Пятница, 04.07.2025, 00:00
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

САУМÆРОН
САУМÆРОН
Саукомы рæбын æмбисондæн чи баззад, æмæ йæ кой дæрдтыл кæмæн
айхъуыст, иу ахæм ус цард. Хонгæ та йæ Саумæрон зæгъгæ кодтой. Æмæ
дын æм Дæлимонтæ цæуын байдыдтой.
– Нартæ нæ быныцагъд кæнынц, æмæ нын баххуыс кæн дæ бирæ
'фсадæй. Кæннод мах куы фæцагъды уæм, уæд ма кæимæ цæрдзынæ?
– Кæд цæ уæ бон дарын бауа, – загъта Саумæрон, – уæд уын ме
фсадæй цас уæ хъæуа, уыйас раддзынæн.
Дæлимонтæ сразы сты. Саумæрон арын байдыдта æмæ 'хсæвæй-бонмæ
минтæ ныййардта. Дæлимонтæ цæ 'фсадхъом кодтой, æмæ цæ Нартæм
æрвыстой хæцынмæ.
– Мах ам абаддзыстæм, уымæй цы пайда и? – дзуры Æхсæртæг. –
Дæлимонтæ нын сæ маст нæ ныууадздзысты. Саумæронмæ фæцыдысты, æмæ
дзы 'фсадхъом мингæйттæ райстой. Уыдон сомбон немæ хæцдзысты. Мах
хъуамæ Саумæроны арты басудзæм.
– Сылгоймагимæ хæцын дæ сæрмæ та куыд хæссыс? – дзуры Æхсар. –
Чи дæ фехъуса, уый дæ цы зæгъдзæн? Ныхъхъуыдты йæ уадз!
– Уый дыл куы фæтых уа, уæд ахæм худинаг куыд æрхæсдзынæ ды дæ
сæрмæ. Кæд нæ цæуыс, уæд æз мæхæдæг иунæгæй дæр ацæудзынæн.
– Уæд та дыл тых цæуы, уæд дæ кæм агурдзынæн?
– Æз цæудзынæн хъæды 'хсæнты, æмæ бæлæсты кæрддзæфкæндзынæн.
Кæд æмæ афæдзы бонмæ нæ фæзынон, уæд-иу мæ агур. Кæд ма дæ де
фсымæр хъæуа, уæд.
Фæраст Æхсæртæг, æмæ йæ Уæрхæг ауыдта.
– Ныр иунæгæй кæдæм цæуыс?
– Иунæгæй цæуын, афæдзбалцы. Кæд не рыздæхон, уæд мæм-иу Æхсар
хæддзæкæнæд. Цæугæ та кæнын Саумæронмæ. Уый цын æфсад радта
Дæлимонтæн, æмæ та нæ сомбон хъыгдардзысты.
– Фæндараст фæу. Фæлæ иу хъуыддаг дæ зæрдыл бадар: иугæр хæсты
бацыддæ, уæд хъуамæ дæхи фæнд атæрай, искæй зонмдæ хъусын нæ хъæуы.
Араст Æхсæртæг Саумæронмæ.
Уæд, зæгъы, Саумæрон Дæлимонтæм дзуры:
– Цæмæн хæцут афтæ карзæй Нартимæ? Æххæст-ма мын æй æмбарын
дæр бакæнут.
– Нарты адæм нæ бындзагъд фæкодтой, – дзырдтой Дæлимонтæ. –
Уыимæ нын нæ фæткъуыбæлас дæр фæхастой сæхимæ. Æртæ хатты цæм
барвыстам, æртæ хатты дæр ницы бафтыд æппын нæ къухы. Уыцы бæласæн
та æнæ 'рхæсгæ нæй.
Æхсæртæджы фæстæ иу талынг æхсæв Саумæрон æд æфсад
æрбахъуызыдысты Нарты фæткъуыбæласмæ, æмæ йæ фæхастой сæ бæстæм.
Дæлимонты сау сырд цæ давгæ федта. Фæлæ йæ дзыхыл ныххæцыд – ницы
сдзырдта. Дæлимонтæ хæстмæ сæхи цæттæкодтой. Саумæрон-иу æхсæвы кæй
ныййардта, уый-иу боны хæцынхъом уыди. Афтæмæй минтæ, æрдзæсæдæ
минтæ æрымбырдкодтой æфсад Дæлимонтæ.
Æхсæртæг цæуы тар хъæды астæу. Кæрддзæфтæкæны хъæдыбæлæстæ.
Фæзрæтты та дзыхъхъытæкодта. Афтæмæй бахæддзæ ис иу æфсæнфидармæ,
фæлæ йын йæ хуылфмæ фæндаг н' ары. Уæд дын æм сау сырд фæзынд
Æхсæртæгмæ, æмæ йæм дзуры:
– Ам ц' агурыс æфсæн фидары? Æви й' арæзт дæ зæрдæмæ нæ цæуы?
– Й' арæзт хорз у, фæлæ йæ хуылфмæ кæуылты бахизон? Дуар дзы
нæ уынын.
– Ардæм уал рацу.
Сау сырд Æхсæртæджы йæ фæдыл акодта. Бацыдысты иу дурцыртмæ,
æмæ йæм дзуры уыцы сау сырд:
– Ацы дурцыртæн йæ уд æгаскæнын дæумæ хауы. Уыйбæрц хатыр
бакæн, æмæ йæ райгаскæн.
– Куыд æй райгаскæнон – сыгъдæг дур куы у?
– Ды мæн дурмæ балхъив, афтæ тыхджын, æмæ мæ цæссыгтæ куыд
æркæлой. Ацы дурцырт фыдæлгъыст фæци, æмæ йæ уды бар нæртон лæгмæ
ис.
Æхсæртæг сау сырды дурцыртмæ балхъывта, æмæ сау сырд йæ
цæссыгтæ 'ркалдта. Дурцыртыл æрхаудтой æмæ дурцырт йæхимидæг
базмæлыд. Уыйадыл сау сырд рæсугъд ус фестад, дурцырт та нæлгоймаг
фестад. Æмæ фæрсы нæлгоймаг Æхсæртæджы:
– Бæлвырд, Нартæй дæ?
– Уо, æз Нартæй дæн, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма ды Бæртæлæг дæ.
– Раст зæгъыс. Æз, æцæгæйдæр, Бæртæлæг дæн. Уæрхæг æмæ
Уæрхтæнæджы фесæфт куы фехъуыстон, уæд цæ не фсинимæ дæлимонтæм
агуырдтам. Дæлимонтæ мæм тынг ысмæсты сты. Дурцырт мæ фестынкодтой,
не фсины та – сау сырд. Æмæ йыл дыууæрдæм хъеллаукодтой. Кæм ысты
цымæ ныр мæ хæлары цæуæт – Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг?
– Уæдæ ды та цæмæ 'рцыддæ?
– Æз ардæм хæцынмæ 'рцыддæн. Дæлимонтæ та нæ ныхмæ 'фсад
аразынц. Æфсадхъом та исынц Саумæронæй, æмæ цæ хъуамæ бындзагъд
фæкæнон.
– Афтæ иунæгæй дæ куыд рауагътой?
– Мæхи афтæ фæндыди. Никæй рауагътон мемæ.
– Саумæрон æнцон басæттæн нæу. Ацы хабар та æз Нартæн
фехъусынкæндзынæн.
Бæртæлæг æмæ йæ ус хæрзбон загътой Æхсæртæгæн, æмæ фæцыдысты
сæ бæстæм.

* * *
Нартæ ракастысты, æмæ – нал и сæ æвдадзы фæткъуы.
– Цæуын æз сæ фæдыл, æмæ йæ хъуамæ байсон, – загъта Æхсар.
Ауадз мæ демæ, исты 'ххуыс дын фæуыдзынæн æз дæр зæгъгæ дзуры
зæронд лæг Æхсармæ. Æхсар ысразы, æмæ зæронд лæджы йемæ ракодта.
Цæуынц Æхсар æмæ зæронд лæг хъæды. Кæсынц, æмæ бæлæстыл
Æхсæртæджы кæрддзæфтæ, фæзты та – дзыхъхъытæ. Цæуынц æмæ цыл
Бæртæлæг æмæ йæ ус æнæнхъæлæджы амбæлдысты.
Æхсар цæм дзуры:
– Уæ фæндаг раст уа!
– Æгас нæм цæут сымах дæр. Кæцæй фæндараст?
– Цæуæм Нартыбæстæй. Дæлимонтæ нын нæ фæткъуыбæлас адавтой,
æмæ уый агурæм.
– Уæ бæлас уын æз хæсгæ федтон, – загъта Бæртæлæджы ус. –
Саумæрон æмæ уын æй йе фсæдтæ радавтой. Æмæ йæ Саумæрон йæ дуармæ
ныссагъта. Æхсæртæг хæцдзæн ныр семæ. Мыййаг цыл куы тыхкæна, уæд
æй уыдон исты фæкæндзысты.
Хæрзбон загътой сæ кæрæдзийæн, æмæ цæ алчи йæ фæндагыл араст.
Уæд Æхсар зæронд лæгæн афтæ зæгъы:
– Мах куыддæр ысхæцæм, афтæ ды та бæласмæ фæу, æмæ-иу æй
рахæсс.
Цалынмæ уыдон æфсæнфидармæ цыдысты, уæдмæ Æхсæртæг фидары
бынæй фидары хуылфмæ дзуры:
– Кæм ыстут уæдæ? Уæхиуыл æфсæнфидары дуæрттæ цæй хуыд
ныккодтат?
Саумæрон уыцы хъæрмæ æнæхъæн æфсад рарвыста. Уыдонимæ
Дæлимонты дæр, æмæ схæцыдысты Æхсæртæгимæ. Саумæроны 'фсад куынæг
байдыдтой. Саумæрон уыйонг фæтыхсти, æмæ йын зæнæг кæныны рæстæг
дæр нал уыд. Уыйфæстæ Дæлимонтæ дæр хорзау нал уыдысты. Æмæ уыцы
хæсты хъæр Æхсар æмæ зæронд лæг фехъуыстой.
Сæ цыд фæрогдæркодтой, æмæ Æхсæртæджы хæцгæ 'рбаййæфтой. Уыдон
дæр Æхсæртæгæн фарс фесты, æмæ Æхсæртæг дзуры Æхсармæ:
– Æрхæддзæ мæм дæ?
– Ам бæргæ дæн. Радавтой нын нæ фæткъуыбæлас.
Зæронд лæг аууæтты бацыд, æмæ йæ ссардта уыцы фæткъуыбæласы.
Раздæхт фæстæмæ 'мæ дзуры:
– Йæ кæрты астæу ис фæткъуыбæлас Саумæронæн, æмæ уырдæм уæ
хæст акæнут, цæмæй йæ мацы фæкæной.
Æхсар æмæ Æхсæртæг Саумæроны се хсæн фæкодтой.
– Тагъд нын радт нæ фæткъуыбæлас! – дзуры йæм Æхсæртæг.
– Уый уын раддзынæн, фæлæ бафидауæм.
Саумæрон Нартæн сæ фæткъуыбæлас рахаста. Æмæ Æхсар зæронд
лæгмæ дзуры:
– Мауал ысуæгъдкæн уыцы бæлас!
Саумæронæй дзырд райстой, ард ын бахæрынкодтой, æмæ уæдæй
фæстæмæ Саумæрон Дæлимонтæн æххуыс нал кодта. Дæлимонтæй ма уым чи
аззади, уыдон дæр сæхи айстой æмæ фæлыгъдысты.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 273 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск