Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
СОСЛАНЫ РАЙГУЫРД
СОСЛАНЫ РАЙГУЫРД Нартæн искæйонæй-фыййауæй куыста Уастырджийы хæрæфырт. Уастырджийы хæрæфырты 'мгъуыд æрцыди. Æмæ загъта Нартæн: – Кæд мын исты дæдтут мæ фыдæбонæн, уæд мын æй рахицæнкæнут, æмæ цæуон. Нарты нæ фæндыди, загътой: – Иу афæдз ма нæм бакус. – Нал у мæ бон. Уæд ын Уырызмæг афтæ зæгъы: – Нырма лæппу дæ, æмæ афæдз бирæ нæу. Æххæст ма нæм иу афæдз бакус мæ хатырæй. Фыййау æнæбары сразы, æмæ та ацыди йæ фосы фæдыл. Уæд, зæгъы, Уастырджи йæ фæндаг йæ хæрæфыртыл ракодта, æмæ йæ æгæр æнкъардæй куы 'рбаййæфта, уæд æй фæрсы: – Цы дæ гуыбынмæ ныхъхъуыстай, мæ хæрæфырт? Æви дæм Нартæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ зилынц. Æмæ ахæм дæр куы не сты. Уæлдайдæр Уырызмæг. – Сафгæ дæр мæ Уырызмæг фæкодта. – Цæмæй уæддæр? – Нарты фос хызтон рæстæгмæ. Мæ рæстæг æрцыди, æмæ загътон, мæхион мын радтут, æмæ цæуон зæгъгæ. Уыдон нæ разыкæнынц, иу афæдз дам ма бакус. Нæ цын ысразы уыдаин, фæлæ мæм Уырызмæг ныххатыди, æмæ мæстджынæй рацыддæн. – Ма тыхс, уый хыгъд ын æз ахæм ми бакæндзынæн Уырызмæгæн, æмæ йæ усæн дæуæй лæппу райгуырдзæни. – Цытæ дзурыс, мæ мадыфсымæр! Уымæн ницы гæнæн ис. Стæй Сатана æрдæг-зæд, æрдæг-адæймаг у. Æмæ йæхиуыл уыцы хъуыддаг не руадздзæн. – Æрдæг – зæд, æрдæг адæймаг у, уымæй раст зæгъыс. Фæлæ дæм кæд мæ ныфс, мæ хъаруйæ исты ис, уæд сарæхсдзынæ. Æз уал ныр Уырызмæджы хæдзармæ цæуын. Æмæ Уастырджи Нартæм æрцыди. Уырызмæджы бынаты баййæфта, æмæ ныхаскæнынц кæрты. Уæд Уастырджи йæ бæхæн сусæгæй дзуры: – Ахæм къæйтæн фæу, æмæ Уырызмæджы урс куырæт бынтон цы фесæфа! Уастырджи 'мæ Уырызмæг ныхас нæма фесты, афтæ Сатана фынг рацæйхаста. Уæд бæхы гуыбын сгуыргуыркодта, æмæ фæкъæйтæн и бæх. Айдзæгъта йæ къæйтæн. Уырызмæджы урс куырæт бæхы къæйтæнæй нал зынди. Æгæрыстæмæй Сатанайы раз дæр байдзаг и. Уастырджи йæхи барæй фæмæстыкодта. – Фæлдыст фæу, кæд æй ардæм цы 'рхастай!.. Цæй, ницы кæны. Доныбыл цæ цæхсут сæ нæуæгæй, æмæ ацæудзысты сæ чъизитæ донызмисимæ... Райста Уырызмæджы урс куырæт Сатана, йæхицæн дæр – ивæнтæ. Æмæ лæгты цур фынг куы 'рывæрдта, уæд араст и доныбылмæ. Уастырджийы хæрæфырт фæсобау хызта йæ фосыдзуг. Иуафон дуры хъæбысы аууоны йæхи 'руагъта. Сатана йæ зонгæ дæр нæ бакодта. Йæ дарæс раласта Сатана, æмæ йæ буарыл хурытынтæ схъазыдысты. Фыййау уый куы федта, уæд мæтмæрдтæ байдыдта. Сатана йæ уæрагæмбæрзæн æрæппæрста æмæ фыццаг бауадзыг и. Сатана йæ уæрагæмбæрзæн, фыййау цы дуры бын хуыссыди, уымæн йæ чъылдымырдыгæй æрытыдта, цæмæй йын асуруыдаид хурмæ. Йæ тæнæг уæлæфтау йæ уæлæ 'рбаппæрста, æмæ куыд рацæйцыди, афтæ уæлæфтауæн йæ кæрон дурыл фæхæцыди 'мæ зæххыл абадт. Сатана фыййауы ауыдта, æмæ фæлидзæг и. Йæ уæрагæмбæрзæн дæр æй æрбайрох и дурыл. Уæд фыййау Сатанамæ касти, йæ ивæнтæ куыд кæны уымæ... Æппындæр никæмæн ницы схъæркодта Сатана. Изæры йæ уæрагæмбæрзæн æрхаста. Дуры уд кæй бацыди, уый фæфиппайдта Сатана, æмæ райдыдта бонтæ нымайын. Иуахæмы та Уастырджи Уырызмæгыл йæ фæндаг ракодта. Уырызмæг та хуындуаты уыди уæд Уæллаг Нартæм. Æмæ йæ афарста Уастырджи Сатанайы: – Тагъд уыдзæн, цымæ, Уырызмæг? – Æз æм ауайдзынæн. – Уанцон нæу, Сатана! Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ чемы нæ дæ... – Хуыцау ын æй ма ныббарæд Нарты фыййауæн – мæ уды 'рдæг нырма дуры ис. – Æмæ йæ цæуылнæ ауагътат? – Нæ зæронд лæг ныффæрск и, æмæ ма йæ иу аз бауырæдта. – Куы йæ бауырæдта, уæд æм цавæр зæрдæйыахаст уыди фыййаумæ? – Стыр маст ын уыд, афтæмæй ацыд. – Уæдæ йын æй ныббар, – загъта Уастырджи. – Уый дæр йæ масты фæдыл афтæ бакодтаид. Фæлæ уддзыд дунемæ куы фæзына, уæд-иу ыл ном сæвæрут: Сослан. – Уый та цы загътай. Уæд та чызг райгуырди: – Уæд-ыл иу дæхи ном сæвæр... Фæлæ йæм ысуайон æз Уырызмæгмæ, æхсызгон мæ хъæуы. – У-у, Уастырджи, асай йæ демæ. Æмæ-иу æй ныффæстиаткæн. Уддзыдæн й' афон у, æмæ йæ ма базона. Стæй йын æй йæ размæ арвитдзынæн. Цæмæй фæндагыл кæрæдзийы базоной. Уастырджи араст и Уырызмæгмæ, æмæ йæ йемæ акодта. Сатана Нарты кæстæртæй æртæ лæппуйы æфсæндзæккортимæ акодта уддзыд дурмæ. Райдыдтой йæ сæттын. Дуры хуылфæй тæф куы скалди, уæд Сатана лæппуты рарвыста. Йæхæдæг æй иунæгæй асаста дуры, æмæ йын йæ хуылфæй систа цæхæркалгæ лæппу. Цъитидонмæ йæ бадавта, æмæ йæ æрыхсадта. Лæппуйы буар æруазал и. Уыйфæстæ йæ Сатана рахаста, æмæ зæгъы Нарты фыййауæн: – Хъæрмуст æхсыр мын фен. Фыййау æм къусы дзаг æхсыр æрбадавта. Æмæ йæ Сатана адардта лæппуйæн. Чысыл куы фæхъыртхъом и, уæд æй талынгдзæфты сæхимæ 'рхаста. Райдыдта йæ хъомылкæнын æмæ й' афæдзы бонмæ хæцынхъом фæци лæппу. Иу хатт, къутугæнæнты Сослан Нарты кæстæртимæ хъазыди. Æмæ цын иу æхстæн ныппырхкодта сæ къутутæ. Уæд Нартæй иу лæппу афтæ зæгъы: – Гъе, дурæйгуырд, уагæры ма Нартæй к' уаис! Сослан рамæсты, ахæм дзæхст ын фæкодта, æмæ йе фсæр фæзæбули лæппуйæн. Æрдиаггæнгæ йæ ныууагъта уым æмæ сæхимæ 'рцыди. – Цæуыл æнкъард дæ, мæ хъæбул? – афарста йæ Сатана. Сослан ын ницы схъæркодта Сатанайæн. – Ницæуыл. Фæлæ мæ гæккуыри схауы фырæххормагæй. Сатана арт акодта, æмæ тæвд къæй куыд рацæйиста, афтæ йын Сослан йæ къух ацахста. – Тагъд мын зæгъ, кæмæй дæн, уый. – Куыд кæмæй? Нартæй. – Раст зæгъ, науæд дын ныртæккæ дæ къух къæйыл ысфыцдзынæн. – Раст дын зæгъын. – Уæдæ мæ Нартæ сæхицæй цæуылнæ хонынц? – Суадз мын мæ къух. – Зæгъдзынæн дын алцыдæр. Сослан ын йæ къух ысуагъта, æмæ уæд Сатана дзурын райдыдта: – Мæнæн мæ мад Донбеттыртæй у, мæхæдæг – Нартæй, зæдтæй дæр дæн. Зæдты тугæй дæ фыдмæ дæр ис. Ды дуры гуыбыны царддæ. Мæнмæ цы туг фæхæддзæ, уыцы лæг у Уастырджи. Уымæн йæ хойы лæппуйы туг та дæумæ фæхæддзæ. Фæлæ дыл цæмæй Нартæ былысчъилтæ мауал кæной, уый тыххæй дын амонын – Нартыл ныхъхъæркæн: "Æдив-мæликмæ цæуæм, Нарты хистæр æм уацары ис, æмæ йæ 'ркæнæм". Уыдон уæд демæ ацæудзысты. Йæ сæрвæттыл-иу бацæут Æдив-мæликкæн. Æрмæст дæ фæдзæхсын, дæхи-иу фæтылифкæн. Стæй Æдив-мæликк Нарты 'рцахсдзæни, æмæ дын лæгъстиаг фæуыдзысты. Ды мæликкæн зæгъ: "Цæуын æртæ къуырийы 'мгъуыдмæ балцы, æмæ д' ахæст адæмæй иу дæр исты куы кæна, уæд, дур йæ гуыбыны кæй нæ бауырæдта, æз уыцы гуырд дæн, æмæ дын хорз нæ уыдзæн – ныммардзынæн дæ!" Дæхæдæг-иу ацу, Æдив-мæликмæ хур чердыгæй ыскæсы, уыцырдæм. Нæ лæг Уастырджиимæ фæндагыл уыдзысты, æмæ цыл амбæлдзынæ. Равдис-иу уæд д' арæхстдзинад. Стæй йæ зæрдæмæ фæцæудзынæ Уырызмæгæн. Исдуг амæсты уыдзæн, фæлæ дæ йæ цæст æппарын нæ бауарздзæни 'мæ бафидаудзыстут. Сослан Нартыл ныхъхъæркодта: – Гъе, Нартæ! Уæ хуыздæр Уырызмæг Æдив-мæликмæ уацары бахаудта, æмæ йæ 'ркæнæм. Лæг чи у, уый рацæуæд! Нартæ уый куы фехъуыстой, уæд хæдзарæн – лæгæй ныххæррæтластой æмæ фæраст ысты фæдисмæцæуæгау. Йæ сæрвæттыл ын бацыдысты Æдив- мæликкæн. Уæд, цыма уазæг у, уыйау æм бахъæркодта Сослан мæликмæ: – Ам ыстут цы, фысымтæ? Сосланы хъæр ахæм тыхджын уыди, æмæ Æдив-мæликкæн йæ хæдзары къултæ ныррызтысты. – Уый хуымæтæг лæджы хъæр нæ уыдзæни, фæлæ йæ хорз ысуазæгкæнут, – загъта мæликк. Рауадысты йæм кæстæртæ. Сосланы цæстытæ цæхæртæ калдтой. Йæ цонг-иу куы сцæйиста, уæд-иу йæ нуæртты хъыррыст ыссыди. Бакодтой йæ мидæмæ. Салам радтой кæрæдзийæн. Фынг æрывæрдтой. Нуазæны йын залиагкалмы лæппынтæ ныккалдтой. Сослан цæ базыдта. Нуазæныл ысхæцыди, цæстытæй кæлмыты сыгъта, дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта 'мæ цæм дзуры кæлмытæм: – Иучысыл дæр уæ чи фезмæла, уый мæ дæндæгтæй ыскæрддзынæн! Кæлмытæ нуазæны бын нынныгъуылдысты. Анызта нуазæн Сослан, æмæ йæ мæличчы усмæ баппæрста. Ус кæлмыты ауыдта. Нуазæн æрхаудта 'мæ кæлмытæ ракалдысты йæ хуылфæй. Æмæ Æдив-мæликк хорзау нал фæци. Уæд ын Сослан афтæ зæгъы: – Æз балцы цæуын æртæ къуырийы 'мгъуыдмæ. Ды ахсгæ ц' адæмы 'ркодтай, уыдонæй ме рцыдмæ исчи йæ къахыалгъæй дæр куы схъæрза, уæд мын сар дæ сæр кæны! Нартæ, Сосланы ныхас куы фехъуыстой, уæд фæныфсджын ысты 'мæ загътой: – Амæ тызмæгæй мачиуал ысдзурæд. Йæ туг Нартæй у. æмæ нæ никæмæн ныббардзæн. Уый Æхсæртæггатæ сусæгæй кæй ысхастой, уый у – Сатанайы фырт. Фехъуыста Сослан Нарты ныхæстæ, фæлæ иу сым дæр не скодта – уыцы дурæй лæууыд. – Æз цæуын Уырызмæгмæ, – дзырдта Сослан. – Хъуамæ йæ ссарон. Цæуын æртæ къуырийы 'мгъуыдæй. Мæликк уæ чысыл тызмæг дæр кæмæ сдзура, кæнæ уæ хæрд, нуæзт цух кæй фæуадза, уый мын-иу зæгъæд. Стæй мæликкимæ æз фидаудзынæн мæхæдæг. – Уæ, Сослан! Уырызмæг дæу нæ базондзæн. Æмæ-иу æй æнахуырæй фыддзæф ма фæкæн. Ацыди Сослан æртæ къуырийы 'мгъуыдæй Уырызмæджы агурæг. Бирæ фæцыди хурыскæсæнырдæм. Уыди хурбон, æмæ æгæнон тæвд. Уæд кæсынц Уастырджи 'мæ Уырызмæг. Сослан цæм тыччыйы йасæй æрбазынди. Уастырджи йæ базыдта 'мæ загъта Уырызмæгæн: – Нæ ныхмæ цыдæр æрбацæуы – тыччыйы йас. Фæлæ куыд æввахскæны, афтæ асæй-асдæр кæны. – Цæй, мах – дыууæ куы стæм... Уый та – иунæг! – Хатт ахæм дæр разыны, æмæ мах хуызæттæй иу – нæ, фæлæ цалдæры къæцæлты саст акæны. – Фæгæдзæкæнæм иучысыл... Сосланы хуыссæг ахсын байдыдта 'мæ æркувæркувкæны йæ бæхы рагъыл. Æрбаввахс и Сослан. Уастырджи 'мæ Уырызмæг йæ фæйнæфарс бацыдысты. Æмæ йæм Уастырджи дзуры: – Уæ, лæппу, æгæр раджы дын у нырма фынæйкæнынæн! Сослан фесхъиуæгаукодта 'мæ загъта: – Бахатыркæнут уæ хорзæхæй! Ныр дæс бонæй фылдæр цæуын фæндагыл, æмæ бынтон æнæхуыссæг дæн. – Ницы кæны, ницы, – дзуры Уырызмæг. – Сонтыбонты хуыссæг бауыромын афтæ 'нцон нæу. – Сонты фыдæй ницы ауадзин, хъæлæкк. Фæлæ-ма зæгъут, æппын Уастырджийы нæ зонут? Уастырджи йæхи не схъæркодта. – Зонæм æй, фæлæ уал æрхиз дæ бæхæй. Исты саход немæ. Рахызтысты сæ бæхтæй. Уастырджи 'мæ Уырызмæг ронджы гоцъоби систой, уæны хæйттæ æрывæрдтой, æмæ райдыдтой нуазын-хæрын. Сослан – кæстæр, æмæ цын уырдыг лæууы. Уæд Уастырджийы зондæй уæлвæндаг сыгъзæринхъуын рувас рацæйлыгъд. Æмæ Уастырджи Уырызмæгмæ дзуры: – Кæс-ма, кæс, уæлæ цы рувас фæлидзы! Сослан æй ауыдта. Æмæ йæ фæдыл атахти, æмæ йæ рувас иу коммæ басайдта, стæй цыдæр æрбаци хъæды. Сослан ма йæ ацагуырдта, фæлæ дзæгъæлы. Тынг ысмæсты и Сослан. Фырмæстæй ма хъæды ацуанкодта, æмæ авд дзæбидыртæ амардта, авд – сæгуыттæ. Уыдон бæргæ 'рхаста, фæлæ Уырызмæг æмæ Уастырджимæ сæргуыбырæй бацыди уæддæр. – Хорз амæддаг æркодтай, фæлæ ма уæд æнкъард та цæмæн дæ? – афарста йæ Уастырджи. – Рувас нал фæзынди хъæды, æмæ уыууыл. Бирæ ма йæ фæцагуырдтон, фæлæ йæ нал ыссардтон. – Ницы кæны, иннæ хатт ыл сæмбæлдзынæ æмæ дын уæд нал аирвæздзæн. Уæд æй Уырызмæг дæр афарста Сосланы: – Кæйонг цæуыс, лæппу? – Агурын Уастырджийы, Нарты хистæримæ рацыди, æмæ нал зынынц Нартæм сæ дыууæ дæр. – Æмæ Нартæй дæ ды дæр. – Нартæй бæргæ дæн. – Ау, æмæ цæ кæцытæй дæ? – Æхсæртæггатæй. – Кæцы хæдзарæй дæ? Æз Æхсæртæггатæм ахæм куы никæй зонын. Уастырджи хъуыддаг æмбæрста, фæлæ барæй афтæ зæгъы: – Кæрæдзийы базондзыстут. Нырма нæ уымæ не вдæлы. Фæлæ иунæг та цæмæн дæ? – Иунæг нæ дæн. Нартæ мемæ уыдысты 'мæ ахæсты бахаудтой Æдив- мæликмæ. Уырызмæг амæсты, фæлæ фæуырæдта йæхи: – Гъе, уæдæ уый дзæмбытæй æвыдæй нал рацæудзысты, фæлæ цæм æз тагъд кæнон. – Ма тыхс, хорз лæг, – загъта Сослан, – Æз ын бакойкодтон Æдив- мæликкæн, хорз ын кæй нæ уыдзæн, ахæстадæмы иучысыл дæр куы бахъыгдара, уæд, æмæ уал æртæ къуырийы 'мгъуыдæй рацыддæн. – Хорз бакодтай, – йæ мидбылты бахудти 'мæ загъта Уастырджи. – Цом ныр цæм æртæйæ бацæуæм. – Æз уал хъуамæ Уастырджи 'мæ Уырызмæджы ссарон. – Ссардзыстæм цæ уыдон дæр. Рацæуынц æртæйæ: Уастырджи, Уырызмæг æмæ Сослан. Æрхæддзæ сты мæликмæ. Сослан йæхи фæхибаркодта йе 'мбæлттæй, æмæ, Нартæй ахæсты чи бахауд, уыдонмæ бацыд. – Цæй, куыд ыстут? – Куыдæй фыддæр. Æххормаг æмæ нæ æнæ донæй хъизæмарæй мары. Сосланæн уый хъыг куыннæ уыдаид! Уæд æй Уырызмæг фæрсы Æдив-мæличчы: – Нарты цæмæн æрцахстай? Цы дын кодтой? – Мæ зæххыл мын æрбацыдысты. Утæппæт адæм мын ныссæстой мæ сæрвæттæ сæ къæхты бын. Цалынмæ мын мæхион радтой, уæдмæ цæ нæ ныууадздзынæн. – Уæд та дын нæ фидынц? – Сæ иуы ауагътон æртæ къуырийы 'мгъуыдæй. Æмæ кæд уæдмæ ницы уа, уæд цын сæ сæртæ ракæндзынæн, æмæ цæ мæсыджы раз гæнах сараздзынæн. – Цæй, цы зæгъыс? – загъта Уастырджи Уырызмæгæн. – Мæнæн иунæгæй ницы мæ бон у. Абон немæ æмбалæн чи рацыди, уый бар цæ уадзæм. Уæд Уастырджи Сосланмæ фæдзырдта. – Æхсæртæггатæй кæй лæппу дæ? – Сатанайы лæппу дæн – Сослан. – Æмæ дыл ном та чи сæвæрдта? – Уастырджи. Уырызмæг джихауæй аззади, стæй æрæджыйау афтæ зæгъы: – Гъе, хæйрæг Сатана, уæдæ мæ ацы дард балцы дæр барæй рарвыста! Мæстаг бæргæ у ацы хъуыддаг... – Маст æмæ цин æфсымæртæ сты. Маст цы фæкæнай, авд хатты цин дыл бафтдзæн. Цæй, Сослан, цы зæгъыс? Æз дæн Уастырджи, дæ номæвæрæг, мæнæ ай та Уырызмæг у. Сослан уырдыг ыслæууыди, æмæ цæ стыр хатыр ракуырдта сæ дыууæйæ дæр. – Базыдтам алцыдæр. Фæлæ нæ уадзы мæликк Нарты, æмæ цы зæгъыс? Сослан йæ кард ысласта, æмæ Уырызмæгитæм дзуры: – Сымах мын ам гæс фæлæуут. – Гъей, куыдзы фырт! – бахъæркодта Сослан мæликмæ. – Ды Нарты æнæ дон, æнæ хæлцæй фæмардтай мæ фæстæ, æмæ дын цæ ныр дæ сæрæй исынмæ фæцæуын. Фæлæ дæхи цæттæ дар! Уæд мæликк йæ дæлдæрмæ дзуры: – Гъеуыцы куыдзыкъæбылайы, уæртæ йе мбæлттæм акæнут, æмæ мауал къæукъæукæна! Фехъуыста йæ Сослан. Къæлæтджын фелвæста, æмæ йæ мæликкыл бахста æмæ ныппырх и къæлæтджын. Уæд райдыдтой хæцын, æмæ хæдзары къултæ згъæлдысты сæ гуыппытæй. Сослан дурдзæджындзтæ скъуыры йæ сынæгæй, æмæ ныппырхвæййынц. Мæличчы хæдзар иуварскъул ныцци. Хылгæнгæ рацыдысты æддæмæ, кæртмæ. Нал дзы бæлас баззад, нал – сис, ныппырх цæ кодтой. Мæликк нæ састи. Уæд æй Сослан иу риуыгъд ракодта йæ кардæй, æмæ Æдив-мæличчы фындзы æргъиу зæххы абадти. Дыггаг риуыгъдæн сæрытенка селайæ фæхаудта. Æмæ мæличчы сæрымагъз хурмæ стæвд и. Базыдта йæ мæлæт. Йæ тыхтæ ма бæргæ 'рбамбырд кодта, фæлæ йæ уæдмæ Сослан хæрдмæ систа й' арцы фындзыл. Мæликк ма йæ тæвдæй йæхи рауагъта, Сослан фæгуыбыркодта, æмæ йæ йæ сæрты фехста. Атахти мæликк, æмæ мæсыгрæбын, йæ сæр бынмæ, афтæмæй ныммарди. Уастырджи куыннæ ныббуцуыдаид йæхицæй, æмæ загъта: – Нартæ! Нырмæ æнхъæлдæр кæмæн нæ уыдыстут, ахæм гуырд уæм фæзынди. Тас уын нал у! Уырызмæг дæр мидбылты бахудти. – Ам та дæ фæндон дæр уыдаид, Уастырджи. Махæн нæ сæрыхъуынтæ дæр дæуæн нымад ысты сеппæтдæр. Сослан ныр нæхицæй у, уый базыдтон. Нартæм хæстæг бацыд уæд Уырызмæг, æмæ цын загъта: – Сослан не гасæй сеппæтæйдæр лæгдæр у, æмæ, кæм уа, уым ын кадкæнут! Æгайтма Нартæм ахæм гуырд равзæрди! Нартæ Æдив-мæличчы фæллой ратæлæткодтой æмæ рацыдысты. Æрбахæддзæ сты сæ зæххы арæнтæм. Æмæ Уастырджи загъта: – Цæй, ныр рæствæндаг ут, Нартæ! Æз цæуын нæхимæ. – Хорзыл амбæл, Уастырджи! Æмæ фæцыдысты фæйнæрдæм. Уастырджи – сæхимæ, Нартæ – сæ бæстæм. Стыр куывдтæ куыннæ фæкодтаиккой Нартæ! Æмæ Сатанайæн дæр æхсызгон куыд нæ уыди! Уырызмæг хиуылхæцгæ уыди кæддæриддæр. Фæлæ йын æй йæ цæстмæ бадардта уæддæр Сатанайæн йæ сусæг æмæ йæ кæлæн. – Сылгоймаджы алы хъуыддаг хъуамæ нæлгоймаг ма зона, – загъта Сатана. Æмæ Сослан Æхсæртæггатæм баззади. | |
Просмотров: 416 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |