Пятница, 04.07.2025, 04:44
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

СОСЛАН ÆМÆ АЦЫРУХС
СОСЛАН ÆМÆ АЦЫРУХС
Ацырухс Хуры чызг уыди, æмæ – Сосланы ус. Сослан та ахæм лæг
уыди, æмæ иу ран бадын нæ зыдта, æдзух хæтæнты хатти, цæуæнты цыд,
æмæ йæ бонтæ афтæмæй æрвыста. Сосланæн йæ зæрдыл цы сахат
æрлæууыдаид, уæд-иу ацыди йæ балцы. Уæд Ацырухс тыхсын байдыдта 'мæ
афтæ зæгъы:
– Ай мæнæн цы цард у? Ус æмæ лæджы цардæй ницы уынын. Сослан
хæдзары нæ лæууы, æз та æнæ Сослан куыд цæрон?
Æмæ сфæндкодта Ацырухс Сосланы тыххæй йæ фыды бафæрсын.
Иуæхсæв Сослан сæхимæ уыди, æмæ йын Ацырухс афтæ:
– Мæ цæгатмæ цæуын, æмæ мын цы зæгъыс?
Ацу зæгъгæ йын загъта Сослан.
– Уомæ афтидармæй фæцыдæуы?
– Райсом дын цæ самалкæндзынæн.
Райсомы Сослан хъæдмæ ауади 'мæ дыууæ хъуазы рацахста. Æмæ
'рбалæууыд фæстæмæ. Æрвадæгыл цæ абаста. Йемæ йын, цы 'мбæлди, уый
нывæрдта.
Ацырухс адæгыл абадти. Хъуазтæ фезмæлыдысты 'мæ Ацырухсы Хуры
кæрты бамидæгкодтой.
Ацырухсмæ йæ мад рауади, бацинтæ йыл кодта, стæй йæ хабæрттæй
афарста.
– Цы мæ фæрсыс, Æна? Сослан нырма иу æхсæв не сбонкодта мемæ.
Æмæ мын уый цы цард у? Лæг æмæ усы цардæй ницы уынын. Хуыскъаг
мигæнæнæй уæлдай нæ дæн. Ма истæуыл дæхи аирхæфс, ма сывæллонмæ
сдзур... Цы бакæнон, нæ зонын.
– Уый дæу æнæ уарзгæ нæу.
– Куы мæ уарзид, уæд иу æхсæв мемæ сбонкæнид.
– Изæры дæ фыд æрцæудзæни, æмæ уæд баныхаскæндзыстæм. Ныр
басабыр у 'мæ дæхи мауал хæр.
Ацырухс дæр уæлдай ницыуал загъта. Басабыр и 'мæ йæ
хуыссæнуатмæ бацыд.
Изæры Хур дæр æрцыди. Йæхи æрыхсадта 'мæ бахызти хæдзармæ. Йæ
ус ын хæринаг авæрдта йæ разы, æмæ Хурæн йæ цæсгом фæрухс. Иу
тызмæг ныхас не схауд йæ дзыхæй.
Ацырухс цæм касти иннæ уатæй, æмæ дзы æнæнхъæлæджы сирвæзт:
– Æ, тæхуды, æз дæр Сосланæй иу ахæм исты рæвдыд уæддæр куы
зонин!
Йæ ныхæстæ йын Хур фехъуыста 'мæ афарста йæ усы:
– Исчи нæм ис?
– Ничи, нæ чызгæй дарддæр.
– Æмæ кæд æрцыди?
– Абон.
– Иунæгæй?
– Уо, ис-лæгæй æнæ лæг у.
– Уый та куыд? Æмæ Сослан кæм и?
– Æхсæв хæдзары нæ вæййы, бон та фынæй фæкæны. Ус æмæ лæджы
адæй ницы уыны нæ чызг Сосланы къухы.
– Фæдзур-ма йæм.
Мад Ацырухсы хæдзармæ ракодта. Æмæ йын Ацырухс йæ хъæстытæ
фæкодта фыдæн.
– Æппындæр мацæуыл тыхс, æмæ ма риссынкæн дæ зæрдæ, – загъта
Хур. – Мæнæ гуз батайынкæн доны, стæй дзы дæхи ныннай, æмæ дæ
буарыл сау цъар рауайдзæни. Бон-иу æй дæхиуыл дар, æхсæв та-иу æй
ласгæ ракæн. Стæй бæрæг уыдзæн.
– Æмæ мæ сауæй куы феной Нартæ, уæд мын цы зæгъдзысты?
– Ау, æмæ цæм дæхи равдыстай Нартæм?
– Нырма дон хæссынмæ дæр нæ уыддæн.
– Уæдæ уый та ноджы хуыздæр.
Ацырухс, йæ фыд ын цы гуз радта, уый æрхаста Нартæм, æмæ йæ
доны сфыхта. Æмæ дзы йæхи ныннадта. Æмæ йæ буарыл сау цъар разади.
Уæд æй Сослан фæрсы иубон Ацырухсы:
– Боныгон сау цæмæн дæ, æмæ 'хсæв та урсцъар цæмæн вæййыс?
– Нырма боныгон дæ дзыхыдзырд нæ фехъуыстон – фынæй фæкæныс.
Æмæ æз дæр ыссау вæййын. Изæр мæм иучысыл ысдзурыс, æмæ та æз дæр
мæ хуыз аивын.
Сослан ницы загъта, фæлæ та 'рфынæй. Уæд цæм чидæр æрбадзырдта
кæртæй:
– Сослан, æддæмæ-ма ракæс!
Ацырухс рудзынгæй ракасти, æмæ цы лæппу 'рбацыд, уый
хæлиудзыхæй аззад, Ацырухс йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыди. Æмæ
уыйфæстæ лæппу радзырдта Нартæн:
– Ахæм ус æрхаста Сослан, ахæм, æмæ йæм хъæрæй дзурæн нæй.
Фæлмас ныхасæй дарддæр...
Уæд дын Сырдон афтæ куы бакæнид:
– Куыннæ, куыннæ! Æгæр диссаг у... Исты уын Нарты лæгты
сфæлыста...
Ацырухс уыцы ныхас куы фехъуыста, уæд февнæлдта æмæ æгас
Нартæн иу фæлыст цы хъуыди, уый æхсæвæй бонмæ бахуыдта. Æмæ райсомы
Сатанамæ фæдзырдта æмæ йын афтæ:
– Дæхицæн уыцы зын ыскæн, æмæ мын ацы дзаума Нарты лæгрæгъауыл
байуар.
Сатана дзы тынг фæбузныг и. Нартæн дæр Ацырухсы лæварæй сæ
зæрдæ барухс.
Уæд та дын Сырдон дæр уым фæци кæцæйдæр.
– Æгæр фæци! Фæлæ ма Нарты сылгоймæгты дæр куы сфæлындзид
Ацырухс, æцæг диссаг уæд уаид.
Ацырухс та дыггаг æхсæв дæр æрбадти, кæрды æмæ хуыйы. Æмæ цын
боныцъæхмæ бахуыдта сæ фæлыст. Стæй Сатанамæ фæдзырдта:
– Дæ хорз хорз у, æмæ ма ацы дзаума та Нарты сылгоймæгтыл
байуар.
Æмæ цæ байуæрста Сатана. Нарты сылыстæг – чызгæй, чындзæй,
зæронд усæй – Ацырухс цæри кодтой уыйфæстæ.
– Æмбисонд фестут! Фæлæ Сослан йæхæдæг та цы хуызæттæй цæуы!
Уæд æртыггаг æхсæв дæр та æрбадти Ацырухс, æмæ Сосланæн ахæм
дарæс бахуыдта, æмæ йæм цæстытæ нæ лæууыдысты.
Нартæ дисы бахаудтой, цавæр у, цымæ, Хуры чызг, Нартæн æртæ
'хсæвы афтæ лæггад чи кæны?
– Æз уын æй базондзынæн, – загъта Сырдон. Æмæ дын иу бон
Сырдон бацыди, æмæ асин сæвæрдта Сосланы хæдзары рудзынгмæ.
Бакасти, æмæ Сослан хуыссы, Ацырухс бады – сатæгсау, хæйрæджы
хуызæн. Раздæхти фæстæмæ Сырдон, æмæ дын Нартæн афтæ зæгъы:
– Гъе, бынбауат, Нартæ, кæд цæуыл дискодтат! Уæ тыхджындæр
Сослан у, æмæ хуыздæр ус йæхицæн не ссардта. Саусауид – нæ дзы
бакаст и, нæ – уынд.
Æмæ та Нартæ дисы бацыдысты.
– Æз æй мæхæдæг фенон, – загъта Бурæфæрныг.
Бацыд Сосланы хæдзар кæм уыд, уырдæм, æмæ бадзырдта Сосланы
номæй. Æмæ йæм Ацырухс ракасти. Æмæ Бурæфæрныг фæуыргъуыйау.
Раздæхти 'мæ дзуры:
– Фесæфат, Нарт! Сырдон уын раст зæгъы! Æмæ Нартæ дæр
схорхоркодтой. "Кæд æцæгæй афтæ у, уæд Сосланы йæ хæдзармæ мачиуал
фæхонæд!
Ацырухс дын уый базыдта, цы – хорз фынг ыскодта 'мæ загъта
Сосланæн:
– Нартæ мыл худынц, æмæ ма цæ иу изæр дæ хæдзармæ 'ркæн!
Æмæ Сослан Нарты 'рхуыдта. Ацырухс бавдæлд æмæ изæры йæ хæрв
раппæрста, æмæ йæ буар цæхæртæ скалдта.
Æмæ загътой уæд Нартæ Сырдон æмæ Бурæфæрныгæн:
– Уый цы бакодтат, гормæттæ? Мах та ма у' аххосæй Сосланы
'фхæрынмæ хъавыдыстæм.
Уæд цын Сослан афтæ зæгъы сеппæтæн дæр:
– Не фсины йаргъ æртæ Нартæм дæр нæ разындзæн нæ – хъаруйæ, нæ
– тыхæй, нæ – лæггадмæ, нæ – гъдаумæ, нæ – рæдаумæ!
Нартæ сæхи хорз федтой Сосланы хæдзары, арфæтæ цын фæкодтой,
æмæ фæцыдысты.
Æмæ йын загъта Сослан Ацырухсæн:
– Раппар уыцы хæрв, æмæ Нарты цæсты ахадай!
– Кæд иу æхсæв мемæ сбонкæнай, уæд æй раласдзынæн.
Уæд Сослан Сатанамæ фæуади, уæддæр.
– Ацырухсæн ма цы бакæнон? Иу æхсæв дам уæддæр ысбонкæн мемæ
æмæ раппарон мæ хæрв!
– Дæхи мын зæгъ гомæй равдис, æмæ разы дæн уæд алцæуыл дæр.
Сослан Сатанайæ куы 'рбаздæхт, уæд ын цæ загъта уыцы ныхæстæ
Ацырухсæн:
Уæд Ацырухс йæ дзыггутæ райхæлдта. Ницыуал зынди. Сау хæрвæй
Ацырухс афтæ 'взæр зынди, æмæ куы – хæфсы, куы калмы буары æрттывд
кодта.
– Куыд мын кæнынкæныс ныр? – загъта Сослан.
Уыцы ныхæстæм Ацырухс йæ сау хæрв феппæрста, йæ дзыггутæ
фæстæмæ аппæрста 'мæ цæхæртæ скалдта.
Сослан дæр, æмæ Ацырухс дæр сæ бирæ фыдæбæтты фæстæ кæрæдзийæн
хъармзæрдæ радтой.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 322 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск