Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ ГУЫМИРТЫБÆСТЫ
УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ ГУЫМИРТЫБÆСТЫ Иуахæмы Нарты зæххыл рацæуынц Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Сæ иуæй иннæ хæрзуынддæр, сæ иуæй иннæ хæрзконддæр. Чи цæ ауыны, уый йæхи тæхудиагæй бахæры. Зæронд лæгтæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах кæй кæстæртæ стут! Зæронд устытæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах цы мад ныййардта! Лæппу-фæсивæд фæзæгъынц: – Тæхуды, сымах æмбал кæмæн ыстут балцы дæр æмæ бынаты дæр! Чызг-фæсивæд фæзæгъынц: – Уæ, тæхуды 'мæ сымах кæй къæсæрæй бахиздзыстут æмæ кæй фæсдуар ыслæудзыстут! Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хъуыстой алкæй ныхас дæр, фæлæ сæхи мадзура дардтой, сæхи алкæмæ дæр аивæй æвдыстой. Нартыбæстыл æрзылдтытæкодтой. Иу ран æрыййæфтой Нарты сагсур фæсивæды тымбылæй хъазгæ. Уæрхæг цæм дзуры: – Мах дæр-ма бауадзут уæ хъазтмæ. – Бар уæ ис, фæлæ куы фембылды уат, уæд-иу хъæстагæй ма фæцæут. Райдыдтой хъазын. Нарты фæсивæд, кæд цыфæнды тынг æмæ арæхст хъазт кодтой, уæддæр цæ 'мбылдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. – Хорз ыстут, загътой уæд Нарты лæппутæ. Фæлæ уæ фыды кард Гуымиртыбæсты баззад, æмæ кæд ахæм æхсары хицау ыстут, уæд уæ фыды кард æрхæссут. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг рацыдысты сæхимæ 'мæ загътой: "Нæ мад куы нæ сæтта, уæд ын исты фыд ыскæнæм". Уæрхæг цырын арт ацарæзта, Уæрхтæнæг та уæлкъæйыл цæкуыйаг æркодта... – Нæ фыдæн кард уыди, æмæ кæм и, уый нын цалынмæ бацамонай, уæдмæ дæ 'нцой не руадздзыстæм. Мадæн ма цы гæнæн уыди. – Мæ тæригъæд æмæ йæ уæ тæригъæд дæр уæд, сымахæн уыцы карды кой чи скодта. Уæ фыды кард ис Гуымиртыбæсты. – Уæдæ мах уырдæм цæуæм. – Афтæ нæ! – Уæдæ куыд? – Уæдæмæ уæ фыдæн Лæнцылæгæты ис дыууæ æрмахуыр домбайы, æмæ цæ уемæ акæнут. Семæ ку' ахъазат, уæд уæ бамбардзысты, чи стут, уый. Æмæ уыл æрæууæнддзысты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фæцыдысты Лæнцылæгæтмæ. Фæцæй-йæм- хæддзæкодтой, афтæ ауыдтой уыцы дыууæ домбайы хъазгæ. Уæд домбæйттæ сæхи лæппутæм раппæрстой. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фæцырд ысты, æмæ цæ сæ хъустæй рацахстой. Рахæцбахæц байдыдтой, кæрæдзийы-иу абырстой. Дыууæтæ дæр бафæлладысты. Стæй лæппутæ сæ цæнгтæ фæфистæгкодтой. Домбæйттæ басмыстой лæппуты цæнгтæм æмæ базыдтой, уыдон Нартæй кæй ысты, уый – иу фыды фырттæ. Райдыдтой цыл уызæлын. Домбæйттæ азгъордтой, саг рацахстой æмæ йæ 'рбадавтой лæппутæм. Уæрхæг æй æрбаргæвста. Уæдмæ Уæрхтæнæг та арт кæнынмæ фæци – йæ къухтæ кæрæдзиуыл ацагъта, æмæ сугтæ цырын артæй ыссыгъдысты. Цæстыфæныкъуылдмæ физонджытæ ацæттæ сты. Æмæ дыууæ домбайы дыууæ лæппуимæ сихор бахордтой. Раст уыцы рæстæг Гуымиртыбæстæй дæр дыууæ 'взонг лæппуйы цуаны уыдысты, æмæ бынтон æнæнхъæлæджы 'рбафтыдысты уырдæм. Сæ фæндаг рацыди Нарты лæппутыл, æмæ цæ домбæйттимæ хъазгæ федтой. Гуымиртыбæстаг лæппутæй иу афтæ зæгъы: – Цымæ ацы домбæйттимæ хъазын йæ ныфс чи хæссы, уыдон чи уой? – Уыдон ам, Хуыцауы фæндонæй уыдзысты, – зæгъы сæ иннæ. – С' амарын æвзæр нæ уаид, æвæдза. Дардыл айхъуысид нæ ном. – Фæлтау уал цæ базонæм... Уæд та зæдтæ сты? Гуымиртыбæстаг лæппутæ æрывæрдтой сæ саджы, æмæ кæстæр лæппу загъта: – Зынггур цæм бацу. Уартæ сæ фæздæг цæуы. Хистæр лæппу араст и, йæ гæрзтæ дæрддзæф æрывæрдта 'мæ йæ худ систа фидыды алдзæн. Стæй бадзырдта: – Зынггур уæм æрбацыддæн. Зынг нын авæрут! Хъæрмæ домбæйттæ сæхи рацæйрæдывтой, фæлæ цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг бауырæдтой. Фæрсынц бацæуæджы: – Цы дæ хъæуы махæй? – Зынг! – Рацу нæм хæстæгдæр, фысым дын ыстæм. – Æмбал ма ис мемæ. – Ракæн де мбалы дæр! Фæдзырдта йе мбалмæ, æмæ уый дæр йæ сырдымардимæ 'рбацыд. Нарты лæппутæ цæ хорз федтой. Стæй Уæрхæг зæгъы: – Сырдтимæ та ахъазæм. Райдыдтой хъазын. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ сæртыл авæрынц домбæйтты. Стæй цæ хæрдмæ фехсынц. Стæй та се рагъыл абадынц. Æмæ цæ домбæйттæ тæссаг былтыл аскъæфынц. Куы та бæрзонд бæлæсты сæрты иу сæррæтт аласынц лæппутæ. Гуымиртыбæстаг цуанæттæ дисы бафтыдысты 'мæ хистæр зæгъы: – Адонимæ мах тыхæй ницы бакæндзыстæм. Фæлтау, цæуæм, æмæ, цы федтам, уый нæхимæ зæгъдзыстæм. Бирæ цæм фæкастысты. Уыйфæстæ цын гуымиртыбæстаг лæппутæ хæрзбон загътой, æмæ рацыдысты сæ бæстæм. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæ домбæйттимæ 'рцыдысты Нартæм. Гуымиртыбæстаг лæппутæ сæ хистæрмæ бацыдысты 'мæ йæ фæрсынц: – Цы бæстæ нæ басастай, ахæм ма дын искуы баззад? -Баззад, Нарты адæмимæ бирæ фæхæцыддæн, фæлæ цын мæ бон ницы баци. – Дæ фыдæхæй фесæфæм, нæ хистæр! Абон дыууæ лæппуйыл сæмбæлдыстæм Лæнцылæгæты цур. Дыууæ стыр домбаимæ хъазыдысты, æмæ цæ ничи куымдта басæттын. Домбæйтты-иу сæ сæртыл авæрдтой уыцы лæппутæ, æмæ-иу сæрсæфæн къæдзæхты сæрты уыцыиу сæррæтт акодтой. Бирæ цæм фæкастыстæм. Хорз дæр ма нæ федтой саджыфыдæй. Уæд цæ Гуымирты хистæр афарста: – Цавæр уыд сæ конд? – Ставдкæндтытæ уыдысты, хъамбулцæстджынтæ. Иу цæ уæрхмæ уæрæх уыди, иннæ та ноджы уæрæхдæр. Сæ цæсгом дæргъæлвæс. – Дарæс та цыл цавæр уыд? – Дарæс – нæртон дарæс. – Уæд цæм гæрзтæй та цы уыди? – Мæнæ дæумæ цы кард ис Нартæй, раст уыцы лæппутæм дæр ахæм кæрдтæ уыд. – Гъе, æвзæртæ, уыдон не знæгтæ уыдысты. Цæуылнæ цæ 'рфарстат сæ номæй? – Домбæйттимæ хъæбысæй чи хæцыди, уыдонмæ ма мах нæ ныфс куыд бахастаиккам? – Уæдæ мæнмæ Нарты фыдæлтæй сæ иуы кард и, æмæ, æнхъæлдæн, уымæн фаззон лæппутæ баззад. Кæд уой, уæддæр уыдон. Куы базоной се фхæрæджы, уæд ахæм адæмымыггаг ысты, æмæ сæ хъыгдарæджы мæрдтæй дæр ысласдзысты. Ныр мах хъæуы арф уæрмытæ скъахын æрбацæуæнты. Стæй хъæуы базонын, Лæнцылæгæтмæ ма ссæудзысты, æви нæ. Уæд цæ хъуамæ уым æрцахсæм. Кæннод цæ расайæм, æмæ цæ хинæй амарæм. Райсомæй боныцъæхтыл Уæрхæг дзуры Уæрхтæнæгмæ: – Кæимæ хæцыдыстæм, уыдонæй куы ницы хъæр хъуысы, уæд цы фесты? – Дæлимонтæ нæ уыдысты, æмæ зæххыскъуыды дæр куыд æрбайсæфтаиккой! Уæдæ уæйгуытæ дæр нæ уыдысты! – Уæд та нæ мады бафæрсæм? – Гъе, тæккæ дæр раст у. – Æмæ куы нæ сæтта? – Ныр ын æнæсæтгæ дæр нал и. Æмæ рацыдысты Нартæм фæллад æмæ фæлмæцыдæй дыууæ 'фсымæры. – Ма схъæркæнæм нæ мадæн ацы хабар. – Куы нæ йæ зона, уæд хуыздæр, – зæгъы Уæрхтæнæг дæр. Æрцыдысты сæхимæ. Сæ мад цæ фæрсы: – Уый цæй фыдхуыз ыстут? Цæй фæллад бакодтат? – Уæ, Æна нын цæра! – загъта Уæрхтæнæг. – Н' арæнтæй иучысыл ахызтыстæм, Иу æнахуыр бæстыл фæзылдыстæм. Кæд фæфыдхуыз ыстæм, уæддæр фæллад не стæм! Мад лæппуты раз фынг авæрдта. Уыдон цырд ахордтой, анызтой æмæ уайтагъд афынæй ысты. Афтæ тарффынæй баисты, æмæ хур куыд ыскасти, уый нал базыдтой. Райсомæй Нартæ сæ Хъазæнфæзмæ æрымбырд ысты. Æмæ райдыдтой сæ диссаджы симд. Хæхты уонг кæмттæ нæрыдысты се мдзæгъдмæ. Дæттæ сæ цыд фæуырæдтой. Сырдтæ 'мæ цæм мæргътæ æрыхъуыстой. Стæй цæм хур дæр худгæ ныккасти. Зæдтæ 'мæ дауджытæ бæрзæндтæй кастысты 'мæ загътой: – Нарты симды дыууæ фаззоны нæ зынынц, æмæ кæм уыдзысты? Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ сæ мад бацыди. Уыдон ма хуыррыттæй фынæйкодтой. Мад ахаста йæ цæст йæ хъæбултыл, цинæй æркалди йæ цæссыг. Стæй цæм дзуры: – Куыд бирæ хуыссут? Æви уыл уæ фæллад кæд нæ фæтых? Лæппутæ цырд фæтæррæтластой сæ хуыссæнтæй, æмæ Уæрхæг зæгъы: – Уоу-уа! Цæй фынæй адæн! Уæрхтæнæгæн симды хъæлдзæгхъæр йæ хъустыл ауад. – Уый та цæй æмдзæгъд у? – Уæ мæ хъæбултæ! – дзуры Арвычызг. – Уый Нартæн сæ симæн бон у, æмæ дуне уыдонмæ кæсы. Мæ цæст уæ бæргæ нæ уарзта райхъалкæнын. Фæлæ искæмæй æгуыдзæгдæр цæмæн уат? Сымах йеддæмæ иууылдæр Нарты симды сты. – Цæуæм, Уæрхтæнæг, науæд – худинаг, – загъта Уæрхæг. – Фæлæуут, мæ хъæбултæ, исты ахæрут, афтæ куыд цæут? – Нырмæ кæй фæххуыссыдыстæм, уый нын æгъгъæд. Фæлтау – фæстæдæр. Араст ысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ домбæйттимæ. Бахæддзæ сты 'мæ ныххæцыдысты симдыл. Симынц Нартæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ домбæйтты сæртыл алæууынц, æмæ кафгæ рацæуынц къудийы уонг. Уыйфæстæ домбæйтты сæ иугай къухтæй сисынц. Райхæлди Нарты симд, æмæ дыууæ 'фсымæры сæ домбæйттимæ араст ысты цуаны Лæнцылæгæтырдæм. * * * Гуымир дæр йæ маст кæм ныууагътаид! Æмæ загъта йе фсымæртæн: – Æрсайæм Нарты лæппуты 'мæ цæ нæ маст сисæм. Фæлæ цы 'гъдауæй æркомдзысты, уый мын зæгъут. – Зæронд лæджы цæм арвитæм хонæг фидыды алдзæн, – зæгъы сæ иу. – Зæронд ус хуыздæр у, уыууыл хуыздæр баууæнддзысты, – загъта иннæ. – Нартæ зæронд хонæгыл нæ баууæнддзысты, фæлæ цæм уайсадæгчындзы арвитæм, – загъта æртыггаг. – Радыгай цæ барвитæм, æмæ цын сæ дзуапп æмбардзыстæм, – загъта фæстагмæ йæ фæнд Гуымирты хистæр. Сразы сты сæ хистæры ныхасыл, æмæ равзæрстой æртæ хонæджы: зæронд лæг, зæронд ус æмæ уайсадæгчындзы. Æмæ цæ кодтой семæ... Лæнцылæгæты сæрмæ хохы фаты 'хситт æрвнæрæгау кодта. Гуымирты хистæр фæрсы: – Цымæ уый цавæр хъæр у? – Чи зоны, искæимæ хæцынц. Уæд хистæр гуымир æмæ йе мбæлтты цурты дуннейы сырдтæ тæхгæуадæй сæррæттытæ систой. Хистæр гуымир æмæ йе мбæлттæ бамбæрстой, Нарты лæппутæ цуаны рацыдысты, уый æмæ 'нхъæлмæ кæсынц се рбацыдмæ. Уæдмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр фæзындысты. Хистæр гуымир зæронд лæджы барвыста хатæг. Зæронд лæг цын акуывта. Фырыхъулты хуызæн стут, зæгъгæ цæ раппæлыд. – Уæ тыхы диссаг уын хистæр гуымир базыдта, æмæ уæ хоны йæ фынгмæ. – Бузныг, ыстыр бузныг, – загъта Уæрхæг. – Фæлæ майрæмбонмæ нæ хъæуæн æмгъуыд загътам, уæд цæ хынцдзыстæм мæнæ ме фсымæримæ, æмæ хъуамæ цæттæ уæм. Арфæ ракæн уæ хистæрæн, дæуæй та хатыр курæм нæ дыууæ дæр. – Уæ рацыд хуыздæр уаид, кæннод мæм нæ хистæр фæхæрамуыдзæн. – Нæ фæхæрамуыдзæн, бузныг ын зæгъ мах номæй. Раздæхт зæронд лæг, æмæ загъта гуымир-æлдарæн: – Нæ комынц, Майрæмбоны сæ хъæуы хонынц, æмæ уæдмæ сæхи цæттæкæнынц. Уæд та гуымир-æлдар барвыста зæронд усы. Зæронд ус цын арфæ ракодта 'мæ цын афтæ зæгъы: – Уæ, алфæн, алфæн, фидыды алфæн! Сымах мæ хъæбулты хуызæн куы стут. Уæ диссаджы тых уын не лдар фехъуыста, æмæ мæ ардæм, сымахмæ, хонæг сæрвыста. Ныр мын уыйбæрц хатыр куы бакæниккат, æмæ мемæ куы рацæуиккат, æмæ нæ хистæры фынгыл иучысыл ку' абадиккат, уæд уый мæнæн дæр ыстыр кад уаид. Уæрхæг та уымæн дæр загъта: – Ды – нæ мады хуызæн, бузныг де рхъуыдыйæ. Фæлæ майрæмбоны нæ мыггагæн куывд кæнæм, æмæ стыр æнæвдæлон ыстæм. Бузныг зæгъ уæ хистæрæн, дæхицæн та дын арфæ кæнæм. Раздæхти зæронд ус æмæ ракодта лæппуты ныхæстæ. Гуымир-æлдар уæд барвыста уайсадæгчындзы. Уайсадæгчындз лæппутæн йæ сæрæй акуывта. Лæппутæ йын арфæ ракодтой æмæ загътой: – Æнæ хъуыддаг нæ уыдзынæ, нæ хойыхай, зæгъ дæ ныхас. – Мæн рарвыста нæ хистæрты хистæр, – загъта уайсадæгчындз. – Фехъуыста уын уæ диссаджы тых, æмæ уæ хоны. Сар æмæ тыхы фæдыл хонæг нæ дæн. Æгъдауæй уæм æрцыддæн, æмæ мæ 'гъдауыл арвитут. Æфсымæртæ фæхибар ысты 'мæ Уæрхæг бамбарын кодта Уæрхтæнæгæн: – "Нæ" зæгъын нæ бон нæу, фæлæ ды кæстæр дæ, æмæ йын ды зæгъ разыйы ныхас. Æмæ уæд Уæрхтæнæг загъта уайсадæгчындзæн: – "Нæ" зæгъын дын нæ бон нæу. Уæ хистæртæн дæр кад ыскодтам – сæ зæрдæ се вдисæн. Сом нæ фендзыстут уæ фынгыл. Арфæ ракодта уайсадæгчындз, æмæ раздæхт. Загъта гуымир-æлдарæн лæппуты ныхæстæ. Гуымир-æлдар ысцинкодта. Раздæхти йе мбæлттимæ фæстæмæ, æмæ байдыдтой сæхи цæттæкæнын Нарты лæппуты 'рцыдмæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг бирæ сырдтæ фæцагътой. Сæ домбæйттыл цæ 'рхастой Нартæм. Æмæ зæгъынц сæ мадæн: – Æнæ цæра, мах райсомы бон ыстæм хуынды алфæн. – Æна уæ фæхъхъау. Чи у уæ хынцæг? – Нæ разыкодтам, дыууæ хистæры нæм æрбацыд хонæг, æмæ уыдонæн, фæлæ нын уайсадæгчындзæн дыууæ зæгъæн нæ уыди. Хонгæ та нæ кæны гуымирты хистæр йæхæдæг. – Уый хинæйдзаг у, æууæнк ыл нæй. Фæлæ иугæр афтæ у, уæд уын æнæцæугæ дæр нæй. Æрмæст мæм хъусут: ацæут, фæлæ мацыхуызы фæхицæн ут кæрæдзийæ. Æмæ уын уæд ницы тас у. Райсомы араст ысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Ныффæдзæхстой сæ мадæн: – Кæд афонмæ нæ хæддзæкæнæм фæстæмæ, уæд-иу нын домбæйтты рарвит нæ фæдыл. Араст ысты æфсымæртæ. Гуымир-æлдар цын йæхæдæг нуазæн рахаста сæ размæ. Сусæгкъахт уæрмытыл гауызтæ байтыдтой, æмæ цын уыдоныл фæндаг радтой. Мах æгъдаумæ гæсгæ разæй ахизут зæгъгæ загъта гуымирты хистæр. Уыйадыл араст ысты лæппутæ гауызтыл. Цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Æмбисы уонг куыддæр бахæддзæ сты, афтæ гауыз ныххаудта сæ быны, æмæ иу арф уæрмы аирвæзтысты. Бамбæрстой лæппутæ сенамонд, ай цæ сайгæ 'ркодтой, уый. Уæд цæм гуымир-æлдар æрдзырдта уæлейæ: – Гъе, куыйты Нарт! Уæ фыдæлтæй цы кард байстон, кæд уымæ 'рцыдыстут, мыййаг? – Дæхæдæг æй раддзынæ, – дзуры йæм Уæрхæг. – Фæлæ ацы 'фхæрд та дæ сæрæй бафиддзынæ! Гуымир-æлдар ныххудти, æмæ цыл æрвылрайсом æхсидгæ дон куыд уадзой, ахæм дзырд радта. Дон цæ куы хъæуа, уæд-иу цын сæ мицъыра куыд дæдтой. Хæринагæй та цын, куыдз цы уæлдæйттæ ныууадза, уыдон куыд хæссой, уæрммæ 'ввахс бацæуæг куыд нæ уадзой. Гуымирты адæм сæ хистæры ныхас æххæсткодтой. Хæринагæн цын куыдзы уæлдæйттæ 'ппæрстой, донæн цын сæ мицъыра лæвæрдтой, хи 'хсынæн цыл æхсидгæдон калдтой. Уæрммæ дæр æввахс никæй уагътой. Уæд гуымирты хистæр ыстыр куывд ыскодта, æрхуыдта й' адæмы: – Нарты адæм цагъды фесты. Ныр цын сæ бæстæм æрвитын ме фсад. Æрхæссæд, цы ссарой – хæзна уæд, фос уæд – æмæ æркæнæд уацайрæгтæ дæр. Гуымир-æлдар æнæхъæн æфсад арвыста Нартыбæстæм. – Гъе Уæрхтæнæг, æгады цардæй мæлæт хуыздæр у, – загъта уæд Уæрхæг. Æхсæвыгон дыууæ 'фсымæры уæрмыкъултæ къахын байдыдтой сæ фæтты фындзтæй. Сыджыт сæ бынмæ калдтой, æмæ сабыргай-сабыргай хызтысты уæлæмæ. Уыд фыдздзаг кæркуасæн. Раст уыцы афон Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæ сæртæ сдардтой уæрмы былæй. Уæрмхъахъхъæнæг цæ ауыдта, фæдис хъуамæ ныхъхъæркодтаид, фæлæ йыл Уæрхтæнæг йæ фат ысуагъта, æмæ фат й' астæуыл сæмбæлди хъахъхъæнæгæн, æмæ йæ бæласмæ зæгæлхуыд бакодта. Схызтысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уæрмæй. Гуымир-æлдармæ фатифтыгъдæй бацыдысты. Баййæфтой йæ куывды бадгæ й' адæмимæ. Æмæ йæм Уæрхæг дзуры: – Гуымирты хистæр! Ды мах сафынмæ кæм æрсайдтай, уым дæхи мæлæт æрыввахсдæр и. Фæлæ ма дæ фæрсæм: кæм и нæ фыды кард? Гуымир-æлдар хорзау нал фæци. Уæрхтæнæг æм фат куы фæдардта, уæд й' адæм фестадысты, æмæ цын хæст бацайдагъ. Гуымир-æлдар Нарты кард райста, æмæ цæм æфсæры. Уæрхтæнæг æй фатæй бахста, æмæ гуымир- æлдарæн йæ кард йæ къухæй фæтахти. Уæрхтæнæг кард фелвæста, æмæ цæ цæгъдынтæ систа. Кард, нæртон лæджы къухы бахаудта, уый бамбæрста. Арвы ферттывдау цæхæр ыскалдта, æмæ цас цагъта, уыйас цыргъдæр кодта. Алы риуыгъдæн дæр-иу йе хситт фæцыди. Нартæм æгæр æрæгмæ куы цыдысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, уæд цын Арвычызг сæ домбæйтты арвыста сæ фæдыл. Домбæйттæ уадид ныххæддзæ сты, æмæ райдыдтой гуымирты адæмы 'ргæвдын æмæ тонын. Сæ богътæй гуымиртæ лидзынтæ систой. Цæфæй фидыд æркуырдта сæ хистæр, фæлæ нал хъуыстой лæппутæ. Ныппырхкодтой гуымирты бæстæ, æмæ цын сæ фос ратæлæткодтой, æмæ рацæуынц Нартæм. Гуымирты 'фсæдтæй Нартæм чи 'рцыди, уыдон та Нарты фос ратардтой, ракодтой цæ уацайрæгтæ. Уæд кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Æмæ уацайрæгты фæрсынц Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг: – Кæдæм цæут? – Адон Нарты ныппырхкодтой, æмæ нæ уацары кæнынц. – Æмæ кæцæй ысты? Кæнæ чи сты? – Сæхи гуымиртыбæстаг хонынц. Уæрхæг æмæ цæ Уæрхтæнæг сау быныцагъд фæкодтой, раздæхтой Нарты адæмы æд фос сæхимæ. Нартæ стыр кад ыскодтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн, æмæ сæ ном уæдæй нырмæ нал сæфы. | |
Просмотров: 261 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |