Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
НАРТЫ ХÆМЫЦ ÆМÆ ХÆФСÆГТЫ ХÆФСÆГ
НАРТЫ ХÆМЫЦ ÆМÆ ХÆФСÆГТЫ ХÆФСÆГ Хæмыц æмæ Уырызмæг Донбеттырты хæрæфырттæ уыдысты. Рагæй ницыуал хъуысти сæ мадырвадæлтæй. Уæд иубон Уырызмæг афтæ зæгъы Хæмыцæн: – Нæ мадырвадæлтæй рагæй ницыуал хабар ис, æмæ цæм куы фæцæуис. Хæмыцæн йæхи дæр фæндыди. Æмæ араст и Хæмыц Донбеттыртæм. Бахæддзæ. Кæсы, æмæ фурды был сæ фæллад уадзынц цалдæр галгæфы. Хæмыц дзы дыууæйы баифтыгъта, æмæ уайтагъд бамидæг и йæ мадырвадæлтæм. Йæ мадымады сæ къонайыл кæугæйæ баййæфта. – Цы кæныс, мæ зæронд мад, цæуыл афтæ сагъæскæныс? Зæронд ус æм ракасти, базыдта йæ чызджы лæппуйы. – Куыннæ кæуон, мæ хъæбул, дæ мадыфсымæртæ авдæй дæр ахст ысты Хæфсæгты Хæфсæгмæ. Цæмæн уæддæр, цы кодтой зæгъгæ йæ афарста Хæмыц. – Цæмæн куы зæгъай, мæ хъæбул, уæд уый йæхицæн фидар аразы. Æртардта дунейы адæмы, æмæ цæ кусынкæны. Æхсæв-бон нæ зонынц. Сæтты адæмы тых, сæтты сонтудты хъару. Æфхæры цæ Хæфсæгты Хæфсæг. Æввахс цæм никæй уадзы адæммæ. – Уæдæ йæм цæуон æз Хæфсæгмæ, æмæ бавзарæм нæ тыхтæ. – Нæ, мæ хур. Уымæн лæджы тыхæй нæу йæ мæлæт. – Уæдæ цæмæй у? – Йæ дæллагхъуыр ис æртæ хъисы, æмæ уыдоны мидæг ысты йæ ныфс, йæ тых æмæ йæ уд. Уыдон ын куы нæ алыгкæнай, уæд дын дæхи бахæрдзæни. Цæуы Хæмыц Хæфсæгты Хæфсæгмæ, фæйлауы фурд йæ фæтæн риуæй. Бахæддзæ ис Хæфсæджы галуантæм. Кæсы, æмæ Хæфсæг йæ галуаны раз фынæйкæны. Йе стыр æнахъинон синтæ уæлхур арвы сæрыл ныдзæвдысты, йæ дымæг дæлхурмæ 'ххæссыди. Йе взаг авд ивазны дæргъæн уыд, йæ дæндæгтæ – мæсгуыты йæстæ, йæ цæстытæ та – найгæнæн мустæ. Ауыдта Хæфсæг Хæмыцы 'рбацæйцæугæ йæ галгæфтыл, æмæ ныууынæргъыдта, базмæлынкодта йæхи. – Чи дæ, кæдæм цæуыс? – Æз нæртон лæг дæн, – зæгъы Хæмыц, – фæлæ дæхæдæг чи дæ? – Æз Хæфсæгты Хæфсæг дæн. – Уæдæ æз дæу ку' агурын! – Цы сæрæн? – Тагъд мын рауадз мæ мадыфсымæрты. Авдæй дæр дæумæ сты! – Фæлтау аздæх фæстæмæ. Науæд дæ иу ныхъхъуырд акæндзынæн. Кæм басастаид Хæмыц! Стынг цын и хæст, сæргуыпп кæнынц, фатгуыпп æмæ кардгуыпп. Ничи цæ сæтты. Хæмыц ын йе ртæ хъисмæ хъавы. Хæфсæг та Хæмыцы аныхъуырынмæ хъавы. Хæфсæг йе взаг раппæрста. Хæмыц æм фæцырд и 'мæ йын æй арцæй зæхмæ алхъывта. Хæфсæг нызмæлыди. Хæмыц ын йæ хъистæй иу фæлыгкодта. Уæд Хæфсæг арц ыстыдта, фурд ысфæйлыдта, хæхтæ фæлæбырдтытæ сты, зæхх нынкъуысти. Хæмыц дæр йæ хæст фæтынгдæр кодта. Доны сæр хæцынтæ систой. Бæстæ 'нхъызти 'мæ фыхти. Хæмыц тæвд байдыдта, æмæ дыггаг хъис дæр фæлыгкодта. Хæфсæг ноджы тынгдæр ысцырын. Сæ гуыппæй бæстæ 'нкъуысти. Уæд Уырызмæг фæрсы Сатанайы: – Цавæр ызмæлд кæны бæстæ? Адæмы хæдзæрттæ ма тыххæй куы лæууынц зæххыл, бæстæ лæсæнуат куы фæци... – Уый Хæмыцы хæст у, йæ мадырвадæлтæм æй ды куы фервыстай. – Æз æй фервыстон, фæлæ йæ хæцынмæ н' арвыстон. – Æвæдздзæгæн, Донбеттырты лæппутимæ быцæуæй хъазы. – Быцæухъазты хуызæн нæу. Фæлæ йын тæрсын: Донбеттыртæм ис хъохымыггаг. Сæ дæндæгтæй дуртæ ссынц. Æмæ йæ уыдонæй исчи куы сцæва, уæд нын Хæмыцæй пайда нал и. Цалынмæ Сатана 'мæ Уырызмæг ныхаскодтой, уæдмæ Хæфсæг хъохы рауагъта. Хъох Хæмыцы сцæвынмæ куыд хъаыди, афтæ йæ Хæмыц кардæй нырриуыгъта. Фесхъиудта йæ дæндаг æмæ 'хситгæнгæ Сатанайы хъæбысы абадт. Æмæ Уырызмæг загъта: – Дзырдтон дын: уый хъохимæ хæцы. Уымæ мæлæтдзаг хæст ис æнæмæнг. Хъохыдæндаг Сатана йæхимæ нывæрдта. Хæцы Хæмыц Хæфсæгимæ. Хæфсæг иу уагъд ракодта йæхи, Хæмыцы йæ дæллагхъуыр хъуамæ фæкодтаид. Фæлæ йын Хæмыц йе ртыггаг хъис дæр ракъуырдта, æмæ Хæфсæг фæуæлгоммæ. Дон æй хæрдмæ йæ сæрмæ сласта. Æмæ Хуры Дæлдзæхбæстæм ракæсын нал уагъта й' аууонæй. Хæмыц бацыди, Хæфсæгæн фидар кæм арæзтой, уырдæм. Кæсы, æмæ иууылдæр – уддзыд æмæ фæлурс адæм. Иууылдæр ызмæлынц. Чи дур фады 'мæ йæ лæгъзытæкæны, чи хъæд ласы, чи æлыг ызмæнты, чи сис амайы. Кæрæдзимæ æрми-æрми дæдтынц сæ кусинаг. Сеппæтыл дæр рыг афтæ тынг ысбадти, æмæ цын базонæн нал ис – хистæр цæ чи у, кæстæр цæ чи у... – Байриат, хорз адæм! – дзуры цæм Хæмыц. – Мах цæй райгæ стæм! – зæгъынц иутæ. – Кæд не мбал дæ, уæд рацу, бакус немæ. – Уе мбал ацы куысты нæ дæн. – Уæд та хъал лæг дæ, æмæ дæ фæндаг дар. Кæннод дæм Хæфсæг куы фæзына, уæд додойкæны, æмæ дæ сæр. – Æз хъалтæй нæ дæн, фæлæ, тыхстлæгæн чи баххуыскæна, ахæм дæн. Сымах кæмæй тæрсут, уый æгас нал у, Хæфсæг мæ къухæй фæмарди. Ахæст адæм Хæмыцы ныхæстыл ныххудтысты. Уæд цын Хæмыц афтæ зæгъы: – Уе хсæн авд æфсымæры ис, сымахимæ ам удхар чи кæны, æмæ мæм фæзынæнт. Хæмыцы мадырвадæлтæ авдæй рацыдысты. Æрысгæрстой Хæмыцы 'мæ йæ базыдтой: – Мах сæфæм, фæлæ ма ды та цæуыл сафыс дæхи? – Æз сымахмæ 'рцыддæн. Баххуыс уын кæнон. Худæгау цæм фæкастысты æфсымæртæм сæ хæрæфырты ныхæстæ. Æмæ цæ уæд Хæмыц йемæ ракодта, æмæ цын бацамыдта, се фхæрæджы мард кæм ис, уый. Авд æфсымæры уæд иннæ ахæст адæмæн загътой: – Мах чи 'фхæрдта, уый дунейыл нал и. – Ау, æмæ йæ чи амардта? – Нæ хæрæфырт – Нарты Хæмыц. Æмæ адæм ныхæррæтластой, Хæмыц цын кæдæм загъта, уырдæм. Стæй, æцæг куы разынди Хæмыц, уæд ын арфæгæнæг систы ахæстадæм сеппæт дæр. – Уыйбæрц рæстæг тухæн чи кодта, – загъта йын Хæмыц. – йæ хид кæмæн фæкалди, ахæст чи у, æнæхъуаджы 'фхæрд чи рцыди, уыдон! Уеппæт дæр ыстут сæрибар! Æгас хæдзар ыссардтой Хæмыцы мадыфсымæртæ. Æмæ куывдтæ куыннæ фæкодтаиккой Донбеттыртæ. Куывды фæстæ Хæмыц ыстыр лæвæрттимæ рараст и, æмæ æрцыди Нартæм. Радзырдта Сатана 'мæ Уырызмæгæн, цы уыд, цы федта, уый, æмæ йын уыдон дæр арфæтæ фæкодтой. | |
Просмотров: 271 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |