Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
НАРТ ÆМÆ ГУЫМИРГОМЫ 'ЛДАР
НАРТ ÆМÆ ГУЫМИРГОМЫ 'ЛДАР Гуымир-адæм сæ маст нæ рохкодтой. Иузаманы цæм æрбарвыстой фидиуæг Нартæм: – Уæ, уæ номыстæн, уæ, уæ фыдыстæн, сымах нæ куывдмæ куы нæ 'рцæуат! Мæстытæ дæр бирæ фæкодтам кæрæдзийæн æмæ цын æгъгъæд ыскæнæм. Фæлтау хæларæй цæрæм. Кæд нæм уæ сæр дарут, уæд нæм фæзынут иу бон. Нартæ кæрæдзимæ бакастысты. Æмæ цын Уæрхтæнæг загъта Нартæн: – Раст бæргæ у фидиуæджы ныхас. Фæлæ гуымир-æлдарыл æууæнк нæй. Иннæмæй та цæм кæд фæсмон æрцыди? Уæддæр махæн цæуын баззад фæтчыйæ, æмæ нæ фæтчы ма фехалæм. – Тыхы сæрыл нæ ницы ахæсдзæн, – загътой Нартæ. – Уæдæ нын гуымир-æлдар æхсарæй дæр ницы бакæндзæн. Фæлæ нæ кæд æгъдауыл агуры, уæд мах ницыуал зæгъæм. Фæтæрхонкодтой. Стæй фæстагмæ Уæрхæг афтæ зæгъы: – Ацæуæм, фенæм, кæддæра нын цы 'гъдау ыскæнид. Æмæ загътой фидиуæгæн: – Иннæ ацафон иумæ уыдзыстæм гуымир-æлдары куывды. Нартæ сæхи цæттæ байдыдтой. Уæд цæм иу ус бадзырдта: – Уæ, ма йыл баууæндут. Бирæгъ у гуымир-æлдар. Афтид гæрццæй йæм цæуæн нæй уымæ. Усы ныхæстæм Нарт æрыхъуыстой, æмæ мидæгрон бабастой сæ кæрдтæ. Сæ бæхтыл бабадтысты 'мæ фæцæуынц. Гуымир-æлдар дæр хъуыдыкодта: кæд ыл фæдызæрдыг ысты, мыййаг, Нартæ? Кæд, мыййаг, сæ маст æртывæрæй исынмæ хъавынц? Æмæ загъта й' адæмæн: – Æнæ хотыхтæй сæмбæлут Нартыл. Науæд дызæрдыджы бахаудзæн не знаг. Рацыдысты гуымир-æфсад Нарты размæ. Кæсынц Нартæ, æмæ дзы никæмæ уынынц æппын хотыхтæ. Уæд Нартæй сæ иу афтæ зæгъы: – Бæлвырд: гуымир-æлдары фидауын æрфæндыд, – æнæ хотыхæй ныл сæмбæлдысты йе фсад. – Уыйбæсты дæ хотых æмбæхстæй дар, – загъта иннæ. Уæдмæ цыл гуымир-æфсад худгæйæ сæмбæлдысты. – Алыбон æгас фæцæуат, Нартæ, мах чи 'рхъуыдыкодта, æмæ мах чи буцкæны! Фыдæхы бонтæ цины бонтæ фод! Гуымир-æфсад кафгæ цыдысты Нарты разæй. Сæ рыг афтæ сыстади, æмæ бæрзонд æврæгътæм цыди. Гуымир-æлдар бадти уырынгыздыхт, пылыстæгæй арæзт къæлæтджыныл. Йе уæхсчытыл тинтыкæрц æппæрст, афтæмæй рацыд сæ размæ гуымир-æлдар, æмæ загъта: – Æгас æрцæуат, Нарты фæсивæд! Рагæй бæллыддæн æз уæ фенынмæ. Уе рцыд – уæхи бар, у' ацыд та – мах бар. Фæстаг ныхæстæ Нарт нæ бамбæрстой. Кæрæдзийы къухтæ райстой. Стæй цæ ахизынкодтой уазджыты хæдзармæ. Гуымир-æлдар уæлейы бадти. Йæ бынмæ уæрм ыскæнынкодта рагвæлгъау. Йæ тинтыкæрцы мидæгæй хæтæл бамбæхста. Уæрмы сæрыл та хуынкъ ныууадзынкодта. Хуынчъы комкоммæ мигæнæн æвæрд. Æмæ-иу гуымир цы нуæзта, уый-иу хæтæлыл мигæнæнмæ ацыд. Гуымир-æлдар рабадти фынджы сæр, йæ фарсмæ Дæлимонтæй иу. Уый фарсмæ та – æртыггаг лæгæн – Нарты Уæрхæг бадти. Иннæ фарсырдыгæй та уæйыг Бадти. Гуымир-æлдар райдыдта рæгъытæ уадзын. Цыма нуазгæ кодта, уыйау- иу йæ нуазæн дзыхмæ бæргæ схаста, фæлæ йæ сусæгæй хæтæлы уагъта, æмæ йæ нуазинаг уæрммæ лæдæрсти. Нарты адæм та куыд вæййы, æмæ куыд æмбæлы, афтæ кодтой. Гуымир- æлдары хин йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыди. Рæгъытæ кæм уæлейæ дæлæмæ цыдысты, кæм та – дæлейæ уæлæмæ. Нарты адæм бахъæлдзæг ысты æмæ домынц Гуымир-æлдарæй: – Айхуызæн фынгыл хъуамæ зардыхъæр хъуыса! Уыимæ ма дзы кафын дæр хъæуы! Æппынæдзухæй нуæзт сæрнизы хос у, æндæр ницы. – Зард дæр мæ рох нæу, азардзыстæм, – загъта æлдар. – Стæй кафтæн дæр уыдзæн рæстæг. Æмæ цæуынц рæгъытæ кæрæдзийы фæдыл, иу рæгъ иннæйы 'рбаййафы уадид. Гуымир-æлдар хинлæг уыди, æмæ фæдихтæкодта фæсивæды. Алы дих дæр уым йæ номыл нуазæн хаста. Нарты адæм та нуазгæ кодтой. Иуæй- иутæ дзы бафæлмæцыдысты фырнуæзтæй. Æмæ та Нартæ гуымир-æлдармæ дзурынц: – Хистæр бæргæ дæ! Фæлæ æгъдау дæр ма саф. Зарын хистæрæй цæуы. – Уæ, фæгæдзæкæнут, зардæн дæр бынат уыдзæн. Гуымир-æлдар рарвитынкодта зæронд устыты, æмæ уыдон номæй рæгъ рауагъта. Нартæн ма цы гæнæн уыди – хъуамæ баназой. Гуымир-æлдар ракуывта: – Зæронд æфсинтæ бæркадкъух ысты. Сæ цæрæнбон бирæ! Хæдзары дзаг къæбиц нын уыдон ыскодтой! Анызта рæгъы нуазæн хинæйдзаг гуымир. Бакуывтой уыцы рæгъæн Нарты адæм дæр, æмæ та банызтой дзаг нуазæнтæ. Зæронд устытæ арфæ ракодтой. Æмæ рацæуынкодта гуымир-æлдар уайсадæгчындзыты. Гуымир-æлдар та ракуывта: – Фылдæр чындзытæ уæд, фæзмæд хистæрты! Хистæртæн цы нæ бантыст, уый сымахæн бантысæд. Уæ хистæрты къæбиц дзаг уæд кæддæриддæр. Цас-иу дзы фæхъауат – æртывæр ыл бафтæд. Рæзут, æмæ уæ цард та хъæздыгдæр кæнæд! Анызта ацы нуазæн дæр хинæйдзаг гуымир. Нартæн дæр ма цы гæнæн уыд – æфсарм æфсарм у, æгъдау та 'гъдау. Уайсадæг-чындзытæ арфæ ракодтой æмæ ахызтысты. Уæд та гуымир-æлдар рарвитынкодта чындздзончызджыты. Уыдон номæй дæр та ракуывта гуымир: – Нæ царды фидауц нæ чызджытæ сты. Хуры 'рбакаст сæ цæстæнгас у, хуры хъарм – сæ бауызæлд. Нæ чызджыты номæй хæстæгдзинад рæзы... Æмæ нæ чызджыты номæй фæцæуы ацы рæгъ! Гуымир-æлдар анызта йæ нуазæн, æмæ Нарты адæм дæр сæхион банызтой. Уыйфæстæ чызджытæ арфæ ракодтой, æмæ ахызтысты. Нарты адæм фæстагмæ фыдрасыг фесты. Æмæ Гуымир-æлдар загъта: – Нарты сæхи бар бауадзут иучысыл! Иу ыстыр чъырынмæ цæ акæнынкодта Нарты, æмæ цыл уым æфсæн дуæрттæ сæхгæнынкодта æлдар. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы та акæнынкодта йе рхуымæсыгмæ, æмæ цæ уым мæсгæны ныппæрстой. Сæ сæрыл цын къæй ныффæлдæхтой, æмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг уым талынджы лæзæрыдысты. Гуымир-æлдар куыд нæ ныццинкодтаид: йæ фæнд сæххæст! Ныр Нарты адæм ахæсты фесты, æмæ цæ нал рауадздзæни... Нартæ æрчъицыдтой дыггаг бон. Райхъал ысты, æмæ кæрæдзимæ бакастысты. Стæй загътой: "Ай кæм бахаудтам?" С' алыварс уыд ыстыр чъырынкъултæ. Уырдыгæй цын нæ – ахизæн уыд, нæ – агæпкæнæн, нæ дзы абырæн уыд. Катайы бахаудысты Нартæ 'мæ зæгъынц: хинæй ныл рацыд хинæйдзаг гуымир. Уæрхæг райхъал раздæр, æмæ Уæрхтæнæгмæ дзуры: – Цы хабар у ай, нæ – арвы цъæх зыны, нæ – хур зыны, нæ – стъалы 'рттивы, нæ – мигътæ уынын. Уæрхтæнæг дæр дын акаст – афæлгæсыд, æмæ йæ зæрдæ куыддæр фæуæззау, æмæ дзуры Уæрхæгмæ: – Мацы фæнд ыскæна гуымир-æлдар? – Банхъæлмæкæсæм. Æмбисæхсæвы гуымир-æлдар æрбацыд. Къæй сисынкодта 'мæ йæ базыдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг: ай мæсгæны куы бадынц. – А, кадимæ нæ бæргæ 'рхуыдтай, фæлæ нæ дæ мæсгæны та цæмæн ныппæрстай? – загъта Уæрхæг. – Сымах амардтат Уæдæрæджы æмæ уæ хъуамæ гъеуыцы маст райсон. – Уæдæрæг махмæ бырсгæ ныккодта, æмæ йæхи аххосæй фесæфт. – Уомæ, сымах дæр бырсгæ 'ркодтат. Æз уын куы загътон: "Уе рцыд уæхи бар уыди, фæлæ у' ацыд та мæ бар у." – Бæргæ дæ 'мбæрстон, ды мах сайгæ кодтай. Фæлæ не гъдау фехалын мæ бон нæ уыд. Уæд та цы курыс, уый нын æргомæй куы зæгъис... – Уæдæрæджы туг мын цæмæй фидут? – Ды цы зæгъай, уый бакæндзыстæм. – Уæдæ иу мæй æххормагæй фæбадут ам мæсгæны. – Дæлдæр фæуай, æмæ чи бафæраздзæн æнæхъæн мæй ам æххормагæй? – Цы ссарат мæсгæны, уый-иу бахæрут. Ныффæлдахын цыл кодта гуымир мæсгæныкъæй. Æмæ та талынг мæсгæны баззадысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Уæд Гуымир-æлдар бацыд чъырынмæ, æмæ цæ фæрсы Нарты адæмы: – Цæй, куыдтæ стут? – Цы фыддæр фæуæд дæ сæр. А, хонгæ нæ бæргæ 'рбакодтай, фæлæ нын æй нæ фарсæй систай. Гуымир-æлдар бахгæнынкодта чъырыныдуæрттæ 'мæ рацыди. Ныккатайкодтой уæд Нарт æмхуызонæй, ай кæм бахаудтам зæгъгæ. Гуымир-адæмæй иу чызг Нартæн сæ хæрæфырт уыди. Æмæ дын дзуры уый йæ мадмæ: – Æна цæра, де фсымæртæ сеппæтдæр ахæсты куы сты! Уæд куыд æнцад бадыс? Нарты адæмæн цæуылнæ баххуыскæныс исты? – Æна дæ фæхъхъау куы фæуид, æмæ Нарт куы фервæзиккой. Фæлæ нæ гуымир-æлдар куыддæр базона, афтæ нæ куыйтæн бахæрынкæндзæн. Нарт æрхъуыдымæ дæсны сты, æмæ та кæд исты фæрæз уаид... – Æмæ цы бакæндзысты? Сæ иутыл – чъырыныдуæрттæ фидар æхгæд. Дыууæйæ та мæсыджы мæсгæны бадынц, æмæ уыдонæн дæр фезмæлæн нæй. Нæ цын дон дæдтынц, нæ цæм хæринаг уадзынц. – Байхъус, æмæ дын иу фæнд бацамонон. Мæсгæны бын, тæккæ къуымрæбын, ис иу тымбылдур. Тæхуды 'мæ, уыцы дур бынмæ ныппарын сæ къухы куы бафтид. Уæд уым иу нарæг фæндаг фæзынид. Æмæ уырдæм куы ныххизиккой, уæд иу чъырыны хуылфмæ бафтиккой. Æмæ уæд, дарддæр цы кæнын хъæуы, уый базониккой сæхæдæг. Чызг азгъордта 'мæ æрхуымæсыгмæ бауади. Ракъахта мæсыгрæбын хъилæй, æмæ ныдздзырдта мæсгæны бынмæ: – Уæ, байхъусут, Нарты лæппутæ, мæ мадыфсымæртæ! – Чи нæм дзуры? Цы зæдыхай дæ? Æмæ дæ цы хъæуы махæй? – Æз уæ хæрæфырт дæн, цæй зæдыхай дæн! Мæ фыд гуымир-æлдары къухæй фæмард, мæ мады та мын хæдзарæй æддæмæ ракæсын дæр нæ уадзы. Æз хъуызгæ ракодтон. Мыййаг, куы раирвæзат, уæд-ма-иу хъæуы кæронмæ акæсут. Уым хибарæй лæууы нæ хæдзар, цъæх æлыгæй сæрст. Мæсгæнæн йæ иу къуымы иу тымбыл дур ис. Сымах бавдæлут, æмæ йæ уырдыгмæ ныппарут, æмæ фендзыстут йæ быны иу нарæг фæндаг. Уыцы фæндагыл-иу ахизут, æмæ бафтдзыстут иу чъырынмæ. Æмæ фендзыстут уæхиуæтты. Дарддæр хъуыддаг уæхицæй аразгæ у. – Бузныг, стыр бузныг, – загътой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Чызг, цы хуынкъæй дзырдта, уым сыджыт ныннадта 'мæ афардæг. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æрысгæрстой, æмæ уайтагъд ыссардтой къуымрæбын иу тымбылдур, сыджытæй æмбæрзт. Йæ сыджыт ын акалдтой, æмæ дур бынмæ ныппæрстой. Мæсгæны бынты иу нарæг фæндаг цыд. Лæппутæ йыл ауадысты. Кæсынц, æмæ дын чъырынмæбахизæн иу лæг хъахъхъæны. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг ын йæ къубал ыстыдтой, æмæ йын йæ сæр мæсгæны хуынчъы атъыстой. Сæхæдæг Нартæм æрбалæууыдысты 'мæ цæ фæрсынц: – Цæй-ма, куыд ыстут? – Уæхæдæг куыд ыстут? – Мах ноджы фыддæр ран уыдыстæм – мæсыджы мæсгæны. Хуры рухс нæм никуыцæй цыди. Нæ нын дон уыди, нæ – хæрд. Иугæндзон талынджы бадтыстæм. – Уæдæ мах дæр сымах хуызæн ыстæм, æрмæст ма нæм хурыцæст каст. – Уыдон – хорз, фæлæ нæ исты 'рхъуыды хъæуы, – загъта Уæрхæг. – Чъырыны сæрмæ схизæм, æмæ уырдыгæй акæсæм. Чи зоны 'мæ кæд Нарты хæрæфырт уым искуы разынид, æмæ нын исты хос ыскæнид. Уæрхæг чъырыны сæрмæ сбырыд, æмæ акасти уырдыгæй. – Гуымир-æлдар та 'рбафсæры мæсыгмæ. Уый мах бæрæгкæнынмæ цæуы, хъæлæкк. Уыцы рæстæг чызг дæр фæзынди, æмæ дын æм Уæрхæг æрдзырдта: – Уæ, мæ чысыл хæрæфырт, гъæй-джиди, æмæ мæм уе фсæнрæхыс куы сдæдтис! Уæд дын æз дæ маст бæргæ райсин. Чызг азгъордта 'мæ се фсæнрæхыс æрдавта. Слæвæрдта йæ Уæрхæгмæ. Уæрхæг рæхысы кæронцæг чъырынмæ бафидар кодта, иннæ кæрон та бынмæ рауагъта. – Иуыл ахизæм, уый хорз нæ уыдзæн. Гуымир-æлдар уал фыдздзаг мæсгæнмæ цæудзæн. Æз æмæ Уæрхтæнæг уым нал уыдзыстæм. Фæрсдзæн уæ сымах. Æмæ-иу зæгъут: "Мах никæй федтам", Нæ фæстæ-иу рæхыс фæстæмæ раппарут. Стæй гуымир-æлдарæн мах исты хос кæндзыстæм. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг рæхысыл æрбырыдысты, æмæ чъырыны æддейы фесты. Нартæ рæхыс феуæгъдкодтой, æмæ йæ чызгмæ авæрдтой. – Ацу, æмæ рæхыс йæ бынаты сæвæр. Уæдмæ дæм мах дæр зындзыстæм. Чызг аскъæфта рæхыс 'мæ уадид ныххæддзæ сæхимæ. – Дыууæйæ 'рхызтысты чъырыны сæрæй, æмæ цæ ардæм хъæуы ныртæккæ! – загъта чызг йæ мадæн. Æфсæнрæхыс йæ бынаты сæвæрдтой. Гуымир-æлдар мæсгæнмæ бауад, фæлæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн уым сæ дымгæ дæр нал уыд. Æрмæст къуымрæбын, тымбылдур кæм уыд, уырдыгæй зынд хъахъхъæнæджы сæр. Гуымир-æлдар фæтарсти 'мæ ныхъхъæркодта: – Тагъд чъырыны фенут Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы! Кæуылдæрты аирвæзтысты... Федтой чъырын, æмæ дзы – ахæст адæм. Уæрхæгæн æмæ Уæрхтæнæгæн уым сæ кой, сæ хъæр дæр нал уыд. – Ничи уæм уыди? – Ничи, – загътой ахæст адæм. – Уæдæ уе мбæлттæ цы фæуыдаиккой? – Ам нæ куы бакодтат чъырыны, уæдæй нырмæ цæ мах нæ цæстыкæронæй дæр нал федтам. Æгас ысты, нæ – уый дæр нæ зонæм. Раздæхтысты 'мæ гуымир-æлдарæн загътой: – Дæ фыдæхæй фесæфæм, не 'лдар! Уыдонæн сæ фæд чъырынмæ нæ бацыд. – Ацæуæнтæ æрыхгæнут иуыл, æмæ фенут хæдзæртты. Уыдон арæнæй н' ахызтаиккой. Цалынмæ гуымирты 'фсад арæнтæ 'хгæдтой æмæ хæдзæртты зылдысты, уæдмæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæ хæрæфыртмæ 'рбацыдысты. Цинтæ, хъæбыстæ. Стæй афарстой чызджы мады: – Ды Нартæй кæцытæй дæ? – Сæ хистæр фæлтæрæй. – Афтæ фехъуыстам, æмæ не сиахс мæрдтæм гуымир-æлдары къухæй бацыд. Уый æцæг у? – Уо, мæ хъæбултæ! Уо, ме фсымæртæ! Гуымир-æлдар ныл хъалон æрывæрдта. Хъалон дæр афтæ: афæдзы 'мбис ын хъуамæ бакусæм, æртæ мæйы куыстытæ – уымæн, æртæ мæйы куыстытæй та ма нæхæдæг цæрæм. Ничи фæрæзта уыдон бафидын. Нæ лæг рацыди гуымир-æлдары ныхмæ 'мæ йын загъта: "Уый æгæр кæныс". Гуымир-æлдар йæ маст нал бауырæдта, æмæ йæ 'рцауындзынкодта. Уæдæй фæстæмæ мæн æддæмæ нал уадзы. Мæ чызгæн та 'рмæст бон иу хатт ис рацæуæн. Уый дæр дон хæссынмæ. – Уæд цæмæн афтæ кæны? – Æз æм цумагæнæг уыддæн, æмæ мæсгæны хабар мæны йæддæмæ ничи зыдта. Тæрсы, мыййаг æй куы зæгъон. Уыдон ныхæстæ куыд кодтой, афтæ чызг кæцæйдæр æрбазгъордта сæхимæ. – Фесæфтыстæм, Æна! – Цы у, цы хабар у? – фæрсынц æй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. – Гуымир-æфсад хæдзари-хæдзар зилынц. Ныр махмæ дæр æрбацæуынц. – Уый мах агурынц, – загъта Уæрхæг. – Бæлвырд дæр афтæ! Мæнæ нæ фæскъул цъына амад и, æмæ уал уым куы бамбæхсиккат, – загъта чызджы мад. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цъынайы хуылфы æрымбæхстысты. Гуымир-æфсад хæдзармæ 'рбацыдысты 'мæ фæрсынц мад æмæ чызджы: – Ам уæм чи уыди? – Махмæ чи хъуамæ уа! Хæдзары къæсæрæй мæ акæсын куы нæ уадзут! Мæ чызджы та мын бон æрмæст иу хатт уадзут дон хæссынмæ. Уæхæдæг æй ку' акæнут... Фехъусынкодтой æфсад гуымир-æлдарæн: – Дæ фыдæхæй фесæфæм неппæт дæр. Никæй хæдзары разынди сæ фæд. – Уæд та сæхи истæуыл рауагътой мæсыгæй? Фенут-ма æфсæнрæхыстæ, кæддæра хафт рæхыс кæй къонайыл ис. Ногæй та æфсад хæдзæрттыл азылди. Нарты хæрæфырт хъуыддаг бамбæрста, æмæ рæхысы бын арт акодта. Гуымиры 'фсад та цæм фæзындысты. Бакастысты рæхысмæ 'мæ гæзæмæ хафт уыд, иннæйы ала бамбæрзта. Фæрсынц та мад æмæ чызджы: – Ацы рæхыс хафт цæмæй уыдаид! – Мах нæ рæхыс æрвылбон дæр сæрфгæ кæнæм, – загъта чызг. – Сæрфты хуызæн нæу, фæлæ хафты хуызæн у. – Лыстæг уырдурæй йын йæ сæг ныххафын. Гуымирмæ дын фæхабаркодтой. Гуымир-æлдар уæд йæхæдæг æрбацыди мад æмæ чызгмæ. Уыцы карзæй цæ фæрсы: – Тагъд мын зæгъут, ам чи уыди? – Ничи нæм уыди, дæ рын бахæрон, – дзуры мад. – Мах æддæмæ ракæсын куы нæ уадзыс. Мæ чызг дæр æнæ сымах дзырдæй куы никуыдæм хизы. Уæд нæм цы агурыс? – Уæ рæхыс хафты хуызæн цæмæн у? – Мæнæ йæ чызг уырдурæй æрвылбон хафы. – Нæ мæ асайдзыстут. Нартæй дæ дæхæдæг дæр, æмæ дæ чызг дæр. Сымахмæ сты 'мбæхст Нартæ. Æмæ дын дæ чызджы акæндзынæн. Æрхуымæсыджы дын æй ныппардзынæн мæсгæны. Стæй цæ куы схъæр кæнай уыцы дыууæ лæджы, уæд дын æй рауадздзынæн. – Уой, ницы зонын. Ныууадз мæ, не лдар! Гуымир аласынкодта чызджы йæ дзыггутæй. Мад нырдиагкодта, йæ рустæ ма тыдта, фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. Ныппæрстой чызджы, æрхуы мæсыджы цы мæсгæн уыди, уым. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг мадмæ 'рбауадысты уыцы хабарæн йæ хæдуæлвæд. – Мах тыххæй дыггаг æфхæрд æййафыс. Фæлæ нæ хотыхтæ куыддæр нæ къухы бафтой, афтæ дæ маст дæр, дæ чызджы маст дæр æмæ Нарты маст дæр райсдзыстæм, ма тæрс! – Уæ хотыхтæ хотыхдоны уыдзысты. Куыддæр æризæр, афтæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хотыхдонмæ бацыдысты. Дуар басастой, æмæ талынджы рахастой Нарты хотыхтæ. Куырисбæстытæ цæ скодтой, æмæ цæ æхсæвы слæвæрдтой чъырыны сæрмæ. Нартæй алчи йæ хотых систа. Бон куыддæр дзирдзур кæна, афтæ схæцдзыстæм зæгъгæ цын загъта Уæрхæг Нартæн. Чъырыны сис фегомкæнын та сымах бар у. Гуымир-æлдар фæрсы йе фсады: – Арæнтæй, мыййаг, кæд ахызтысты уыцы сæфты лæппутæ? – Цъиуы фæд дæр нæй арæнтыл. – Иугæр афтæ у, уæд ам кæмдæр æмбæхст уыдзысты. Сæхæдæг нæм зындзысты ныр. Гуымир-æлдар алы хæдзары дæр лæгтæ бауырæдта. Бон цъæхтæ кодта, афтæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг æд хотыхтæ, чъырыны цы 'фсад уыди, уыдоныл ысхæцыдысты. Гуымиртæ дын фехъусынкодтой: "Фæзындысты уыцы дыууæ ахстлæджы, дæ фыдæхæй фесæфæм, фæлæ афтидарм нæ разындысты. Сæ хотыхтæ сæхимæ сты. Чи цæ радта, уый бæрæг нæу". – Фенут-ма цæ хотыхдоны. Хотыхдон бынтондæр афтид у зæгъгæ йын загътой æлдарæн. – Марын хъæуы уыцы дыууæйы æвæстиатæй! Чъырыны цы ахæст адæм и, уыдоныл та арт бафтаут. Гуымирты 'фсад ысхæцыдысты, фæлæ цæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг чъырыны къулмæ бассывтой. Уыцы рæстæг чъырыны фарс фегом, æмæ къул ракалди. Дуртæ кæрæдзийы сæрты схъиудтой. Кæуыл-иу амбæлдысты, уыдон-иу сæ бынаты 'рхаудтой мардæй. Фылдæрæй фылдæр кодтой гуымирты 'фсад. Фæлæ цæ ноджы фыддæр цагътой Нартæ. Уæд чызджы мад куыддæртæй ралыгъд, æмæ ссардта Нарты фаззæтты: – Мæ чызг æрхуымæсыджы мæсгæны бады. Аивæй йæм бадзурут, Мæсгæнæн йæ галиу къуымы иу цæг ауыгъд ис, æмæ йыл цæмæй дæлæмæ 'рхæца! Уæрхæг æфсадимæ хæцыд, Уæрхтæнæг та æрхуымæсыгмæ бауади. – Мæ хæрæфырт, уым ма дæ, цы? – Ам дæн, ам! – Уым галиу къуымы цæг ауыгъд ис, рацагур æй, æмæ йыл уырдыгмæ 'рхæц. Чызг галиу къуымы асгæрста, æмæ ссардта уыцы цæг. Æрхæцыди цæгыл, æмæ æфсæн дуæрттæ ныггыбаргыбур кодтой, æмæ æрыхгæдтой алырдыгæй бацæуæнтæ. Æфсад æрхуымæсыгмæ куыд цыдысты, афтæ цæ Уæрхтæнæг цæгъдынтæ систа. Иннæрдыгæй цæ Уæрхæг нæ уагъта, мæсыджы бынмæ цы сусæг фæндаг уыд, уырдæм. Уæд Нартæ чъырыны къулæй ракалдысты, чъылдымдзæф фæкодтой гуымирты 'фсады. Стыхстысты гуымир-адæм, чи кæдæм лыгъд, уый бæрæг нал уыд. Чи кæдæм цыди, уый нал зыдта. Схъомпал ысты гуымирты 'фсад, афтæмæй кæрæдзийы схуыстытæкодтой, кæрæдзийы цавтой. Уыйадыл æфсад куынæг байдыдтой. Гуымир-æлдар ыскатай æмæ йæхи байста æрхуымæсыгмæ. Уый æнхъæл кæцæй уыд, æмæ Уæрхтæнæг уым уыдзæн. Уæрхтæнæг ауыдта гуымир-æлдары 'мæ йæм дзуры: – Багъæц, нал фæцæудзынæ! Рацахста йæ йæ даргъ боцъотæй, Æрхуымæсыгæн æй йæ сæрмæ сыскъæфта. – Тагъд радт ахæм дзырд, æмæ де фсад сæ гæрзтæ куыд æрывæрой. Гуымир-æлдарыл ма цы бон уыд, æмæ æцæгæй дæр радта ахæм дзырд йе фсадæн. Æфсад сæ гæрзтæ æрывæрдтой. Уæд Уæрхтæнæг гуымир-æлдары æрхуымæсыджы сæрæй рахста. Æмæ ныппырх и гуымир-æлдар мæсыджы рæбын. Суагъта мæсгæнæй Нарты хæрæфырты. Стæй ма, гуымирты 'фсадæй чи баззад, уыдоны фæрсы: – Кæй ма уæ фæнды махимæ хæцын? – Махæй хæцын никæйуал фæнды. Цы ма нæ баззад, уый дæр сымах фæрцы. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгæн, стæй Нартæн сеппæтæн дæр ыстыр кад ыскодтой Гуымиргомы адæм æмæ цæ стыр лæвæрттимæ рарвыстой Нартæм. Нарты хæрæфырт æмæ йæ мад дæр фервæзтысты се знæгтæй, æмæ уыйфæстæ Хуыцауы цардæй цардысты сæхицæн æнцад-æнцойæ. | |
Просмотров: 458 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |