Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
УАСТЫРДЖИ САТАНАЙЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА
УАСТЫРДЖИ САТАНАЙЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА Сатана Уырызмæджы хæдзары рахъомыл и. Ахæм рæсугъд æмæ зондджын рауади, æмæ йæм Æртæ Нартæй алчи дæр хæлæг æмæ тæхудыкодта. Суанг ма Чынтæ дæр. Сатана рæсугъд куыд уыди, йæ хъару дæр афтæ уыд. Уазæгæн лæггадкæнын, хистæрæн æмæ кæстæрæн дæр æгъдау радтын, бинонтæн цыткæнын, – æппæт уыдонмæ чи аййæфтаид Сатанайы! Мæстæймардысты Нарты чызгфæсивæд æмæ йыл фыдвæндыскодтой иухатт Сатанайыл. Нарты лæгрæгъау та стæры фæцыдысты уыцы рæстæг. Æрымбырд ысты чындзæй-чызгæй Къусбар кодтой сæхицæн æмæ 'рбахуыдтой Сатанайы дæр. Æрхастой мыдхæддзæ нуæзт, æмæ дзы рæгъытæ систой. Сатана дæр нуæзта. Уæд се хсæн хингæнæгусы чызг фæци. Æмæ йæм уыди сызгъæрин æнгуырстуан. Æмæ афтæ зæгъы: – Ацы 'нгуырстуанæй фæйнæ баназæм. Алчидæр дзы банызта. Сатанамæ дæр æй авæрдтой. Нуазгæнуазын æнгуырстуан йæ дзыхы бахауд æмæ йæ хъуыры фæбадти. Сатана нал улæфыди 'мæ ныффæлурс. – Лæгтау ард бахæрæм, ацы хъуыддаг нæ куыд ничи схъæркæндзæн, – загъта хингæнæджы чызг. Иууылдæр ард бахордтой. Сатанайы систой, æмæ йæ Уырызмæджы усмæ бахастой. Уæд Уырызмæгæн ус уыди, Йелда хуынди, æмæ йын афтæ зæгъынц: – Æрхуыссын æй кæнæм, сонтчызг – æмæ нуæзт йæ сæры бацыди. Сатанайы хуыссæнтыл æрывæрдтой, æмæ йæ фынæйы 'фсон ныууагътой. Æмæ Нарты чындзытæ 'мæ чызджытæ дарддæр кодтой сæ къусбар. Уастырджи хабар базыдта 'мæ Нартыл йæ фæндаг ракодта. Уырызмæгыл бацыди. Зыдта йæ, Уырызмæг уым нæй, уый. Фæлæ уæддæр бадзырдта: – Уырызмæг, ракæс-ма! Йелда рауади йæ размæ. – Лæг ам нæй. Балцы ис, фæлæ рахиз мидæмæ! – Æвзæр фын федтон, æмæ, цы уæлдай у? Дæуæн дæр æй зæгъдзынæн. Мидæмæ мæ не вдæлы, тагъдкæнын. – Цавæр фын у? – Цыма урс бæлон уæ мæсыджы ныххауди æмæ уыл сау æндæрг сыстади. – Судзгæ бон мыл! Уæдæ нæ чызгыл цыдæр цæудзæни. – Æмæ цы кодта уæ чызг? – Нарты чындзытæ 'мæ чызджытæ къусбар ыскодтой, æмæ расыгæй æрбацыди. Бафынæй. Нырма нæ райхъал æмæ мæ нæ лæг мардзæни. – Цæуыл дæ мары? – Фæдзæхсгæ мæ бакодта, цæмæй чызгмæ мæ хъус дарон. – Цом ма, фенон æй уæддæр. Уастырджи Сатанамæ бацыди. Сатана не змæлыд, афтæмæй лæууыд йæ хуыссæнуаты. Уастырджи зыдта хъуыддаг, æввахс æм бацыди Сатанамæ. Рахъил æй кодта, йæ сæр ын уырдыгмæ 'руагъта. Æмæ йын йæ фæсонтæ 'рцавта. Сатана æнгуырстуан йæ хъæлæсæй сæппæрста 'мæ сулæфыди. Йæ цæстытæй ракасти 'мæ сдзырдта: – Дон! Дон мын авæрут. Йелда йын къусы мидæг дон æрбадавта. Сатана йæ анызта 'мæ та сулæфыди. – Кæй æнгуырстуан у? – афарста йæ Уастырджи. – Хингæнæджы чызджы. – Уæдæ-иу æнгуырстуан Уырызмæгмæ радтут, – загъта Уастырджи 'мæ ацыди. Йелда 'мæ Сатана Уастырджийы нæ базыдтой. Дыггаг бон Нартæ сæ балцæй æрцыдысты. Йелда Уырызмæгæн, Сатанайыл цы фыд æрцыд, уый радзырдта. – Афтæ дын куы фæдзæхстон, макуыдæм æй ауадз. – Бæргæ йæ нæ уагътон, фæлæ мæм ныххатыдтой. Стæй йæхи дæр бафæндыди. – Фенын ма мын кæн æнгуырстуан. Йелда радта Уырызмæгмæ æнгуырстуан. Уырызмæг рацыди 'мæ хъæугæронмæ рахæддзæ. Систа æнгуырстуан. Йæ хъусы йын хуынкъ акодта æмæ хуынчъы уырдæндах атъыста. Стæй зæгъы æнгуырстуанæн: – Мæ разæй цу, кæй дæ, уымæ! Æнгуырстуан гæпгæнгæ араст и, æмæ хингæнæгусы хæдзары смидæг. Æмæ хингæнæджы чызджы 'нгуылдзыл абадт. – Сатанайы мын цæй тыххæй мардтат уæддæр? – бауырдыг цæм Уырызмæг. Мад æмæ чызг ын лæгъстæкæнынмæ фесты, ма нæ фесаф зæгъгæ. Цы нын зæгъай, уый бакæндзыстæм. – Сындзыты мæкъуыл мын самайут! Самадтой йын сындзыты мæкъуыл. Уый дæр цæ мæкъуылы цъуппыл бабаста. Стæй цыл арт бафтыдта сындзытыл. Æмæ дыууæйæ дæр сæ хинтимæ бавзалы сты. Раздæхт Уырызмæг, æмæ йыл Уастырджи амбæлди. – Дæ фæндаг раст, Уырызмæг! – Дæ хъуыддаг раст, Уастырджи! – Сæргуыбыр æмæ къулбæрзæйæ куы цæуыс... – Цы кæнон, Уастырджи, Сатана мын сæфти. Фæлæ йæ фервæзынгæнæг бирæ фæцæрæд!.. Йæ маст ын бæргæ райстон Сатанайæн. – Цы бакодтай? – Сындзын арты цæ басыгътон йæ бафхæрджыты. – Æмæ йæ ирвæзынгæнæг та чи уыди? – Нæ йæ базыдтой. Не фсин дæр æмæ чызг дæр. – Цом ма, æмæ цæ мæ цуры бафæрс. Йелда Уастырджийы куы ауыдта, уæд дисы куыд нæ бафтыдаид. – Ацы лæг у нæ чызджы ирвæзынгæнæг! – Уый Уастырджи у! – загъта Уырызмæг. Фæцинкодтой уым кæрæдзиуыл. Стæй Уастырджи уæларвмæ фæцыди йæ урс бæхыл, Уырызмæг æмæ йæ бинонтæ та цæргæйæ баззадысты Нарты 'хсæн. | |
Просмотров: 412 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |