Пятница, 04.07.2025, 19:22
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 5
Гостей: 5
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

СОСЛАН КАРД КУЫД ЫСКÆНЫН КОДТА
СОСЛАН КАРД КУЫД ЫСКÆНЫН КОДТА
Сослан йæ лæджы кары бацыди, æмæ уый дæр иннæтау йæ кард йæ
фарсыл дардта. Фæлæ кæрдтæ иухуызон нæ вæййынц. Чи цæ фæлмæн вæййы,
чи та – цъæхснаг æмæ фидар. Нартæ-иу сæ Ныхасы арæх кодтой, кæй
кард хуыздæр у, кæнæ, кæй фат, зæгъгæ, ахæм койтæ. Кæнæ иу ыстыр
быцæуы бацыдысты, хуыздæр уарт кæмæн ис зæгъгæ. Куыта-иу сæ кæрдтæ
фæлвæрдтой. Æмæ дзы боныфæстагмæ Сосланы кардæй фæлмæндæр нæ
разынд.
Чынтæй иу Хъоба хуынди, хъал, æнæфæныкхъал кæй фæхонынц ахæм.
Фосæй дæр æмæ фæллойæ дæр иннæ Чынтæй цауддæр уыди, фæлæ уый хыгъд
хорзæн дардта дыууæ карды. Стыр хъуыддаджы йæм хъуытазхъуыр кард
уыди, æнæуый хъуыддаджы та – æдзæнкард. Фæлвæрдтой Нартæ сæ кæрдтæ
кæрæдзийыл. Фæлæ дзы Чынты Хъобайы кæрдты ничи 'ййæфта. Сосланы
кардæй хуыздæр кæрдтæ уыди Нарты адæммæ, фæлæ уыдон кæрдты дæр
Чынты Хъобайы кард карста фæлмæн цыхтау. Хъыг æмæ мастæн уыди уый
Нартæн, фæлæ чи цы 'фтиаг æркæны, фæзæгъынц, уый – йæхицæн.
Нартæн быгъдуаны хъомгæс цæуын хъуыди, æмæ та Сосланы рад
æрхаудта фос фæхизын. Цы загътаид Сослан? Скодта йæ сæмпæрчъитæ, йе
скъуыдтæдарæс, æркодта йæ фæлдæхт худ йæ хъоппæг цæстытыл, æмæ
ратардта Нарты фос.
Рацыди Сослан хъомгæс. Уæд арв æрбахгæдта бæзджын саумылазон
мигътæй. Бæстæ мæйдарау нытталынг и. Цæст дыууæ къахдзæфæн дæр
ницыуал уыдта, ахæм сау талынг баци бон. Хъуыдыкæны Сослан: "Уæдæ
ныр мæ фос куы фесæфой, уæд ма Нартæм цы цæсгом равдисдзынæн.
Зæгъдзысты Нартæ: Сослан фæтарсти, æмæ нæ тæрсынкæны мах дæр".
Уæд арв дардæй банæрыди. Арвынæрын æввахсæй-æввахсдæр кодта.
Нырттивы бæстæ, арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц. Бæстæ цæхæр æмæ
гыбаргыбур ысси. Сыстади уаддымгæ. Фæлдахы бæлæстæ æд уидæгтæ,
хæхты цъуппытæ пырхкæны. Фаркгай ыскъæфы къæдзæхтæ айнæджы тигътæй.
Уыйфæстæ арвы дуæрттæ фегом ысты. Къæртайæкалæгау райдыдта уарын.
Цæугæ суадæттæ арвæй зæхмæ ныууырдыг ысты, æмæ зæххыл ивылд дæттæ
фестадысты. Дæттæ сæ разы цы арынц, уый ахафынц, æмæ йæ фурды
бамидæгкæнынц. Зæххы хуылфы дон афтæ бирæ ацыди, æмæ саумæр исдуг
хæрдмæ æнхъизæгау ыскæны. Уыйфæстæ арвуобæуттыл ракалдта йæ
цæхæртæ, æмæ уобæуттæ ныппырх ысты. Æмæ арвæй иу ыстыр дур сæмбæлди
зæххыл. Сослан дæр ныххуылыдз и, ныллæхъхъир.
Фæстагмæ дымгæ мигъты фæхаста, арв раирд, æмæ хурыцæст йæ
хъарм тынтæ раппæрста зæхмæ. Ракасти Сослан, æмæ астæумæлæмы лæууы,
йæ разы тæвдæй – хъæбысыдзаг тымбыл дур. Сослан дзы йæхи
схъармкодта. Стæй рахызти лæмæй. Йæ фосыл йæ цæст ахаста 'мæ федта:
калдхъæдты 'хсæнты йæ фос иугай-дыгай лæууыдысты. Сослан цæ
рамбырдтæкодта, фæлæ Чынты Хъобайы дыууæ галы уым нæ разындысты.
Базыдта йенамонд, уæдæ мын Хъоба йæ галтæ афтæ нæ ныууадздзæн. Цы
ма ссардта фосæй, уыдон æртардта.
Æмæ загъта Сослан Сатанайæн:
– Хъобайы галтæ мын кæмдæр фесæфтысты, иннæ фос æнæхъæнæй
æртардтон. æмæ мын ныр Хъоба цы зæгъдзæни?
– Сафамæ уал ацу.
– Н' ацæудзынæн. Уæд исчи зæгъдзæни, Сослан Хъобайы галты
цыдæр фæкодта, æмæ ныр уæларв йæхи бамбæхста зæгъгæ.
– Нæ зæгъдзысты!
– Зæгъдзысты!
– Нæ зæгъдзысты, Сослан. Æз цын æй бамбарынкæндзынæн: Дæ кард
дæуæн цыхт лыгкæныны йæддæмæ ницæмæн бæззы. Æмæ уæларвмæ кард
аразынмæ фæцыддæ.
Сослан ахъуыдыкодта 'мæ дзуры йæхицæн: "Ай мын мæ кардыл
сылгоймаг дæр ма куы худы, æмæ йæ куы рафаудта. Цæй, æмæ йын абоны
дуры хабар ракæнон.
Æмæ йын дзуры Сатанайæн:
– Абон мыл диссаг сæмбæлди, æмæ мын йæ басусæг тæригъæд
уыдзæн. Æз лæмы м' астæумæ ныссагътæн. Уæд кæсын, æмæ мæ разы иу,
хъæбысыдзаг уыдаид, ахæм дур. Артау æндæвта. Схъарм мæ кодта уыцы
дур, æмæ мын асуркодта мæ дзаума.
Сатана базыдта, уый арвæйæрхаугæ дур кæй уыди, æмæ загъта:
– Æмæ цы фæци ныр уыцы дур?
– Æз ма йæ уым ныууагътон.
– Уæдæ уайгæ кæн. Кæд ма йæ ссарай, уæд æй Сафамæ схæсс. Фæлæ
дæ фæдзæхсын – раздæр-иу дзы туас рацæгъдынкæн. Стæй-иу уыйфæстæ
зæгъ Сафайæн, цæмæй дын уыцы дурæй кард сараза. Æфсон дын ис.
Сослан ацыд. Лæмы цурæй дур систа, иу æрхъискъæртт дзы
'рсаста, æмæ Сафамæ араст. Куы схæддзæ, уæд дур фæсвæд æрывæрдта.
Фæлæ æрхъискъæртт Сафамæ бахаста йæ куырдадзмæ 'мæ йæм дзуры:
– Фæрнæй кусай, Сафа!
– Алыбон æгас нæм цæуай, Сослан. Цы хур, цы къæвда дæ схаста?
– Нартæн быгъдуаны хъомгæс уыддæн. Мæ фос фыдкъæвдайы ныппырх
ысты. Сæ фæстæ рахау-бахау фæкодтон, мæ къахыл дзабыр нал баззади.
Чынты Хъобайы дыууæ галы ма мын агуринаг ысты, æмæ мын ацы
'рхъискъæрттæй туас рацæгъд, цæмæй мæ дзабыртæ арæхсон.Æрмæст мæхи
цур, тагъддæр.
Сафа сразы, фæлæ ма загъта:
– Уыцы къæвдайы заманы æз мæ куырдадз æндæр ранмæ раивтон, æмæ
мын мæ хъæсдарæг ардæм ысдав.
Сослан хъæсдарæгмæ ныццыди. Хъæсдарæг ахæм уæззау уыди, æмæ йæ
Сослан йæ фæдыл ласæгау фæкодта. Йæ фæдыл куыройы нукдзагæй
къæвдадон уади. Сласта хъæсдарæг, зæххы йæ ныссагъта. Сафа дæр
æрхъискъæртт куырдадзы куынцы бавæрдта. Сдымдта йыл, æмæ йæ цæгъдын
райдыдтой. Æрхъискъæрттæй ахæм цæхæртæ калди, æмæ сæ рухсмæ цæстытæ
тартæ кодтой. Туас ысцæттæ.
– Айхуызæн æфсæн нырма никуы рацагътон мæ хъæсдарæгыл, –
загъта Сафа.
– Æз ма дын хъуамæ уымæй кард рацæгъдынкæнон...
– Бар дæхи.
Уыйфæстæ йæ æрвдур æрбахаста Сослан Сафамæ.
– Мæ кард фæдисы 'ппæты фæстаг у. Хал дæр нæ лыгкæны.
Æмæ Сослан йæ кард ысласта 'мæ хырхыкомау дæндæгтæ-дæндæгтæй
зынди.
– Ай дæ кардæй хырх арæзтай?
– Нæ, ам мæ кардыкомыл цал носы ис, уал фæлвæрды йæ скодтон,
æмæ-иу дзы алы хатт дæр къæртт фæхауд. Фæлæ дæм иннæ ацафон
зындзынæн, æмæ мын уæдмæ мæнæ ацы дуртæй кард рацæгъд.
– Хорз, фæуæд дæ фæнд.
Æмæ Сослан рацыди сæхимæ, æмæ Сатанайæн афтæ зæгъы:
– Уыцы дурæй туас рацæгъдынкодтон, иннæйы ныууагътон Сафамæ.
Къуыримгъуыдмæ мын дзы кард рацæгъддзæн.
Уæд æй Сатана афарста:
– Туас дæхимæ ис?
– Мæхимæ!
– Уæдæ дæ кардмæ куы цæуай, уæд-иу кардæн йæ фистоны бын
сусæгæй туас атъысс. Кæд ыл фæбыра – уæд дæ кард у. Кæд дзы
иннæрдæм азына, уæд дæу нæу, æмæ дæхион агур. Сафайыл æууæнк нæй,
дæ кард дын æндæрæй аивдзæн.
Рацыди иу къуыри æмæ та Сослан Сафамæ араст и уæларвмæ.
Бадзырдта йæм:
– Ам дæ цы, Сафа?
– Ам дæн, Сослан!
– Уæдæ мын мæхион ку' авæрис!
– Ныртæккæ! – загъта Сафа. Бацыди 'мæ йæм иу кард рахаста.
Сослан фистоны бын йæ туас фæцавта, æмæ – карды хъусы иннæрдæм
ахызти.
– Ай мæ кард нæу.
– Дæу у.
– Нæу, Сафа, нæу.
Уæд та Сафа æндæр кард рахаста. Сослан та уыцы карды фистоны
бын дæр, кардыхъусы, туас фæцавта, æмæ та иннæрдæм азынди.
– Сафа, хынджылæг мæ кæныс?
– Цæмæн афтæ зæгъыс?
– Уæдæ мæ кард кæм и?
– Ау, уый дæр та нæу?
– Нæу!
– Мæ мад, мæ фыдыстæн, дæу у!
– Æз та зæгъын: мæ мад, мæ фыдыстæн, ацы кард дæр мæн нæу!
Сафа кæсы, æмæ Сослан æгæр-æгæр куы тæвдкодта, уæд ын йæхи
кард рахаста. Сослан туас кардæн йæ фистоны бын фæцавта. Туас
фæцъыввытласта 'мæ цæхæртæ скалдта.
– Гъе уый æцæгдæр мæ кард у!
– Мæ Хуыцау – ме вдисæн, Сослан, куы ма дын æй загътон, ахæм
кард æз нырма мæ хъæсдарæгыл никуы ма рацагътон, æмæ йыл сæттын:
мæхи йæ бакæнон зæгъгæ сфæндкодтон мæ мид-зæрдæйы.
Сослан тагъд мæстыгæр уыд, æмæ йæм йæхи нал бауырæдта:
– Сафа, абонæй фæстæмæ дыл æххæст лæджы 'ууæнк мауал уæд!
Нартæ дæм аразынмæ мацыуал хæссæнт, æмæ дын сæ хæдзæрттæм цæуыны
бар мауал уæд, цалынмæ дæм хонæг не рбарвитой сæхæдæг, уæдмæ.
Сосланы ныхас Сафайыл æрцыди. Уæдæй фæстæмæ Сафа Нартæм æнæ
хонæг нал цыди.
Сослан Нартæм æрыздæхт. Уæд æм Чынты Хъоба дзуры:
– Мæ галтæ кæм ысты, Сослан?
– Хъоба, фидын дын цæ, æрмæст мæ ма бафхæр.
– Лæг дæ, лæг, Сослан! Фæлæ дæм лæджы 'гъдауæй ницы ис.
– Цæуылнæ?
– Уæд уал, дæ къæлуа цы кардæй фæлыгкæныс, уый раивис.
– Мад, фыдæй гуырд йæхи ма схонæд, уæдæ, нæ дыууæйæ уый, æмæ
чи фæтæрса! Сфæлварæм нæ кæрдтæ!
– Сфæлварæм!
Æмæ Ныхас уыдонмæ ныккасти.
– Дæ кард бынæвæрд æркæн, – зæгъы Сослан.
– Нæ, ды йæ 'ркæн бынæвæрд! Ды фæлварыс дæ кард.
– Хорз. Уæдæ афтæ цæв, æмæ ма мын, дæ кардæй сæрдасæн цæмæй
саразон, уый куыд аззайа!
Хъоба Сосланы карды тыхтыхæгæй нырриуыгъта 'мæ – дзæхст:
Хъобайы кард дыууæ фæхаудта, æмæ йæ лыггаг кæмдæр дурты
ныззæллангласта, йæ къухы ма дзы дыууæ дисны бæрц аззади.
Сосланы кардыл фæд дæр нæ фæзынди. Хъоба уый куы федта, уæд
загъта Сосланæн:
– Иу масты бæсты мын дыггаг маст дæр ыскодтай!
– Нæ Хуыцау не вдисæн, дæхи аххос уыд.
Цы ма загътаид Хъоба, æрмæст ма афтæ бакодта:
– Йех, фæлæ мæ галтæ, мæ галтæ!
Уæд Сослан дыууæ галы 'рбалæууын кодта Ныхасы.
– Мæнæ дын галтæ!
– Уыдон мæ нæ хъæуынц.
– Цæуылнæ?
– Иу къухæй иннæмæн лæвар ничи кæны.
– Уæдæ афæдзбалцы цæуын, æмæ дын æз дæ галтæ ссардзынæн.
– Ахæм дзуапп мæ зæрдæмæ цæуы!
Сослан уæлдай ницыуал загъта, фæлæ йæхи цæттæ байдыдта балцмæ.
Иубон зæгъы Сатанайæн:
– Æз афæдзбалцы цæуын, фæлæ мын-иу мацæмæй тæрсут.
Араст Сослан йæ фыдздзаг дард балцы. Иуран иу ыстыр хæхтыл
ахызт. Арф кæмтты цæуы, тыгъд быдырты... Цæуы Сослан. Бахæддзæ иу
доны былмæ, æмæ мæнæ диссаг: доны был зæронд ус бады, армыдзаг
цæстысыг калы. Цæссыгтæ сиувæййынц, æмæ цæ суадонвæд рацæуы. Сослан
æй фæрсы:
– Цы кæныс, мæ мадыхай, цæуыл афтæ кæуыс?
– Гъе, мæнæ лæппу, – дзуры зæронд ус. – Ды нырма, маст циу,
уый нæма бавзæрстай, æмæ хъал ныхас уымæн кæныс.
– Æз дæр йæ бавзарынмæ рацыддæн. Дард бæстæй дæн.
– Ахæм мыггаг Нарт ысты.
– Уыдонæй дæн æз дæр, æмæ мыл цæмæй баууæндай, уый тыххæй мæ
бавзар.
– Нартæ ахæм ысты, æмæ сæ иу цæфæй æртæ амæлы. Хицæн дæр уымæй
кæнынц.
Уæд Сослан сæгуытты згъоргæ ауыдта, æмæ цæм йæ фат фæцарæзта.
Фат цæхæркалгæ атахти, æмæ авд сæгуыты авдæй дæр æртылдысты сæ
цурмæ.
– Цæй, цы зæгъыс?
– Мæ цæстытæй мæ ракæсынкодтай. Æрмæст-ма мæ уырнын дæр
бакæнынкæн.
Сослан акасти. Уæйгуыты фыййæуттæ авд галы уæргъбаст ыскæныныл
архайдтой, фæлæ сæ бон ницы уыди. Сослан цæм базгъордта,
уæргъбæстытæ бæндæнтæй сæлхъывта, æмæ дзуры усмæ:
– Адон дын мæ лæвар!
– Бауырныдта мæ ныр – ды Нартæй дæ. Фæлæ ма сæрбахъуыды сахат
дæхи куыд хъахъхъæндзынæ, уый дæр мын равдис... Уæд æцæг нæртон лæг
дæ.
– Ам, æз мæ тых кæимæ бавзарон, ахæмæй никæй зонын.
– Далæ быдыры кæрон рыг мигъау сыстади, уый уыныс?
– Уынын! – зæгъы Сослан.
– Уæдæ уыдон, ды кæй бафхæрдтай, уыцы хъомгæстæ сты.
Фæфæдискодтой, æмæ дæм авдавдæй рацæуынц.
Сослан йæ кард кæрддзæмæй фæцъортласта. Арвау цæхæр ыскалдтой
йæ фæрстæ хурытынтæм. Дымгæйау уæлдæфы ныхситласта кард, æмæ Сослан
Дурæгомты раз хæлиу æрлæууыди. Дурæгомтæ авдавды фатдзæгъдæн
ныккодтой Сосланыл. Сослан йæ кардæй дыууæрдæм æхситдзæф кодта, æмæ
фæттæ йæ размæ схъисгай калдысты. Иу фат ыл не мбæлди.
Дурæгомты фæдисæттæ сæ кæрдтæ сластой. Сæхи рауагътой зæйы
уылæнтау, æмæ систой цъыччытæкæнын. Сослан цæ цæлхъытæ райдыдта,
авдавдæй ма иу авды ауагъта, иннæтæ бынхафт кæрдæгау æркалдысты.
Радтой сæхи уыцы авд Сосланмæ уацары.
– Адон ма цæмæ ныууагътай? – дзуры зæронд ус.
– Мыггагæн. Мыггагæн дæр ма дзы ныууадзын хъæуы.
– Хæмпæлгæрдæг хоры хуымты хъыгфæдары...
– Хатт хæмпæлгæрдæг хосыскондæй фæхуыздæр вæййы.
Зæронд ус ницыуал ысдзырдта, æмæ йын уæд Сослан афтæ:
– Дæ маст, уæдæ, ныр дæр нæ дзурыс?
– Зæгъдзынæн дын мæ маст, кæд дæ афтæ тынг фæнды йæ базонын,
уæд... Мæнæн уыди авд фырты. Адон мыггаг мын цæ фæкодта, æмæ цæм
ныр æнæхъæн къуыри кæсын æнхъæлмæ. Фæлæ цæ ницыуал хъусын. Æвæгæсæй
баззаддæн. Мæ сагъæс дæр уыууыл уыди.
– Уох, авд фыртыл кæд исты 'рцыди, уæддæр дын сæ туг ист у. Сæ
ныхмæ дын мæнæ авд цагъары дæдтын. Æз цæуын Дурæгомты адæммæ. Цы нæ
ис! Кæд ма дæ фырттæй искæй æгасæй баййафон, уæд зон, дзæбæхæй дæм
æй хæддзæ кæндзынæн, кæннод дын дæ маст сисдзынæн æртывæрæй.
Зæронд ус акодта авд цагъары Дурæгомты адæмæй, ахæссынкодта
авд галы дæр сæхимæ. Сослан та рацыди Дурæгомты мæликмæ.
Дурæгомты адæм бадынц сæ куывды. Сослан цæм бацыди 'мæ цæ
фæрсы:
– Ам хистæр чи у?
– Мæликк-æлдар.
Сослан та уымæ дæр бацыди 'мæ йæ фæрсы:
– Æргом дзуаппæй дæ фæрсон, æви хæцгæ кæнон?
– Æргом дзуаппæй мæ бафæрс. Стæй хæцын кæд хъæуа, уæд мах дæр
ронбæгъд куы нæ стæм.
– Уæдæ уæ бæстæм цы авд æфсымæры бахаудта, мæн фæнды уыдонæн
сæ хъысмæт базонын.
– Мах æгъдау ахæм у, æмæ кæимæ дзурай, уый хъуамæ зонай.
– Мах æгъдау та ахæм у: де фхæрæджы куы ссарай, уæд æм мауал
кæс, дæхи мауал амон. Фæлæ 'фхæрæгæй алы 'фхæрд адæймаг дæр йæхион
фæдомы.
Ныхас ныхасы фæстæ, афтæмæй цын хъаугъамæ рацыд. Сослан
мæличчы къубал аркъауæлхъывд акодта йæ къухæй æмæ йæ фæрсы:
– Авд æфсымæры кæм ысты, уый мын зæгъдзынæ æви нæ? Кæннод дын
дæ къубал карчыкъубалау ыстондзынæн.
– Авд ныггæнды бын ысты, фæлæ æз м' адæмæй ахæм лæг нæ зонын,
æмæ уыдонмæ чи ныббыра.
– Кæм и ныггæнд?
Мæликк ныггæнд бацамыдта. Сослан дзы иу сæррæтт ныккодта, æмæ
зæххы бынмæ аирвæзти. Рахызти иу хæдзары, кæсы æмæ авд лæджы
æрмгуырæйттыл; ифтыгъд галтау, куыройыфыдтæ зилынц. Ссады рыг цыл
афтæ тынг ныббадти, æмæ ма сæ цæстытæ æнæбары 'рттывтой, æндæр
ницыуал зынди сæ уындæй.
Байрайат, куыройгæстæ! Ай цавæр арф ран кусут?
– Хуыцауы уазæг у, фæлæ сæрсæфæн бæстæм дæхи къахæй цæмæ
'рцыддæ? – дзурынц æфсымæртæ.
– Æз агурын авд æфсымæры. Сæ мад уæлæуыл куыдвæд кæны, æмæ йæ
тæригъæдæй дуртæ скъуыйынц.
– Йехх, уымæн нæртон лæг баххуыскæндзæн, æндæр ничи.
– Уымæн нæртон лæг баххуыскодта. Йæ фырттæй алкæй ныхмæ æхсæз
маргæ акодта, фæйнæ та йын цагъартæ радта. Авд галы та йын лæвар
бакодта æргæвстæй.
– Уый ды дæ?
– Æз, бæгуыдæр.
– Уæдæ кæд уый ды сарæзтай, æцæг, уæд дæм дарддæр цы фæнд и?
– Æз авд æфсымæры агурын, хъуамæ цæ сæ мадмæ фæкæнон.
– Уæдæ уыдон мах ыстæм. Фæлæ дæуæн ардæм де рцыд куыд æнцонæй
уыди, д' ацыд афтæ 'нцонæй нал уыдзæн.
– Цы уæлдай у?
– Дурæгомты мæликк дæлимонты хæрæфырт у. Уый мах дæр ардæм
барæй æрыппæрста, цæмæй нæ фæндаг æхгæд уа. Уыныс: кусæм,
тухæнкæнæм, цы нæ бон у? Ныр мах тыххæй ды дæр тухæйнаг фæдæ.
– Фæлтау уæхи æрыхсут, æмæ цомут мемæ.
Бакоммæкастысты авд æфсымæры, ныууагътой сæ куыст, æмæ
Сосланимæ рацыдысты.
Уæд Сослан иу ран бæхдугъ ауыдта Дæлимонтыхъæуы.
– Ай цавæр дугъ у?
– Дæлимонтæн сæ мæличчы гуырæн бон абон у, æмæ йын бæхдугъ
уадзынц.
Сослан йæ фат хидыл цæхгæр авæрдта, дугъонтæй хидмæ чи
'рбахæддзæвæййы, уый йæ бæхæй атæхы 'мæ зæххыл сæмбæлы.
– Уыцы фат кæй у, цæуылнæ йæ айсут? – дзуры Дæлимонты мæликк.
– Махырдыгон нæу, – зæгъынц Дæлимонтæ.
Дæлимонтæ схæцыдысты фатыл, фæлæ уый афтæ фидар сагъд уыди æмæ
йæ 'нкъуысын дæр нæ фæкодтой. Уæд цæм Сослан дзуры æфсымæртæм:
– Уынут, мæ фат сæфтауын нæ фæразынц, æмæ уыдон мемæ цы
бакæндзысты хæцынæн! Цæугæ ныр мемæ.
Сослан æмæ авд æфсымæры бацыдысты Дæлимонты мæликмæ. Æмæ йæм
Сослан дзуры:
– Кæнæ мын уæлæмæ фæндаг радт, кæнæ дæ æнæмыггаг фæкæндзынæн.
– Кæд нæ æнæфыдбылыз уадзыс, уæд дын – фæндаг.
Сослан ын ард бахордта.
Æмæ сæ нæргæадæг æрбахастой уæд Дæлимонтæ.
– Сбад адæгыл, – загъта мæликк Сосланæн.
– Ацы авд æфсымæры дæр кæнын мемæ.
– Уыдон ахæсты сты.
– Æз дæр цæ уымæн кæнын, сæ фæдыл уымæн цæуын.
– Уыдон Дурæгомты мæликк – нæ хæрæфырт – махмæ ахæстæй радта.
– Гъемæ Дурæгомты мæликк та мæнæн фæндаг бацамыдта адон тыххæй
сымахмæ.
Сбадтысты авд æфсымæры дæр адæгыл. Адæг цæ гуыргуыргæнгæ
Цæрддзуйыбæстыл рахаста, æмæ фæуæле сты. Рахызтысты. Адæг та
фæстæмæ атахт.
Дурæгомты мæликк ыстыр куывд кодта Сосланы сæфтыл. Сослан уый
куы базыдта, уæд авд æфсымæрæн афтæ зæгъы:
– Разыбадæг лæуут, æви тæрæг лæуут?
Тæрæг зæгъгæ загътой æфсымæртæ.
Сослан разæй æрбадт, йæ кард ысласта. Уæд авд æфсымæры
Дурæгомты адæмы рамбырдкодтой.
Разæй цыл Сослан цæгъдгæ ыссыди. Æмæ авдæй цы мардтой, уый
Сослан иунæгæй цагъта. Афтæмæй Дурæгомтæ стыхстысты æмæ лæгъстæ
кæнын райдыдтой Сосланæн:
– Бындзагъд нæ ма фæкæн.
– Мæнæ мын мæ разæй авдавды сæдæ сæры фос ыскæнут, æмæ уæ
уадзын.
Радта цын Дурæгомты мæликк, Сослан ц' агуырдта уый, æмæ рацыди
Сослан авд æфсымæримæ. Æрцыдысты авд æфсымæры сæ мадмæ. Мад цыл
ныццинкодта йæ фырттыл дæр æмæ Сосланыл дæр. Сосланæй æстæм хъæбул
загъта. Уыйфæстæ Сослан Нартæм æрцыди. Йæ фосыскондæй Чынты
Хъобайæн авд сæры радта, иннæты Нартыл байуæрста. Афтæ уыд Сосланы
фыдздзаг балц.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 363 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск