Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
НАРТЫ ХУРО
НАРТЫ ХУРО Нарты Хуро базæронд и. Фесты йæ царды райдзаст æмæ зæрдæрухсы бонтæ. Йе зæры бонмæ 'рсастысты йæ тыхтæ. Æмæ, хус серайау баруади, мæгуыр, Хуро. Хуройы хъæр раджыйау нал хъуысти Нарты 'хсæн. Иу бон Нартæ сæ Ныхасы Хуройы кой æрыфтыдтой. Æмæ уæд дын сфæнд кодтой, цæмæй ма Хуро Нарты фынгыл исты зæгъа фæстаг хатт. Иу абонæй иннæ абонмæ байдыдтой сæхи цæттæкæнын æмæ, цы бон ыснысанкодтой, уæд фынгтæ равæрдтой. Рабадтысты Нартæ, æрмæст ма хистæрты цур иу бынат уыди сæрибар. Уый уыди Хуройы бынат. Æмæ йæм барвыстой Хуромæ иу лæппуйы Нартæ. Лæппу Хуромæ бацыд æмæ бадзырдта: – Бынаты дæ, Хуро! – Ам дæн! Кæцы дæ? – Нартæ куывд кæнынц, æмæ дæ хонынц. – М' ацыдæй ма уæ мастыл маст бафтдзæн, æмæ мæ фæлтау куы ныууадзиккат! – Æнæ цæугæ дын нæй. Мæ бон нæу, мæ хуртæ, зæгъгæ цын загъта. Æмæ лæппу раздæхти, æмæ Нартæн рахабаркодта Хуройы ныхас. Уæд та дыггаг хонæг рацыди иу зæронд лæг, æмæ уый дæр бахъæркодта: – Бынаты дæ, Хуро? – Ам дæн! Кæцы дæ? – Нартæ куывды бадынц, æмæ дæумæ кæсынц. – Мæ бон нæу ацæуын. М' ацыд уын мастæй уæлдай нæ уыдзæни. – Уæдæ хистæртæн цы зæгъон? – Арфæ-иу цын ракæн. Æмæ раздæхти уæд зæронд лæг. Æртыггаг хатт та хонæг рарвыстой Хуромæ уайсадæг чындзы. Уайсадæгчындз дæр цæм дуар бахоста 'мæ йæм Хуройы ус ракасти. – Цы дæ хъæуы, дæ фæхъхъау фæуон? – Уæллæгтæ куывды бадынц, æмæ мæ хонæг рарвыстой, – загъта уайсадæг чындз. Ус баздæхти хæдзармæ 'мæ дзуры Хуромæ: – Ныр дæм æртыггаг хатт æрæрвыстой, æмæ худинаг у, – уайсадæгчындз дуармæ лæууы. Хуро йæ кæрцыкъæрит уæхскæппæрст æрбакодта уæд. Чындзмæ ракаст æмæ загъта: – Хуыцау цын ма уæд, дæуæн ацы фыдæбон чи скæнын кодта! Ацу, фæцæуын. Уайсадæгчындз раздæхти. Хуро йæ усмæ дзуры: – Цæуын, фæлæ йæ зонын. М' ацыд цыл маст бафтаудзæни Нартыл, фæлæ мын цы гæнæн и! Хуро араст и Нарты куывдмæ. Нартæ Хуройы куы федтой, уæд уырдыг ыслæууыдысты, сыстадысты сеппæт дæр, æмæ йæ 'рбадынкодтой уæлейы. – Мæ уагыл нæ дæн, æмæ уын уæ цин масты хай бакæнон, уый мæ нæ фæндыди. Хуромæ радтой нуазæн Нарты Уырызмæджы хæдзары. Райста Хуро нуазæн æмæ загъта: – Ацы нуазæнæй Нарты хистæртæ бирæ цæрæнт, сæрбахъуыды заман хорз уынаффæ чи 'рымысы. Æмæ хистæрарæх ут! Чысыл фæстæдæр æм радтой дыггаг нуазæн. Хуро та ракуывта: – Ацы нуазæнæй та Нарты кæстæрты цæрæнбон бирæ уæд. Хистæрарæх кæм уа, уым кæстæрарæх тынгдæр хъæуы. Ногæй та рæгъ радтой Хуромæ. – Æз Æртæ Нарты 'хсæн хæларæй фæцарддæн, фæлæ уæ нæ зонын Уырызмæгæй рæдаудæр. Кæд мæн исты фарн уыди, уæд мæнæй ацæуæд м' амæлæты фæстæ, æмæ Уырызмæджы уæд! Æмæ Хуро йæ рæбинаг дæндаг ыстыдта, æмæ йæ фæлмæн хъуыны атыхта. Стæй загъта Уырызмæгæн: – Ам ис мæ фарн, мæ кад, мæ лæгдзинад. Тутырылагъзы йæ нывæр ацы дæндаг, æмæ дын уæд тас ницæмæй у. Нартæ сеппæт цагъды куы кæной, уæддæр уæ дыууæ Сатанайæн сæфæн нæй. Æмæ Нартæ де уазæг! Уырызмæг ын йæ дæндаг Сатанамæ радта, стæй йæ Сатана Тутырылагъзы нывæрдта. Хуро анызта йе ртыггаг нуазæн. Фæстæмæ йæ афтидæй авæрдта, æмæ уыйадыл йæ уд систа. Нартæ фенкъард сты, фæлæ мæлæты раз цы лæууы! Зæппадзы йæ бавæрдтой Хуройы. Уырызмæг ма загъта фæстагмæ: – Хуройы арфæтæ ныл æрцæуæнт, æмæ уый æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæрут. Фæлæ нæ куывд ма фехалæм. Æмæ Нартæ сæ куывд дарддæр кодтой. | |
Просмотров: 244 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |