Пятница, 04.07.2025, 08:54
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

УÆДÆРÆДЖЫ ХÆСТ
УÆДÆРÆДЖЫ ХÆСТ
Уæдæрæг гуымиртæй уыди. Кар æмæ Кæрæф ын радзырдтой сæ хабар.
Æмæ цын уæд Уæдæрæг афтæ зæгъы:
– Нартæ куыддæр фæфылдæр уой, афтæ нæ æнцой нал ныууадздзысты,
фæлæ цæ кæнæ бынтонфæцæгъдæм, кæнæ та цæ къаддæр фæкæнæм.
Уæдæрæг фат-фæдисон ныхъхъæркодта, æмæ æрæмбырд ысты гуымирты
адæм.
– Нартæ нын ыстыр фыдæбон æвзарынкæнынц. Никæуыл ауæрдынц, æмæ
цæм бырсын хъæуы, – загъта Уæдæрæг.
Гуымиргомы адæм, куы цæм байхъуыстаис, уæд сеппæт дæр иу ныхас
кодтой:
– Зынгæй гуырд ысты, зынгæй ард бахордтой, æмæ зын сæттæн
ысты.
– Цалынмæ фылдæр нæ баисты, уæдмæ цыл тых хъæуы. Уыйфæстæ
сæхæдæг махыл фæтых уыдзысты, æмæ ма нæ цæрын дæр кæм
ныууадздзысты, уæд!
Райдыдтой æфсадхон æмбырдкæнын гуымир-адæм. Зæхх цæ нæ
уырæдта, уыйас баисты. Æмæ фарстой:
– Кæд цæуæм Нартæм?
– Нартæм алы майрæмбоны куывд, йе хъазт вæййы. Æмæ цæ тымбылæй
ныййафдзыстæм, – загъта Уæдæрæг.
Майрæмбоны Гуымиргомы 'фсад æрбацыдысты, æмæ Нартыбæсты кæрон
æрынцадысты. Барвыстой Нартæм: "Мах, Гуымиргомы адæм, сымахмæ
'рцыдыстæм. Фæнды нæ, цæмæй нæ уе стыр хъазтмæ бауадзат."
Нартæ уыцы рæстæджы сæхи симдыл сифтыгътой æмæ загътой:
– Мах нæ симды дæр тыхæвзарæн кæнæм. Рацæут нæм. Уæхи
куыдфæнды, афтæ!
– Симгæ-симын-иу Нартæн сæ къахуæлфæдтыл ныллæуут, цæмæй цæ
цæуæн мауал уа, – фæдзæхста Уæдæрæг йе фсадæн.
Бацыдысты Нарты симды Уæдæрæг æмæ йæ бирæ 'фсад. Симынц, æмæ
цын барæй сæ къахуæлфæдтыл фæлæууынц Нартæн. Уæдæрæг æмæ йæ бирæ
'фсад цæ сæ уæфсæгтыл зæгæлхуыд бакодтой. Кæй къахыл фæлæууынц, уый
къахуæлфадæй туг сæнхъизы, æмæ йыл цæуын нал фæфæразы.
– Уаих æрбауат, цы Нартæ стут! Кæд уæ къахуæлфæдтæ тæндзæгæй
не сты! – дзырдта Уæдæрæг.
Æдзæм, æмырæй лæууыдысты Нартæ. Иу улæфт дæр уæ ничи скодта.
Æрмæст куыдфæстæмæ тыхджынæй тыхджындæр кодта сæ симды змæлд æмæ сæ
уынæр.
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уыцы заман Нартæмæркæсæнмæ 'рхæддзæ сты,
æмæ кæсынц уырдыгæй бынмæ Нарты симдмæ. Уæдæрæг бынтондæр ысуагъта
йæ цæсгом: нал ын арт и, нал – фæнык. Куы иуы къахыл фæлæууы
Нартæй, куы иннæйы къахыл.
Уæд дын Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æнцадгай æрхызтысты дæлвæзмæ 'мæ
бацыдысты Уæдæрæджы дæлæрмтты, æмæ симынц йемæ.
Гуымирты 'фсадæй иу Сырхбоцъо хуынди, æмæ йæм уый дзуры
Уæдæрæгмæ.
– Нæ зонын, нæ зонын. Фæлæ ды адонимæ ницы бакæндзынæ. Дæ
къахы уæлфæдтæ дын куы ныцъцъæл, куы ныммуркæной, уымæй ыстыр
фæллойаг у.
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Уæдæрæджы къæхтыл куы фæлæууынц, уæд
Уæдæрæг размæ бахауы.
– Налат фæуат, кæд уазæгæн ахæм митæ нæ чындæуы! – загъта
Уæдæрæг.
– Налатæй налатдæр дæхæдæг! Фыдызнаджы митæ ды кæныс. Сæ
къæхты уæлфæдтæй цын туг ды суагътай Нартæн. – Нал æм фæлæууыд
Уæрхæг дæр.
Хылмæ цын асайдта сæ ныхас, æмæ схæцыдысты Нарт Уæдæрæджы
'фсæдтимæ. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг арцыл систой Уæдæрæджы. Гуымирты
'фсад уый куы федтой, уæд лидзæг фесты сæ фылдæр.
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æристой арцæй Уæдæрæджы.
Йæ къæхтыл ын фæйнæрдæм ахæцыдысты, æмæ йæ уым дыууæ дихы
бакодтой. Уыйфæстæ, уацары чи бахауд, уыдонæй дыууæ лæджы рацахстой
æмæ цын загътой:
– Ахæссут мæнæ уе смаггæнаджы!
Уыдон фæтарстысты, æмæ йæ фæдкалгæ дыууæ дихæй аскъæфтой
Уæдæрæджы.
Ныццыдысты гуымир-æлдармæ йæ дыууæ 'фсæддоны.
– Нартæ Уæдæрæджы дыууæ дихы акодтой, æмæ йæ мæнæ, куыд уыныс,
афтæмæй рарвыстой.
Гуымир-æлдар тынг ысмæсты ’мæ загъта:
– Цавæр тыхыхицау цæ скодта Хуыцау, дæлæмæ фæуа! Махæн афтæмæй
цæугæ нал у ныр. Фæлæ цæ 'рсайæм фидыды алдзæн. Хорз цæ
фæрасыгкæнæм, кæрæдзийы куыд нæ уал æмбарой, афтæ. Стæй цæ уæд
æнцонæй басæтдзыстæм.
Уыйадыл гуымир-адæм сæхи цæттæ байдыдтой. Афæдз рацыд, фæлæ
гуымир-адæмæй Нартæм ничиуал фæзынд. Нартæ дæр цын фæзынынæнхъæл
нал уыдысты 'мæ цардысты 'нцад сæхицæн.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 274 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск