Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
СОСЛАНЫ КÆНГÆ МАД ÆМÆ ФЫД
СОСЛАНЫ КÆНГÆ МАД ÆМÆ ФЫД Нартæй авд бонцау æддæдæр цардысты дыууæ зæронды – лæг æмæ ус. Сæ иу Сæрхъыз хуынди, иннæ та Заухан хуынди. Сæ ис, сæ бонæн ныккæнæн нæ уыди, фæлæ цын зæнæг нæ цыд, æмæ тыхстысты, уæдæ цы кодтаиккой! Нартæ зыдтой Сæрхъыз æмæ Зауханы æртæ лæгæй: Уырызмæг, Хæмыц æмæ Бурæфæрныг. Тыхæй цын тых ничи кодта дыууæ зæрондæн, хылæй цæ ничи саста. Уæд иуахæмы Нартыл фыдаз ыскодта, ахæм фыдаз, æмæ цын бахæринаг нал уыди. Æрымбырд ысты сæ ныхасы 'мæ загътой: "Нæ фæцагъд хуыздæр у ацы цардæй. Кæнæ бынтон фесæфæм, кæнæ фос фæкæнæм". – Æвзæр нæ уаид Сæрхъыз æмæ Зауханы фосæй æртæрын, – загъта Бурæфæрныг. – Уыдонмæ цы фос ис, уый Æртæ Нартмæ нæй. Фæлæ цæм иунæгæй цæуын зын у. Сæ фос ратæрын та – уымæй зындæр. – Ацæуын зын нæу, – загъта Хæмыц. – Зын фæстæмæ 'рцæуын у. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Бурæфæрныг сифтыгътой сæ бæхтæ æмæ араст ысты Сæрхъыз æмæ Зауханы фос тæрынмæ. Сослан цæ базыдта 'мæ фæрсы Сатанайы: – Кæдæм цæуынц Нартæ? – Фыдаз ыскодта Нартыл. Бахæринаг цæм нал ис, æмæ фос фæкæнынмæ цæуынц. – Уæдæ æз дæр фоскæнынмæ цæуын. Æрмæст уыдонимæ нæ, фæлæ æндæр ранмæ. – Иунæгæй ницы бакæндзынæ. Стæй гуымирты рæстæг у. Кæм дæ агурдзынæн? – Уыдон иумæ сты. Æз та – мæхæдæг. Нартæй Сосланы 'мдых ничи уыди, æмæ йемæ балцы, кæнæ стæры ничи цыди, æгад цæм касти. Æмæ Сослан уый тыххæй хицæнæй фæрасти балцы æнæ 'мбалæй. Араст та ныр дæр Сослан иунæгæй. Ныххæддзæ сты Нартæ 'мæ фæцæуынц Сæрхъызы зæххытыл. Иу ранмæ акæсынц, æмæ – фосæй æмæхгæд сæрвæттæ. Иннæ ранмæ акæсынц, æмæ – уым дæр афтæ. Фæрсынц рæгъаугæсты: – Атыппæт фосрæгъæуттæ кæй ысты? – Сæрхъыз æмæ Зауханы. – Бынаты сты? – Уо, бынаты сты. Уæд Уырызмæг йе мбæлттæм хатиагау дзуры: – Иу рæгъау дæр нын фаг у. Фæлæ уал зæрæдты фенæм. Цы нæ вæййы? Чи зоны 'мæ нын Сæрхъыз йæхæдæг ралæваркæна йæ фосæй. Не стонг æм ысуадзæм. Стæй цы кæнинаг ыстæм, уый дæр бакæндзыстæм. Сразы сты æппæт дæр Уырызмæджы ныхасыл. Æмæ араст ысты. Стæй куы бахæддзæ сты, уæд бахъæркодтой: – Æддæмæ нæм ракæсут, хæдзаронтæ! Зæронд Заухан цæм ракасти 'мæ загъта: – Мидæмæ рахизут. Цæхх æмæ уын кæрдзынæй фысым ыстæм. Æрхызтысты сæ бæхтæй Нартæ. Æрбастой цæ 'мæ хæдзармæ бацыдысты. Уæд рæгъаугæстæй иу хатиагау æмбæрста 'мæ загъта: – Нæ фысыммæ хорз уазджытæ не рцыди. Рæгъау тæрынмæ хъавынц. Фысым зæронд у. Йæ зонд куы нæ 'рцахса, æмæ йын исты куы кæной... Æххуыс бакæнын та мах бон нæу. – Бакæсæм уал, – зæгъы иннæ. – Кæд гæнæн нал уа, уæд мах æртæ стæм, уыдон дæр – æртæ. Уымæй иуыл æрыгон не сты, æмæ нæ бон бауыдзæн, æвæдздзæгæн, исты фæрæз ыссарын сæ ныхмæ. Фыдбылызæй Хуыцау бахизæд. Уæдмæ Сослан дæр рæгъаугæстæм ныххæддзæ, æмæ цын арфæ ракодта: – Уæ фос бирæ уой! – Æгас нæм цу, æмæ дæ Хуыцау æххуысы фидиуæг фæкæнæд. – Сымах цæй æххуыс хъæуы – амæй-ай лæгдæр, амæй-ай сæрæндæр. – Нæ, мæ хур. Йæ дыууæ къахыл чи цæуы, уыдон сегас лæгтæ нæ хуыйнынц. – Цы кæнут? Цæй тыхстхуыз ыстут? – Уæдæ цы бакæнæм? Æртæ стæм. Хизæм сæ рæгъæуттæ Сæрхъыз æмæ Зауханæн. Нæ фысымтæ – зæрæдтæ, зæнæг цын нæй, фæхæцæг – иннæ ахæм. Æртæ барæджы уыди ам æрдæбон. Фарстой нæ, кæй фос хизæм, уымæй, æмæ сæ иу хатиагау дзырдта, Сæрхъызы уал афæрсæм, стæй нæ цы фæнда, уый кæндзыстæм зæгъгæ. – Æмæ кæдæм ацыдысты? – Нæ фысымтæм. – Уæдæ хизут уæ фос. Æз цын исты хос кæндзынæн. Сослан дарддæр араст и. Сæрхъызы кæрты ауыдта æртæ бæхы. Базыдта цæ адон Нарты сты. Йæ бæх фæсвæд афснайдта, æмæ цæм хъусы. Зæронд Заухан фынг авæрдта уазджытæн, хæрд æмæ нозт æрхаста. Æмæ цыл уызæлынц Нартыл дыууæ зæронды. Сæхи хорз федтой Нартæ. Стæй Бурæфæрныг дзуры: – Хорз нæ бæргæ уынут, фысымтæ. Фæлæ нæ фæндаг сымахмæ 'ндæр хуызы у. – Цы фæнды хуызы уæд, уæддæр уазæг буц у, æмæ йæ буц дарын хъæуы, – загъта Сæрхъыз. – Уый тыххæй бузныг, – зæгъы Бурæфæрныг. – Мах фос фæкæнынмæ 'рцыдыстæм. Сæрхъыз æмæ Заухан бамбæрстой хъуыддаг. – Маргъæн æнæ базырæй тæхæн нæй, – загъта Сæрхъыз. – Мах æвæстаг ыстæм, æмæ æнæбазыр маргъау ныгъуылæм. Фæлæ-ма зæгъут, ардæм куы цыдыстут, уæд цæуыл хъуыдыкодтат? – Фос фæкæныныл, – загъта Хæмыц. – Дæумæ уыйас фос ис, æмæ Æртæ Нартæм се мбисы мбис дæр нæй. – Цардæн хос хъæуы, – загъта Сæрхъыз. – Хоскæнынæн та амал хъæуы. Фæлæ уæ хъуыды зæгъут æргомæй. – Дæ рæгъæуттæ дын хъуамæ фæтæрæм. Уый дын нæ хъуыды. – Уæ, ма кæнут. Тыхгæнæг – сынтыл хæссинаг, хæрзгæнæг та – зæрдылдаринаг. Дзæбæхæй бафидауæм. – Цы фидауын хъæуы мах демæ, – загъта Уырызмæг. – Ды дæ усимæ бон куывдæн æрвитыс, æхсæв – чындзæхсæвæн. Мах та бон нæхи донæй тыппыркæнæм, æхсæв та райсомыл у нæ сагъæс. – Хорз, мæ хуртæ. Уæд-ма мын иу нуазæн сисыны бар радтут. Фæстаджы нуазæн. Æмæ Сæрхъыз дзæбидыртæ 'рхæссынкодта Зауханæн, æмæ цæ байдзагкодтой. Сæрхъыз дыууæ дзæбидырыл хæцы, æмæ афтæмæй дзуры: – Мæнæн ме гъдау афтæ у, æмæ хъуамæ дыууæ хъуыддагæн ыскувон мæ мæлæты размæ. Æз ацы дыууæ дзæбидырæй ку' амæлон, уæд мæн мæ сыджытыл чи нæ бавæра, уый гæбæр хæрæгæй фæхæтæд, мæрдты мын дзабырласæг æмæ къахæхсæгæй фæхауæд! Дыггагæй кувын: мыййаг, мæ мæлæт куы нæ уа, æмæ æнæфæллой куы баззайон, уæд мæн удæгасæй чи нæ баныгæна, уый мын мæрдтыбæстæм фæлдыст фæуæд! Æмæ анызта йæ дыууæ дзæбидыры. Байдзаг та цæ кодта ног, æмæ цæ Уырызмæгмæ авæрдта. – Дæу амарын не гъдауы нæй, – загъта Уырызмæг. – Фæлæ фос фæкæнын ис не гъдауы дæр, æмæ нæ туджы дæр. Мах не знаджы хойрагæй нæхи хорз фенæм. Стæй та йын æркæсæм йæхимæ дæр. Ноджы цæ Хæмыцмæ дæр авæрдта дзагæй. Æмæ загъта Хæмыц: – Кæд æмæ дæ мæлæт не рцæуа, уæд дæ æз удæгасæй баныгæндзынæн. – Кæд амæлай, уæд та дæ æз баныгæндзынæн, цæмæй дæ тæф мауал цæуа, – загъта Уырызмæг. – Уох, уох! Уæ ныхæстæ кардылыгæй риссагдæр, арцы рæхуыстæй арфдæр, – дзуры Сæрхъыз. Фæлæ Нартæй уый æнхъæл никуы уыддæн, æмæ сæ фысымæн тых æмæ фыдмитæ кæной. – Мах сæфгæ кæнæм, – загъта Бурæфæрныг. – Дæ рæгъæуттæ дын фæтæрдзыстæм. – Уæ бар уæхи. Æз уæм ницы сдзурдзынæн. Нæдæр уæ фæстæ фæдисы ацæудзынæн. Фæлæ тыхæй ц' ахæссат, уый фендзыстæм. Хъæстаг-иу ма фæут! Уырызмæг, Хæмыц æмæ Бурæфæрныг æддæмæ рацыдысты. Сæ бæхтыл абадтысты, æмæ фæцæуынц дæлæ Сæрхъызы фосмæ. Сæрхъыз уадындз райста йæ къухтæм. А ныр дзы ныууаса, зæгъгæ, афтæ Сослан бахъæркодта: – Ам уæ чи ис, фысымтæ? Хъæрмæ Заухан рауад. – Ам ыстæм дыууæ зæрондæй. Мидæмæ рахиз! Сослан бахызти дуарыкъæсæрæй. – Фарн уæ хæдзары! – Уæ, фæрнæйдзаг уай, æмæ нæм æгас æрцæуай. Кæцæй уайыс, мæ бон? – Нартыбæстæй дæн. – Гæр, Нартыбæстæй нырма ныр ку' ахызтысты 'ртæйæ. – Ам уыдысты, уый хатын, – загъта Сослан. – Уæ фынг дæр нырма – æнæист. Зонын, цæмæ 'рцыдысты, уый дæр. – Загътон цын æй. Нартæй уый æнхъæл никуы уыддæн зæгъгæ. – Тыхæй уæ цы фæнды, уый бакæнут. Æз уæ фæстæ н' ацæудзынæн... Ныр ку' амæлон, уæд мæ – сæ иу баныгæндзæн. Кæд æмæ мын ницы уа, уæд та мæ удæгасæй ныгæндзæн сеннæ... Цæй, уый дардыл ныхас у. Исты уал ахæр. Мæнмæ ма кæс, мæ хур. Æз абадтæн семæ. Хæрд æмæ нозтæй хорз фæкастæн мæхимæ дæр. Ныр та дæ рад у. – Уæ, мæ фыдыхай, уæ, мæ мадыхай! – загъта уæд Сослан. – Уыдон сау ми бакодтой, æмæ цын æз уæ бæсты фенынкæндзынæн. – Дæ фыд бирæ цæра, дæ мад дæ фæндиаг уа! Фыд æмæ нæм мады номæй кæм æрбадзырдтай, уым дын иу къуыри ауадзæн нал и. Мах æвæстаг ыстæм. Нартæн цас сæ бон бауа, уыйас аскъæрæнт. Фæлæ дæм кæсæм: æгъдау æмæ номгæнæг дæ дæхицæн, æмæ 'гъдау æмæ номимæ фæцæр. Афтæ ныл кæм уызæлыс, уым дæ нæхицæн хъæбул кæнæм. Кæд нæ дæ сæрмæ хæссыс, уæд. – Куыд нæ уæ хæссын! Фæлæ уал ауайон, æмæ цын зæгъон Нартæн, дæ фосмæ сæ къух дæр куыд нæ фæкæной! – Уæ, ма тæрс, мæ хъæбул. Уыдон иу сæныччыхъус дæр н' атæрдзысты ме вастæй. Æз æнхъæл уыддæн, æмæ 'гъдауджын ысты, æмæ цын мæ рæгъæйттæй ралæваркæнын уыди мæ зæрды. Фæлæ хæрамзæрдæ сты. Цы фос фæкæной, уымæй-иу раппæлæнт! Ардæм цæ хъæуы фæстæмæ! Фæлæ мах дæуæй хъæбул зæгъынмæ хъавæм, æмæ дæлæ гал аргæвд. Æмæ фæбадæм иумæ. Сослан дын уæд фестады. Агæпласта 'мæ рабынæйкодта иу гал, æмæ йæ æрбаргæвста. Ауæнгтæ йæ кодта 'мæ йæ уæларт бавæрдта... – Алцыдæр цæттæ у. Аджы бын арткæнын хъæуы, æмæ чысыл фæкæсут, уæ хорзæхæй. Æз Нарты митæ фенон. Æмæ Нартæн сæ фæстæ рауади Сослан. Нартæ иу ран æрлæууыдысты, æмæ сæ ныхас кæрæдзиуыл нал бады. – Уæллагкомы рæгъæуттæ атæрæм, – загъта Уырызмæг. – Нæ! – Дæллагкомы рæгъæуттæ фылдæр ысты. Уыдон атæрæм, – зæгъы Хæмыц. – Астæуггагкомы рæгъæуттыл цæст дæр не ххæссы. Уыдон атæрæм, – зæгъы Бурæфæрныг. Нал фидауынц Нартæ. Уыди уагуадзæн афон. Уæд æртæ рæгъаугæсы сæ фос ратæрынц. Хæмыц, Уырызмæг æмæ Бурæфæрныг цы фысмæ февналынц, уый цæ йæ фæдыл аласы. – Ай иу фыс æрцахсын куы нæ фæразынц, уæд ма цæ цæмæй тæрсæм! Худæгæй цыл мардысты. Сæ бæхтæ цын æрцахстой Нартæн. Сбадтысты цыл, æмæ сæ фос афтæмæй Сæрхъыз æмæ Зауханмæ фæтæрынц. Уæд цыл Сослан амбæлди, æмæ цæ афарста: – А бæхтæ Нарты бæхтæ сты, уый уынын. Уæд Нартæ сæхæдæг кæм ысты? – Уæлæ хъамылыхуытау абухынц кæрæдзиуыл. – Аздæхут фæстæмæ. Уыдон тыхгæнджытæ не сты, фæлæ ме мбæлттæ сты. Сæрхъыз æмæ Заухан та мæнæй хъæбул загътой. Уый тыххæй гал аргæвстой. Æмæ иумæ цæуæм. Рæгъаугæстæ фæстæмæ фездæхтысты. Алкæй йæ бæхыл сæвæрдтой. Лæггадмæ цын фесты Нартæн, æмæ рацæуынц. Сосланы ауыдтой Уырызмæгитæ, æмæ йæ фæрсынц: – Кæцæй фæдæ ды та? Баххуыс нын кæн, æмæ фæтæрæм ацы рæгъау. Рæгъаугæстæ хъусхъускæнынц: "Се мбалы куы нæ базыдтой, æмæ цæ уый та йе мбæлттæ куы хоны... Цыдæр сусæгдзинад цæм ис". Сослан цæ бамбæрста. – Расыг ысты, æмæ сæ сæр сæ фад ысси. Ауагътай цæ зæгъгæ, уæд фæзы 'фсон фурды балæгæрдиккой. Æрхæддзæ сты сæ фысыммæ. – Нæ загътон – раздæхтысты, – загъта Сæрхъыз Сосланæн. – Рæгъаугæстæн цæ ракæнынкодтон. Æристой цæ сæ бæхтæй, æмæ цæ 'ртæйæ дæр æрхуыссынкодтой – хъуамæ сæ фæллад ысуадзой. Нартæ сæхи æрæмбæрстой. Уæдмæ галыфыдысфыхти. Сослан цæм бацыди Нартæм æмæ цæ фæрсы: – Адон мæнæн мæ кæнгæмад-æмæ фыд ысты. Уæд цæм уæ ныфс куыд бахастат? – Кæнгæмад-æмæ фыд хи мад æмæ фыдæй хъауджыдæр не сты, – загъта Уырызмæг. – Фæлæ Нартæм бахæринаг нал и, æмæ цын исты 'ххуыс бакæн. Мах дæ нæхицæн ницы агурæм. Нарты сæрыл у нæ ныхас. Уыййæддæмæ чи фехъуыста, æнусон хæларæй æнусон ызнаг ыскæн зæгъгæ. – Æмæ ды æнусон ызнагæй æнусон хæлар ыскæн зæгъгæ, кæм фехъуыстай? – рамæсты Бурæфæрныг. – Нæ, Бурæфæрныг, – загъта Сослан, – Сæрхъыз æмæ Заухан Нартæн ызнаг никуы уыдысты, æмæ нæдæр уыдзысты. Уыдон уæм хæлары цæстæй кæсынц, сымах та цæм хæрамы цæстæй кæсут. Уæхицæн цæ знаг ыскодтат. Уæд Хæмыц та афтæ зæгъы: – Уæдæ Нартæ сыдæй мæлынц æмæ дæлармармæй бадой! Уый дæм куыд раст кæсы, Сослан? – Нæ, фæлæ дзы тыхысæр ницæмæн хъæуы. Тыхысæрæй хæларысæр хуыздæр у. Цомут, мæ номыл гал аргæвстой Сæрхъыз æмæ Заухан, æмæ фæйнæ гаджидауы зæгъут. Ракодта Сослан Нарты сæ фысыммæ. Сæрхъызы æртæ рæгъаугæсы фынгтæ авæрдтой. Рабадтысты Нартæ ногæй, фæлæ ныр хæлары бадтæй, Сæрхъыз – уæлейæ. Дзæбидыр райста 'мæ скуывта: – Хуыцау, табу дæхицæн, ыстыр Хуыцау! Хуыцау бæстæзонæг æмæ цардысфæлдисæг дæ. Дæ быны цæрынц адæм. Тыхгæнæг чи у, уымæн тых ракæн. Цардаразæг чи у, уымæн цард радт. Лæбурæг чи у, уый хæсгæ фæкæн. Сабыргæнæг чи у, уымæн æнцон цард дæ цæст бауарзæд. Хылкъахæг чи у, уыйамæддаг кæн. Фидауæг чи у, уымæн æнцой цард радт. Хуыцау, кæд адæймагæн искуы дæ цæст исты бауарзта, уæд махæн дæр дæ цæст бауарзæд! Рæсты Уастырджи, рæстылдзæуæг дæ, Хуыцауы 'мсæр дæ, тыхгæнæгæн йæ ных къуыр, фыдгæнæгæн йæ къах цæв, хæрзгæнæгæн циндзинад радт, фæндаг рæствæндаг кæн бынатмæ. Хуыцау æмæ Уастырджи! Амонддæдтæг ыстут, æмæ амондджынкæнут адæмы! Хуыцау, мæ уазæджы хай дæр мын ма байс. Хæраммæ хæларæй кæсын. Мæ уæздандзинад мын чи бамбара, уый-иу йæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæлынкæн, бирæ бонты мæ йæ зæрдыл цы дара, й' арфæтæ мæм цы хъуысой! Нартæ уыцы ныхæстæм сæркъулæй ныхъхъуыстой. Сæрхъыз фæсидти Нартæм. Сосланæн нуазæнæй ацаходынкодта. Уыйфæстæ рæгъытæ цæуын райдыдтой. Нартæ дыууæ хъуыдыйыл фесты: "Уæдæ ай кæд Сосланæн афтæ сты, æмæ цæ бахъыгдардтам, уæд нын æй Сослан нæ ныббардзæн. Уæвгæ немæ никуы вæййы! Иунæгæй фæцæуы, æмæ Хуыцау йæ зонæг, кæимæ афтæ хорз у, æмæ цалы бахъыгдардтам мах! Уæд Уырызмæг дæр дзæбидыр систа 'мæ загъта: – Уæ, Сослан. Кæд дын чысыл бахъыгдардтам дæ кæнгæмад-æмæ фыды, уæддæр фыдбылыз ницы ракодтам, æмæ нын æй ныббар. Нырæй фæстæмæ дæ фæндаджы бар Нартимæ уæд! Дæу чи нымайы, уый мах зондзыстæм. Æдасдæр уыдзыстæм нæхæдæг дæр, æмæ никæй хъыгдардзыстæм, дæу чи зоны, уыдонæй. Дæ кæнгæмад-æмæ фыдæй, Сæрхъыз æмæ Зауханæй та хатыр курæм. Сæ цæрæнбон бирæ! Нæ фыдздзаг митæн нын чи ныббарста, нæ маст нын сабыр чи кодта, хорз нæ чи барæвдыдта! – Мах ам нæхимæ хорз фæкастыстæм, æмæ сойдзых ыстæм. – загъта Хæмыц. – Фæлæ нæ Нарты ном ферох и. Цæуæм, æмæ исты амал, исты фæрæз ыскæнæм сæ фервæзынæн. Æмæ сыстадысты Нартæ. – Гуымирты рæстæг у, – сыстади 'мæ загъта Сæрхъыз дæр. – Мæнæ Сосланæн дæдтын мæ уадындз. Уемæ йæ акæнут, æмæ уын баххуыскæна уæ фæндаджы. Кæннод ам ахæм бæстæ у – чи уыл амбæла, алчи уæ хай исдзæн, æмæ бынатмæ ницыуал ныккæндзыстут уæ фосæй. Стæй Сæрхъыз йæ рæгъаугæсты 'рдæм разылд, æмæ цын афтæ зæгъы: – Дзуарка-цæуы фæстæ цы хай фæцæуы дзугæй, уый радтут Нартæн. Рæгъаугæстæ Дзуарка-цæуы рауагътой. Æмæ йæ фæстæ ныххал ысты æнæхъæн дзугтæ. Æмæ Нартæ разæй цæуынц, дзугтæ та сæ фæстæ. Æмæ цæ фæрсы Сослан Нарты: – Цæй-ма, ныр Нартæн тыхы сæр хуыздæр у, æви уæздандзинад? – Уый æнхъæл махæй ничи дæр уыди, – загъта Бурæфæрныг. – Дæ фæхъхъау мæ сæр, Сослан! – дзуры Уырызмæг. Иу фыс раласын нæ бон куы нæ уыди. Ныр æнæхъæн дзугтæ цæуынц нæ фæстæ. – Раст у. Фæлæ ацы рæгъæуттæ Нартæм æххæстæй ныххæддзæ уой, уый мæ нæ уырны, – загъта Хæмыц! Тыхæн тых арын хъæуы. Гуымирты заман у, æмæ мах та чысыл ыстæм. – Тых сæрбахъуыды заман хъæуы, – дзуры Сослан. Тых кæм нæ кæнæм, уым хъуамæ зондæй сархайæм. Цæуынц Нартæ, æмæ иу ыстыр доны цур иу гуымир хуыссы уæлгоммæ. Йæ ком аивæзта 'мæ Нарты фосæн йе мбис йæ дзыхы бакалдысты. Уæд Сослан Сæрхъызы уадындзæй ныууасыди, æмæ гуымир хæлиудзыхæй афынæй. Нартæ гуымиры дзыхмæ схызтысты, æмæ сæ фос гуымиры дзыхæй ратардтой. Йæ риуыл ын арт ыскодтой, æмæ йæ ныууагътой афтæмæй йæ фынæйæ. Æмæ та цæуынц. Кæсынц, æмæ иу ададжы был æндæр гуымир бады. Хуыссæг æй æрцахста уый дæр, æмæ æркувæркувкæны йæ сæрæй. Æмæ та Сослан Сæрхъызы уадындзæй ныууасыди, æмæ гуымир уæлгоммæ 'рфынæй. Ахæм хуырхуыркодта, æмæ Нартæн сæ ныхас кæрæдзимæ нал хъуысти, æмæ кæрæдзийæн къухæй амыдтой. Æмæ та йыл арт ыскодтой уыууыл дæр. Æмæ цæуынц дарддæр сæ фæндагыл. Ахæддзæ сты иу тархъæды рæбынмæ. Уым дæр иу æндæр гуымир дзойдзойкæны. Сослан та Сæрхъызы уадындзæй ныууасыд. Æмæ гуымир æрыхснырста, æмæ Нарты Сосланы æртæ бонцауы фæхаста. Нартæ уыцы гуымирыл дæр та арт бафтыдтой. Æмæ та цæуынц дарддæр сæ фæндагыл. – Сослан фесæфти, – загъта иуахæмы Бурæфæрныг. – Фæлæ ма мах та нæхи цæуыл сафæм? – Ай хуызæн заман æнæ Сослан цы бакæндзыстæм? – Ам уал æм банхъæлмæкæсæм, – загъта уæд Уырызмæг дæр. – Афтæ цæй адыл ныхаскæныс? Уый цæуылнæ зоныс, æмæ гуымиртæ райхъалуыдзысты, æмæ уæд не сæфт у неппæтæн дæр, – нæ састи Бурæфæрныг... Уæд фыдздзаг гуымир ыссыгъди, æмæ фæгæпласта. Æмæ касти фæйнæрдæм. Сосланы ауыдта 'мæ йæ фæрсы: – Ды уыддæ ды уæдæ мæ сафæг? – Æз дын ницы кодтон. Уæлæ уым иу гуымир ис, æмæ дыл уый бандзæрста арт. Фæлæ фурдмæ згъоргæ, æмæ ахуыссын кæн д' арт. Кæннод сæфыс. Æмæ фыдздзаг гуымир фурдырдæм уыцыиуысхуыст аласта. Ныр Сослан дæр суры йе мбæлтты. Уæд дын дыггаг гуымир дæр ыссыгъди. Фæгæпласта 'мæ Сосланы ауыдта. Фæлæ уый дæр фурдмæ лидзыныл фæци. Сослан та йе мбæлттырдæм сарæзта йæ ных. Уæд æртыггаг гуымир дæр фехъал и 'мæ фæсæррæтласта. Иуцъусдуг аракæсбакæскодта фæйнæрдæм. Стæй фурдырдæм ныццавта уый дæр. Уæдмæ Сослан дæр æрбаййæфта йе мбæлтты: – Æртæ гуымиры райхъал ысты. Æмæ не сæфт у, чысыл дæр куы бафæстиат уæм, уæд. Ныр гуымиртæ дæр кæрæдзийы ссардтой. Фæлæ фæбыцæу ысты, æмæ цын хылмæ асайдта. Кæрæдзиуыл марынæй нал ауæрстой, æмæ æртæйæн дæр сæ туг цыхцырæгау мызти. Стæй та цæм фæсмон æрцыди, æмæ бафидыдтой. Æмæ рацæуынц æртæ гуымиры Нарты агурæг. Цæуынц Нартæ дæр. Кæсынц æмæ бæстæ донлæсæнтæ фæци. – Уый æртæ гуымиры мах агурынц. Кæдæм цæуæм, уый нæ зонынц, æмæ уымæн ахæм къæвда у, – загъта Сослан. Дзæвгар та фæцыдысты, æмæ цæ иу ран хур систа, фыртæвдæй Нартæ дæр æмæ сæ рæгъæуттæ дæр ызмæлын нал фæрæзтой. – Базыдтой нæ гуымиртæ, кæдæм цæуæм, уый, – загъта Сослан. Фæцыдысты бирæ, æмæ цæ дымгæ йæ уæлныхты айста. – Гуымиртæ 'рбаввахс ысты, – дзуры Сослан. – Сымах цæут. Æз ма цæ иу фынæй бакæнон. Æмæ систа Сослан Сæрхъызы уадындз, æртæ гуымиры куыддæр быдыры астæу æрбацæйцыдысты, афтæ. Уасынтæ райдыдта æмæ гуымиртæ уыцы тæвд ран æрхаудтой, æмæ ныффынæйтæ сты. Æмæ цын зæххыл цыдæриддæр бырæг ис, уыдон цыл ысбырыдысты, сæ цæстытæ баууылдтой. Сослан уый куы федта, уæд сабыргай рацыд. Гуымиртæ райхъал ысты, фæлæ кæрæдзийы нал уыдтой, æмæ кæрæдзиуыл ныххæцыдысты. – Не сæфт æрцыди дзиглойæ. Бирæ ма фæхъуырдухæнкодтой уый фæстæ, стæй ныммардысты. Сослан æмæ йе мбæлттæ Нартыбæстæм æрхæддзæ сты. Фæлæ Нартæ зæххыл ныххаудысты, æмæ сæ бон уæлæмæ сыстын дæр нал уыд. Сослан æмæ йе мбæлттæ фос æргæвдын байдыдтой. Æмæ цæм зилынтæ систой. Æмæ та сæ къæхтыл ыслæууыдысты Нартæ. Сослан нæ хуыздæр у зæгъгæ загъта Уырызмæг. – Нæй йын æмбал йæ лæгдзинадæн! Уый фæрцы бафтыд нæ къухы ацы фæллой дæр. Уæд Хæмыц та ахæм ныхæстæ загъта: – Сосланы цæрæнбон бирæ! Нарты адæмы мæрдвæлурсæй цардвæлурсмæ чи ракодта. – Ныр та мæ цæрæнбон уæд бирæ, – загъта йæхицæй æппæлæгау Бурæфæрныг дæр, – сымахæн фос фæкæнынмæ фæндаг чи бацамыдта! Сослан дæр иуыл хиуылхæст кæм уыд, æмæ загъта уый дæр: – Уæ, Бурæфæрныг! Уырдæм æз дæуæй раздæр зыдтон фæндаг. Æмæ Нартæ цы раны сты, уый куы федтон, уæд Сæрхъыз æмæ Зауханмæ æнæ сымах ацыддæн. Уæ бон иу фыс ракæнын нæ уыд, æз та уын уæхи дæр ма фервæзынкодтон. Бурæфæрныг уæддæр нæ разы кодта æмæ йын уæд Сослан йæ къабазыл фæхæцыд 'мæ йæ ныззыввытласта Бурæфæрныджы, кæм царди, уырдæм. Бурæфæрныг дæр фæтæргай, æмæ нал æрцыди Нартæм. Фæлæ йын йæ хай сæрвыстой уæддæр сæхимæ. Ахæм уыди Сослан – æнæрцæф, æнæбарон. | |
Просмотров: 370 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |