Пятница, 04.07.2025, 04:27
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

СÆУÆССÆЙЫ МÆЛÆТ
СÆУÆССÆЙЫ МÆЛÆТ
Нарты Сæуæссæ фæзæронд и 'мæ фидары бадти, йæхи хызта
уæйгуытæй. Уæйгуытæ йæм мæсты уыдысты – бирæты дзы фæцагъта, бирæты
та дзы цæнкуылтæ фæкодта. Сæуæссæ зыдта – нæ йæ ныууадздзысты
уæйгуытæ, æмæ фидары мидæг уæрм ыскъахта. Уым уазал дон цыди. Куы-
иу ыстæвд Сæуæссæ, уæд-иу дзы ныббырыд, æмæ-иу йæ болат буар йæ
ранмæ 'рцыд.
Сæуæссæ йæ дзæккорыл æфсæн зæгæлтæ ныффидаркодта, сæвæрдта йæ
мæсыджы сæр, æмæ-иу афæлгæсыд: мыййаг, искуыцæй куы фæзыной
уæйгуытæ. Фидары дуæрттæн ахæм æрвгæнæнтæ сарæзта, æмæ бакæнын нæ
куымдтой.
Уæд та иуахæмы мæсыджы сæрмæ схызти. Афæлгæсыд, никуыцæй ницы
зынди 'мæ æрфынæй. Раст уыцы рæстæг фæзындысты уæйгуытæ, æмæ кæсынц
Сæуæссæйы фидармæ.
– Фат-фæдисон фервитæм. Кæд дзы исчи разына фидары, уæд æнæ
ракæсгæ нæ фæуыдзæн. Кæд дзы ничи ракæса, уæд та нын сусæгæй цæугæ
у. Фидары фисынтыл арт ыскæнæм, æмæ йæ басудзæм. Æддæмæ дзы куы
цæуа исчи, уæд нын 'й амарын æнцондæр уыдзæни.
Фат фехстой уæйгуытæ, æмæ æгæр сæрдзыд атахти. Фидармæ нæ
бахæддзæ и 'ххæст, æмæ, кæм сæмбæлд, уым сыджыт ыспырхкодта. Æмæ
фидары сæрмæ скалдысты йæ пырхæнтæ. Сæуæссæ ницы базыдта, нæ
райхъал йæ фынæйæ.
Дыггаг фат та æгæр бынты ацыд, фидармæ хæддзæ дæр нæ баци. Æмæ
та æртыггаг хатт фехстой. Фат ратахти. Сæуæссæйæн фидары мидæг цы
уæрм уыди, дон кæм дардта, уыцы уæрмы къæйыл сæмбæлди. Къæй
ахаудта, æмæ гыбаргыбургæнгæ ныттылди уæрмы бынмæ, æмæ дон уæлæмæ
цæуын нал уагъта.
Фехъал и Сæуæссæ, акасти 'мæ – й' алыварс сыджытæй йе дзаг.
Æмæ дискæны, ай цæй сыджытыкалд у? Æрхызти бынмæ, доны уæрммæ
бацыди, æмæ – къæй уым нал. Дон хæрдмæ скалди. Ныххызти бынмæ,
уæрмы бынæй къæй систа, кæсы, æмæ – фат йæ уæлæ. Цæхгæр ысгæппласта
Сæуæссæ, æмæ афæлгæсыд. Уæйгуытæ хохæй коммæ 'рхызтысты, æмæ
æнæхъæн æфсадæй рацæуынц. Сæуæссæ цæ базыдта, æмæ йæ фидары дуæрттæ
æрæхгæдта, йæ бæхы фæсгæнах æрæмбæхста. Мæнæ рацæуынц уæйгуытæ.
Сæуæссæ фæсгæнах сусæг бацæуæныл къæй бахъилкодта. Йæхæдæг бæхыл
абадти, йæ кард дардыл фæхаста, æмæ уæйгуыты ‘хсæн ысмидæг и, æмæ
цæ фæйнæрдæм цæгъдынтæ систа. Йæ кард кæуыл æрныдзæвы, уый карст
фæткъуыйау фæдихвæййы. Зæронд Сæуæссæ уæйгуыты йæ фæдыл асайдта.
Æмæ йæ чи куыд æййæфта, афтæ цæ куынæгкодта. Уæйгуытæ бамбæрстой
Сæуæссæйы хин. Æртæ дихы фесты, æмæ иутæ размæ фесты, иннæтæ
фæрсырдыгæй цыдысты, æртыггæгтæ та йæ фæстейы сырдтой. Фæттæ йыл
æхстой йæхиуыл дæр, мæ йæ бæхыл дæр. Уый дæр кæй фатæй æхста, кæй
кардæй карста, кæй арцæй мардта.
Сæуæссæ 'рбазылди фидарырдæм. Уæд йæ бæх фæцæф и, туджыахстытæ
скалдта йæ хъæлæсæй, цалдæр гæппы ма бафæрæзта 'мæ зæххыл æрхауди.
Сæуæссæ агæпласта, фæсгæнахмæ бауади, къæй рафæлдæхта, æмæ Хуыггомы
смидæг и. Мидæгæй æфсæнæхгæнæн рагуыпласта, æмæ уæйгуытæн бацæуæн
нал уыди. Фидары сæрмæ 'рлæууыди йæ кардимæ 'мæ загъта:
– Тыхкæнынмæ куы цæут, уæ, саусæр уæйгуытæ! Уе ргом мæм
раздахут!
Уæйгуытæ кæрæдзиуыл бæндæнтæ абастой, æмæ схизынц. Фæлæ
Сæуæссæ бæндæн фæлыг кодта, æмæ та рахаудысты уæйгуытæ
сæрбихъуырæйттæгæнгæ. Уæйгуыты хистæр цæм дзуры:
– Асинтæ саразут, æмæ йæм афтæмæй ысбырæм. Кæннод нæ не
суадздзæн йæхимæ.
Уæйгуытæ асинтæ аразын байдыдтой. Фидары къултæ авд ивазны
бæрзæндæн уыдысты. Асинтæ куыд цæттæкодтой, афтæ цыл бырыдысты. Уæд
Сæуæссæ иу фисынæй иннæмæ фæйнæг авæрдта. Куы сцæйхизынц уæйгуытæ,
уæд та фæйнæгыл ранцайы Сæуæссæ, æмæ асинтæ рахъилвæййынц, æмæ
уæйгуытæ зæххыл сæмбæлынц.
Ницы тых кодтой афтæмæй дæр Сæуæссæйæн. Уæйгуыты хистæр
Авдсæрон уыди. Æмæ йæм Сæуæссæ дзуры:
– Ныр куыд цæгъдынкæныс де фсад? Дæхæдæг цæуылнæ уæндыс, æви
дын уæлдайаг ысты! Де фсад куы нæ уой, уæд та дæхи дæр ма 'вдис.
Ацы 'фсадимæ æз мæхæдæг фидаудзынæн.
Стыр хъыг фæкастысты уыцы ныхæстæ Авдсæронмæ 'мæ загъта:
– Дæхимæ мæ бауадз ысхизын, æмæ схæцæм лæгæй-лæгмæ.
Сæуæссæ сразы и. Авдсæрон фидары сæрмæ схызти асиныл. Уым
Сæуæссæ асин фæстæмæ раппæрста. Хæцынтæ систой. Сæуæссæ йæ
рариуыгъта 'мæ Авдсæронæн йæ иу сæр атылд æфсадыл. Уый цæм
адзырдта:
– Мæ сæр мын æрцахсут, æмæ йæ тагъддæр сæппарут фæстæмæ.
Авдсæронæн йæ тых иу хатт фæкъаддæр. Сæуæссæйæн та иу хатт
фæфылдæр.
Уæйгуытæ сæ хистæры сæр æрцахстой, бæргæ ма йæ сæппæрстой,
фæлæ йæ Сæуæссæ ацахста 'мæ йæ фæныкмæ ныппæрста. Стæй дыггаг сæр
дæр фæнычы абадт. Йе хсæз сæры йын алыгкодта Сæуæссæ уæйгуыты
хистæрæн. Уæйгуыты хистæр ыстарсти мæлæтæй æмæ дзуры:
– Цы фестут уæдæ, æз йемæ хæцдзынæн, æмæ асинтыл ысбырут
тагъддæр!
Уæйгуытæ та асинтæ авæрдтой фидары къултыл, æмæ бырынц уæлæмæ.
Бирæтæ дзы сирвæзти. Сæуæссæ уæд Авдсæрон уæйыгæн йе вдæм сæр дæр
ракъуырдта, æмæ сæр зæхмæ 'рхауди, йæ гуыр ын раппæрста фидары
сæрæй. Уæйгуытæ сæр йæ бынаты авæрдтой, æмæ та уæйыг райгас. Дзуры
йе фсадмæ:
– Ме хсæз сæрæй æнæ хай фæдæн, фæныкдылд фесты, æмæ мыл нал
баныхæсдзысты. Уæ иутæ фидармæ схызтысты, уый уынын, иннæтæ хъæдтæ
'рбатулæнт, æмæ фидарыл арт бандзарут.
Уæйгуытæй иутæ хъæдтæ 'мæ сугтæ ластой, чи цæ хæццæ кодта, чи
сугтæ амадта фидарыл. Сæуæссæ базыдта, цæмæ хъавынц, уый. Фидары
цурмæ йæхи сласта. Ныр уæйгуытæ йæ фæстæ бырынц. Фидары сæр йæ
дзæккор-къулæг йæ къухы бафтыд, æмæ цыл ралæууыд уæйгуытыл. Уыцы
даргъ æфсæнзæгæлтæ кæуыл аныдзæвынц, уый цæрдхуынкъ фæкæнынц.
Афтæмæй цæ йæ разæй систа. Куыд уырдыгдæр хизы, афтæ фылдæрæй
цагъды кæнынц. Уæйгуыты хистæр дзуры:
– Уæхи йыл баппарут æмæ йæ 'рцахсут. Иуыл фæцагъды бæсты уадз
æмæ мах фесæфæм.
Уæйгуытæ дæр сæхи 'ппæрстой Сæуæссæйыл. Уæдмæ арт сирвæзт
фидарыл. Сæуæссæ уый куы федта, уæд рагæппласта фидарæй. Уæйгуыты
хистæры йæ быны афсæрста. Йæ сæр ын ракъуырдта 'мæ йæ цæхæрмæ
баппæрста. Сæр ма цæхæрæй дыууæ гæппы сцæйкодта, фæлæ йыл арт
ысхæцыди 'мæ басауæвзалы.
Уæйгуытæ бакалдысты Сæуæссæйыл, сæ быны йæ 'ркодтой æмæ йыл
арт бафтыдтой. Сæуæссæ сырх цæхæр ысси. Йæ бæттæнтæ бæргæ
асыгъдысты, азгъордта ма фидармæ, цæмæй уæрмы донæй йæхи
'руазалкæна, фæлæ йæ нал бауагътой уæгуытæ. Уый цыл йæ дзæккор-
къулæгæй балæууыд. Фæсгæнахы дуар фегомкодта. Фæлæ та йæ уæйгуытæ
нал бауагътой мидæмæ бахизын.
Уæд Сæуæссæ мæстæй рагæппкодта фæстæмæ, куыройыцалхау
ныззылдта йæхи, æмæ йæ буар кæуыл ныдзæвди, уый-иу фæтымбыл æмæ
'рбамард. Фæцагъта ма Сæуæссæ уæйгуытæй бирæ, фæлæ йе фсæн буар
æрфæлмæн и. Афтæмæй йæ фыртæвдæй зæхх фескъуыд, æмæ дзы Сæуæссæ
'гасæй аирвæзти.
Уæйгуытæй ма чи баззад, уыдон сæ мæрдты сæггойкодтой. Фæлæ
уыйбæрц мæрдтæ ахæссын сæ бон нал уыди, æмæ фæйнæ авд марды
ахастой. Нал цæ фæрæзтой. Уæд цын иу уæрм ыскъахтой æмæ цæ уым
ныккалдтой. Ахастой ма сæ хистæры мард, уый дæр æнæ сæрæй.
Афтæ фесæфти зæронд Сæуæссæ.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 313 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск