Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫ УС КУЫД ЫССИ
САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫ УС КУЫД ЫССИ Уырызмæг афæдзбалцы цæуын ысфæндкодта. Йæ ус хуынди Йелда. Æмæ йын загъта Уырызмæг: – Æз афæдзбалцы цæуын, æмæ-иу хæрд-нозт ысцæттæкæн ме рбаздæхынмæ: адæм мæм æгасцуай зæгъынмæ цæудзысты. Афæдзы кæронмæ ма дыууæ къуырийы уыд, афтæ Йелда цæттæкæнын байдыдта нозтытæ. Сфыхта цæ, æмæ цæ бантыдта, раздæр уал мæ нозты куыст бакæнон зæгъгæ. Æмæ йын нал æмæ нал æнхъызтысты. Уыдонæн Сатана цыдæр хин, цыдæр кæлæн ыскодта... Æмæ загъта Сатана йæхинымæр: "Уырызмæг Йелдайы номыл куы базæронд уа, уæд Борæтæн сæ мыггаг аивдзæн, æмæ сæфтмæ цæудзысты. Æз кæмæ ацæуон, уыцы мыггаг та тыхджындæр фæуыдзысты Борæтæй. Йæ хорзы æддæмæ ничи дæдты, æмæ, цæй, Уырызмæгæй мæхицæн мой ыскæнон". Фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдта Сатана. Ныр Уырызмæгæн й' афæдзы бон æрхæддзæ. Æмæ скатай и Йелда. Иу уад йæ нозтытæм кæны бæрæггæнæг, иннæ уад та – Сатанамæ. – Сæ чызг, мæ нозтытæ нал æнхъизынц. Де фсымæр мæ æдзæллагæй куы 'рыййафа, уæд мæ маргæ дæр акæндзæн. – Æмæ дын цы кæнон? – загъта Сатана. – Мæ хъуыддаг нæу. Уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууы Йелдайæн, æмæ иу уад – нозтытæм, иннæ уад Сатанамæ кæны. Куы йæ бауырныдта, гъеныр ысфæлмæцыд, йæ лæгæй тæрсы 'мæ тыхсы, уæд ын Сатана афтæ: – Æз дын иу ныхас зæгъин, æмæ уый куы бакæнис, уæд сæнхъизиккой дæ нозтытæ. – Цыдæриддæр зæгъыс – æз разы дæн, уыцы лæджы зæрдæхудты бацæуыны бæсты. Дæхи амар мын кæд зæгъыс, уæд уыууыл дæр – разы. – Уæдæ мын дæ чындздзон къаба 'мæ кæлмæрзæн авæр, æмæ æз иу æхсæв Уырызмæджы фыдæнхъæл фæкæнон. Дæуæн дæр дæ нозтытæ сæнхъизынкæндзынæн. Хорз зæгъгæ загъта чындз. Æмæ уæд йæ хин, йæ кæлæн сыхæлдта Сатана. – Цу, фен-ма ныр дæ нозтытæ. Уæлхъытæ кæнынц алырдыгæй, цæхгæртæй уæлæмæ кæлы нозт. Йæ хæрд, йæ нозт ысцæттæкодта Йелда Уырызмæджы 'рцыдмæ. Стæй уалынмæ Уырызмæг дæр æрхæддзæ. Адæм æм уынынмæ цыдысты. Хæдзары фезмæлæн нал уыди, уыйас адæм æрæмбырд. Бадынц, хæрынц æмæ нуазынц. Уæд æризæр и, æрæхсæв. Хуыссынафон уыди, æмæ цын загъта Уырызмæг адæмæн: – Дард балцы уыддæн, æмæ куы бахуыссин. Мæ фæллад ыссæуид. Æмæ та сом фендзыстæм Хуыцауы фæндонæй. Æмæ ацыдысты адæм. Æмæ йæ уатыл æрынцад Уырызмæг. Уæд Сатана афтæ зæгъы Йелдайæн: – Цæй, дæ дзырд нæ сайыс? Нæ, нæ сайын зæгъгæ загъта Йелда. Æмæ йæ чындздзон къаба 'мæ кæлмæрзæн радавта æмæ цæ Сатанайы къухты фæсагъта. Сатана скодта йæ уæлæ Йелдайы чындздзон дарæс, æмæ Уырызмæджы уатмæ бацыди, Уырызмæг æй зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй. Æхсæвы Сатана царыл фестынкодта мæй æмæ стъалытæ. Куы сбон и, уæд Уырызмæг дзуры: – Бон уыдзæнис ныр, æмæ стынафон у. – Лæгай, иуыл хæтæны куы вæййыс – уæлæ-ма скæс: нырма стъалытæ кæм ысты? Æмæ та афынæй Уырызмæг. "Кæд ын исты фыдбылыз сарæзта уыцы чызг, цæй æрæгмæ стынц?" – катайы бафтыди дуарæнæдде Йелда. Стæй ма йын æй цы базонын хъуыд – бамбæрста хъуыддаг, фæлæ бадзурын нæ уæндыди. Афтæмæй иу уад уаты дуармæ кодта, иннæ уад – хæдзармæ. Хæдзары та хуырхы гарз уыд æвæрд къуымы, æмæ цал цыды кодта, уал хатты-иу дзы æнæхъæн къусыдзаг анызта фырмæстæй. Куы сбон и, уæд фæйнæрдæм атыдта Йелда, нытътъæппласта, мæнæ хохы мæкъуылы уæлтау куыд афæды, афтæ. Æрхаудта 'мæ йæ зæрдæ аскъуыд. Уæды заманæй нæм, Йелдайы тъæпп ныккæн зæгъгæ, ахæм ныхас баззад. Ныр дæр ма йæ стыр æлгъыстæн фæдзурынц ирон адæм. Сбон и, уæдæ цы уыдаид! Æмæ Сатана мæй æмæ стъалыты хуызтæ 'рбайсæфта царæй, фегомкодта рудзынг. Уырызмæг æй ку' ауыдта, уæд фæджихау. – Ай Сатана куы дæ? – Æмæ уæдæ дысон-бонмæ кæимæ уыддæ? Базыдта Уырызмæг, цы бæллæх æрцыди, уый, æмæ бирæ фæмасткодта, йæ сæр фæхоста. Фефхæрдта Сатанайы дæр. Фæлæ ма цы гæнæн уыд! Хъæубæстæ бавæрдтой марды... – Æз Нартæй Чынтæм цы нæ 'рцыди, ахæм ми бакодтон, æмæ мын адæмы 'хсæнмæ ацæуæн нал и, – загъта Уырызмæг. – Ма уал маст кæн дзæгъæлы. Æз хос цæмæн не скæнон ахæм хъуыддаг нæ уыдзæн адунейыл, – загъта Сатана. – Ау, æмæ ма цы хос ыскæндзынæ, куыд басусæгкæндзынæ ахæм худинаг? Уæд дын Сатана сæ хæрæг æрбакодта, фисынмæ йыл саргъ сæвæрдта 'мæ дзуры Уырызмæгмæ: – Ацу ацы хæрæгыл, де ргом фæстæрдæм, афтæмæй. Æмæ ацыди Уырызмæг уыцы хæрæгыл Нарты калак-хъæумæ. Уынгтæм ракалдысты Нарт æппæтæй дæр – усæй-лæгæй, сывæллонæй-зæрондæй, æмæ йыл худтысты иууылдæр. Стæй фæстæмæ куы раздæхт, уæд уыцы адæмæн се мбис дæр уым нал уыди. Куы 'рбацыд Уырызмæг сæ хæдзармæ, уæд æй Сатана фæрсы: – Цы бадæ, Уырызмæг? – Цы фыддæр дæ къона, æгас Нарт рацыдысты, æмæ мыл чи худгæ кодта, чи – кæугæ. – Гъеныр-ма соммæ фæлæу. Сом дын æз ысхоскæндзынæн. Стæй дыггаг бон дæр та афтæ сбадынкодта Сатана Уырызмæджы хæрæгыл, æмæ та йæ арвыста Нарты уынгты. Се мбис дæр нал рацыд адæмæн. Стæй куы раздæхт фæстæмæ, уæд ма иугай чидæртæ ракаст йæ фæдыл. Æртыггаг бон дæр та йæ сæвæрдта Сатана Уырызмæджы хæрæгыл, æмæ та йæ арвыста. Куы 'рбаздæхти, уæд та йæ фæрсы: – Цæй, цы бадæ, Уырызмæг? – Ничиуал мæм ракасти, ничиуал мыл худти. – Уæдæ уымæй тарстæ, æмæ дын уый та – йæ хос. Æмæ Уырызмæг æмæ Сатана иумæ цæргæйæ баззадысты. | |
Просмотров: 322 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |