Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
СОСЛАН ÆМÆ АВД ÆФСЫМÆРЫ ХО
СОСЛАН ÆМÆ АВД ÆФСЫМÆРЫ ХО Хурыбыдыры авд æфсымæры цардысты, æмæ цын иунæг æфсымæр-хо уыди. Уый нæртон лæджы йæддæмæ никæмæ цыд моймæ. Афтæмæй сæлавыр фестынкодта чызг йæхи, æмæ Нарты калак-хъæумæ 'рцыди. Фæзылди, федта хъæу, æмæ йыл æрбабон. Сослан рабадти – æмæ уæртæ сæлавыры фæд фæцæуы. Расырдта йæ, æмæ саухъæдмæ ныххæддзæ. Саухъæды йын бæласыл сирвæзти. Сослан арт акодта 'мæ йын йæ фæздæг бæласыл ысуагъта. Сæлавыр бæласæн йæ цъуппæй атахти 'мæ фæлидзæг. Уæд Сослан фат æрдыныл авæрдта æмæ йæ, бахста æмæ йын йæ чъылдымыстæгæй фондз къухы бæрц фелвæста. Сæлавыр ацыд, æмæ йæ фыды хæдзармæ бахæддзæ, æрхаудта 'мæ хъæрзы. Сослан æм æддейæ байхъуыста, æмæ афтæ хъæрзыдта 'мæ туг- тæригъæдæй мардта. Стæй бадзырдта Сослан: – Чи у уый, æмæ цавæр у? Мидæгæй йæм кæйдæр дзурын райхъуыст: – Йæ бон ныккалæд! Мах авд æфсымæры уыдыстæм, æмæ нын иунæг æфсымæр-хо уыд. Уый нæртон лæджы йæддæмæ никæмæ цыд моймæ. Йæхи сæлавыр фестынкодта. Æмæ Нарты калак-хъæуыл фæзылди, æмæ йæ чидæр фехста 'мæ мæлы. – Цымæ йын хос нал æрцæуид? – афарста Сослан. – Хос ын чи скæна, Хуыцау æй уымæн загъта... Уæд Сослан мидæмæ бахызт, систа йын йæ цармы чъылбыс йæ дзыппæй, арфæтæ йыл бакодта, æмæ йæ авæрдта чызгыл. Æмæ чызг цы уыд, уымæй авд хатты хуыздæр фестад. Уыйфæстæ уыцы авд æфсымæры чындзæхсæвтæ фæкодтой, с' алы хæстæг æрхуыдтой. Æмæ Сослан авд æфсымæры хоимæ цæргæ баззад. | |
Просмотров: 401 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |