Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД
СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД Нарты Уæрхæджы ус Дзерассæ хуынд, Донбеттырты чызг. Æмæ йын уыди Уæрхæгæй дыууæ фырты, Фарнæг æмæ Уæн. Уыдон фылдæр нырма хæдзарон уыдысты, фæлæ йæ хистæр зæнæг – Хæмыц æмæ Уырызмæг – иугæндзон хæтæнты хаттысты, æмæ та ныр дæр кæдæмдæр фæцыдысты балцы. Уæд иубон Дзерассæ дыууæ къæртайы райста, æмæ рараст и Нартыдонмæ, цалынмæ сыгъдæг у, уæдмæ дзы сдавон зæгъгæ. Нартыдонхæссæн та Сырдтыдоны цур уыди, æмæ Гæтæг уым февзæрд – Дæттыбардуаг. Ныр дын Нартыдон уыцы змæстæй цæуы. Æмæ дын уæд афтид къæртатимæ фездæхти фæстæмæ Дзерассæ. Иучысыл рæстæг рацыд, æмæ та Дзерассæ ногæй ныууади донхæссæнмæ. Фыддæр ызмæстæй та абухгæ цæуы Нартыдон. Сырдтыдон та æртæхау ирд æмæ сыгъдæг уыди. Фæлæ йæ мидæг Гæтæг бадти, æмæ донæй æддæмæ нæ хызти. Стæй æвиппайды февзæрд Дзерассæйы цур. Ком мын радт зæгъгæ загъта. – Науæд Нартыдон афтæ змæстæй цæудзæни. Раздæхт Дзерассæ. Фæлæ йын цы гæнæн уыд, æмæ та чысыл фæстæдæр ногæй ныццыди донхæссæнмæ. Гæтæг дæр та уым февзæрд. – Ныр цал æмæ цал хатты 'рцыддæ... Ком мын куы нæ радтай, уæддæр æз мæхион бакæндзынæн. Фæтарст Дзерассæ 'мæ рацæйлыгъд, фæлæ йæ Гæтæг ралгъыста. Æмæ уыйадыл ус бауæззау. Гæтæг хæйрæг уыди, æмæ хæйрæгæн та чи цы базондзæн! Уæд Дзерассæ йæ дымджытæ бацагъта, æмæ дзы лæппу 'рхауди. Йæхæдæг йæ разкъæртты фæдджитыл ысхæцыд, æмæ ралыгъд... Æмæ уыцы бон Нартæн сæ фыдбылызы бон уыди... Гæтæг азгъордта Донбеттыртæм æмæ 'рбамбырдкодта устыты. Сырдтыдоны йæ атъыстой лæппуйы, æмæ уым цæргæйæ баззад цасдæр рæстæг. Хъомыл æй кодтой Гæтæг æмæ Донбеттыртæ. Сырдтæ-иу фыдздзагау дон нуазынмæ цыдысты. Фæлæ 'ввахс бацæуой донмæ, уый цæ ничи уæндыд – тарстысты лæппуйæ, æмæ-иу ныттыгуыртæ сты доны был. Цæй, æрцахсæм æй, зæгъгæ загътой иухатт Нартæ. – Скæнæм æй нæхимæ. Фæлæ цын лæппу ахсын нæ бакуымдта, æмæ йæ уæд ныууагътой. Хæдзар ын ыскодта Гæтæг йæ фыртæн чыскъæдзæхы рæбын, Нартыдонæн йæ тæккæ был, хид æвæрд кæм уыди, уым. Сырдон зæгъгæ йыл ахæм ном дæр Гæтæг йæхæдæг сæвæрдта – лæппуйæн йæ бакаст сырды хуызæн кæй уыди, чи зоны 'мæ уымæн. Йæ ранмæ куы рацыди Сырдон, уæд ысхызти хиды бынæй, акасти фæйнæрдæм. Стæй ыссыди Нарты Ныхасмæ. Нартæ йыл худæгæй мардысты, фæлæ цыл-иу Сырдон йæхæдæг дзурынмæ стых и. Æмæ-иу уæд банцадысты. Дис-иу кодтой сæхинымæр: "Ай, хуызæнæй нæхи хуызæн дæр у, æмæ дæлимонты 'нгæс дæр у... Уæд кæм цæры, йе кæм вæййы?" Фарстой йæ Нартæ Сырдоны: – Дæхи нын бацамон – чи дæ, кæцон дæ? – Æз дæр Нартæй дæн зæгъгæ-иу загъта Сырдон. – Дис мыл цы кæнут? – Уомæ, мах неппæт дæр ам æмбырдæй куы стæм... Уæд нæ ды кæмæй дæ? – Уымæй мæ цы фæрсут? Сом мæ базондзыстут... Ницыуал-иу загътой уæд Нартæ, æмæ-иу ныхъхъус ысты. Уæд дын иухатт Сырдон Дзерассæмæ бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: – Нартæ мæ, чи дæн, уымæй фæрсынц, æмæ цы зæгъон? – Мæнæй райгуырддæ, уый цын ма зæгъ, æмæ дын æз Нарты хæрæфырты усæн æрхæсдзынæн. Уазæгуаты мæм ис ныртæккæ, æмæ-иу мæ арæх абæрæгабæрæгкæн. Сырдоны дæр ма æндæр цы хъуыди! Дыггаг бон Сырдон Дзерассæмæ бауад. Æмæ йын Дзерассæ афтæ: – Абон æмбисбонты цæудзæни Нарты хæрæфырт йе мбал-чызджытимæ. Дзыхыдоны цурæй раздæхдзысты йе мбæлттæ, æмæ-иу æм уæд фæцырд у. Сырдон Дзыхыдоны цур бадти 'мæ æнхъæлмæкаст. Нарты чызджытæ куыддæр раздæхтысты, афтæ йæ ракодта Сырдон Нарты хæрæфырты, Гæтæг ын цы хæдзар сарæзта къæдзæхрæбын, уыцы 'мбæхст хæдзармæ. Нарты Ныхасмæ-иу рацыд Сырдон, æмæ цæ мæстæй мардта, куы – загъд, куы та-иу хылкæныныл ысси. Цæвынмæ-иу æм куы фæцæйцыд исчи, уæд та-иу фæдæлдзæх. Афтæмæй цæ 'нцой нæ уагъта. Нæ маст дзы сисæм зæгъгæ-иу зылдысты йæ фæдыл Нарт, фæлæ сæ къухы кæм æфтыд! | |
Просмотров: 272 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |