сæмбæлди.
ÆНхъæлмæ дæм кæсы.
– Мæ фыдызæхх ма уынгæуæддæр куы фæкæнин! Ацы æнæхъуаджы
мигътæ бæстæ лæсæнуат фæкодтой.
Хур Галæгонмæ барвыста:
Æгъгъæд ыскæнæд къæвдайы бардуаг! Нæ бон дзы нал у. Фæхæсс ын
искуыдæм йæ мигътæ!
Галæгон ысдымдта 'мæ арв ныййирд и. Бæстæ дидинæгау сæрттывта.
Райста Сыбæлц йæ фыды фат. Хуры чызг дæр рахызт. Æмæ лæууынц
дыууæйæ дæр цæуынæввонг.
Уæд Хур тинтыкæрц рахаста Уæрхтæнæгæн лæварæн.
Кæрц та ахæм уыди, æмæ йе 'фцæгготæй фæндыр цагъта, дыстæй
æмдзæгъдкодта, фæдджитæй – кафгæ. Й' алы хъуынæй та – заргæ.
– Хорз лæвар у, – загъта чызг. Стæй йæ мады афарста:
– Ды та йын цы лæваркæныс ме фсинæн?
Мад æртыкъахыг фынг рахаста.
– Гъеуый йын ахæсс!
Фынг та ахæм уыди, æмæ йæ 'ртæ тъæппы 'ркæн – æмæ-иу алы
хæринаг, алы нуазинаг февзæрд йæ уæлæ.
– Гъеныр ма нæ 'ххæст Нарты зæххыл сæмбæлынкæн, – загътой
Хурæн чызг æмæ лæппу.
– Мæнæ Уæрхтæнæджы фатыл ысбадут.
Сыбæлц æмæ Хурычызг абадтысты Уæрхтæнæджы фатыл. Хур цæ
рауагъта. Тæхынц. Нартыхъæумæ хæстæг фат й' астæуыл ныкъкъæртцласта
'мæ хицæнтæй æрхаудтой зæхмæ чызг æмæ лæппу.
– Мæ фыды фат бæргæ н' асастаид, мæ мылытæй йæ куы нæ
фæхъæнкодтаин, уæд. Ныр – боныгон цæуæм – æмæ цы зæгъдзыстæм. Уый
фæткæн нæу, кæй зæгъын æй хъæуы. Талынджы ацæуиккам, æмæ афтæ куы
зæгъой, тæргæ нæ ракодтой. Цæй, изæрыгон бацæуæм.
Изæргæрæттæ уыд, афтæ 'рбахæддзæ сты сæхимæ. Сыбæлц
бахъæркодта мидæмæ.
– Ам ыстут, хæдзаронтæ?
Хъæрмæ Хорæхæрзæ рауади. Базыдта йæ хъæбулы, атыхсти йыл æмæ
ма сфæрæзта:
– Кæм фесæфтæ, кæдæм фæцыддæ?
– Мæн уал фæуадз, худинаг у. Мæнæ дæ чындзыл бацинкæн.
Хурычызгыл ныттыхсти уæд Хорæхæрзæ.
– Мæнæ нæ лæппу 'рцыди, æмæ иунæгæй не рцыди!
Уæрхтæнæг фырцинæй йæ цæссыгтæ 'ркалдта.
Райсомы Нартыл ахъæр и – Уæрхтæнæджы фырт ус æрхаста.
Чындзæхсæв ыскодта уыйфæстæ Уæрхтæнæг, æрдхæрæны чындзæхсæв.
Уæд айхъуысти, зæгъынц, дардыл-дæрдтыл Уæрхтæнæджы тинтыкæрц
æмæ йе ртыкъахыгфынджы кой. Фехъуыстой йæ Цаппар æмæ й' авд фырты
дæр. Æмæ цæ цæмæй байсой, уый фæндтæ кодтой. Кæд æппын æмæ сæ маст
райсиккой...
Иубон ын Хурычызг афтæ зæгъы Сыбæлцæн:
– Фен-ма, абæрæг мын кæн мæ цæгат. Мæ зæрдæ цæм æхсайы. Æмæ
райсомы Сæуæхсидыл абадти Сыбæлц, æмæ йæ кайыстæм фæцыди. Уыцы
рæстæджы та Цаппары авд фырты Сыбæлцы фæдыл зылдысты.
Уæрхтæнæг Нарты ныхасы бадти йæ кæрцы мидæг. Æмæ Нартæ
дзырдтой:
– Уый лæппу у, лæппу – йæ фыдæн ахæм кæрц чи 'рхаста! Кæнæ
иннæ ахæм йæ чындз, йе фсинæн уыцы диссаджы фынг чи 'рхаста!
Цаппары авд æфсымæры иу бон æрталынгкодтой сæхиуыл.
Æмбисæхсæвты цын сæ дуæрттæ ныххостой Борæтæн:
– Уæрхтæнæг, дуар бакæн!
Уæрхтæнæг нæфæразгæ уыд. Фестади йæ хуыссæнуатæй рынчын-
рынчыны.
Дуар бакодта Уæрхтæнæг, æмæ 'рбараст ысты æфсымæртæ авдæй дæр
хæдзармæ. Хорæхæрзæ дæр цæм рауади 'мæ цæ базыдта.
– Дæхи цæ хъахъхъæн, – загъта ус. – Адон Адзаты иудзæстон
уæйыгæн цы сиахс ис – Цаппар, уый фырттæ сты.
– Æмæ уæ цы 'рхаста ардæм ацы æнафоны?
– Дæ тинтыкæрцы кой дын фехъуыстам æмæ йæ, зæгъын, фенæм.
Базонæм æй, кæддæра адæм куыд дзурынц, æцæгæй дæр ахæм у?
Уæрхтæнæг кæрц рахаста, æмæ æцæгæй дæр кæрц йе фцæгготæй
фæндыр цагъта, йæ дыстæй æмдзæгъдкодта, фæдджитæй – кафгæ, йæ
хъуынтæ та заргæ кодтой.
– Æххæст-ма нын де ртыкъахыг дæр фенынкæн.
Æртыкъахыг цæм рахаста Хорæхæрзæ. Æртæ тъæппы йæ 'ркодта, æмæ
йæ уæлæ алы хæрд, алы нуазинаг февзæрди. Цаппары авд фырты зæгъынц:
– Дæ фырт нын нæ фыды бафхæрдта, æмæ дын де рагъæй хъуамæ гæрз
рауадзæм!
Æмæ йын æцæгæй дæр йе рагъæй гæрз рауагътой зæронд
Уæрхтæнæгæн. Рахастой уыцы гæрз, кæрц, æртыкъахыг фынг, æмæ
рафардæг ысты. Кæрц сæ фыдыл ыскодтой, фынг та сæ мадмæ радтой.
Гæрзæй та-иу галтæ скъæрдтой.
Арвыцæфау фесты Уæрхтæнæг æмæ Хорæхæрзæ. Сæ чындзæн ницы
загътой.
Бон куы 'рбарухс и, уæд Хурычызг афарста Хорæзæрдæйы:
– Кæм и уыцы кæрц, асæрфон æй.
Хорæхæрзæ йын радзырдта хабар.
Уæд Хурычызг Изæрæхсидæн афтæ зæгъы:
– Фæтæх уæларвмæ 'мæ Сыбæлцы ссар тагъд хæдздзæкæнæд йæ
хæдзармæ.
Изæрæхсид уæларвмæ атахт. Сыбæлцы ссардта 'мæ йын загъта:
– Дæ ус дæм æрвиты, тагъд хæддзæкæн дæ хæдзармæ.
– Уæдæ мæ 'ххæст ныддав.
Æрыскъæфта йæ изæрæхсид зæхмæ. Уæдмæ баталынг и. Æмæ сабыргай
бацыди Сыбæлц, Хурычызг кæм хуыссыди, уырдæм.
– Дуар бакæн, æз Сыбæлц дæн.
– Нæ дын бакæндзынæн дуар. Фидар дзырд мын зæгъ!
– Ау, æмæ уый гуырысхойаг у?
– Уæдæ Сехыгоппыл фæхæтæд, йæ дзырд чи фæсайа!
– Фод афтæ!
– Цаппары авд фырты дын дæ зæронд фыды рагъæй гæрз рауагътой.
Йæ кæрц æмæ нын не ртыкъахыг тыххæй байстой, æмæ цæ ахастой. Ды лæг
ма фæхуин, дæ фыды 'фхæрд, дæ мады маст æмæ, æз цы фæрыстæн, уый
куы нæ райсай Цаппар æмæ йæ фырттæй!
Сыбæлц рамæсты и 'мæ дзывыр аивтыгъта галты. Хæдзармæ нал
бацыд. Талынг ма уыд, афтæмæй Цаппары 'мæ дзывыр аифтыгъта галтыл.
Хæдзармæ нал бацыд. Талынг ма уыд, афтæмæй Цаппары хуымтыл ауагъта
йæ дзывыр. Æрбабон и 'мæ Цаппары фырттæ ракастысты – сæ хуымтæ цын
фæлдахы Сыбæлц йæ дзывырæй.
– Ныццу, æмæ уыцы куыдзы атæр, – загъта æфсымæрты хистæр сæ
кæстæрæн. – Иумæ куы ныццæуæм, уæд зæгъдзæни, авдæй мæм æфсады
'рцыдысты зæгъгæ.
Æмæ хистæртæ цуаны фæраст ысты.
Уæд дын Цаппары кæстæр фырт дзуры Сыбæлцмæ:
– Чи куыдз, чи хæрæг! Нæ кондхуымтæ нын цæмæн сафыс?
– Куыдз дæр дæхæдæг, хæрæг дæр! Ам мæ фæнды хуымкæнын!
Кæрæдзиуыл фæттæй ысхæцыдысты, æмæ Цаппары кæстæр фырт
мæлæтдзаг фæци. Сыбæлц сæхимæ 'рцыди, йæ буар фæттæй нал зынди 'мæ
дзуры йæ усмæ:
– Мæ фæттæ мын ыслас.
Ус йе мбуар абырыди, фæттæ сласта 'мæ йæ адзæбæхкодта. Цыппары
кæстæр фырт дæр ма тыххæй-амæлттæй сæхимæ бахæддзæ. Ныххаудта йæ
хуыссæны 'мæ нал ыстади уæлæмæ.
Хистæр æфсымæртæ агуырдтой сæ кæстæры 'мæ йæ нал ардтой.
Сæхимæ 'рцыдысты 'мæ фæрсынц сæ фыды:
– Нæ кæстæр ам и?
– Уæртæ сæйы.
Смæсты сты æфсымæртæ ахъаззаг, уæдæ цы уыдаид!
Дыггаг бон дæр та акастысты сæ кондхуымтæм, æмæ та цæ Сыбæлц
фæлдахы йæ дзывырæй. Цаппары хистæр фырт дыууæ кæстæрмæ дзуры:
– Цæут, æмæ йæ атæрут, стæй-иу нæ раййафут!
Дыууæйæ йæм æрцыдысты Сыбæлцмæ. Иннæтæ та цуаны фæцыдысты, æмæ
йæм дзурынц уыцы дыууæ.
– Æ, хæрæг цыдæр! Кæй кондхуымтæ сафыс ды?
– Хæрджыты фыддæр сымах ыстут, цы уæ хъæуы?
– Нæ кондхуымтæ нын цæмæн сафыс?
– Афтæ мæ фæнды!
Райдыдтой æхсын кæрæдзийы, æмæ мæлæтдзаг фæци, афтæмæй æрцыди
Сыбæлц сæхимæ.
Йæ ус та йын йæ фæттæ сласта, йе мбуар абырыди, æмæ та лæг
фервæзт.
Цаппары дыууæ кæстæр фырты дæр кæрæдзийы 'нцæйтты 'рбацыдысты
сæхимæ. Сæ фыд цæм дзуры:
– Цавæр нуæзт уыди?
– Нуæзт нæу, нæ фыд. Нæ уд ма гæзæмæ у.
Æрхаудтой уыдон дæр хуыссæнтыл.
Цыппар хистæр æфсымæры раздæхтысты цанæй. Æрхæддзæ сты сæхимæ
'мæ фæрсынц сæ фыды:
– Æрбацыдысты лæппутæ?
– Сæ уд ма удыл лæууы тыххæйты.
Хистæр æфсымæртæ фыддæр мæсты систы, æмæ та æртыггаг бон дæр
акастысты сæ хуымтæм. Сыбæлц та цын сæ кондхуымтæ фæлдахы йæ
дзывырæй.
Хистæр æфсымæр цæм дзуры уæд йæ кæстæртæм:
– Мæхæдæг ацæудзынæн цуаны. Сымах та æртæйæ дæр уыцы æнаггагмæ
фæцæут æмæ йыл марынæй ма бацауæрдут.
Цаппары фырттæ æртæйæ дæр æрбырстой Сыбæлцмæ 'мæ хъæркæнынц:
– Нал ахъуыдты уай ардыгæй, куыдзæй цы куыдз райгуырди, уый!
– Куыдзæй куыдздæр сымах куы стут, цы хъæркæнут?
Кæрæдзиуыл та фæттæй ысхæцыдысты. Сыбæлц та цæфтæй æрцыди сæ
хæдзармæ.
Хурычызг та фæттæ сласта æмæ Сыбæлцы 'мбуар абырыди, æмæ йын
адзæбæхкодта йæ цæфтæ.
Цаппары æртæ фырты дæр кæрæдзиуыл дзойтæгæнгæ 'рцыдысты сæхимæ
'мæ ныххаудтой сæ хуыссæнты.
Цаппары хистæр фырт раздæхти, акасти, æмæ йе ртæ 'фсымæрæй иу
дæр уым нал уыд. Сæхимæ фæцырдкодта 'мæ фæрсы йæ фыды:
– Æрбацыдысты лæппутæ?
– Æрбацыдысты, фæлæ ма сæ удтæ тæбынындахыл дзедзырой кæнынц.
Уæ бон нæу иу лæгæй уæ маст райсын...
Цыппæрæм бон хистæр фырт йæхæдæг ацыди. Сыбæлц дæр та
кондхуымтæ фæйлыдта йæ дзывырæй. Цаппары хистæр фырт æм дзуры:
– Чи куыдз, чи хæрæг! Нал ацæуай ардыгæй?
– Куыдз дæр æмæ хæрæг дæр дæхæдæг! Æз хуымкæнын, æмæ æнцад куы
дæн, уæд ды дæ фырæвдæлонæй цы федтай?
Кæрæдзиуыл ысхæцыдысты. Стæй цæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди
хæствæлладæй.
Сыбæлц та йæ усмæ дзуры:
– Слас мын мæ фæттæ, мæ хъæдгæмттæ 'хсидынц.
Сласы йын йæ ус йæ фæттæ, йе мбуар та абырыди, æмæ фервæзти
Сыбæлц.
Цаппары фырт дæр хъеллæуттæгæнгæ сæхимæ 'рцыди.
Нæ базыдтат хæцын зæгъгæ йæм дзуры йæ фыд. – Иугай лæгтæ
хускъæцæлтæй уæлдай не сты – тагъд сæттынц. Иумæ – мæцъисæмвидар,
уыдаиккат.
– Йæхæдæг дæр æвыдæй н' ацыди. Йæ буар ын сыхырнайы хуызæн
ыскодтон, – загъта æфсымæрты хистæр.
Кæстæр æфсымæр хуыссæнæй дзуры:
– Аггаг ын куы фæдæн æз, уæд ма дзы дæуæн та цы баззади?
Иннæ дыууæ дæр дзурынц:
– Йæ буарыл ын мах армытъæпæны бæрц æнæ цæф куы нал
ныууагътам. Уæд ма уæ чи цы сарæзта?
– Æцæг хуынчъытæ йæ мах ныккодтам, æрдæгмардæй ацыди. Уæд ма
сымах та цы сарæзтат? – дзырдтой иннæ фсымæртæ.
Нал фидыдтой æфсымæртæ авдæй дæр, æмæ хафт-хафтæй ралæууыдысты
кæрæдзиуыл. Æмæ дæ фыдгул афтæ – иу дæр цæ æгасæй нал баззад.

* * *
– Æз ныр Цаппарæн йæхимæ цæуын, – загъта Сыбæлц Хуры чызгæн.
Æмæ араст и йæ фæндагыл. Кæсы, æмæ алы хъæутæй, Цаппар æмæ йæ
фырттæ кæм цардысты, уырдæм ивылынц адæм мæрдæвдадзы.
Аразæй кодта йæхи Сыбæлц, æмæ Цаппарты дуармæ балæууыд, æмæ
смидæг и хæдзары. Цаппар æмæ йæ ус с' авд фырты цур дзынæзтой.
– Тагъд мын мæ тинтыкæрц æрхæсс! – загъта Сыбæлци æмæ Цаппармæ
бауырдыг.
Цаппар тинтыкæрц рахаста.
– Фынг дæр æрхæсс!
Уый дæр та рахаста Цаппар.
– Мæ фыды рагъæй дæ фырттæ цы гæрз рауагътой, уый дæр
æрхæссут!
Æрхаста йæм уый дæр.
– Адæм уæм æрцæуынц мæрдæвдадзы, æмæ 'ххæст мæрдтыбæстæм
дæхæдæг дæр бацу дæ фырттимæ.
Æмæ йæ рариуыгъта Сыбæлц, æмæ Цаппары сæр зæххыл сурæй абдти.
Сыбæлц йæхи йæ бæхыл баппæрста 'мæ Нартæм æрфардæг. Йæ фыды
гæрз радта йæ усмæ 'мæ загъта:
– Мæ фыды мын ысдзæбæхкæн.
Хурычызг Уæрхтæнæджы 'рхуыссынкодта дæлгоммæ. Авæрдта йыл
гæрз, æмæ Уæрхтæнæг æнæнизæй фестади.
Нартæ цинкодтой Сыбæлцыл æмæ дзырдтой:
– Сыбæлц Уæрхтæнæгæн æмæ Нартæн цы сарæзта, уый нырма ничи
сарæзта.
Уæд ын Хорæхæрзæ та афтæ зæгъы Сыбæлцæн:
– Цаппар æмæ йæ фыртты фесæфтай, æмæ Хуыцауæй бузныг. Фæлæ ма
Адзаты иудзæстон уæйыджы чызг, Цаппары ус, æгас у...
– Æмæ мын уымæй та цæмæй тæрсыс?
– Тæрсын хъæуы. Уымæн йæ мад йæ цæгаты – Адзаты иудзæстон
уæйыджы фыдздзаг ус. Уыцы усы мæн тыххæй фæсырдтой. Усæн ис фырт
Хъæрæу зæгъгæ, йæ чызг та Цаппары ус уыди. Цаппары ус ацæудзæн йæ
мадмæ, æмæ йе фсымæр Цаппар æмæ й' авд фырты сæфт æнæзæгъгæ нæ
фæуыдзæн. Хъæрæу йæ маст чи бауырома, ахæм лæг нæу, æмæ
рахъуыздзæни. Уымæй дын тæрсын.
Уæд дын иуахæмы Сыбæлц ацыди цуаны 'мæ бæласы бын йæ фæллад
уагъта. Æрфынæй и. Раст уыцы рæстæг Хъæрæу дæр фæзынди кæцæйдæр.
Райхæлдта Сыбæлцы æрдынбос. Сбаста йæ 'мæ йæ райдыдта фатæй æхсын.
Сыбæлц фехъал и.
Сыбæлц ахæстытæкодта 'мæ йæ къахбæстытæ атыдта. Слæууыди 'мæ
дзуры Хъæрæумæ.
– Суадз мын мæ къухтæ.
– Не суадздзынæн!
Æмæ Хъæрæу нал сауæрста фатæхстæй.
Сыбæлц уæддæр нæ хауди. Уæд Хъæрæу арц систа 'мæ йæ ныссагъта
Сыбæлцы зæрдæсæр. Сыбæлц æй уæд, йæ къухтæ баст, афтæмæй, басырдта
æмæ йæ къæдзæхмæ нылхъывта. Хъæрæу æрхаудта мардæй. Сыбæлц дæр ма
сæхимæ бæргæ 'рцыди, фæлæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызт, афтæ йæ
уд систа.
Ныртæ йын ыстыр зæппадз ыскодтой Сыбæлцæн, æмæ йæ бавæрдтой
уыцы зæппадзы.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 353 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск