Суббота, 05.07.2025, 12:45
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

НАРТÆМ МЫДЫБЫНДЗЫТÆ КУЫД ФÆЗЫНД
НАРТÆМ МЫДЫБЫНДЗЫТÆ КУЫД ФÆЗЫНД
Нартæ сæ цард фылдæр ыстæры 'рвыстой. Фæцыдысты та иухатт
лæгрæгъауæй дард ранмæ. Уæд Нарты сылыстæг алыныхас кæнынц.
– Æвæдза, худинаг у махæн, иудадзыг нæ лæгты æфтиæгтæм кæсын.
– Æмæ кæдæм хъуамæ фæцæуæм?
Æмæ мах бон та цы у?
Уæд цын иу ацæргæус афтæ зæгъы:
– Сатанайы бафæрсæм.
Æртæ усы фæхицæн ысты 'мæ Сатанамæ фæцыдысты.
– Сатана, бынаты дæ?
Сатана цæм рауад.
– Æгас æрцæут. Ц' ахсджиагæн уæ бахъуыддæн?
– Хъæуыс нæ, хъæуыс. Нарты сылыстæг бауынаффæкодтой: иугæндзон
нæ лæгты 'фтиæгтæм æнхъæлмæ ма кæсæм. Фæлæ нæхæдæг дæр исты
сархайæм.
– Æмæ цы сархайын ис уæ зæрды?
– Нæ лæг-адæм ам не сты. Се рцыдмæ цын мах та, æппын ницы,
фæлæ суджыцæгъдтæ 'рласæм хъæдæй.
– Уæ фæндтæ мæ зæрдæмæ цæуынц.
Нарты сылыстæг æрымбырд сты. Æмæ араст ысты, Сатана дæр семæ
афтæмæй. Æмæ иу тархъæдмæ бахæддзæ сты. Æмæ цыл дымгæ сыстад. Дымгæ
бæлæсты бынтыбынæй фæлдæхта. Æмæ Нарты сылыстæг-адæм кæсынц, æмæ
бæлæсты бынтæй мыдыбындзытæ тæхы. Бындзытæ кæцæй тахтысты, уырдæм
фæкомкоммæ и Сатана æмæ дзы мыдадзы кæрдихтæ ауыдта. Бацыди цæм
æввахс. Систа дзы йæ къухмæ. Адардта йæ йе взагыл, æмæ дзы иннæ
устытæн дæр авæрдта, афтæ хорз æм фæкасти.
– Сугты бæсты адон куы фæхæссиккам Нартæм, уæд æвзæрдæр нæ
уаид, – загъта Сатана.
– Ам изæрмæ баззайæм, æмæ цæ изæры ахæсдзыстæм.
Уæдмæ сæ бынатмæ æрымбырдуыдзысты мыдыбындзытæ сæхæдæг.
Изæрмæ уым баззадысты хъæды Нарты сылыстæг. Изæры бæрзбæласы
цъæрттæ хæтæлыстыгъд фæкодтой, кæрæдзимæ цæ фæбастой, æмæ цæ
чыргъæдтæ фæцарæзтой. Уыцы чыргъæдты цæ 'вгæнын байдыдтой
мыдыбындзыты. Бамбæрзтой чыргъæдтæн сæ сæртæ, æмæ цæ сæ хæдзæрттæм
æрхастой. Мыдыбындзытæ сбирæ сты, æмæ фæзгъæрмыдæй дзагкодтой
чыргъæдтæ.
Нарты сылыстæг уыцы мыд лæдæрстой, æмæ йæ нуæзтыл кодтой.
Мыдыамæстытæ арæзтой. Афтæмæй Нарты зæрæдтæм зылдысты.
Рацыди дзæвгар рæстæг. Æмæ дын иуахæмы Нарты стæронтæ
фатфæдисон фервыстой Нартæм. Фат Сатанайы кулдуарыл сæмбæлди, æмæ
йæм Сатана фæкомкоммæ.
– Ай нæхионы фатæхст у.
Азылди Нарты устытыл, æмæ цын бамбарынкодта:
– Нæ бæлццæттæ 'рцæуынц, æмæ ронг ыскæнæм. Хорзæй цыл
сæмбæлæм.
Нарты сылыстæг Сатанайы ныхасыл уæлдай ницыуал загътой æмæ
Сатанайы фæндæй карз ронг ыскодтой, мыдхæддзæ.
Иу бон куы уыд, уæд фæзындысты Нартæ. Æрхæддзæ сты сæ бæстæм.
Сатана Нарты чызджытæ 'мæ чындзыты рамбырдкодта. Фынгтæ равæрдтой.
Æмæ Нарт ыстыр куывд ныззылдтой. Уæларвон цæрджытæй дзы Уастырджи
уыд. Стæй – Æфсати, Тутыр, Уацилла 'мæ Стырдзуар. Ноджы Куырдалæгон
æмæ Сафа дæр.
Куывд йæ тынгыл уыд, афтæ Сатана, нуазæн йæ къухы, афтæмæй
хистæрты цурмæ бацыди.
– Бузныг, Нарты лæгыстæронтæ! Бузныг уæ сты Нарты сылыстæг. У'
ацыды фæстæ Нарты сылыстæг сæхицæн бынат нал ардтой. Уæ фат
фæдисоны цыд куы 'ркодта, уæд сæрмагонд хойраг æмæ ронг ыскодтам.
Æмæ дзы хъуамæ мæ къухæй фæйнæ баназат.
Сатана нуазæн радта Уырызмæгмæ. Уырызмæг арфæ ракодта 'мæ йæ
анызта. Стæй дисгæнæгау афтæ зæгъы:
– Ай бынтондæр æндæр ронг у!
Банызтой Нартæ сеппæт дæр Сатанайы нуазæнтæ. Фæстагмæ Нарты
лæгтæ ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ дзурынц:
– Ай цавæр хорз нуæзт у? Нырма йæ фыдздзаг хатт уынæм. Абоны
уонг æй цæуылнæ кодтой Нарты сылыстæг?
– Æвæдздзæгæн æй нырмæ барæй æмбæхстой. Сылыстæджы цы бафæнда,
æмæ цы нæ бакæндзæн!
– Уый ног æрымысгæ цыдæр у. Уыййæддæмæ алыбон ыстæры куы
вæййæм!
– Сатанайы йæддæмæ йæ ничи зондзæни, æмæ уый хъæуы бафæрсын.
Уæд Æфсати Сафайæн афтæ зæгъы:
– Бынатыхицау дæ, Сафа. Æмæ Сатанайы бафæрс.
– Куырдалæгон æй бафæрсæд.
– Уырызмæг æй бафæрсæд, – загъта Куырдалæгон.
– Ацы нозтæй Сатанайы бафæрс, – хатынц Уырызмæгмæ сеппæт дæр.
– Сатана, айхуызæн нуæзт нырмæ цæуылнæ кодтай? – загъта уæд
Уырызмæг.
– Зæгъ нын æй, Сатана, – йæ ныхас баппæрста Уастырджи дæр.
Нартæ дæр дзурынц æмхъæлæсæй:
– Зæгъ, Сатана!
Сатана æртæ мыдамæсты рахаста. Сæ уæлæ æртæ нуазæны. Æмæ
зæгъы:
– Мах, Нарты сылыстæг, ысфæндкодтам: цæй æмæ, иудадзыг лæгты
'фтиагмæ ма кæсæм, фæлæ нæхæдæг дæр исты саразæм. Æмæ фæсхох
Сагджын тархъæдмæ фæцыдыстæм. Уæдта суг æрцæттæкæнæм, зæгъгæ. Уым
ныл дымгæ сыстади 'мæ бæлæстæ æд бындзæфхæдтæ фæлдæхта.
Бындзæфхæдты бын байдзаг ысты мыдыбындзытæ, æмæ сæ гуыв-гуыв цыд.
Мах цæ бæрзыцъæрттæй чыргъæдты 'рхастам, æмæ дзы хойраг ныр кæнæм.
Æмæ кæд Нарты лæгыстæронтæ адджын фæллой бакодтой, уæд цын мах та
ноджы адджындæр фæллой æрхастам. Ацы 'ртæ нуазæнæй иуæй хуынд адæмы
цæрæнбон, иннæмæй – Нарты цæрæнбон, æртыггагæй – Нарты сылыстæджы
цæрæнбон бирæ уæд.
Нартæ 'мæ зæдтæ Сатанайæн æмæ Нарты сылыстæгæн арфæтæ
фæкодтой. Стæй цын загътой сæ цæрæнбон.
Уæдæй фæстæмæ, Сатанайы фæрцы, Нартæм мыдыбындзыты куыст дæр
кодтой.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 261 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск