Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ БУРТÆДЖЫБÆСТÆМ КУЫД БАФТЫДЫСТЫ
УÆРХÆГ ÆМÆ УÆРХТÆНÆГ БУРТÆДЖЫБÆСТÆМ КУЫД БАФТЫДЫСТЫ Иубон Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дзурынц сæ мадмæ: – Цатыбæрзондмæ цуаны цæуæм. Æмæ нæ арæвдзкæн истæмæйты. – Æмæ цы ми кæнут Цатыбæрзонды? Сырд алыран дæр æмпæрпæр куы кæны! – Нæй нын æнæ цæугæ! Арвычызг бамбæрста, адон æцæгæй дæр нал ныллæудзысты зæгъгæ 'мæ цын уæд фæстагмæ сразы. Æмæ цæ срæвдзкодта. – Ацæут, фæлæ уæ фæдзæхсын: æвзæрæй макæмæ мацы сдзурут. Макæй дæр хъыгдаргæ бакæнут. Цы фæнды маст уын куы скæна исчи, уæддæр-иу уæхиуыл фæхæцут. Мацы знаггад ракæнут ме нæзонгæйæ. Нырма сонт ыстут... Ма мæ ныууадзут иунæг æмæ дзæгъæлæй! Æмæ араст ысты æфсымæртæ Цатыбæрзондмæ. Амардтой уым иу сæгуыт, æмæ сæхицæн физонджытæ кæнынц. Уæд дын кæсынц, æмæ Гуымир- æлдары фырт æмæ Æвдсæроны кæстæр æфсымæр фæцæуынц Цатыбæрзондыл. Ауыдтой уыдон дæр Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы. Æмæ Гуымир-æлдары фырт загъта: – Уæдæ чи уой адон?.. Цæй, æмæ цæм бацæуæм. – Нæ, афтæ куы бакæнæм, уæд нæм фæхæрамуыдзысты. Исты куы бамбарой, мыййаг? Уæд ныл сæ фыдæх ныккалдзысты. Фæлтау нæ иу бацæуæд зынггур. Уæдæ цæм æз цæуын зæгъгæ загъта Гуымир-æлдары фырт, æмæ бараст и Нарты лæппутæм. Дæрддзæф цæм æрлæууыди. Й' арц æрсагъта 'мæ цæм дзуры дардæй: – Уе зæр хорз уа, æмæ хъармарт уат! Зынг мын авæрут, æмæ арт бакæнон æз дæр. – Æмæ хицæн артæй цы кæныс. Уазæг – Хуыцауы уазæг. Хæстæгдæр нæм рацу. Мæнæ дын мах – фысым. Дæхи дæр батав. – Бæргæ мæ фæнды, фæлæ уæд ме мбалы та кæмæн ныууадзон? Æнхъæлмæ мæм кæсдзæн. – Ракæн де мбалы дæр. – Цæй, кæд уæ афтæ фæнды, уæд ницыуал зæгъын. Гуымир-æлдары фырт дын уæйыгмæ дзуры: – Рацу ардæм, хонгæ нæ кæнынц. Æвдсæроны кæстæр æфсымæр дæр æрбацыди. Арфæ ракодта Нарты лæппутæн, æмæ 'рбадтысты тымбылæй фæзы. Лæппутæ уым бур физонджытæй сæхи хорз федтой. Стæй Уæрхтæнæг дзалагæрдæг ратыдта, æмæ дзы хуыссæнтæ ацарæзта. Æхсæвы ныффынæйтæ сты. Райсомæй сыстадысты уазæглæппутæ. Аходæн ыскодтой, стæй фæхицæн ысты. Æмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хъæды астæуты фæцæуынц. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг кæсынц сæ фæдыл. Уæд иуахæмы дыууæ 'фсымæры иу ран дыууæ цъæх арсы ауыдтой. Сæхи цæм байстой хæстæгдæр. Ныр цæм æрсытæ лæбурынц, Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та цæ хæрдмæ 'ппæрстой. Фæстæмæ-иу цæ цырд ацахстой, æмæ та цæ-иу ногæй хæрдмæ фехстой. Гуымир-æлдары фырт æмæ цæм уæйыг дисмæкæсæгау кастысты. Æрсытæ куы бафæлладысты, уæд хъæды астæуты лидзынмæ фесты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгыл та худæг бахæцыд. Уырдыгæй куы 'рцыдысты Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг, уæд æлдары фырт сæхимæ радзырдта йæ мадæн: – Диссаг федтон абон Цатыбæрзонды. – Цы федтат уагæр? – Дыууæ лæппуйы дзы федтам, хорз фысым нын фесты. Стæй нын хæрзбон загътой, æмæ ацыдысты. Мах сæ фæстæ кæсæм, æмæ дын дыууæ арсы рацахстой. Æрсытæ цæм лæбурынц, уыдон та цæ хæрдмæ 'ппæрстой. Стæй æрсытæ сфæлмæцыдысты, æмæ хъæдыастæуты лидзынмæ фесты. – Æмæ цæ цæуылнæ бафарстат, чи сты, уымæй? – Кæм ма нæ 'вдæлди уый фæрсынмæ? – Уæ, уæ туг фæкалат, ай цæй æнæсæрæн разындыстут! Уый уæ туджджынтæ уыдысты! Æмæ сымах та семæ хъарм физонджытæ хордтат! Авд уæйыг-æфсымæрæй ма иунæг баззад, иннæтæ Нарты къухæй мæрдтæм бацыдысты. Мæхи хъæбул дæр уыдон азарæй байсæфт! Уæд цæ куыд ауагътат? Ныр цын ницыуал бакæндзыстут. Фæлтау æфсад ыскæнут, æмæ цæ ныммарут. Æрымбырд кодтой уыйфæстæ гуымиртæ 'мæ уæйгуытæ бирæ 'фсад... Æмæ ракалдысты æмгæргæрæй. Æмæ цæ æрсытимæ хъазгæ сæййæфтой лæппуты. Æнæнхъæлæджы цæ чъылдымырдыгæй æхсын байдыдтой сæ фæттæй. Æрсытæ богъбогъгæнгæ лыгъдысты. Дыууæ лæппуйы уый æнхъæл кæцæй уыдысты, фæлæ базыдтой уæддæр сæ уазджыты. Стынг и хæст, фæлæ цы гæнæн уыд! Æмæ дыууæ 'фсымæры хæхтæм айстой сæхи. * * * Уæд дын Зæрисæры чысыл лæппу Уадхохæй касти ацы æнæуаг митæм æмæ дзуры йæ мид-зæрды: "Æммыст, æмæ ныр Дзылæуы адæг ам ку' уаид, уæд цыл æй æз бæргæ ауадзин уыцы 'фсадыл". Стæй æвиппайды 'рбалæууыдысты йæ зæрдыл тæккæ-знон ын йæ хо цытæ фæдзæхста, уыдон: "Дзылæуы адæг æд сагтæ Нарты 'фтауцдоны ис. Адæджы сæр дæ куы бахъæуа, уæд уал-иу фыдздзаг Мигъыбардуагмæ суай, дæ мадыфсымæрмæ, Æмæ дæ уый ахæсдзæн æфтауцдонмæ". Чысыл лæппу схæддзæ Мигъылбардуагмæ. – Нарты 'фтауцдоны мæ тагъд февзæрынкæн. Мигъ æй рахаста Зæрисæры чысыл лæппуйы, æмæ йæ Нарты 'фтауцдоны æрывæрдта. Чысыл лæппу сагты адæгыл аифтыгъта, æмæ ратахти нæргæ Нарты хæстмæ. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтыл адæг рауагъта. Адæг кæуыл аныдзæвы, уый дзыхъмард фæвæййы. Гуымир- æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтыд адæг рауагъта. Адæг кæуыл аныдзæвы, уый дзыхъмард фæвæййы. гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыджы 'фсæдтæ старстысты, фæйнæрдæм лыгъдысты, фæлæ цæ Зæрисæры чысыл лæппу æнцой кæм уагъта! Уæйыгæн йæ иу цонг йæ рæбыныл атыдта, гуымир-æлдары фыртæн та йæ син ныссаста. Æфсадæй ма чи аззади, уыдон ныппырхытæ сты. Чи кæдæм лыгъд, уый бæрæг нал уыд. * * * Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæхимæ 'рцыдысты, æмæ цæ сæ мад фæрсы: – Цæй фæлладхуыз ыстут? Дысон хæдзары дæр куы нæ уыдыстут? – Сырд мардтам Цатыбæрзондыл, – райдыдта дзурын Уæрхæг. – Нæхицæн хъарм физонджытæ кодтам. А ныр хæрынмæ æрæвналæм, зæгъгæ, афтæ нæ уæлхъус дыууæ лæппуйы 'рбалæууыд, зынг нæ агуырдтой. Мах цæ нæ базыдтам. Хорз цæ федтам бур физонджытæй, дзалагæрдæгæй цын лыстæн æркодтам. Райсомы дæр уæдæ хъæстагæй нæ баззадысты. Æмæ хæларæй фæхицæн ыстæм. Нæхицæн хъазыдыстæм дыууæ стыр арсæй. Фæлæ нæм уыцы лæппутæ бынтон æнæнхъæлæджы 'фсад æркодтой... Зæгъ нын æй, æна, кæд нæ фыдæлтæ туг дардтой, мыййаг, искæмæй? – Цæмæн уæ бахъуыди уый базонын? – Æнцой нæ нæ уадзынц гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсад. Нырмæ дæр уыдонимæ уыди нæ хæст. Æмæ Арвычызг дæрдтыл дзуры йæ хъæбултæн: – Тæригъæдджын фæуа, сымах æнцой чи нæ уадзы! Æххæст уæ лæг- ранмæ куы рацæуиккат, уый мæ фæндыд. Уæвгæ уæ фыдæлтæ дæр ахæм уыдысты. Сæ хæцын æрдзæй рахастой. Сæ нæмттæ дзурын мын бæргæ не 'мбæлы, фæлæ уæ фыдыфыд Сæуæссæ хуынди. Уымæн уыд æртæ фырты: Дзылæу – æртæ гуымиры хойы чи раскъæфта, Болатбæрзæй – æфсымæрты кæстæр, Зæрисæры чызг – йæ ус. Йæ хистæр фырт та Борæ уыди, уæхи фыд, Сæуæссæ 'мæ Донбеттыроны хистæр зæнæг. Нартæмхæстæг хæхты цардысты гуымиртæ, æмæ цæм ыстыр фыдæх хастой. Скодтой æфсад уæйгуытимæ. Сæ фарс хæцыдысты Бæргъуаны адæм. Бæргъуаны ныхмæ Зæрисæры чызг рацыд, фæлæ фæцæф и. Ныр сæхимæ ис, Дзылæуы ус дæр сæ хæдзары ис. Афæдзы бонмæ идæдз фæбадтысты. Стæй цæ Сæуæссæ кадимæ фервыста. Уæйгуытæ 'мæ гуымир-адæм Нартыл ысхæцыдысты. Уæ фыдæлтæ уыдонæй бирæ фæцагътой, фæлæ сæхæдæг дæр бабын ысты. Æз æмбæхст уыддæн уæд Бæртæлæгмæ. Уæ фыдимæ уыдон æрдхорд-æфсымæртæ уыдысты. Гуыргæ дæр сымах уым ракодтат. Стæй уæ Бæртæлæгимæ ардæм æрбакодтам. Бæртæлæг нæ бирæ фæхъахъхъæдта. – Уæдæ-ма зæгъ, иу чысыл лæппу дыууæ стыр саджы адæгыл сифтыгъта 'мæ нæ фарс хæцыди. Уый та чи уыди? – Болатбæрзæйæн йæ бинойныг Мигъыбардуаджы хæрæфырт уыди. Чысыл лæппу та – уымæн йе 'фсымæр у. Раджы кæддæр цын Дзылæу сæ хуым баласта й' адæгæй. Дзылæуы дзæбæх уыцы лæппу ныр дæр ма нæ рохкæны. – Уæдæ-ма нын зæгъ: Нартæй æппын хæцæнгарз нæ баззад? – Болатбæрзæйæн хæцæнгæрзтæ бирæ уыд. Фæлæ кæм фæмард, уым ын баззадысты. Уыдон уæ къухы куы бафтиккой, уæд нын уæйгуыты бон дæр ницыуал бауид. Уæдæ нын уырдæм æдзæугæ нæй зæгъгæ загътой дыууæ 'фсымæры 'мæ араст ысты сæ дард фæндагыл. * * * Раст уыцы рæстæг уæйыг æмæ гуымир-æлдары фырт се фсæдтимæ Нартыхъæуы смидæг ысты. Дзурынц Арвычызгмæ: – Æддæмæ рахиз фидары сæрæй. Æвгъау уыддæ, æвæдза, Нарты æнæсæрæнтæн. – Æддæмæ хизын мæ рæстæг н' амоны, – загъта цын Арвычызг, – Сылгоймагимæ дзурын уæ сæрмæ та куыд хæссут? Нæ йæм байхъуыстой, фæлæ фидармæ бацæуæн н' ардтой. Гуымир- æлдары фырт загъта: – Басудзæм Нартæн сæ фидæрттæ, Арвычызг дæр йæ мидæг куыд басудза! Райдыдтой ыставд хъæдтæ ласын. Самадтой цæ фидары алыварс, æмæ йыл арт бафтыдтой. Уæд цæ Зæрисæры чысыл лæппу ауыдта. Атахти Зынджыбардуагмæ 'мæ йæм дзуры: – Æруадз æртхутæг Нарты фидарыл. – Мигъыбардуагæй уал къæвда ракур. Чысыл лæппу ауад, æмæ йæ мадыфсымæрæй къæвда ракуырдта. Фидарыл уарынтæ систа. Артæртхутæг йæхи 'руагъта дæлæмæ. Æмæ ахуыссыди арт уæдæ цы кодта! Чысыл лæппу цыл адæг ауагъта, æмæ фæлидзæг ысты гуымир-адæм. * * * Ныр Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ цыды кой кæнынц. Чысыл лæппу цæ й 'адæгыл аййæфта, æмæ цæм дзуры: – Гуымир-æлдары фырт æмæ уын уæйыг арт бандзæрстой уæ фидарыл. Ауылты лидздзысты, æмæ цæ цæвут. Гуымир-æлдары фырт æмæ уæйыг æцæгæй дæр уыууылты фæцæйлыгъдысты. Уæрхæг æмæ цæ Уæрхтæнæг ауыдтой, æмæ цæм дзурынц: – Лидзгæйæ уын нал у, фæлæ хæцгæйæ у! Фæлæбурдта Уæрхæг, ацахста гуымир-æлдары фырты, æмæ йæ сфаста йæ къæхтырдыгæй. Уæрхтæнæг фæцырд и, уый та уæйыджы систа йæ барцæй, йæ сæр ын ыстыдта 'мæ йæ фехста гуымиртыбæстæм. Уæйыг ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дарддæр цыдысты. Сæ размæ фæзынд ивылд дон. Катай байдыдтой, уæдæ куыд ахизæм зæгъгæ. Чысыл лæппу та тæхгæ рацыд й' адæгыл, æмæ сæ цуры сабыр æрлæууыд. Уыдон æм дзурынц: – Д' адæгыл нæ ахизынкæн. Лæппу цæ авæрдта й' адæгыл, æмæ ивылд донæн агæпластой йæ сæрты. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та цæуынц. Ауыдтой бæстæ судзгæ 'мæ скатай ысты. Чысыл лæппу дæр та уым февзæрд. Адæгыл цæ авæрдта 'мæ арты сæрты ахызтысты. Цæуынц та лæппутæ ноджы дарддæр. Кæсынц, æмæ иу ран хæхтæ кæрæдзийы хойынц. Иу хох загъта: – Ныккæл! Нæ кæлын зæгъгæ загъта иннæ. Нартæн та ахизæн нал уыди, æмæ та Чысыл лæппу сæ цуры февзæрд. Адæгыл цæ авæрдта, æмæ цæ хæхты сæрты ахаста. Нартæ фæрсынц Чысыл лæппуйы: – Ацы хæхтæ цæуыл кæрæдзийы хойынц? – Адонæй "ныккæл" чи дзуры, уый афтæ зæгъы: "Адæмæн сæ фæстаг быдырмæ цæуы." Иннæ хох, "нæ кæлын" чи дзуры, уый разы нæу æмæ уый та афтæ зæгъы: "Нæ, адæмæн сæ фæстаг хæхтæм цæуы". Нæ фидауынц, æмæ кæрæдзийы хойынц. Ахызтысты уырдыгæй дæр, æмæ Чысыл лæппу йæ фæндагыл араст и... Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг та сæ цыды кой кæнынц. Амбæлди цыл иу зæронд ус, æмæ цæ фæрсы: – Кæй хуртæ стут, уæ мад уæ хуртæй бафсæда? Уæ уынд – уынды хуызæн, уæ кондæн æмбал нæй, кæдæм тагъд кæнут? – Махæн нæ фыдыфсымæр Болатбæрзæй уыд, – дзуры Уæрхæг. – Уый амардтой гуымир-æлдар æмæ уæйгуытæ. Йæ хæцæнгæрзтæ дзæгъæл баззадысты. Æмæ уырдæм у нæ цыды сæр, хъуамæ цæ 'рхæссæм. Æнæуый та стæм Нарты адæмæй. – Уæдæ ацæут, æз уæм ам фæлæудзынæн. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Болатбæрзæйы хæцæнгæрзтæм араст ысты, æмæ цæ ссардтой – мæнæ сыджыты сагъдæй лæууынц. Стæй фæттæ химидæг зилын байдыдтой. Уарт сырх зынгæй артау ыссудзы. Болатбæрзæйæн йæ кæрдтæ сæ кæмттæй зынджыстъæлфæнтæ 'ппарынц. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цæ систой, æмæ раздæхтысты. Цæуынц сæ фæндагыл Нартыбæстæм. Мæнæ та сæмбæлдысты уыцы зæронд усыл. – Æрбахæддзæ стут? – Мæнæ стæм! – Æмæ ахæм хуызы куыд ацæудзыстут Арвычызгмæ? Сымахæн хæдзары бадæн кæм уыдзæн! Æмæ Арвычызг афтæмæй иунæгæй кæдмæ цæрдзæни? – Мах нырма зонгæ дæр куы никæй кæнæм. Кæй хъуамæ 'ркæнæм? – Уæртæ, авд доны фале зæхх судзгæзынгæй арт кæм уадзы, уым ис, йæ къултæ 'ндонæй кæмæн ысты, ахæм фидар. Дыууæ рæсугъды бады йæ мидæг. Сæ цæсгæмттæ – хурæнгæстæ, сæ бакаст та – стъалыты хуызæн. Уыдон ын куы 'ркæниккат Арвычызгæн! Уæд Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг фатфæдисон фехстой фæйнæ фаты. Уæрхæджы фат дыууæ чызджы фидарыл сæмбæлд, Уæрхтæнæджы фат та – Чысыл лæппуйы уæлкъæсæр. Дыууæ чызджы систой Уæрхæджы фат, æмæ йæ æрывæрдтой чыргъæды мидæг. Чысыл лæппу та й' адæгыл Нарты цур фестад. – Цы сæр уæ бахъуыд? – Дæ хорз хорз у, æмæ ма нын иу хорзы куы бацæуис, – загъта Уæрхтæнæг лæппуйæн. – Уæртæ авд доны фале, зæхх судзгæзынгæй арт кæм уадзы, уым фидæртты цæры дыууæ рæсугъды. Æмæ цæм мах усгур цæуæм. Нæ фæндаг дард у, нæ хъуыддаг барст у. Чысыл лæппу цæ адæгыл авæрдта. Ныр Зæронд ус дæр семæ. Æртæ догны сæрты куыддæр ахызтысты, афтæ атыдта сагты сæрхъæдбос, æмæ сурмæ 'рхаудтой сеппæт дæр. Цæуæн цын нал уыд – нал размæ, нал фæстæмæ. Уыцы рæстæг Донбеттыр сæ цуры февзæрд, æмæ цæ фæрсы: – Цы кодтат уый, мæ хæрæфырты хъæбултæ? – Мæнæ сагты сæрхъæдбос аскъуыд, æмæ нын цæуæн нал и. Æмæ дын уæд Донбеттыр дон фæхуыскъкодта. – Уæртæ хъæдмæ бацæут, æмæ цын уæрдæхтæй ыскæнут сæрхъæдбос сагтæн. Сурмæ ахызтысты. Уæрдæхæгтæ ракодтой хъæды, æмæ цæ сæрхъæдбос ацарæзтой. Абадтысты адæгыл, æмæ та цæуынц. Уæд та нæуæгæй сæрхъæдбос аскъуыди, æмæ цъæх фæзыл сæ тъæпп фæцыди. Ног сæрхъæдбос та аразынц лæппутæ. Стæй фæкастысты 'мæ уæртæ иу уæйыг фынæйкæны. – Басудзут æй фынæйæ, – дзуры Зæронд ус. – Цы нæ хъыгдары, уадз æмæ фынæйкæна! – загъта Чысыл лæппу. – Уый хуымæтæг нæ уыдзæн, ам æй ныммарæм! – загъта Уæрхæг. – Фынæй лæг амарын дæ сæрмæ та куыд хæссыс? Худинаг у! – загъта Уæрхтæнæг. Йæхæдæг уæйыджы фындзыхуынчъы арц фæцавта. Æмæ фехъал и уæйыг. – Цы дæ хъыгдарын, цæуыннæ мæ уадзыс фынæй кæнын? – Тыхгæнæджы хуызæн дæ, æмæ нæ тых бавзарæм. – Ацу уал, кæдæм цæуыс, уырдæм. Фæстæмæ куы цæуай, уæд сæмбæлдзыстæм æмæ нæ тых дæр бавзардзыстæм уæд. Уæрхæгитæ дарддæр цæуынц. Æмæ ныххæддзæ сты, авд доны фале, сæ къултæ 'ндонæй кæмæн уыдысты, уыцы фидæрттæм. Уыдон та уыдысты Нарты цыфыддæр ызнаг Буртæджы фидæрттæ. Буртæг йæхæдæг рагæй нал уыд. Уый раджы бабын Нарты Борæйы 'хсарæй. Фæлæ йæ фидæртты цæргæйæ баззадысты Буртæгæн йæ дыууæ фырты. Æмæ дзуры Зæронд ус Нарты лæппутæм: – Фидары хуылфмæ уæ никæй бауадздзысты. Ам уал лæуут, стæй уæм бæрæг уыдзæн. Хъахъхъæнджытæ Зæронд усы фидары хуылфы фæмидæгкодтой. Цæй, цы баистут зæгъгæ цæ афарста Зæронд ус. – Мæнæ иу фат... Нæ уæлкъæсæрыл æй ныссагъта Хуыцау, æмæ йæ мах дæр чыргъæды нывæрдтам де рцыдмæ. – Уый Нарты лæппутæн сæ иуы фат у. Хъахъхъæнджытæ цæ куы базыдтой, адон Нартæ сты зæгъгæ, уæд Буртæлæджы фырттæй кæстæрмæ фæдисы фесты. Сæ хуыз фæлыгъди 'мæ йæм дзурынц: – Уæ, дæ фыдæхæй фесæфæм! Диссæгтæ, диссæгтæ... – Зæгъут, цы федтат? – Æндон фидæртты 'ддейы æртæ лæджы федтам. Никуы ма уыд ахæм гуырдтæ. Къахæй-къухмæ сты гæрзифтонг. Хуымæтæг нæм нæ фæкастысты. Цы цын бакæнæм? – Арвитут цæм гуымир-уæйыджы! Гуымир-уæйыг цæм расæррæтласта, фæлæ йæ Уæрхтæнæг æвиппайды уæрагсаст фæкодта. Хъахъхъæнджытæ дзурынц Буртæджы фыртмæ: – Гуымир-уæйыг уæрагсаст фæци. Уый куыддæр фехъуыста, афтæ Буртæджы фырт загъта: – Фидæртты дуæрттæ сæхгæнут. Фидæрттæм хæстæг макæй æрбауадзут! Æфсад фидæрттæ æрæхгæдтой, æмæ цъиуæрбатæхæг дæр никæй уал уагътой. Чысыл лæппу дæр та й' адæгыл уым февзæрд, æмæ дзуры: – Ам хæцгæйæ нæу. Фæлтау æфсæндуарыл арт бафтауæм. Йе 'вдузæнтæ 'рфæлмæн уыдзысты, æмæ дуар йæхæдæг байгомуыдзæн. Æмæ цæ 'нцонæй басæтдзыстæм æфсæдты. Зæрисæры лæппуйы фæнд хорз фæкаст Нартæм, æмæ стыр арт ыскодтой æфсæндуары бын. Дуары 'вдузæнтæ фæлмæнзылд байдыдтой. Уæрхæг æмæ йæ Уæрхтæнæг иу цæф ыскодтой дуар, æмæ йæ батыдтой мидæмæ. Фæмидæг ысты фидары хуылфы, фæйнæрдæм кæсынц æмæ цæм талынгæй иу зæронд ус дзуры: – Азилут уал фидæртты мидæг. Æз уын уæ фæндæттæн фадæттæ ссардзынæн. Ма тыхсут мацæуыл. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг азылдысты фидары хуылфы, æмæ дурдзæджындзыл æртæ зæронды ауыдтой – рæхыстæй бастæй: куыройыфыдтæ зилынц радыгай æмæ ссынц нартхорынæмыг. Сæ хид лæдæрсы зæрæдтæн. Нартхоры ссад се уæнтыл æрмæрины бæзнæн ысбадт. Уæддæр сæ куыст нæ уадзынц. Сæ хуыз фæцыди, æмæ ма тыхулæфт кæнынц. Æнæбары ма лæууынц сæ къæхтыл. – Ай цы ми кæнут? – афарста цæ Уæрхæг. – Галтæ куы нæ стут, уæд ацы куыройыфыдтæ цæмæн зилут? Уæ уæрджытыл ма тыххæй куы лæуут. – Уæдæ цы кæнæм? Нæ хъалæй, мыййаг, куы нæ стæм ацы ран. Ахæстадæмæн сæ бон цы у? – Ахæсты стут, уый æз дæр уынын, фæлæ ма уæ бæттын та цæмæн бахъуыди? – Ахæсты канд мах не стæм. Ам мидæгæй бирæ адæм лæзæры. Йæ сонтыбонтæй йæ базæрондмæ чи удхар кæны ам, ахæмтæ дзы дзæвгар ис. – Мах дзы 'рмæст уе ртæйы уынæм. Уæд иннæтæ кæм ысты?.. – Уæрхтæнæг мæстæй рафыхт. – Буртæг иунæг уыди, уæд мингай адæмты куыд æрцахста?!. – Йæхæдæг ма гъа, фæлæ йæ фырттæ! Нæ уд ма удыл тыххæйты хæцы. Нæ туг нын банызтой доны бæсты! Æртæ зæрондæн Уæрхтæнæг сæ рæхыстæ рарæмыгъта. Стæй адзырдта мæсыджырдæм: – Æддæмæ ракæсут, цы нымбæхстыстут? Æви æппын уазæг никуы федтат? Буртæджы фырттæй сæ иу рауад, æмæ цæм дзуры: – Уазæг – Хуыцауы уазæг! Алыбон æгас нæм цæут кæддæриддæр. – Æмæ цыл йæхи цингæнæг ыскодта. Стæй цæ хæдзармæкæныныл ысхæцыд. – Ма бахизут йæ разæй, – дзурынц зæронд лæгтæ. Уыдон дæр Буртæджы фырты разæй бауагътой. Стæй йæ фæстæ хъавгæ бахызтысты сæхæдæг дæр. Зæронд ус та фæзынд кæцæйдæр. Чысыл лæппумæ дзуры: – Бауай мидæмæ, æмæ бамбарын кæн Нартæн: ма хæрд сисæнт сæ къухмæ, ма дæр – нозт. Раздæр зæгъæнт сæ ныхас. Кæннæуæд цæ 'рбайсафдзысты. Чысыл лæппу 'й адæг дуармæ фæуагъта, хæдзары фæмидæг æмæ Зæронд усы ныхæстæ сусæгæй Уæрхæджы хъусы адзырдта. Уайтагъддæр фынг сæ разы февзæрди, хæрд æмæ нозтæй зæхмæ тасыд, ахæм фынг. Фæлæ Нарты лæппутæ ницæмæ 'вналынц. – Дардæй цæуæг ыстут, уый бæлвырд у. Фæллад æмæ фæлмæцыдæй хъуаг нæ уыдзыстут. Æрывналут фынгмæ, – загъта цын Буртæджы фырт. – Хæрынмæ, мыййаг, не рцыдыстæм. Мах æрцыдыстæм сылыстæгагур. Сымахмæ хонынц дыууæ рæсугъды, мах нæхæдæг дæр æрмæст дыууæ стæм. Зæгъут нын исты дзуапп. Æмæ уæд бахæрдзыстæм, баназдзыстæм, – загъта Уæрхæг. Фысым цæм дзуры: – Дыууæ чызджы мæнæ мæсыджы хуылфы бадынц. Уæд Чысыл лæппу дæр бамбарынкодта, дыууæ чызджы кæм æмбæхст ысты, æмæ Уæрхтæнæг цæхæр ыскалдта. – Ды мах афæливынмæ хъавыс, æз дын дæ мæнг ныхæстыл не ууæндын. Уæдæ мæсыджы хуылфы 'мбæхстæй кæй дарыс, уыдон нæ цурмæ цæуыннæ 'ркæныс? Уæрхтæнæг мæсыджы тигъыл сæнцади йæ сынæгæй, æмæ йæ тигъ æркалди. Фæзындысты дыууæ чызджы. Ауыдтой цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, æмæ кæсынтыл цæм фесты. Æмæ уыцы рæстæг Буртæджы фырт дыууæ рæсугъды фидары цъуппыл абадынкодта: – Гъеныр цæ райсут, кæд уыдоныл дзырдтат, уæд. Уæрхæг фæдзырдта Чысыл лæппумæ: – Гъеуыцы чызджыты зæхмæ 'ркæн. Чысыл лæппу абадти й' адæгыл, фехситт дын кодта сагтыл, æмæ дымгæйау атахтысты. Мæсыджы сæрмæ схæддзæ сты. Стæй мидлæуд фæкодтой дыууæ саджы, æмæ цæ уайтагъд Чысыл лæппу адæгыл абадынкодта чызджыты, æмæ цæ æриста Уæрхæджы цурмæ. Уæрхæг фæрсы Буртæджы фырты: – Ныр та цы зæгъыс? – Ныр цæ акæнут! – Ау, æмæ чызг афтæ фервитынц? Чындзæхсæв цын цæуылнæ кæныс? – Чындзæхсæвы хъуыддаг мæнмæ нæ хауы. Мæ хистæр æфсымæр бынаты ис, æмæ кæнæд уый чындзæхсæв. – Фæдзур ма йæм ардæм. Буртæджы кæстæр фырт бацыд йе фсымæрмæ. – Ахиз дæлæ уазджытæм. Нæ чызджыты нын мæсыгæй æристой, æмæ чындзæхсæв домынц. Гæнæн ын нал уыд, æмæ рахызти. Арфæ ракодта Буртæджы хистæр фырт Нартæн æмæ загъта: – Алыбон æгас нæм цæут, уазджытæ! – Æнæнизæй цæр! Чызджытæ куы 'рвитут, уæд цын чындзæхсæв та цæуылнæ кæнут? Цы ма загътаид Буртæджы фырт, æмæ скодтой ыстыр чындзæхсæв. Фынгтæ равæрдтой кæрæй-кæронмæ, фæлæ адæм-зынæг нæй æппын. – Ай уæ чындзæхсæвы адæм куы нæ ис! Уæд уæм уый куыд кæсы? – афарста цæ Уæрхæг. – Мæнæ – сымах, мæнæ – нæхæдæг. Чи ма нæ хъæуы? – загъта Буртæджы фырт. – Хъæубæсты адæм. – Нæ мын æрбацæудзысты. – Мæнæ ахст цы 'ртæ лæджы уыди, уыдоны цæм арвит. Уыцы ‘ртæ лæджы цæм арвыстой, фæлæ адæмæй ничи 'рцыди. – Чындзæхсæвы бæсты цын сæ мардмæ 'рцæудзыстæм, – дзырдтой бирæтæ. – Дардылфынгтæ хорз æрæвæрдтат, фæлæ дзы адæм нæ уынæм. Æнæ адæм та мах цæрын нæ зонæм. Ныггæнды кæй дарут, уыдонæн нымæц дæр нæй. Рауадзут цæ, æмæ уæд адæм сæхæдæг æрцæудзысты. Цы ма загътаид Буртæджы фырт! Байгомкодтой уыйбæрц ныггæндтæ. Адæм цыдысты 'мæ цыдысты. Иуы дæр цæ хуызы ртах нал уыди, мæрдонæнгæс æвдыстой сеппæт дæр. Кæрты нал цыдысты 'мæ дуармæ цæуын байдыдтой. Хъæуы адæм уый ку' ауыдтой, уæд – чи йæ фырты агуырдта, чи – йæ фыды, чи – йæ чызджы, чи та – йæ мады. Хъæр æмæ ахстæн кæрон нал уыди. – Ам æфхæрд чи баййæфта, уыдон бон у абон, æмæ 'рбадæнт мæнæ ацы фынгтыл, æмæ чындзæхсæвы чи заргæ кæнæд, чи та кафгæ, – загъта Уæрхтæнæг. Уæд иу зæронд лæг, зыбыттаг зæронд, размæ рацыд æмæ дзуры Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгмæ: – Зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, чи стут? Кæцæй æрцыдыстут? Айбæрц адæм ахæстæй чи фервæзын кодта, уыдон хъуамæ мах дæр зонæм. – Мах ыстæм Нартæй, дыууæ 'фсымæры. – Дзæбæхæй цæрат! Фæлæ æз иу хабар ахæм зонын: Нартæ-иу сæ маст нæ уагътой æнæрайсгæ, фыдгæнæджы-иу арты басыгътой, уæд сымахыл цы 'рцыди? – Ау, æмæ мах цастæ аххосджын ыстæм? – Сымах ку' ацæуат,уæд мах хъуамæ нæхиуыл арт бафтауæм. Æндæр нын ницыуал хос и. Цæрын нæ нал ныууадздзысты Буртæджы дыууæ фырты. Мæнæ цы 'ртæ зæронд лæджы суагътат раздæр, уыдон ме ртæ фырты сты. Цы чызджыты кæнут, уыдон та – мæ чызджытæ. Тыхæй цæ байстой. Ацал- ауал азы цæ сæ мæсыджы дарынц. Дон, хоры хъæстæ сæхи нæ кодтой. Нæ мады конд хæринаг нын куы нæ дæдтат, уæд искæй хойраг нæ бахæрдзыстæм зæгъгæ, уыууыл ныллæууыдысты. Ме ртæ фырты мын бастæй фæдардтой, куыройыфыдтæ зилынц уыдон дæр цæргæ-цæрæнбонты. Ныр адæмы фæндон уæ дыууæмæ хауы. Буртæджы дыууæ фырты хъуамæ сындзынарты басудзæм. Адæм дын ныхорхоркодтой уыцы ныхæсты фæстæ. – Марын цæ хъæуы! Адæмы фæндæй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æрцахстой Буртæджы фыртты. Арты цæхæрмæ цæ бакодтой æмæ цæ басыгътой. Стæй адæм чындзæхсæвы рабадтысты 'мæ æнæхъæн къуыри фæминаскодтой. Уыйфæстæ Чысыл лæппу й' адæгыл авæрдта Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы, ноджы дыууæ чызджы, æмæ Нартæм æрфардæг ысты. Арвычызг дын куыннæ ныццинкодтаид! Иу ахæм чындзæхсæв та уый ыскодта. Æнæхъæн къуыри хæрд æмæ нозт уæлвынг уыдысты. Уыйфæстæ алчи фæцыди йæ фæрныг хæдзармæ, Арвычызг та йæ фырттæ 'мæ йæ чындзытимæ цæргæйæ баззад. | |
Просмотров: 325 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |