Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ АЗЫРТЫ ГУЫМИР
УÆРХТÆНÆГ ÆМÆ АЗЫРТЫ ГУЫМИР Азыртæ фыдгæнæг уыдысты 'мæ никæмæн ницы уагътой. Истой тыхæй, мардтой æмæ стыгътой. Иуахæмы Уæрхтæнæг йе мбонды сæр бады, æмæ цыдæртæ кусы. Акасти, æмæ йæм арвыкæронæй цыдæр æрбацæуы. Зæгъы Уæрхтæнæг йæхинымæр: "Ай кæнæ цины уацхъуыдхæссæг у, кæнæ – тыхгæнæг. Уæвгæ циндзинадмæ никуыцæй æнхъæлмæкæсын, фыдбылыз та мæм æмхиц у". Стыр æрхуы ас сæвæрдта суанцъæтыл. Донæй йæ байдзагкодта, йæ быны йын арт бакодта, æмæ дзы цæхх ауагъта, стæй та дзуры йæхицæн: "Фыдбылыз æмхиц у, цы нæ вæййы". Æрбацæуæг æввахсдæркæнын байдыдта. Уалынмæ йæ бæх æмæ йæхæдæг дæр дзæбæх æрбазындысты. Уæрхтæнæг кард йæ ронбасты бамбæхста, æмæ та зæгъы: "Уæдæ чи уыдзæн ацы барæг? Цæмæ мæм цæудзæни?" Барæг æрбаввахс и. Йæ бæхы сæфтджыты гуыпп цæуы, цæфхæдты бын дуртæ лыстæг уырæй ызгъæлынц æмæ фæйнæрдæм хауынц. Бæхы ныххуыррытмæ зæхх уæрмытæй аззайы. Уæрхтæнæг зæгъы: "Ацы бæх мын æнæ байсгæ нæй. Кæд æй дзæбæхæй дæдта, уæд хорз, раддзынæн ын, цы мæ кура, уый. Кæннод тыхæй исгæ у." Æмæ аджы бын тынгдæр бандзæрста. Барæг æрбахæстæг и Уæрхтæнæджы хæдзармæ. Барæг уыд ахæм: цæстытæ – цады йæстæ, цæнгтæ – стыр хъæдтæ, дзых – авд ивазны бæрцæн, дæндæгтæ – дуæрттæ, зæнгтæ – цъынаты стæвдæн. Æрбахæддзæ ис æмбондмæ барæг, æмæ ныхъхъæркодта: – Гъейтæ! Ам чи ис, æддæмæ ракæсæд? Уæрхтæнæг æм æмбонды сæрæй ракасти 'мæ йæ фæрсы: – Чи дæ? Цы дæ хъæуы? – Ацы 'мбондтæ дæу ысты? – Уо, мæн ысты! – Æмæ цы мыггаг дæ? – Мыггагæй мæ цы фæрсыс, зæронд лæг йæ ном дæр ферохкæны. – Уæд та мын, Нартæ кæм цæрынц, уый бацамон. – Ам цæрынц. – Уæрхтæнæг цæ кæцы у? Уæрхтæнæг ахъуыдыкодта æмæ афтæ зæгъы барæй: – Зындзæни, бынаты нæй ныртæккæ. Фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Уымæй мæ цæмæ фæрсыс, æз Азырты гуымир дæн. – Уо-о... Куыннæ! Дæ кой дын арæх æрыхъусын Нарты Уæрхтæнæгæй. – Цы дын дзырдта Уæрхтæнæг? – Мидæмæ уал рахиз, стæй дын æй зæгъдзынæн. Азырты гуымир æмбондыл бахызти, æмæ йæ Уæрхтæнæг къæлæтджыныл æрбадынкодта. Азырты гуымиры бын къæлæтджын йæ гуыбынмæ абырыд зæххы. Уæрхтæнæг ын фынг авæрдта йæ разы. – Исты фен, уазæг, æххормаг уыдзынæ. Гуымир февнæлдта, æмæ фынгыл цы хæйттæ уыд, уыдон æд ыстджытæ амыртмырткодта. Уæрхтæнæг хъуыдыкæны: "Ай мæ куы базона, уæд мын мæ сæр дæр ахæрдзæни". Уыйфæстæ карз ронг банызта гуымир æмæ зæгъы: – Уæддæр Уæрхтæнæг мæ кой цæмæй кодта? – Дæ бæхæн дам æмбал нæй зæгъгæ дзырдта. Гуымир ныххудти. Æмæ йæ худынæй цары сæгтæ æрызгъæлдысты. – Ай-гъай дæр, мæ бæхæн æмбал нæй, йæ мад Донбеттыртæй у. Æмæ уæларвон бæх та йæ фыд уыди. Æндæр ма цы загъта Уæрхтæнæг? – Азырты гуымирæн мæлæт нæй зæгъгæ дæр загъта. Уæд ын Гуымир афтæ: – Гъы, зæронд! Мæнæн цæй мæлæт и! Мæнæн мæ мæлæт мæ кардæй у. Уый дæр... Кæд æй æхсидгæ доны стулай... Кæннод мыл не схæцдзæн. Æндæр ма цы дзырдта Уæрхтæнæг? – Иу ныхас ма ахæм кодта, Азырты мыггаг дам Нарты мыггагимæ никуы фидыдтой. Æмæ уæ кæм ыссара, уым уæ быныцагъд кæндзæни. – Гъе уымæй раст нæ зæгъыс! Уæрхтæнæг мах н' аскъуындзæни, фæлæ мах Уæрхтæнæджы мыггаг аскъуындзыстæм. Ныр æгъгъæдфæуæд. Фæлæ- ма зæгъ, дæхæдæг та чи дæ? – Æз цагъар дæн Уæрхтæнæгмæ. Чысылæй мæ байста мæ ныййарджытæй, æмæ йын ам лæггадкæнын. – Уæдæ йæм мæсты уыдзынæ ды дæр? – Мæстыйау мæсты йæм æз кæнын. – Тагъд æрцæудзæни? – Къуырийы фæстæ ам уыдзæни, фæлæ йын уæдмæ 'ргæвд йæ фосæй, æмæ дæ фæрцы æз дæр кæд исты бахæрин æмæ баназин. Азырты гуымир авд галы аргæвста, сур физонæг цæ акодта. Уæрхтæнæг та авд гарзыдзаг карз ронг æрхаста, æмæ 'хсæвæрыл æрбадтысты. Уæрхтæнæг йæ кæрцы мидæг хæтæл бамбæхста, æмæ-иу йæ нуазæн хæтæлы ауагъта. Йæ бынмæ йын аг бамбæхста, æмæ уырдæм калди. Афтæмæй гуымир авд гарзы карз ронг банызта 'мæ афынæй и. Уæрхтæнæджы дæр уый хъуыди. Сласта гуымиры кард. Æхсидгæ аджы йæ атъыста, карды комæй стъæлфæнтæ фæхауди, æмæ дзы Уæрхтæнæг Азырты гуымиры барæхуыста. Азырты гуымир ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. | |
Просмотров: 266 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |