Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
СОСЛАН ÆМÆ УАЦИЛЛАЙЫ ФЫРТ
СОСЛАН ÆМÆ УАЦИЛЛАЙЫ ФЫРТ Нарты Сослан цуаны фæцæуын æрымысыди. Йæхи бирæ фæцæттæкодта 'мæ араст и ныр. Сослан иу суангыл ысфардæг и, æмæ уыцы бон Уациллайы фырт дæр уыди цуаны. Уый та æндæр суангыл ысцæйцыди. Суанджы сæр хызти иу тæрхъус. Уациллайы фырт æмæ йæ Сослан иу рæстæджы фехстой. Уациллайы фырты фат тæрхъусы раззаг къæхтæ атæхынкодта. Сосланы фат та тæрхъусы фæстаг къæхтæ ахауынкодта. Тæрхъус хæрдмæ фæхауди 'мæ коммæ ныттылди. Уациллайы фырт æмæ Сослан комырдæм фæйнæ фахсыл æрцæйцыдысты тæрхъусмæ. Уациллайы фырт æм фæразæй ис. – Чи дæ? Искæй хаймæ цæмæн æвналыс? – дзуры йæм Сослан. – Никæй хаймæ 'вналын. Ацы тæрхъусы фехстон, æмæ цæфæй ардæм æрхауди. Æз та йæ фæдыл æрцыддæн. – Уыцы тæрхъусы æз фехстон, – загъта Сослан, – æмæ мæн у. – Цæмæй бæрæг у? – Йæ фæстаг къæхтæ йын фен, кæддæра лыг не сты? – Уæдæ йын æз та йæ раззаг къæхтæм хъавыддæн. Æмæ цæ фен, кæддæра лыг не сты? Æрцахстой тæрхъусы, æркæстытæ йæм кодтой, æмæ йæ раззаг æмæ йæ фæстаг къæхтæ дæр уыдысты лыг. – Ай дын Хуыцауы диссаг! Иу тæрхъусыл дыууæйæ цуан кодтам? – зæгъы Сослан. – Æвæдздзæгæн, Хуыцауы фæндон афтæ уыд, æмæ йæ байуарæм. – Фæлтау æй аджы сфыцæм. Суанцъæтыл аг авæрдтой, арт бакодтой, æмæ тæрхъусы æнæхъæнæй ныппæрстой уыцы аджы. – Йæ, Хуыцау æгасæй нæ уадз, – загъта Сослан. Уыцы ныхæстæм тæрхъусы фæстаг къæхтæ разадысты. Уациллайы фырт дæр загъта: – Йæ, Хуыцау, алы хатт дæр нæ сæрæгасæй уадз. Æмæ тæрхъусæн йæ раззаг къæхтæ дæр разадысты. Æмæ агæй фæгæпласта, æмæ фæлидзæг. – Уæдæ цы фæуыдаид? – загъта Сослан. Стæй фæкастысты, æмæ тæрхъус дæрддзæфгомау лæууы. – Ам диссагæй ницы ис, – загъта тæрхъус, фæлæ уæ кæд диссæгтæ фенын фæнды, уæд Бæрзондхохмæ фæцæут. Диссæгтæ уым ысты. Æмæ та йæ уынгæ дæр нал акодтой – лидзæг та фæци тæрхъус. Уациллайы фырт æмæ Сослан араст ысты Бæрзондхохмæ. Хæстæг æм бацыдысты, æмæ мæнæ диссаг æцæгæй дæр. Сылгадза 'мæ нæлгадза Сосланыл цинкæнынц, размæ йæ цæуын нæ уадзынц. Уæд Сослан фæрсы Уациллайы фырты: – Чи дæн, уый ацы гадзатæ цæмæй зонынц. Науæд дæуыл цæуылнæ цинкæнынц? Мæнæй цы хорздзинад зонынц? – Æвæдздзæгæн цын тугхæстæг дæ, æндæра æз дæр сæ цуры дæн. – Мæнæн гадзатимæ цæй тугхæддзæ ис? Уациллайы фырт, цытæ дзурыс? – Фенæм, дарддæр цы уыдзæни, уый. Цæуынц размæ, гадзатæ дæр семæ. Бæрзондхохы рæбын, къæйфынджы фарсмæ – къæйдуртæ, æмæ цыл ус æмæ лæг бадынц. Къæйфынц йемыдзаг уыд алы хæрд æмæ алы нуæзтæй. Ус æмæ лæг хæрынц, нуазынц æмæ хъазынц сæ зæрдæйы цинæн. Уациллайы фырт æмæ Сослан бахæддзæ сты сæ цурмæ, æмæ цын арфæ ракодтой: – Фарн уæ бадты уæд! – Фæрнæйдзаг ут! – зæгъынц ус æмæ лæг. – Абадут нæ цуры. Æрбадтысты уыдон дæр. Уæд ус нымæтын йæхс фелвæста, æмæ гадзаты 'рцæфтæкодта, æмæ нæлкъæлæу æмæ сылкъæлæу фестадысты. Æмæ ус загъта: – Нал цæ фæразын. Сослан æмæ Уациллайы фырт нуазынтæ систой ус æмæ лæгимæ. Къæлæутæ Сосланæй æддæмæ нал цыдысты. Уæдта цæм ус фæмæсты, нымæтын йæхсæй цæ рацавта, æмæ хъыбылтæ фестадысты. Æмæ Сосланы хъæбысмæ бырынц. Ус та цæм фæмæсты и. – Уæ, Хуыцау, ацы хъыбылтæ цы уыдысты, уый уæддæр куы зонин, – загъта Сослан. Уæд та цæ ус ногæй рацавта нымæтын йæхсæй, æмæ чызг æмæ лæппу фестадысты. Ныхъхъæбыскодтой Сосланы. Ус цæм фæмæсты. Нымæтын йæхс фæхъилкодта. Фæлæ йæ Уациллайы фырт ацахста, æмæ йæ ратыдта йæхсы. – Сæхи цын цæв! Сæхи цын цæв! – хъæр кæнынц чызг æмæ лæппу. Уациллайы фырт цæ рацагъта нымæтын йæхсæй æмæ ус æмæ лæг гæбæр сæгъ æмæ гæбæр бирæгъ фестадысты. Сæгъ алыгъди æмæ йæ бирæгъ асырдта. Иу къæдзæхы астæу дыууæ бæласы зади, æмæ сæгъ йæхи уыдонмæ 'ппæрста, бирæгъ та сæгъыл æппæрста йæхи. Æмæ сæ дыууæ дæр комы ныппырх ысты. Чызг æмæ та лæппу дзурынц Уациллайы фыртмæ: – Нымæтын йæхс арты баппар! Уациллайы фырт æй арты баппæрста, æмæ сау пиллон ысуагъта йæхс. Æмæ сæ разы февзæрди, цы тæрхъусы фехстой, уый. Тæрхъыс нымæтын йæхсы сыгъдонтыл йæ доныхуыпп бакалдта 'мæ загъта: – Сыгъд æмæ уырыдæй баззайут! Тæрхъус рæсугъд ус фестади, æмæ йæ афарста Сосланы: – Чи дæ, кæнæ кæцæй дæ? – Æз Нарты Сослан дæн. – Уæдæ æз та Нарты чызг дæн. Ныхъхъæбыскодта ус Сосланы. Стæй Уациллайы фырты дæр афарста: – Ды та чи дæ? – Æз та Уациллайы фырт дæн. – Æз та Нарты Фсадæджы чызг дæн. – Кæд Нартæй дæ, уæд ам цы ми кæныс? – афарста йæ уæд Сослан. – Æз нымæтын йæхсы тæфмæ 'рцыддæн. Ацы чызг æмæ лæппу дæр мæн ысты. Цы ус æмæ лæг фесæфтысты, уыдон та кæлæнгæнджытæ уыдысты. Мæ сæрыхицауы мын дурын цырт фестынкодтой, мæхæдæг бамбæхстæн. Мæ сывæллæтты та мын гадзатæ фестынкодтой, æмæ цæ сæхимæ ракодтой. – Фенын-ма нын кæн уыцы цырт. Нарты чызг сеппæты дæр йемæ акодта. Æртæ фæндаджы астæу иу дурын цырт лæууыд. – Мæнæ ай у нæ лæджы цырт. – Кæд Нартæн исты бавæййыс, – бадзырдта Сослан цыртмæ, – уæд дæ мидбынаты разил. – Уый афтæмæй нæ разилдзæн, – загъта Нарты чызг. – Цæуылнæ? – Раздæр уал цыртыл дæ къух авæр. Стæй-иу уыйфæстæ зæгъ дæ ныхас. Сослан цыртыл йæ къух авæрдта, æмæ цыдæр æхсызгон уыд йæ зæрдæйæн. – Кæд Нартæн исты бавæййыс, – загъта Сослан, – уæд дæ разы дидинæгбыдыр фестæд. Цырты размæ дидинæгбыдыр фестади. – Кæд дын раздахæн нал и, уæд ацы цырт зæххы бын æрмæрины бæрц абырæд. Цырт зæххы бын æрмæрины бæрц абырыди. Сослан бамбæрста: лæгæн раздахæн нал и. – Кæд дæ уд уæлæуон нал у, уæд дæ разы Азасыф равзæрæд. Уайтагъд цырты рæбын Азасыф равзæрди. Æмæ уæдæй баззади Ирмæ цырт кæнæ марды ингæныл къух авæрыны фæтк. – Цас хорз мын ракодтай, уыйас мæ уæд дæ хорзæх, æмæ нæм фысым бакæн де мбалимæ, – загъта уæд Нарты чызг. Сослан ысразы и. Хурхæтæнхохы сæр зæдтæн уыди куывд. Æмæ Уациллайы фырт зæгъы Сосланæн: – Æз цуаны уымæн рацыддæн, æмæ абон зæдты бон у. Алчи Хурхæтæнхохы сæрмæ физонæгимæ 'рцæудзæни. Мæ фыд та мæнмæ кæсдзæни йæ кувинæгтимæ, æмæ хъуамæ фæтагъдкæнон, æмæ афоныл сæмбæлон. Кæннæуæд мæ фыд иннæ зæдты 'хсæн кай кæндзæни. Уæд æм Нарты чызг дзуры: – Мæ хæдзары цалдæр тохъхъылы ис, æмæ дын бар. Уациллайы фырт тохъхъыл аргæвста. Цыдæриддæр хъуыд, уыдон арæвдзкодта, æмæ Хурхæтæнхохы сæрмæ йæ фыд Уацилламæ фæраст и. Уым сæ бадæн уыд зæдтæн. Æмæ цинкодтой зæдтæ. Фæлæ Уацилла та 'нкъардкодта æнæ кувинагæй. Уалынмæ Уациллайы лæппу схæддзæ и, æмæ йæ фыдмæ дзуры: – Табу Уæллагæн, афоныл дæм ысхæддзæ дæн. Уацилла дæр æм рухс цæстæй ракасти, райста кувинæгтæ, æмæ цæ бахаста куывдмæ. – Уацилла, дæуæн æрæджыкæнын нæ фæтчы, – загъта Хуыцау. – Сырдыфыды кувинагæй фысыфыды кувинаг хуыздæр у, йæ хусысмаг ком арауы. Фынгыл дæр уæдæ хорз ахады, – загъта Уацилла æмæ бахаста фысыфыдæй физонджытæ 'мæ кувинæгтæ Хуыцаумæ. – Зæххон адæм нырæй фæстæмæ нæ куывдæн афæдзæй афæдзмæ тохъхъыл нывондкæнæнт, – загъта уæд Хуыцау. – Фод афтæ, фæлæ цын фос фылдæр дæ цæст бауарзæд! – Сæхи цас фæнды, уыйас дарæнт. Нарты чызг фæхыгъта Сосланы 'мæ Уациллайы фырты. Стæй цын хорз лæвæрттæ ракодта, æмæ Уациллайы фырт уæларвмæ фæцыди, Сослан та – Нартæм. | |
Просмотров: 331 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |