Пятница, 04.07.2025, 16:01
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 3
Гостей: 3
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

СОСЛАН ЧЫСЫЛÆЙ КУЫД ФЕСГУЫХТ
СОСЛАН ЧЫСЫЛÆЙ КУЫД ФЕСГУЫХТ
Нартæ фылдæр ыстæры цардæй цардысты. Уæд та иу бон Хæрæнхохмæ
фæцæуын ысфæндкодтой, æмæ загътой Сатанайæн:
– Балцы цæуæм, фæлæ исты фæдисы хабар зæгъгæ, уæд-иу нæм
бæрæгкæн æвæстиатæй.
Æмæ фæцыдысты Нартæ. Уæд Чынтæ 'мæ Гуынтæ кæрæдзимæ лæгтæ
барвыстой.
– Нарты тыхджынтæй бынаты ничиуал ис, æмæ цæм ныббырсæм.
Æмæ цæм æцæгæйдæр ныббырстой. Нартæй чи цагъды фæци, кæй та
рæгъаугæс ыскодтой. Чынтæ 'мæ Гуынтæ цын цагътой сæ фос. Æмæ
цардыминасæй тъæпп хаудтой Уæд Сатана Сосланæн фæтарсти. Авд
ныггæнды бынмæ йæ ныккодта, æмæ йæ уым æмбæхстæй дардта.
Уæд Чынтæ 'мæ Гуынтæ фæрсынц Нарты:
– Сатана та уын кæм и?
– Мах дæр æй нæ зонæм. Кæд ыл исты 'рцыд?
Чынтæ 'мæ Гуынтæ уæд ницыуал загътой – æгасæнхъæл ын нал
уыдысты Сатанайæн. Уæд, зæгъы, иуæхсæв афтæ ныммæйдар, æмæ лæг йæ
развæндаг нал æвзæрста.
Æмæ дзуры Сослан Сатанамæ:
– Æддейы – талынг, мидæгæй – талынг. Бирæ ма уыдзыстæм афтæ?
– Цалынмæ Нарт æрыздæхой, уæдмæ.
– Æмæ кæд æрыздæхдзысты?
– Хуыцауы куы фæнда, уæд.
– Уæдæ ма цæ мæ бар бауадз!
Сослан амæсты 'мæ загъта:
– Нартæм æппын æфсæйнаджызæрæдтæ дæр нал баззад. Ме 'рбадæнтæ
æгæр фæлмæн ысты, æмæ мæ цæуын нæ уадзынц. Уыййæддæмæ бæргæ сыстин,
æмæ цæм бæргæ акæсин æз дæр Чынтæ 'мæ Гуынтæм!
– Æфсæйнаджызæрæдтæ та дæ цæмæн бахъуыд?
– Бадон цæ кæнут. Стæй мын цæ донбæлæгъы ауадзут. Æмæ мæ уым
æрбадынкæн. Сатана æмæхсæвæджы Куырдалæгонмæ фервыста. Куырдалæгон
уадид уым æрбалæууыд. Æмæ йын Сатана рахабаркодта Сосланы ныхас.
Куырдалæгон райсомы арцыцъæлтæ, хæцæнгарзыцъæлтæ амбырдкодта, æмæ
цæ куырдадзы къузы бакалдта. Уайтагъд адон ысты. Таддоны Сосланы
абадынкодтой. Æгæртæвды куы басудза зæгъгæ, сырх-сырхид куыддæр
адардта Сослан, афтæ йæ Сатана сцæйиста. Фæлæ йыл Сослан уыцыиу
хъæр фæкодта:
– Суадз мæ!
Сатана йæ фæуагъта, æмæ Сосланæн йæ галиу æрбадæн фаг нæ
байсæрыди.
Сослан фестади 'мæ дзуры Сатанамæ:
– Куы нæ мæ фæцагайдтаис, уæд бынтон ысфидаруыдаин. Ныр
зынанæзына къуылых цæудзынæн. Æмæ мæм исчи фаутæ хæсдзæни...
– Ницы кæны, Сослан, чысыл чиудæн. Дæ тых æмæ дæ хъаруйыл
ныфсæвæрæн куы бафта уæд!
– Гъеныр мын бæх, æмæ хæцæнгæрзтæ!
– Ахæмтæй мæ мацы 'рцагур. Бæхы хуыздæр æмæ карды цыргъдæр нæ
бæлццæттæм ысты. Дæу аггаг дзаума нал ис Нартыхъæуы...
– Æз ын ме фсургъ авæрин, мæ фæринк дæр ын радтин, фæлæ мæ
къухы куы нæ уал бафтой... Дзырд мын радт, Сослан, къуыримæ мыл цæ
фæстæмæ кæй сæмбæлынкæндзынæ, уыууыл, – загъта Куырдалæгон.
Сослан ын дзырд радта.
Уæд та Куырдалæгон зæгъы:
– Райсом куыддæр хур йæ фыдздзаг тын æрыппара, афтæ йыл ме
фсургъ уайдзæни хæххон суадон нуазынмæ, æмæ йерцахсын дæхи бар
фæуæд. Стæй-иу мæм фæзын. Мæхицæн цы кард сарæзтон сæрмагондæй, уый
хæцыныввонг у, рæхыстæй баст. Цъæх арт уадзы ме рмадзы сæрмæ. Æмæ
йæ кæд райсын базонай, уæд æй ахæсс.
Сослан ын арфæ ракодта Куырдалæгонæн. Райсом куы 'рбарухс, уæд
Сослан Зæдты цады был æрæмбæхсти. Куыддæр хур йæ фыдздзаг тын
æрæппæрста хæхтыл, афтæ Куырдалæгоны 'фсургъ дæр мырмыргæнгæ 'мæ
кафгæ ратахти. Зæдты цадæй æртæ хъуыртты акодта. Æмæ уæд Сослан
уыцыиу сæррæтт раласта. Абадти Куырдалæгоны 'фсургъыл – æнæ идон,
æнæ саргъ. Æмæ хæрдмæ фæхаудта бæх. Сослан бæхы дæллагхъуырыл
къæлæттыхт акодта йæхи. Бæх мигътæй æврæгъты астæумæ атахти. Йæ
хицауы дуæрттыл æрзылди 'мæ ныммырмыр кодта.
Куырдалæгон цæм рауади.
– Гъей-джиди! Ды барæгæн бæздзынæ, куы рахъомыл уай, уæд!
Куырдалæгон йе фсургъы 'рсабыркодта. Хуыздæр æмæ зынаргъдæр
саргъ ыл сæвæрдта бæхыл. Æртæ сæрфты йæ акодта, стæй йын æрттивгæ
йæхс радта Сосланæн. Куырдалæгон æм дзуры:
– Æххæст-ма мæ кард дæр дæхæдæг райс.
Сослан Куырдалæгоны 'рмадзы смидæг и.
Кард уыди аххæрджытæм рæхыстæй баст. Йæ буар авгау æрттивы. Йæ
комæй цъæх арт уадзы. Сослан рæхысмæ февнæлдта. Кард ныхъхъырныдта,
æмæ йæхи фехста кæрддзæмæй. Фæлæ Сослан йæхи фæтылифласта, æмæ кард
хъæсдарæгыл æруади. Дыууæ дихы йæ фæкодта, стæй йæ фистонмæ зæххы
абырыди. Сослан æм фæцырд и, фистонмæ фæлæбурдта 'мæ кард ысласта.
Рæхыстæ дзы хæрисы къалиутау æрцагъта. Стæй кæрддзæм æриста, йæ
фарсыл æй абаста. Сослан карды 'ртæ риуыгъды ракодта, æмæ 'рсабыр и
кард.
– Кæй дæ, уымæн фæрнæй у, мæнæн та хохы куыд ысбæззай! –
загъта Сослан.
– Гъе, Сослан, нырма чысыл дæ. Фæлæ фыдбылызæй дæхи хъахъхъæн.
Куы цæвай, уæд афтæ, æмæ кард дæхиуыл куыннæ аныдзæва!
– Гъеныр рæствæндаг у, Сослан. Мæнæ дын æххæст м' арц æмæ уарт
дæр, кæд цæ афæразай, уæд.
– Уæдæ цæуын Чынтæ 'мæ Гуынтæм!
– Фæлæу! Афтæ нæ! – дзуры Куырдалæгон. – Знаг ызнаг уымæн у,
æмæ хинæйдзаг у. Куы дæ базоной, чи дæ, уый, уæд æвыдæй нæ
баззайдзынæ. Фæлтау, цыма дард бæлццон дæ, æнахуырбæстаг – дæхи
афтæ равдис, æмæ цын сæ бадæнтæ, сæ миниуджытæ раздæр базон. Стæй
зондæй сархай уыйфæстæ.
Сослан байхъуыста Куырдалæгонмæ. Йæхи бæлццонхуыз акодта 'мæ
Нартæм æрцыди.
– Фарн уæ ныхасы уæд! – дзуры Сослан Чынтæ 'мæ Гуынтæм.
– Фæрнæйдзаг уай, лæппу. Фæлæ кæцырдæм у д' арæзт?
– Нарты мын хæлар фысым уыди мæ фыдæн æмæ, кæм цæры, уый мын
куы бацамониккат.
– Æмæ чи у дæ фыды хæлар?
– Уырызмæг æй хонынц.
-Гъе, лæппу, куыдзы кой дæр кæныс! – зæгъынц Чынтæ 'мæ Гуынтæ.
– Кæмдæр куыдзы мард ныккодта.
– Уæд йæ ус Сатана та цы фæци?
– Иу хæрæджы къæлæуы кæмдæр хъомылкæны. Дзургæ афтæ кæнынц,
фæлæ, æвæдздзæгæн, ныммарди. Уыййеддæмæ дзы исты хъуысид.
– Уый та цавæр хæрæджы къæлæу у?
– Мах Сосланæй зæгъæм, Сатана кæй хъомыл кæны, уымæй.
– Гъеныр уæ бамбæрстон. Фæлæ иуыл ам куыд бадут,
къуырттонкæрчытау? Йе уæм фатæвзарæн нæ вæййы, йе кардфæлварæн?
– Кæд афтæ тынг арæхсыс, уæд-иу Нарты Симæнфæзмæ 'рцу
майрæмбоны. Гъеуым бавзардзыстæм, – загъта Сослан æмæ раздæхти.
Уæд æй Сатана афарста сæхимæ:
– Цы бадæ, Сослан?
– Майрæмбоны сеппæт хæстхъомты дæр хотыхæввонгæй Нарты
Симæнфæзмæ хъæуы.
Æрхæддзæ майрæмбоныбон. Сослан йæ хæцæнгæрзтæ абаста. Абадти
Куырдалæгоны 'фсургъыл, æмæ араст и Нарты Симæнфæзмæ. Иу дзырд ма
акодта Сатанамæ:
– Кæд Нартæй исчи фæзына, уæд-иу мæм кæсынмæ уæддæр рацæуæд!
Цæуы Сослан. Æрæввахс и Нарты Симæнфæзмæ 'мæ афарста йæ бæхы:
– Ныр куы фæтыхсон, уæд мын цы баххуыскæндзынæ?
– Аскъæфдзынæн дæ. Уыдон та дæ 'ййафгæ нæ ракæндзысты.
– Нæ. Уый раст нæу. Уæд мæ тæппуд ысхондзысты.
– Уæд та цæ хатыр ракурдзынæн, цæмæй чысыл аулæфай.
– Нæ. Уæд мæ сонт ысхондзысты, уыууыл дæр дын разы нæ дæн.
– Уæд та, дæхæдæг цы загътай, уый бакæндзынæн. Уæд Сослан
фæхудти 'мæ загъта:
– Лæг тасы куы бахауы, уæд æнæкæрон тыхы хицау кæны. Тæссондæр
рæттæм мæ аскъæфдзынæ.
Сослан Нарты Симæнфæзмæ дардæй кæсы, æмæ Чынтæ 'мæ Гуынтæ фат
фæдисонæй æрвитынц. Быцæуæй æхсынц. Æмæ арвау нæры бæстæ.
Уæд ын Куырдалæгоны 'фсургъ афтæ зæгъы Сосланæн:
– Ныр мын мæ къæдзил хъæддых бабæтт – æртæ хъисы ма дзы
æнæбастæй ныууадз.
Стæймын ахæм цæф ныккæн, æмæ дæ къух тæппæлттæ куыд феста, м'
агъдыфарс та ставд тæлмæй куыд аззайа!
Æмæ йæ нырриуыгъта бæхы Сослан. Бæх йæхи тымбылцъæгæй фехста.
Чынтæ 'мæ Гуынты астæу ысмидæг, æмæ бæхы къæхты бын æртæ лæджы
'рбамарди. Уæд Чынтæ 'мæ Гуынтæ хæцынтæ систой Сосланимæ. Сослан
Куырдалæгоны кардæй кæй рариуыгъы, уый дыууæ дихæй фæхауы. Афтæ
æртæ боны 'мæ æртæ 'хсæвы фæхæцыдысты.
Уæд Нартæ æрыздæхтысты сæ дард балцæй сæ бæстæм. Акастысты сæ
хъæумæ 'мæ фаджысæй нал зынди.
Фæрсынц Сатанайы:
– Цы 'рцыди ай нæ фæстæ?
– Цы ма 'рцæуа! Ц' адæмы ныууагътат, уыдонмæ-ма акæсут: чи цæ
лæггадгæнæг у, чи – фаджысхафæг. Чынтæ 'мæ нæм Гуынтæ у' ацыды
фæстæ дыууæ мыггагæй ныббырстой, æмæ нæ хынджылæгкæнынц. Менахъом
Сослан ныр æртæ боны 'мæ æртæ 'хсæвы хæцы семæ Нарты Симæнфæзы. Æмæ
нырма кæрон нæй сæ хæстæн.
Нартæ уæд сæ Симæнфæзмæ атындзыдтой. Дардæй цæм æрбазынди сæ
Симæнфæз. Ай Сослан фæуæд, фæлæ бæх Куырдалæгоны 'фсургъ куы у,
зæгъгæ загътой Нартæ. Йæ хотыхтæ дæр Куырдалæгоны куы сты! Уæд йæ
къухы кæцæй бафтыдысты?
Тындзынц размæ Нарты стæронтæ. Фæлæ цæ туджы зæй фæстæмæ ласы.
Сосланæн тæссагдæр кæм вæййы, уырдæм æй бахæссы йæ бæх. Иуафон
Хъæлæдзых Сосланмæ йæ ных батардта. Сослан æм арц фæцарæзта, æмæ
йын æй йæ хъæлæсы фæцавта. Уалынмæ Нартæ дæр бахæддзæ сты, æмæ
Чынтæ 'мæ Гуынты сау пырх ныккодтой.
Уæд Уырызмæг загъта:
– Абонæй фæстæмæ, нæ чысыл æфсымæр, не хсæн кадджынæй фæцæр,
Нарты сæрвæлтау йæ уд мæлæтмæ чи тæры!
– Бузныг, Уырызмæг, – загъта Сослан. – Ныр мæ лæджы ран
бацыддæн. Фæлæ цалынмæ бирæгъы 'хсырæй мæхи байсæрон, уæдмæ мæ мæ
чемы нæма дæн.
Уырызмæг ын ныфс бавæрдта. Стæй Нартæ сæ бæстæм æрцыдысты 'мæ
стыр куывд ныззылдтой. Куырдалæгон дæр уым фæци.
Аласта уыйфæстæ Куырдалæгон йæ бæхы. Ахаста йæ кард æмæ й'
арц, æмæ йæ уарт дæр йемæ.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 402 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск