Пятница, 04.07.2025, 19:57
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 3
Гостей: 3
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

УÆРХÆДЖЫ МÆЛÆТ
УÆРХÆДЖЫ МÆЛÆТ
Нарты Уæрхæг рарынчын и 'мæ бамбæрста йæ мæлæт. Фæсидти
Нартæм, æмæ цын загъта:
– Знаг уын нæ ныууагътон, Нартæ! Фæлæ ма мын иу ызнаг ис
уæддæр. Никуы бафидыдта уый Нартимæ, æмæ ма мæ маст уымæй куы
райстаин...
– Зæгъ æй махæн. Дæ маст дын райсдзыстæм.
– Сымахæн ницы бантысдзæн. Уыимæ хæцын нæ базондзыстут.
Мæхæдæг æм фæцæуон хъуамæ. Æрмæст ма цæмæй сыстон, уый тыххæй ме
вдадзыхос у Саухохы суадон æмæ мын уымæй æрхæссут.
Нартæ Уæрхæджы ныхас сæххæсткодтой. Æрхастой йын дон уыцы
суадонæй йæхи ныннайыны фаг. Уæрхæг æй ыстæвд кæнынкодта ‘мæ дзы
йæхи ныннадта. Æмæ йе уæнгтæ сæхи систой.
– Æз цæуын ме сæфты фæндагыл зæгъгæ цын загъта уæд Нартæн.
Фæлæ уæ мæ фæдыл цæуынвæнд мачи скæнæд.
– Уæдæ куы нæ æрыздæхай, уæд дæ кæм агурæм?
– Кæсут райсомæй сæуæхсидмæ. Кæд тагъд-тагъд ива, уæд сæфт
дæн, æмæ сæфт. Кæд мæнгивд кæна, уæд уый зонут, æмæ ма æгас дæн.
Араст и Уæрхæг йе сæфты фæндагыл. Ахызти авд æфцæгыл, ахызти
авд комыл, ахызти авд быдырыл. Цæуы дарддæр. Фæллайгæ дæр бакодта
зæронд Уæрхæг. Зæрондæн фæллайын цы хъæуы! Мысы йæ рагбонтæ, фæлæ
нал ис уыдонæн раздæхæн, мæнæ хурæн йæ фæндагæй раздæхæн куыд нал
вæййы, афтæ.
Цæуы зæронд Уæрхæг. Бахæддзæ иу доны былмæ ‘мæ дзуры
йæхинымæр: «Ам уал мæ фæллад ысуадзон».
Æрбадти доны был, кæсы фæйнæрдæм. Никуы ницы федта, стæй
æнцадгай æруагъта йæхи ‘мæ афынæй... Уæрхæг æрфынæй Хъæрæмæдзы
зæххыл. Чысыл фæстæдæр райхъал. Акасти та фæйнæрдæм, æмæ ауыдта иу
ран цавæрдæр хосдзауты. Бацыди цæм хæстæгдæр.
– Уæ, байриат, хосдзаутæ!
– Уæ, райгæ уай, зæронд лæг!
– Кæмæн кæрдут атæппæт хос?
– Хъæрæмæдзæн. Уас йе сæфт куы ‘рцæуид! Иу ыстдæссион саг
дары, æмæ мах фондзыссæдз хосдзауæй иу бон цы ныккæрдæм, уый йын иу
аходæнвагæй фылдæр нæ кæны.
Араст и Уæрхæг дарддæр æнæ исты зæгъгæйæ. Бахæддзæ ис
хуымгæрдджытæм.
– Райгæ уат уæ куысты!
– Райгонд уай ды дæр дæ царды, зæронд лæг!
– Атæппæт хуымтæ уæхи сты, æви ‘ндæр искæй?
Мах кæцæй ысты! Хъæрæмæдзы сты. Дзæгъæл ын баззайой!.. Уас ын
йæ мард куы фениккам!
Уæрхæг дарддæр араст и. Кæсы, æмæ иу ыстыр фæзбыдыры – дунейы
адæм. Цъынатæ амайынц.
– Уæ, райгонд уат!
– Уæ, райгонд уай ды дæр!
– Цæй бирæ цъынатæ амайут?
– Цы бакæнæм, ахæмы къухы стæм.
– Кæмæн цæ амайут, уый чи у?
– Хъæрæмæдз у. Уый цъынатæ сты... Сæ мидæг куыд басудза,
хуыцау ахæм арфæ ракæнæд!
Ницыуал загъта уæрхæг æмæ та ацыди дарддæр йæ фæндагыл.
Бахæддзæ Хъæрæмæдзы хъæумæ.
Ссардта Хъæрæмæдзы хæдзар æмæ йæм бахъæркодта:
– Ам дæ, Хъæрæмæдз?
– Ам дæн! Кæцы дæ?
– Мæнæ зæронд лæг дæн, æмæ æз де уазæг.
Хъæрæмæдз æм рауади. Йæ цæстытæ фæирдкодта, æмæ йын мусуаты
йæстæ аисты.
– Кæцæй цæуыс?
– Нартæй лидзын.
– Кæмæй? – мæсты фарст æй акодта Хъæрæмæдз.
– Нартæй, Нартæй!
Фæлæбурдта Хъæрæмæдз Уæрхæгмæ æмæ йæ нарты зæронды йæ дзыхы
бавзылдта. Уæрхæг хъæркæны:
– Фæлæу, ныхъхъуырыс мæ!
– Нарт мæнæн менæуынон æмæ ме сæфты хай куы сты! Уæд мæм куыд
бауæндыддæ уыдоны кой ыскæнын.
– Райс мæ дæ дзыхæй, æмæ дын радзурон æппæт дæр.
Хъæрæмæдз æй райста йæ дæлæвзагæй Уæрхæджы. Стæй йæ фæрсы:
– Кæмæй дæ?
– Æз мæгуыр лæг дæн, Нартæн хъомгæсæй фæхаттæн цæргæ-
цæрæнбонты.
– Уæдæ сегасы дæр зондзынæ. Æмæ Уæрхæджы дæр зоныс?
– Зонын æй? Куыннæ йæ зонын!
– Æмæ ма æгас у? У-у-у хæрæг!
– Нартæн нырма зондамонæг у.
– Уæрхтæнæджы дæр зоныс?
– Зонын, Нартæ йæ сæ хуыздæрыл нымайынц.
– У-у-у, дыггаг хæрæг та уый у!
– Аипп ма уæд, – æз зæронд лæг дæн. Мæ цард-цæрæнбонты цæм
рæгъаугæсæй фæхаттæн, фæлæ цæ ды цæмæй зоныс?
– Бирæ хæттыты цыл сæмбæлд, фæлæ цын тыхæй тыхмæ тых нæ
бафæрæзтон, нæдæр мын уыдон бафæрæзтой исты.
– Уагæры цавæр тыхы хицæуттæ уыдысты?
– Уый зæгъгæйæ нæу. Хуыцау сæ фарс у, æмæ мын сæ мæлæт нæ
загъта.
– Уыдон дæр дын нæ зонынц, æвæдздзæгæн, дæ мæлæт?
– Уый куы базоной, уæд ма цæ ‘ндæр цы хъæуы? Фæлæ йæ нæ
зонынц... Гъеныр мын зæгъ, цы сæрæн æрхаудтай ардæм?
– Уо-о, Хъæрæмæдз, æз дæ мад-дæ фыды уазæг, бамбæхс мæ. Уыдон
сауыл мысты фæд арынц, æмæ мæ фæд-фæд цæудзысты. Стæй мæ куы
ссарой, уæд мæ удæгасæй нал ныууадздзысты.
– Тæрсгæ ма кæн, мæнæн сæ фатæй мæлæт нæй, с’ арц мæ н’
ахиздзæн, сæ кард мæ н’ алыгкæндзæн.
– Уæдæ уæд ды мадæй райгуыргæ нæ дæ...
– Нæ дæн, зæронд лæг. Æй райгуырддæн ахæм бон, æмæ туг лæсæнтæ
куы кодта.
– Æмæ уый цавæр бон уыди?
– Æз гуымиртæй дæн. Нарты фыдæлтæ нæ мыггагимæ хæцыдысты. Мæ
мад мæнæй йæхибар нæ уыди. Гуымиртæ лыгъдысты, мæ мадæн та алидзæн
нæ уыд. Уæд мæ мад мæлæтдзаг цæф фæци, базыдта, мæгуыр, уацары кæй
хаудзæн... Æмæ къутæртæм йæхи баппæрста. Уым иу саджы ауыдта. Уый
дæр йæхибар нæ уыд. Мæ мад саджы рацахста, тыхулæфт ыскодта æмæ мын
мæ уд ауагъта саджы хуылфы. Æз саджы лæппуимæ райгуырддæн. Æмæ мын
мæлæт нæй зæххон лæжды къухæй. Мæ мад амарди. Мæн саг фæхастайæ
лæппынимæ. Схъомыл дæн, æмæ мын саг мæ уды бар, цы сагимæ
хъомылкодтон, уымæ радта. Уыцы сагæн та мæлæт нæй.
– Хуыцау бахизæд ахæмыл исты ‘рцæуынæй. Фæлтау æз мæхæдæг разы
дæн уыцы саг бахъахъхъæныныл. Исты тас куы цæуа, мыййаг, искуыцæй,
уæд дæм æз хъусынкæндзынæн.
– У-ы, зæронд! Ныр уыцы ‘лгъыста Нартæй цæмæн ралыгътæ, уый
мын раст зæгъ. Кæд дыл баууæндон, уæд дæ бахъахъхъæныныл мæхи дæр
æрхæсдзынæн, кæннод дæ сфизонæгкæндзынæн.
– Æз баззаддæн иунæгæй. Иунæг та уымæн, æмæ мын æлгъысты Нартæ
стæры заман амардтой мæ фыды. Мæ мад куыд нæ мæт кодтаид уыйфæстæ.
Æмæ амарди уый дæр. Мæн Нартæ сæхимæ ахастой. Ницы хорз мын фесты.
Сæ фосмæ цын кастæн, иу дзы нæ фæхъаудтон мæ лæппуйы бонтæй
гъенырмæ. Ныр уыныс, базæронд дæн. Зæрондмæ лæппуйы тых нал вæййы,
æмæ мæ фосæй фæхъуыди. Хæрæгау уæлæуыл фæуасæд Уæрхæг – уый хъомтæй
мын фæхъуыди, æмæ мæм мæлæтæй бартхъирæнкодта. Уд адджын у, мæлын
кæй фæнды! Хъомты агурыны ‘фсон ралыгътæн. Нартæй авд кæстæры
‘рбаййæфтон ныхасгæнгæ иу фæзбыны. Сæ ныхас та, Хъæрæмæдз, дæуыл
уыди. Иутæ дзырдтой: «Хъæрæмæдзæй йæй лæг ис! Мыстау æвæрæнтæ кæны,
æндæр ницы». Иннæтæ загътой: «Хъæрæмæдз æддæмæ уымæн нæ уæнды, æмæ
йæм Нарты цур нуазæн ничи раддзæн». Аннæтæ дзырдтой: «Хъæрæмæдз лæг
к’ уаид, уæд немæ искуы симдыл ныххæцид, фæлæ чызгимæ акафын дæр йæ
ныфс нæ хæссы». Æз цæм нал фæлæууыддæн, æнæуый дæр дæ кой Нарты
арæх хъуыстон, æмæ йæ афарстон: «Ау, æмæ кæд сымах Хъæрæмæдзæй
лæгдæртæ стут, уæд æй цæуылнæ ‘рцагурут. Фæлæ дзы кæд уæхæдæг
тæрсут, мыййаг?» Амæсты мæм ысты. Мæ дæргъ æмæ мын мæ уæрх иу
ыскодтой. Сау лæгау мæ сау над фæкодтой, æмæ мæ марды ‘фсон
ныууагътой. Уыдон хъæды цуаны ацыдысты. Æз мæхи куы æрæмбæрстон уæд
загътон: «Цæугæ кæн, мæнæйуый – æнцой дæ нал æруадздзысты Нартæ».
Гъеныр-мæ сæр де уазæг. Мæгуыр лæг дæн, æмæ дыл мæхи фæдзæхсын. Кæм
дын бабæззон, уым дын исты ‘ххуыс фæуыдзынæн. Уый дын мæ хабæрттæ
‘мæ мæ диссæгтæ.
Уæд æй Хъæрæмæдз афарста:
– Æмæ Нарты авд кæстæры кæм федтай?
– Хуртулæны бын – хъæд. Уый раз – фæз, æмæ растдæр уым.
– Дæ ныхæстæм гæсгæ ды стыр тыхст æмæ стыр бæллæхты бахауддæ.
– Хуыцау – уæлейы, зæхх – бынæй. Тыхст та ма цы вæййы!
– Уæдæ дыл æууæндын. Фæлæ-ма зæгъ: ардæм цæугæйæ искæуыл
амбæлддæ, мыййаг?
– Амбæлддæн хосдзаутыл, стæй хуымонтыл, стæй та
цъынаамайджытыл.
– Уæдæ уыдон сеппæт дæр хæринаг цæттæкæнынц, мæ уды бар кæмæ
ис, æз цы саджы лæппынимæ схъомыл дæн, уымæн. Æз цæуын Нарты авд
кæстæрмæ, хъуамæ цæ ‘рцахсон. Ды та мын иу хъуыддаг бакæн.
– Дæ хорзæхæй!
– Цъынаамайджытæм бацæудзынæ. Мæ номæй цын зæгъ: сагæн хæринаг
æртæ боны æртывæр фылдæр куыд дæдтой, афтæ.
– Хорз, мæ хур, хорз! – загъта Уæрхæг. – Фæлæ дæ рох ма уæд:
Нарты лæппутæ уым цуан кæндзысты, æмæ дæхи хъахъхъæн.
– Уый мæхæдæг зонын.
Хъæрæмæдз араст и Нарты авд кæстæры агурæг. Уæрхæг
цъынаамайджытæм рацæйцыд. Уæд дурасинтыл куыд æрцæйхызт, афтæ йæм
бынæй иу ахæст, иу зæронд дзуры:
– Байхъус-ма, нæртон лæг.
Уæрхæг æм фæлæууыди ‘мæ йæ афарста:
– Чи дæ уый? Цы дæ хъæуы?
– Хатыр бакæн, – загъта зæронд лæг. – Ды цæмæ ‘рцыддæ, уый æз
хорз æмбарын. Ды ‘рцыддæ, Хъæрæмæдзы марынмæ. Фæлæ бацу, æмæ
цъынаамайджытæн зæгъ Хъæрæмæдзы номæй, цæмæй, сагæн æртæ боны цы
холлаг лæвæрдтой, уый æртæ хатты фæкъаддæркæной. Стæй мæм-иу раздæх
фæстæмæ.
Уæрхæг афтæ бакодта. Сагæн æртывæр фæкъаддæр йæ хæринаг.
Хъæрæмæдз æртæ боны агуры Нарты кæстæрты. Сау фæллад бакæны. Йæ тых
сæтты, йæ уæраг фæллайы, дойны кæны. Дискæны, цæмæн афтæ у.
Уæрхæг зæронд лæгмæ ‘рбацыд.
– Гъеныр саг ардæм дон нуазынмæ цæудзæни, – загъта уыцы лæг. –
Ды доны цæхх ауадз æмæ æрæмбæхс.
Уæрхæг доны цæхх ауагъта ‘ма æрæмбæхсти. Саг дон нуазынмæ
‘рбацыди. Зыднуæзт кæны, фæлæ йæ дойны нæ сæтты. Фыддæр фæци дон
нуазынмæ. Цæхджын дон æй ноджы дойны кæны. Уæд сау суадонмæ
азгъордта. Уæрхæг йæ размæ фæци, æмæ суадоны саси акодта, банызта
дзы саг уыцы суадонæй, æмæ хуыфын райдыдта. Йæ бон нал уыди ‘мæ
æрхуыссыд.
Уæд æм уыцы лæг дзуры Уæрхæгмæ:
– Бавдæл, æмæ къæрта аскъæф. Саг уæлæмæ сыстинаг нал у, йæ
доныхуыпп нал уыромдзæн æмæ йæм-иу дзы къæрта барад. Дæ кард
цæхæрзынг ыскæн, æмæ йæ саджы мицъырайæ байсæр. Æрмæст гъеуæд
фæтыхуыдзынæ Хъæрæмæдзыл. Науæд фæстæмæ куы раздæха, уæд дæ
бахæрдзæн.
Уæрхæг йæ кард цæхæрзынг акодта ‘мæ йæ саджы мицъырайы
байсæрыдта. Йæ уæлдай йын акалдта. Уырдыгæй рацыд уыцы лæгимæ ‘мæ
саджы амардтой.
Хъæрæмæдз базыдта, цыдæр фыдбылыз ыл цæудзæн, уый, æмæ
раздæхти.
– Уæрхæг, афонмæ Хъæрæмæдз рацæуы, – загъта зæронд лæг. –
Хъæрæмæдзæн йæ мæлæт цæмæй у, уый мæныйæддæмæ ничи зыдта, æмæ мæ
цардцæрæнбонты ахæсты дардта. Ныр æз ме мбæхсæны бабырдзынæн
фæстæмæ. Стæй – дæ хъару, æмæ дæхæдæг!
Ахæстлæг йæ бынатмæ бацыд. Уæдмæ Хъæрæмæдз дæр фæзынд. Йæ хид
суадæттæй ызгъоры, æмæ къадакуырой цæмæй разила, уыйбæрцæй кæлы.
Ауыдта Уæрхæджы, æмæ йæм хъæркæны:
– Мæ фæдзæхст мын сæхæсткодтай?
– Тынг хорз, сагæй дæ фервæзынкодтон. – Аргæвстон æй.
– Уый нæртон лæджы йæддæмæ ‘ргæвдын никæмæн бакуымдтаид...
– Мæ мад, мæ фыдыстæн, нæртон лæг дæн æз.
– Æмæ чи дæ уæддæр?
– Уæрхæг!
Æмæ йыл уæд Хъæрæмæдз йæхи ‘рбаппæрста Уæрхæгыл. Йæ быны йæ
акодта, фæлæ Уæрхæг фæцырд, æмæ йæ кард Хъæрæмæдзы зæрдæйы бын
ысцавта. Уæрхæг йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæци, фæлæ йæ амардта
Хъæрæмæдзы.
Рацу, мауал тæрс ныр, зæгъгæ загъта ахæст лæгæн Уæрхæг. – Ацы
куыдзмæ цыдæриддæр фæллойæ ис, уый мæ номæй дæу фæуæд. Ныр мын мæ
рихитæй æртæ хъуыны ратон, æмæ цæ зынгыл авæр.
Зæронд лæг, Уæрхæг ын куыд загъта, афтæ бакодта. Хурыскæсæн
тыбартыбур байдыдта. Уæд Нартæ зæгъынц: «Уоххай, Уæрхæгыл цыдæр
æрцыди»...
Рафæдис ысты Хъæрæмæдзы бæстæм хотыхтимæ. Æрæввахс ысты
Уæрхæгмæ. Уæрхæг цæ базыдта сæ къæхтыуынæрæй. Æмæ дзуры ахæстлæгмæ:
– Хъусыс, Нарт æрцæуынц, æмæ цæ, мыййаг, сæ маст куы нæ
бауырома... Дæхи уал бафæсфæдкæн.
Уæдмæ Нарт ныххæддзæ сты. Ныккалдысты Уæрхæгыл. Уæрхæг цæ
басабыркодта. Стæй ахæсты цы лæг уыд, уый æргом рацыд.
– Мæнæ мæ хæрзгæнæг, – загъта Уæрхæг, – æмæ Хъæрæмæдзы фæллой
уый уæд. Хъусут, Нартæ! Æртæ фæдзæхсты уын уадзын. – Мæ фыдздзаг
фæдзæхст: фыдæх хæссынæй фыдæмпъызт хуыздæр у. Цас фæнды куы хæссат
фыдæх, уæддæр-иу ахъуыдыкæнынмæ фæлæуут. Мæ дыккаг фæдзæхст у:
фыдæй фыдхъæдгом хуыздæр у. Æрвылбоны масты бæсты фæлтау иу бон
фæриссут.
– Ме ‘ртыггаг фæдзæхст дæр уын зæгъын уæдæ, Нартæ – фыдкомæй
фыдæндæгъд хуыздæр у.
Æмæ Уæрхæг уыйадыл амарди.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 328 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск