Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ Нартæн сæ фæткъуы диссаг фæци. Æвдадзыхос уыди. Й' адзал-æмæ мæлæтыкъахыл чи лæууыд, уый-иу дзы куы фæхъæстæ, уæд-иу адзæбæх и. Фæлæ йыл зайгæ чысыл кодта – æгасæй иу фæткъуы. Фæткъуыйæн-иу йæ тоныны рæстæг куы 'рцыди, уæд цыдæр фæци. Мæстыкодтой Нартæ. Мæстыкодтой Æхсар æмæ Æхсæртæг дæр. Тынгдæрмæсты Æхсæртæг кодта. Фæткъуы зади афтæ: бонæй сихормæ дидинæг æфтыдта, уымæй изæрмæ фæткъуы рæзти, æмбисæхсæв та йæ тонæн уыди. Изæрмæ-иу æртæ дидинæгæй иу ахаудта, æмæ ад уагъта, иннæ – талынджы ахауд, æмæ хуыз лæвæрдта. Афтæмæй ма иу фæткъуы зади бæласыл. Нартæ Æхсæртæгæн дзырдтой: – А, фæткъуыбæлас æрхастай, фæлæ дзы пайда куы ницы уынæм – цыдæр куы фæвæййы... – Радæй йыл хъахъхъæнæг рауадзæм. Нартæ хъахъхъæнæг рауагътой сæ фæткъуыйыл, фæлæ никæй бон баци йæ бахъахъхъæнын. Боныцъæхæй та-иу федтой фæткъуыйы хæрæнтæ. Нартæм та рынчынтæ бирæ уыд. – Мæхæдæг æй бахъахъхъæндзынæн, – загъта уæд Æхсæртæг. Ацыд Æхсæртæг æмæ фæткъуыйы бын халагъуд ыскодта. – Æз дæр цæуын, – загъта Æхсар. Æмæ йæ фæстæ ацыди. Æмæ йæ фæрсы Æхсæртæг: – Ды та ма цæмæ 'рцыддæ? – Ау, æфсымæртæ не стæм? Уæд та дыл исты 'рцыд... Фæнычы цур куыд бадон? – Хорз, уæдæ афтæ бакæнæм. Æмбисæхсæвмæ нæ иу хъахъхъæнæд, уырдыгæй бонмæ та – иннæ. Хистæр дæ, æмæ уал ды дæхи 'руадз. – Нæ, ды бафынæйкæн, кæстæр тагъддæр афынæйвæййы. Æхсæртæг æцæгæй дæр уайтагъд афынæй. Æхсар хъахъхъæны. Æмбисæхсæвты йæ райхъалкодта Æхсар Æхсæртæджы: – Цæй, исты афынæй дæ? – Хуыцауæн цы зæгъон – æгæр дæр ма афынæй дæн. – Ницы кæны, де уæнгтæ аиваз, æмæ фæлидздзæни дæ хуыссæг. Æмæ Æхсар æрфынæй и, æмæ ныр та Æхсæртæг хъахъхъæны. Фæлæ цæй фынæй æмæ цæй æндæр! Йæ ныхбынты судзинтæ атъыста, æмæ фæлыгъди йæ хуыссæг. Рухсирдæнтæм хъавыд бон. Æхсæртæг йæ судзинтæ ныхбынтæй ласта, æмæ раст уыцы афон бæласыл æртæ æхсинæджы абадт. Сæ иу дзы фæткъуы стыдта. Уæд æй Æхсæртæг фатæй фехста, æмæ фæцæф и æхсинæг. Фæлæ фæткъуы ахаста. Æхсæртæг йе рдын зæххыл ныццавта. Æмæ фесхъиудта æрдын, æмæ Æхсары ныхыл сæмбæлд. Æхсар фæгæпласта 'мæ фæрсы йе фсымæры: – Цы кодтай, Æхсæртæг? Æхсæртæг ын хабар радзырдта. Бонырухсæй æркастысты, æмæ кæйдæр игæры кæрдихтæ иуран лæууынц. – Сис цæ, æмæ нæ фыды бафæрсæм, – загъта Æхсар. Æхсæртæг цæ къухмæрзæны атыхта. Æрцыдысты сæхимæ, æмæ рахабаркодтой сæ диссаг Уæрхæгæн. Уый фæстæ хабар Нартыл айхъуысти, æмæ иууылдæр фæткъуыбæласырдæм ацыдысты. Æркастысты, æмæ дзы – тугвæд. – Бæлвырд фæцæф и æхсинæг, – загъта Уæрхæг. – Мæ тыхы ма к' уаин, уæд йæ фæд-фæд бæргæ фæцæуин. Фæлæ... Дæлæмæ 'рхауæд зæронд рауадзæг! – Æз ацæудзынæн тугвæдыл, – загъта Æхсæртæг. Æз дæр демæ цæуын зæгъгæ загъта Æхсар. – Уæ иу æгъгъæд у, – загъта уæд сæ фыд. – Мæн та кæмæн уадзут ам, зæронд-зæронды? – Не рцыдмæ дын ницы уыдзæн. Æрымбырдкодтой æхсинæгæн йæ игæры кæрдихтæ, æмæ тугвæдыл араст ысты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Тугвæд цæ фурды былмæ 'ркодта, æмæ Æхсæртæг афтæ зæгъы: – Ардыгæй иумæ ацæуæм, уый гæнæн нæй. Æз уæддæр кæстæр дæн. Æхсинæджы æз фæцæфкодтон, æмæ мæм афæдзы бонмæ ам кæс æнхъæлмæ. Нæ фыд базæронд и, уый уыныс. Æмæ Хуыцау бахизæд, фæлæ йыл исты куы 'рцæуа... Уæд арвыл сау тæлмытæй мигътæ зындзысты, æмæ дæ Нартæм цæуын хъæудзæн. Кæд фурд урс фынк хæсса, уæд уый зон, æмæ æгас дæн. Кæд æмæ сырх фынг хæсса фурд, уæд мыл цыдæр æрцыд, æмæ-иу мæм агурæг фæцу. Æхсар фурды был баззад. Халагъуд ыскодта йæхицæн, æмæ сырддзуан цыди. Æмæ сырды фыдæй царди. Рæстæг дæр йæ цыды кой кодта. Æхсæртæг фурды алæгæрста, æмæ йæм фæйнæрдыгæй Донбеттыртæ кæсынц. Уынгты фæцæуы, æмæ иу хæдзарæй сонт цъæхахст фæцыди. Æхсæртæг уæд комкоммæ уырдæм бараст. Хæдзары къултæ сыгъдæг æргъæуæй уыдысты. Й' астæрд – æрттивгæ авг, æмæ йæ царæй та стъалытæ зынди. Байхъуыста Æхсæртæг хæдзармæ, æмæ та ноджы сонт цъæхахст фæцыди. Уæд йæ хъустыл ауади Æхсæртæгæн: – Дзырдтам дын, ныууадз уыцы фæткъуы! Ныр ма дын цы баххуыскæндзæн? Фæныфсджын и Æхсæртæг уыцы ныхæстæй, æмæ дуар бахоста. Рауади йæм дыууæ чызджы. Æхсæртæг цæм дзуры: – Уазæг нæ уадзут? – Уазæг – Хуыцауы уазæг. Фæлæ хæдзары хъæрзгæ ис, æмæ дзы куы батыхсай? Æрбакодтой дыууæ чызджы Æхсæртæджы, æмæ сæ мадмæ дзурынц: – Уазæг... Æнахуыр уазæг. Мад ыл бацин кодта уазæгыл. Чызджытæн уыд цыппар æфсымæры, æмæ уыдон дæр рауадысты Æхсæртæджы размæ. Æрбадын æй кодтой фынджы цур. Лæппутæй дыууæ – йæ уæлейы, дыууæ та йæ дæлейы 'рбадти. Чызджытæ дыууæйæ фынджы уæлхъус лæггадкодтой. Мад хистæры бынаты бадт. – Дæ хуызæн уазæг фыдздзаг хатт уынæм. Кæцæй цæуыс? – афарста йæ мад. – Нартыбæстæй дæн. Афтæ куыддæр загъта Æхсæртæг, афтæ рынчын ысхъæрзыдта мидæггаг уаты. Мад æмæ йæм дыууæ чызджы бауадысты. Чысыл фæстæдæр мад раздæхти фæстæмæ, æмæ йæм Æхсæртæг дзуры: – Уый чи хъæрзы афтæ тынг? – Уый нæ кæстæр чызг у. – Æмæ цы кодта? – Мæнæн ис цыппар лæппуйы. Мæнæ дæ цуры бадынц. Æмæ æртæ чызджы. Дыууæйæ цæ уыныс. Уæртæ уаты чи хъæрзы, уый та у ме ртыггаг чызг. Сахуыр ысты мæ чызджытæ Нарты цæхæрадонмæ. Уым ис иу фæткъуыбæлас, æмæ йыл иу фæткъуы зайы. Æмбисæхсæвмæ сцæттæвæййы, æмæ йæ ме ртæ чызджы алафон хастой. Бæргæ цæ нæ уагътон, дзырдтон цын, ма кæнут, Нартæ уæ æвыдæй нæ ныууадздзысты зæгъгæ. Фæлæ мæм нæ хъуыстой. Иуизæр та сæхи 'хсинджытæ фестынкодтой, æмæ атахтысты фæткъуы хæссынмæ. Нарты лæппутæ фæткъуыбæлас уыцы 'хсæв хъахъхъæдтой дыууæйæ. Кæстæр чызг куыддæр фæткъуы стыдта, афтæ йæ лæппутæй иу фатæй фехста. Фæцæф мын кодта мæ чызджы, æмæ йæ игæры кæрдихтæ уым аззадысты. Фæткъуы бæргæ рахаста, фæлæ чызг йæхæдæг мæлы. – Æмæ йын ницæмæй ис ысдзæбæхкæнæн? – Ис, – дзуры мад, – йæ игæры кæрдихтæ к' уаиккой, уæд. – Куы йæ фервæзынкæнин, уæд мын цы радтиккат? – Кæд ыл барвæсдзынæ, уæд æй дæуæй хуыздæр кæмæн раддзыстæм? – Уæдæ мæм æй ракæнут. – Цæуынæн нал у, йæ бон нæу! Дыууæ чызджы йæм фæткъуы 'рбахастой. – Æххæст ма хъæрмуст æхсыр дæр æрхæссут. Мад æм иу чысыл къусы хъæрмуст æхсыр æрбадавта. Æхсæртæг фæткъуы лыстæг карст акодта. Игæры кæрдихтæ систа, æхсыры къусы цæ ауагъта 'мæ дзуры: – Бакæнут мæ ныр уæ рынчынмæ. Æмæ йын Æхсæртæг йæхи къухæй уыцы æхсыр бадардта фæткъуыйы кæрстытæ 'мæ игæры кæрдихтимæ. Æмæ чызг адзæбæх и 'мæ атыхсти Æхсæртæгыл, æмæ йæм дзуры: – Мæ ирвæзынгæнæг! Мад бауади, æмæ йæ йæ хъæбысы акодта йæ чызджы. – Дзерассæ, мæ хъæбул! Фервæзтæ? – Фервæзтæн, æнхъæлдæн... Уæд мад Æхсæртæджы 'фцæгыл атыхсти. – Уæ, дæ сæрыл мæ 'рхæссай, кæд дæ цы Хуыцау æрбахаста! Æрдхæрæны чындзæхсæв ыскодтой уыйфæстæ Донбеттыртæ, æмæ æнæхъæн къуыри ахаста сæ чындзæхсæв. Цæрынтæ байдыдтой уым Æхсæртæг æмæ Дзерассæ æмæ афæдзы бæрц рацыд. Æмæ иубон Æхсæртæг афтæ зæгъы: – Цæуынафон у, мæ рæстæг æрæввахс. – Кæд дын хæдзар и, – загъта Дзерассæ, – уæд фæцæуæм. – Хæдзар мын куыннæ ис! Стæй мæм фурды был æнхъæлмæ куы кæсы ме фсымæр. Нæхимæ та – нæ зæронд фыд. Афонмæ цы фæци, нæ зонын. Æмæ Донбеттырты мадæн сæ фæнд загътой. – Ацæудзыстут, фæлæ уал æххæст афонмæ фæгæдзæкæнут. Дзерассæ 'нхъæлцау у, æмæ уал фервæза. – Махæн нæхи зæххыл чи райгуыра, нæхион дæр уый у. Ницыуал ысдзырдта Донбеттырты мад æмæ цæ бирæ лæвæрттимæ рарвыста. Æхсæртæг æмæ Дзерассæ рахызтысты фурды былмæ. Ссардтой иу халагъуд, йæ хуылфæй фæздæг цыди. – Ай ме фсымæры халагъуд у, – загъта Æхсæртæг. – Фæлæ уæд йæхæдæг кæм и? Фæлæу уал, Дзерассæ, æз æй рацагурон. Æхсæртæг Дзерассæйæн сырддзæрмттæй уат ацарæзта, æмæ ацыди Æхсары агурæг. Уæд дын Æхсар фæзынди йæ сырдымардимæ. Бакасти халагъудмæ æмæ дзы хуысгæ ауыдта Дзерассæйы. – Уæ Хуыцау, ай чи у? Зæд у, æви дуаг? Нырмæ мын æй куыннæ 'вдыстай! Æхсар физонджытæ акодта. Ацæттæ цæ кодта 'мæ цæ къæйфынгыл авæрдта. Стæй хъæрæй ысхуыфыди, кæд сыхъал уаид чызг зæгъгæ. Дзерассæ фехъал и 'мæ дзуры Æхсармæ: – Æрхæддзæ дæ? Физонджытæ дæр ма скодтай?.. Куыд адджын фынæй кодтон! Æмæ йæхи Æхсармæ ласы Дзерассæ. Цæвиттон, Æхсар æмæ Æхсæртæг тынг æнгæстæ уыдысты, æмæ Дзерассæ Æхсары нæ базыдта. Уый йæ Æхсæртæг æнхъæлдта. Æхсар дзы йæхи æддæмæ-æддæмæ ласта, æмæ йæм уæд Дзерассæ дзуры: – Цæмæй мæ тæрсыс, æз Дзерассæ дæн, – æмæ йын йæ къухмæ февнæлдта. Ницы та сдзырдта Æхсар, фæлæ фæдызæрдыг, кæд ме фсымæры ус у, æмæ мæм уый æфсон цæуы? Уæд Æхсæртæг фæзынди, æмæ цæ куыддæр ауыдта, афтæ йын цыдæр маст фæцагайдта йæ зæрдæ. – Хорз нæ бакодтай, Æхсар! Æз æй мæхицæн адджын нал ыскæндзынæн. Акæн æй бинонтæн дæхицæн. Уæд Æхсар фат авæрдта йе рдыны, хæрдмæ йæ фехста 'мæ загъта: – Хуыцау! Ацы фат хæрдмæ дыууæйæ фæцæуæд, фæстæмæ та иуæй æрцæуæд! Æмæ ацы усыл мæ буарæй цы аныдзæвыд, уым сæмбæлæд. Æмæ мæ мæлæт уымæй æрцæуæд! Фат хæрдмæ дыууæйæ фæцыди, фæстæмæ иуæй æрцыди, æмæ Æхсары æнгуылдзыл сæмбæлд. Æмæ уыйадыл амарди лæппу. Бамбæрста Æхсæртæг, йе фсымæр æнæхъуаджы кæй бабын, уый. Æмæ загъта Дзерассæйæн: – Кæс, æмæ арвыл сау тæлмытæй мигътæ куы фæзыной, уæд уый зон, æмæ нæ зæронд фыдыл цыдæр фыдбылыз цæуы. Æз ме фсымæры æнæхъуаджы бафхæрдтон. Рæстудæй йæхи амардта. Æмæ æз дæр йæ фæстæ цæринаг нал дæн. Ме фсымæры мæрдтæм иунæгæй н' ауадздзынæн. Цирхъ систа, æмæ дзы йæхи барæхуыста, æмæ уый дæр амарди. Дзерассæ иунæгæй баззад, æмæ йæхи 'ргæвды, кæуы, æмæ сагъæсы бацыд. Уæдæ ма цы кæна ныр? Дыууæ 'фсымæры риуыл ныффæлдæхти. Æмæ цын сæ тугтæ йæ цæссыгæй æхсадта 'мæ хъарджытæкодта. Уæд Нартæ загътой: – Æхсар æмæ Æхсæртæг кæмдæр фесæфтысты. Уæлæ ма сæ зæронд фыд ис, æмæ йыл мæлæты уды фидар бахæцыд. Цæй æмæ йæ рæгъаугæс ыскæнæм. Уæрхæгæй рæгъаугæс ыскодтой Нартæ, æмæ йын ныффæдзæхстой: – Иу ыстур дæр куы фæхъæуа нæ рæгъауæй, уæд æй дæ сæрæй бафиддзынæ! Зæронд Уæрхæг фосы фæдыл араст и. Къус, лæдзæг, нымæт – уыдон уыдысты йæ фæллой. Дард фæтардта Нарты рæгъæутты Уæрхæг. Æмæ 'нхъæлмæ касти йæ фырттæм. Сихорафон иу йæ нымæт æрытыдта, йæ лæдзæг-иу æрсагъта, къусы та-иу æхсыр æрдыгъта, æмæ-иу фарста йæ нымæт, йæ лæдзæг æмæ йæ къусы: – Уæдæ кæм ысты мæ фырттæ? Къус-иу дзырдта: – Фæндагыл ис дæ байзæддагæй чидæр. – Цæуæг дæм цæуы дæ байзæддагæй, – дзырдта лæдзæг. Тагъд дæм хæддзæкæндзысты зæгъгæ-иу дзырдта нымæт. Уæрхæг-иу къус йæ риумæ 'рбалхъывта, лæдзæг-иу сæрфтытæкодта, нымæты-иу йæхи атыхта æмæ йæ ныфс нæ састи, афтæмæй йæ бонтæ 'рвыста. Алыбон дæр цæ фарста Уæрхæг йæ къус, йæ лæдзæг æмæ йæ нымæты, æмæ йын-иу уыдон куыд уыдзæн, æмæ цы уыдзæн, уый æцæгдзинад загътой. * * * Æмæ ракодта Уастырджи йæ фæндаг Дзерассæйыл, æмæ йæм дзуры: – Цæй æрдиаг-куыд кæныс, ацы сылгоймаг? Уæд арвыл сау тæлмытæй мигътæ фæзындысты. Дзерассæ цæм фæкомкоммæ и 'мæ тынгдæр ныккуыдта. Дзуры Уастырджимæ: – Мæнæ ацы дыууæ 'фсымæры сæхи мæн тыххæй амардтой. Сæ иу – мæ сæрыхицау, иннæ – мæ тиу. Сæ баныгæнын мæнмæ кæсы, æмæ иуæй уыууыл тыхсын. Иннæмæй-ма акæс! Уæлæ арвыл сау тæлмытæй фæзындысты мигътæ, æмæ – адонæн иу зæронд фыд и – цыдæр тых ыл цæуы, æмæ уымæн дæр ницы мæ бон у. – Кæд афтæ у, – загъта Уастырджи, – уæд мæнæн ком радт. Адон æз баныгæндзынæн. – Дæуæй хуыздæр ма мæ чи хъæуы! Æрмæст мын адон уæлæуыл ма ныууадз. Сæ хъамбулцæстытæ цын сынтытæ скъахдзысты, сæ рæсугъд буар цын хилджытæ бахæрдзысты, се стджытæ цын сырдтæ бахсындзысты. Уастырджи йæхсæй зæхх æркъуырдта, æмæ дзы фæрсæй-фæрстæм дыууæ ингæны февзæрд. Дзерассæ 'мæ цæ Уастырджи уым баныгæдтой. Стæй йын Дзерассæ афтæ зæгъы Уастырджийæн: – Æххæст цын цырт сараз, зæххы 'мвæз куыннæ уой... Уастырджи дыггаг хатт æркъуырдта зæхх, æмæ рæсугъд цырт саджы сытимæ фестади сæ уæлæ. – Ды дæхи бадзæбæхтæ кæн, – загъта уæд Дзерассæ. Æз та мæхи æрыхсон доны. – Цы ма 'хсыс дæхи? – Уæдæ чъиллæттæй кæдæм цæуын? Уæд та мæ исчи федта. Уæд дæуыл дæр фæхуддзæни, æмæ мæныл дæр. Зæгъдзысты, ай цы сылгоймаг у, йæ цæсгом æхсын чи нæ фæразы? Уастырджи йыл баууæндыд, æмæ Дзерассæ донмæ бауади, багæпп дзы ласта 'мæ ма радзырдта Уастырджимæ: – Бузныг, хорз лæг, дæ лæггадæй! Хорз лæг йæ хорзракæндыл фæсмон нæ кæны. Фæлæ ма дæ иу хорздзинад курын: ацу Нартыхъæуыл, æмæ Нарты зæронд Уæрхæгæн зæгъ, ма тыхсæд, тагъд æм зынæг уыдзæни. Уастырджи йæм адзырдта Дзерассæмæ: – Æ уæртæ сыл-рувас, ацы хатт аирвæзтæ уæлæуыл. Фæлæ мын мæрдты та кæдæм фæцæудзынæ? – Мæрдты дæ цы фæнды, уый мын кæн, – загъта Дзерассæ 'мæ ныффардæг и сæ хæдзармæ. Фæсайды и Уастырджи. Йæ фæндаг ракодта Нартыл æмæ фæрсы: – Æхсар æмæ Æхсæртæджы фыд – зæронд Уæрхæг – кæм и? – Уæлæ Нарты рæгъæутты фæстæ хъеллаукæны. Уæд Уастырджи йæ фæндаг Уæрхæгыл акодта. Уæрхæг та æрывæрдта йæ къус, йæ лæдзæг æмæ йæ нымæт. Æмæ та цæ фæрсы: – Фæндагыл ис дæ байзæддагæй чидæр, – дзырдта къус. – Дæ байзæддаджы номæй дæм цæуæг фæуыдзæн, – загъта лæдзæг. – Тагъд дæм хæддзæкæндзысты зæгъгæ загъта нымæт. Уæрхæг къус йæ риумæ 'рбалхъывта, лæдзæджы, нымæты йæхи æрбатыхта, æмæ та ныккæуы. Йæ тæригъæдæй Уастырджийы зæрдæ суынгæг и, æмæ йæ афарста: – Цы кæныс, Уæрхæг? – Цы ма кæнон! Мæ дарджытæй æнæдарæг фæдæн, мæ хъæбултæй – æнæхъæбул. Фæцыдысты 'мæ нал зынынц. Нартæ мæ хынджылæгкæнынц, сæ рæгъæутты фæстæ рахауддæн. – Ма тыхс, кæд дæ хъæбултæй æнæхъæбул дæхи кæныс, уæддæр дæ дарджытæй дæхи æнæдарæг ма хон, зындзысты дæм. – Бузныг, Уастырджи, дæ ныфсæй. Æмæ араст и Уастырджи уæларвмæ. * * * Дзерассæ йæ мадмæ бацыди, æмæ йын радзырдта, цы 'рцыди, уый. Фæмасткодтой Донбеттыртæ се сиахсы сæфтыл. Фæлæ рæстæг дæр цыди, æмæ Дзерассæйæн й' арыны афон æрхæддзæ, æмæ фæрсы йæ мады: – Цы бакæнон, æна цæра! Мæ рæстæг æрæввахс... – Фæцу Нартæм. Исты уæзæг цын баззадаид æвæдздзæгæн. Кæннод, уыдонæн сæхимæ чи нæ райгуыры, уый сæхиуыл нæ нымайынц. Æмæ араст и Дзерассæ Нартыбæстæм. Фæрсгæ-фæрсгæ 'рбахæддзæ Нартыхъæумæ. Хъæугæрон æрлæууыди, æмæ хъуыды кодта: "А цæугæ 'ркодтон, фæлæ ныр кæй хæдзары хъуамæ уон? Цæй, Ныхасыл бацæуон, кæд мæ исчи бафæрсид. Æмæ 'рцагурдзынæн уæд нæ лæджы уæзæг". Æмæ араст и Ныхасы астæуты нымдгæнгæ. Ныхасы адæм сыстадысты, сæ цæстытæ йыл æрывæрдтой, æмæ дискæнынц. Фæрсынц кæрæдзийы: – Чи уыдзæн ацы сылгоймаг? Махæй æддæ куы ничи ис... Æмæ хистæртæ кæстæртæм дзурынц: – Сылгоймæгтæм фæдзурут, æмæ йæ уыдон бафæрсой, чи у, уымæй. Кæстæртæ ауадысты устытæм, æмæ цын загътой: – Иу æрыгон сылгоймаг Ныхасы астæуты нымдгæнгæ рацыди. Хистæртæ нæ сымахмæ рарвыстой, цæмæй йæ бафæрсат, чи у, уымæй. Хистæр устытæ кæстæр чындзыты рарвыстой, æмæ йыл уыдон æртыхстысты. – Кæй чындз дæ? – Кæдæм цæуыс? Дзерассæ цын афтæ: – Уе гас мæ ма фæрсут. Уæ иу мæ бафæрсæд. Уæд æй чындзытæй иу фæхицæн кодта 'мæ йæм дзуры: – Ам мæныл æууæнк ис. Чи дæ, уый мын зæгъ. – Æхсæртæг кæм царди, уый уал мын фенынкæн. Ног чындз Дзерассæйы бакодта, Æхсæртæг кæм царди, уырдæм. Уым уыди стыр мæсыг амад. Кæрты лæджирттæг ысхæцыди. Нал цæрæнбынат зынди быронæй, нал – йæ бацæуæн. – Æз Æхсæртæджы номыл дæн, – загъта Дзерассæ. – Цам дæн, уæхиуæтты тагъд фендзыстут. Стæй ног чындз хистæр устытæн загъта: – Æхсæртæджы ус у. Хистæр устытæ уæд лæппу-фæсивæдмæ фæдзырдтой: – Цæут, æмæ зæгъут Нартæн: Æхсæртæджы ус у. Лæппутæ Ныхасы фехъусынкодтой: – Æхсæртæджы ус у. – Уый уæдæ нæ хæрзгæнæг куы у, – загътой хистæртæ... – Базонут-ма, тагъд æрцæудзысты Æхсар æмæ Æхсæртæг? – барвыстой та хистæртæ. Дзерассæ цын бамбарынкодта кæстæр чындзытæн, цы цыл æрцыди фаззæттыл, уый. Æмæ цæ куыд бавæрдта, уый дæр. Хистæртæм куы бахæддзæ хабар, уæд загътой: – Цæй, уæддæр æгайтма сæ хæдзарвæндаг н' аскъуыди. Æхсæртæджы цæрæнуатмæ бацыди уæд Дзерассæ. Ныссыгъдæг æй кодта, ныссæрфта йæ. Æмæ йын уыйфæстæ райгуырди дыууæ лæппуйы, фаззæттæ – Уырызмæг æмæ Хæмыц. Зын уыди Дзерассæйæн се схæссын, æмæ цæ фæкодта йæ цæгатмæ – Донбеттыртæм. Хæмыц æмæ Уырызмæг сæ мадырвадæлтæм хъомыл байдыдтой. Сæ мад Дзерассæ раздæхт фæстæмæ, æмæ лæппуты ссыдмæ хæдзар афтæ сæрттивын кодта æмæ лæг йæ къулты йæхи уыдта. Уырызмæг æмæ Хæмыц тынг фыдуаг рацыдысты. Хъултæй хъазыдысты Донбеттырты сывæллæттимæ, алкæй æмбылдтой, алкæуыл тыхкодтой. Иуахæмы та хъазыдысты, æмæ-иу кæмæн йæ цонг фелвæстой, кæмæн – йæ зæнг. Донбеттырты хъуырхъуыр цыди. Донбеттырты мад загъта йæ лæппутæй кæстæрæн: – Фæкæнын цæ хъæуы сæ фыдыбæстæм, æмæ уадз æмæ уым уой. Кæннод ам ахæм цæрæг нæй, æмæ адон кæй нæ бафхæрдтой. Дзерассæйы кæстæр æфсымæр цæ ракодта уæд Хæмыц æмæ Уырызмæджы Нартæм, æмæ цæ бахæддзæкодта Дзерассæмæ. Лæппу йæхæдæг аздæхти. Иубон та Нарты лæппутæ милмææхст кодтой. Æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц сæ мадæн: – Ауадз-ма нæ мах дæр. – Нæ сарæхсдзыстут нырма Нартимæ, исчи уæ фæхъыгдардзæн. Кæнæ уæхæдæг искæй фæхъыгдардзыстут, æмæ уын хорз нæ рауайдзæн. – Мах никæй бахъыгдардзыстæм, нæдæр искæй асхойдзыстæм. Нæхи нын исчи куы хъыгдара, уæддæр никæмæ сдзурдзыстæм. Дзерассæ цæ ауагъта уæд æмæ Хæмыц æмæ Уырызмæг, Нартæ милмææхст кæм кодтой, уырдæм ныццыдысты. Нартæ цын бар радтой. Хæмыц æмæ Уырызмæг фæйнæ хатты фехстой милмæ, æмæ Нарты лæппуты амбылдтой. Нарты лæппутæ цыл сæхи барæй къуырдтытæкодтой, хылкъахæн кодтой. Фæлæ цæ Уырызмæг æмæ Хæмыц никæмæ ницы сдзырдтой, афтæмæй рауадысты сæхимæ. Дыггаг бон та уæхскхæстæй хъазыдысты Нартæ. – Ауадз нæ Нарты уæхскхæстмæ, никæй бахъыгдардзыстæм, – загътой лæппутæ. – Ма кæнут, искæмæ фæмæсты уыдзыстут, æмæ уын хылмæ ацæудзæн. – Никæмæ ницы сдзурдзыстæм. Ауагъта та цæ Дзерассæ, æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц Нарты фæсивæды уæхскхæстмæ ныццыдысты. Исдуг цæм кастысты, стæй загътой: – Мах дæр-ма бауадзут хъазын. – Искæуыл уæ исты куы 'рцæуа, уæд мах аххос ма фæуæд. Райдыдтой уæхскхæстæй хæцын. Уырызмæг æмæ дзы Хæмыцы ничи 'мбылдта. Нарты фæсивæд та састы бынаты баззадысты, æмæ хылкъахæн кодтой. Уырызмæг æмæ Хæмыц сæхимæ рацыдысты – никæмæ ницы сдзырдтой. Æмæ сæ мадæн радзырдтой хабар. – Ацы хатт уæ нал ауадздзынæн, – загъта Дзерассæ. Æртыггаг бон Нарты фæсивæд гуыппытæй хъазыдысты, фæлæ цæм Уырызмæг æмæ Хæмыц нал æрцыдысты. Уæд та дын иубон Нарты дондзыхæй иу чызг дон хаста. – Кæс-ма, Уырызмæг, далæ уыцы чызджы донгæрзтæм, – загъта Хæмыц. Хæмыц фат фехста, æмæ чызджы донгæрзтæ ныцъцъæлтæ сты. Чызг йæ мадмæ кæугæ бацыди. – Цы кодтай? – Хæмыц мын мæ донгæрзтæ ныцъцъæлкодта йæ фатæй. – Ацу ма ноджыдæр иу хатт. Чызг æндæр донгæрзтимæ 'рцыди, æмæ та рахæссы дон. – Ныр та æз фехсон фатæй, – загъта Уырызмæг. – Фехс, фæлæ чызгæн мацы кæн. Уæд Уырызмæг фехста йæ фат, æмæ чызгæн йæ донгæрзтæ æрызгъæлдысты. Чызг та кæугæ ссыди. – Цы та кодтай? – афарста йæ йæ мад. – Ныр та мын Уырызмæг асаста мæ донгæрзтæ. – Ацу, ацы хатт-ма ныццу. Кæд ма дын цæ асæттой, уæд, мæ чызг дæ, æмæ де взаг дæхимæ. Кæннод Сехыгоппыл хаугæ фæцу, æмæ де взаг та дæ комы бахус уæд! Чызг æртыггаг хатт æрцыди дондзыхмæ. Систа дон æмæ рацæуы. Хæмыц та йæ фехста, æмæ та чызджы донгæрзтæ ацы хатт дæр æрызгъæлдысты. – Ныр цы хынджылæгкæнут? Кæд афтæ тыхджын æмæ ныфсхаст ыстут, уæд уæ зæронд фыд Нарты рæгъæутты фæдыл куы рафтыд, йæ зæронд царм хурмæ куы бампылд, йæ къæхтæ 'мæ йæ къухты туг къæйтыл куы мизы. Æмæ уал уый фервæзынкæнут! Уырызмæг æмæ Хæмыц кæрæдзимæ бакастысты. Стæй Дзерассæмæ бацыдысты. – Нæ фыды номыл ма исчи змæлæг и? Дзерассæ йæ уайтагъддæр фембæрста, лæппутæ цыдæр фехъуыстой, æмæ цæ 'мбæхсæн ницыуал и, уый. – Бындурзылд бауæд сымахæн уый чи загъта! Фæлæ уæ фыдыфыд æцæгæй дæр Нарты рæгъæутты фæдыл рахау-бахаукæны кæмдæр. – Æмæ йæ куыд базонæм? – Ныхасы бафæрсут искæй. Уæд Хæмыц æмæ Уырызмæг Нарты Ныхасмæ 'рцыдысты. – Фарн уæ ныхасы! – Фæрнæйдзаг ут, лæппутæ! – Фехъуыстам, нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у, уæ рæгъæуттæ уын хизы. Æмæ нын æй бацамонут. Æмæ загътой уæд Нартæ кæстæртæй иуæн: – Акæн ацы лæппуты, æмæ цæ Уæрхæгмæ бахæддзæкæн. Нарты кæстæр Уырызмæг æмæ Хæмыцы йемæ акодта. Æмæ Уæрхæгмæ куыд æввахс кодтой, афтæ Уæрхæг дзуры йæхицæн: – Мæ зæнæджы къæхтыхъæры хуызæн хъусын. Чысыл фæстæдæр та зæгъы: – Сæ ныхас дæр цыма нæхи хуызæн у. Æрывæрдта къус, æхсырæй йедзаг афтæмæй, æрсагъта йæ лæдзæг, æрытыдта йæ нымæт. Уырызмæгитæ йæм баввахс ысты æмæ та Уæрхæг дзуры: – Æ, сæ тæфы хуызæн тæф мæ фындзыл уайы. Бацыди къусмæ Уæрхæг, æмæ йæ фæрсы: – Нæма зынынц мæ фырттæ? – Æрбацæуынц! Уæрхæг фырцинæй къус йæ риумæ нылхъывта. Стæй та лæдзæджы фæрсы: – Нæма 'рбахæддзæвæййынц мæ фырттæ? – Ныртæккæ 'рбазындзысты. Уæрхæг лæдзæг сæрфтытæ кæны, æмæ йæ зæхмæ нал уагъта. Нымæтыл æрбадт, æмæ йæ фæрсы: – Нæма зынынц мæ фырттæ? – Æрбазындысты æмæ дæ уынынц. Уæрхæг фырцинæй нымæты йæхи атыхта. Стæй ныккуыдта 'мæ загъта: – Цæй, кæдæй нырмæ цæм кæсын æнхъæлмæ! Уырызмæг æмæ Хæмыц хæстæг бацыдысты Уæрхæгмæ. – Мах ыстæм Æхсæртæджы лæппутæ – Уырызмæг æмæ Хæмыц. – Нæ мæ уырны, æрбадарут-ма мæм уæ цæнгтæ. Æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыц сæ цæнгтæ бадардтой. Уæрхæг цæ æрысгæрста. – Уе стæджыхъæд махырдыгон у, фæлæ-ма уæ уæрджытæ дæр æрбадарут. Уырызмæг æмæ Хæмыц сæ уæрджытæ бавдыстой. Æрысгæрста цæ Уæрхæг – сæ фæзилæнтæ, сæ нуæрттæ... Æмæ загъта: – Уæ фыдыконд дæр нæхи у. Æххæст-ма мын уæ риуæвæрд дæр фенынкæнут. Сæ риутæ дæр бадардтой. Уæрхæг цæ æрысгæрста 'мæ загъта: – Риуыкондæй дæр нæхи стут. Фæлæ уæд уыцы лæппутæ цы фесты? Æмæ радзырдтой лæппутæ сæ мадæй цы фехъуыстой, уыдон æппæт дæр. Уæрхæг фæмасткодта бирæ. Стæй загъта: – Цæй, хъæбул дидинæгдон у, хъæбулы хъæбул та – дидинæг йæхæдæг, æнæдарæг нæ баззаддæн. Нартæ мын бирæ мæстытæ бавзарынкодтой. Ныр, табу Хуыцауæн, тас мын нал у фыдæбонæй. Фæзылди Уæрхæг. Нарты рæгъæуттæй кæй къæдзæхæй фæкалдта æмæ афтæмæй фесæфтысты. Кæй ивылд доны батардта, æмæ цæ дон фæласта. Стæй йæ фыртыфырттæн загъта: – Цæуæм нæ бынатмæ! Æмæ æрцыдысты сæхимæ. Дзерассæйы не рыййæфтой – йæ цæгаты уыди. Уæрхæджы ныннадтой, ныддастой йæ. Стæй йын йæ дарæс раивтой, æмæ усгуры хуызæн фестади. Уæрхæг хæдзарыл йæ цæст ахаста 'мæ загъта: – Чи мын ныссыгъдæгкодта мæ цæрæндон? – Нæ мад. – Кæм и уый та? – Тагъд нæм зындзæни. Стæй йæ ракодтой Уæрхæджы, лæдзæгæй дзыхъ ацарæзтой, æмæ зæгъы Уырызмæг: – Гъеуым-ма дæ доныхуыпп ауадз! Уæрхæг дзыхъхъы йæ доныхуыпп ауагъта. Æмæ тахъафынк ысхаста хæрдмæ йæ доныхуыпп. – Ай нырма хæдзардарæгæн бæззы, – загъта Хæмыц. – Æз дæр афтæ зæгъын, – загъта Уырызмæг. – Нæ мады йын радтæм! Дзерассæ æрыздæхт йæ цæгатæй. Æмæ йын загътой йæ лæппутæ: – Мæнæ дын нæ фыдыфыд! Нырма йæ доныхуыпп урс тахъафынк хæссы. Æмæ дæ уымæн дæдтæм! Æмæ Уæрхæг æмæ Дзерассæ ус æмæ лæг баисты. Атæппæт диссæгтæ иууылдæр æрцыдысты Нарты фæткъуыйы аххосæй. | |
Просмотров: 344 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |