Суббота, 05.07.2025, 01:53
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 3
Гостей: 3
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

САТАНАЙЫ ЗАРÆГ
САТАНАЙЫ ЗАРÆГ
Нарты кадджын, хуры 'мсæр дæ, Сатана.
Цæхæр зынгау дæ цæстытæ, Сатана.
Бурдзæбæх дæ, сау æрфыг дæ, Сатана.
Фурдау фæтæн у дæ зæрдæ, Сатана.
Рæтæнæгъдтæ – дзыггуты быд, Сатана.
Хуры фендау у дæ рацыд, Сатана.
Дæ дзыхы дзырд мырмыраг у, Сатана.
Бæрæгвæййы де стыр бæркад, Сатана.
Дзургæ-дзурын – дзæнгæрджытæ, Сатана.
Дæуæн вæййынц дæ ныхæстæ, Сатана.
Комы айзæлд – дæ дзыхы дзырд, Сатана.
Мады хъæбыс – дæ барæвдыд, Сатана.
Дæ ныхы 'вæрд – мæйы быдыр, Сатана.
Дæ дæллагхъуыр – хуры быдыр, Сатана.
Сырх фæткъуытæ – дæ уадултæ, – Сатана.
Æртæ Нартæн сæ хъæбул дæ, Сатана.
Денджызтæ сты дæ цæстытæ, Сатана.
Дæ риуты 'вæрд – хурхæтæнтæ, Сатана.
Галæгонау – дæ иу фæзынд, Сатана.
У бæркадджын дæ иу фæзылд, Сатана.
Дæ къухтæ сты фарнæрхæссæг, Сатана.
Дæ къæхтыайст – бæркадхæссæг, Сатана.
Царды амонд – дæ фынгæвæрд, Сатана.
Дæ ном махæн бирæ цæрæд, Сатана.
Мады хъæбыс у дæ рæвдыд, Сатана.
Сиргæ-лидзгæ у дæ рацыд, Сатана.
Сатанайы ном чи ары, Сатана.
Уый йæхицæн цард фæары, Сатана.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 284 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск