Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
МÆРГЪУЫДЗЫ КАДÆГ
МÆРГЪУЫДЗЫ КАДÆГ Маргъуыдз баззади иунæгæй йæ мадимæ, йæ фыды фæдзæхстыл лæууыди, хæрам никæмæ хаста, знаг никæмæй кодта. Тынг ысцæрæг и Нарты 'хсæн. Æппæт æм фаг уыди, æппæтæй ради, йæ ном æгас бæстыл айхъуыст. Уæд Нартæ дзурынц иубон сæ Ныхасы: – Маргъуыдзæй цæй Маргъуыдз ис, уæд ус æркæнид. Иннæ хатт дæр та Нартæ сæ Ныхасы бадтысты, æмæ та цæм Маргъуыдзы кой æрцыд. – Маргъуыдз мыстау бынтæ кæны, фæлæ кæмæн? Æртыггаг хатт дæр та бадынц Нартæ сæ Ныхасы. Ногæй æмæ та ногæй ракæнынц Маргъуыдзы кой. – Маргъуыдзæй цæй Маргъуыдз ис, Нарты мыггаг æвæстаг кæны. Æрцыдысты ацы ныхæстæ Маргъуыдзы мады хъусыл, æмæ ус æрæнкъард. – Цы кæныс, Æна, зæгъгæ йæ афарста Маргъуыдз. – Ницы, мæ хъæбул. Фæлæ æвæстаг худинаг у. Æмæ исты хъуыддаг куы бакæнис. Æз дæр фæзæронд дæн, даринаг æмæ фæкæсинаг дæн. Маргъуыдз йæ мидбылты бахудт. – Æмæ кæй зоныс, ахæм? – Гуынты мæликкæн дыууæ чызджы ис. Сæ иуæй иннæ хæрзаивдæр, уындджындæр, хъаруджындæр, æмæ уыдонæй иуы ракур. – Æмæ иунæгæй усгур куыд ацæуон? – Майрæмбоны Уазмыкъуыппыл зæдтæ 'мбырдкæндзысты – уырдæм уал фæцу. Дæ фыды хæлар Уастырджидæр уым уыдзæн, æмæ-иу ын дæ хабар ракæн. Маргъуыдз йæхи сарæзта майрæмбонмæ. Ныккодта йæ фыды худ, æмæ худæн дымгæмæ хъуытазтау цагътой йæ хъуынтæ. Йæ фыды хæдласгæ цирхъ æрбаста, хæдæхсгæ фат йе фцæгыл æрцауыгъта, тæхгæ арц й' арммæ райста, æмæ араст и Уазмыкъуылдыммæ. Уазмыкъуылдымы зæдтæ 'мæ дауджытæ 'мбырдæй лæууыдысты, æмæ кастысты фæйнæрдæм. Раст уыцы рæстæг Маргъуыдздæр цæхæркалгæ фæцæйцыди йæ фæндагыл, æмæ зæдтæ загътой: – Дæлæ – зæххон ыстъалы. Фæлæ чи у, цымæ' Уастырджи хъуыддаг бамбæрста, æмæ загъта йæхинымæр: "Кæд уа, уæддæр Фарнæджы фырт". Маргъуыдз Уазмыкъуылдымыуонг бахæддзæ и. Æхсæрысыфтæр ратыдта æмæ йæ ауагъта уæлдæфы, загъта: – Уастырджийы армы цы феста! Æхсæрысыфтæр атахти уæлдæфы, æмæ Уастырджийы армы абадт. – Нæртон лæджы армæй æртахти ацы 'хсæрысыфтæр. Бæлвырд, æххуыс агуры, æмæ мæм сиды, – загъта Уастырджи. Фæцу йæм зæгъгæ загътой иннæтæ. – Мах дæм фæлæудзыстæм. Æмæ Уастырджи Маргъуыдзмæ 'рцыди. – Цы кæныс, ацы лæппу? – Мæ мады зондæй дæм фæцыддæн, æмæ мын хатыр фæуæд. Мæ мад мын ус курынкæны. Æмæ дын кæй амоны? – Гуынты мæликкæн дыууæ чызджы ис, æмæ дам уыдонæй иуы ракур æмæ мын ды та æмбалæн рацу. Разы дæн зæгъгæ загъта Уастырджи. – Фæлæ ма немæ искæй акæнæм. – Дæу кæй фæнды? – Уациллайы акæнæм. Уастырджи Уазмысæрмæ суади. Ракодта йемæ Уациллайы 'мæ æртæйæ иумæ араст ысты Гуынты мæликмæ. Æрхæддзæ сты 'мæ бадзырдтой: – Уазджытæ, уазджытæ уæ дуармæ! Æддæмæ цæм ракæсут! Гуынты мæликк цæм йæхæдæг рауади. Базыдта Уастырджи 'мæ Уациллайы, фæлæ Маргъуыдзы фыдздзаг хатт федта. – Мидæмæ рахизут, уазæг – Хуыцауы уазæг. Бахызтысты къæсæрæй, æмæ мæликк йæ усмæ дзуры. – Уастырджи 'мæ Уациллайы зонын, фæлæ ацы æртыггаг чи у? Бакастæй æвзыгъд чи у, ахæм. Мæличчы чызджытæ дæр цæ ауыдтой. – Ацы лæппу хуымæтæджы нæ уыдзæн. Фæлæ йæ уынд цыдæр маргъæнгæс у, – загъта сæ иу. – Йæ уындмæ йын цы кæсыс? – загъта сеннæ. Фехъуыста Маргъуыдз уыцы ныхæстæ, æмæ дзургæ ницы скодта, фæлæ цæм аивæй йæ хъус дары. Уæдмæ сæ разы фынг февзæрди – хæрд æмæ нозт. Чызджытæ лæггадкæнынц, бар дæр нæ дæдтынц кæрæдзийæн. Уæд дын мæликк Уастырджийы афарста: – А, дæу зонын, æмæ зонын. Уациллайы дæр зонын. Фæлæ уе мбал та чи у? – Нæртон лæг у – Фарнæджы байзæддаг. – Нарты Фарнæг... Рухсаг уа, кæд Нартæм уый хуызæн лæг нал уыдзæн. Æз æй хорз зыдтон. – Уæдæ ай та йæ фырт у. – Гъемæ йæ цæрæнбон бирæ. Йæ фыды кад ын баззайæд. – Йæ фыды фарн мæрдтæм чи ауадза, ахæм гуырд æй ма банхъæл. Фæлæ æнæ хъуыддаг дæр нæу. – Хъуыддаг саразæн куы нæ уа, уæд йæ кой дæр нæ хъæуы. – Уæдæ Маргъуыз усгур у. Æмæ ныхъхъуыдыкодта уæд мæликк. Фыдздзаг хатт дын куы нæ у. – Æз дæр уыууыл, хъуыдыкæнын. Цы сиæхстæ мын фæуыдзæн, уый нæ зыдтон уæд фыдздзаг хатт. Фæлæ ныр сомыгонд дæн. Æмæ йæ цалынмæ бафæлварон, ус чи куры, уый, уæдмæ йын ком нæ раддзынæн. Æртæ сиахсы мын ис, æртæйæ дæр æрвылбон масты йæддæмæ ницы зонын. Æмæ мæ катай уыууыл у. Мæ маст цæуыл у, уый кæд базона, уæд ын хорз, кæннод нæ ныхас дзæгъæлы у. Æмæ фæдзырдта йæ усмæ мæликк, æмæ рахæссынкодта иу худ, æмæ йæ Маргъуыдзмæ радта. – Ацы худ дæм куыд кæсы? Маргъуыдз æй систа, æркасти йæм, æруындтытæ йæ кодта 'мæ загъта: – Ацы худы хицау ахæм у, æмæ цæрæнбонты хыл чи кæны, æмæ нæдтыты дæр чи бахауд. – Раст зæгъыс, Маргъуыдз' мæ хистæр сиахс иугæндзон хыл-æмæ загъдкæны, æмæ йæ худ дæр нал ахæссы. Дыггаг худ рахæссынкодта мæликк, æмæ йæ радта уый дæр Маргъуыдзмæ. – Ай та цавæр лæджы худ у? Маргъуыдз та уыцы худ дæр æруындтытæкодта æмæ загъта: – Ай та у ахæм лæджы худ: бынтон ын ницы 'фсон вæййы, афтæмæй лæбурæг фæцæйцæуы. Раст – нæ, фæлæ мастхæссæг у. – Базыдта йæ Маргъуыдз, – уый мæ дыггаг сиахсы худ у. Гуынты мæликк рахæссынкодта æртыггаг худ. – Уый дæр фен, æмæ мын зæгъ, цавæр лæг у худы хицау. Маргъуыдз æртыггаг худмæ дæр æркæстытæкодта, æмæ загъта: – Ай та иугæндзон нуæзтджынæй чи цæуы, ахæм лæджы худ у. – Раст зæгъыс, Маргъуыдз. Æз ме ртæ сиахсæй, масты йæддæмæ, зæрдæрухс нæ зонын. Гъеныр ма мыл дæ зæрдæ истæмæй худы? – Ницæмæй, – загъта Маргъуыдз, – сылгоймаг дæр хæрынæй цæрынмæ фæцæуы. – Мæликк, Фарнæджы хорзæй зыдтай, æмæ уæдæ Маргъуыдз уый фырт у. Уый æвзæр куы уыдаид, уæд дзы афонмæ дæр фехъуыстаис исты, – загъта Уастырджи. Бафидыдта Маргъуыдз, æмæ ракодта, афтæ чи дзырдта, йæ уындмæ йын цы кæсыс зæгъгæ, уыцы чызджы. Номхæссæны чындзæхсæв ыскодта Маргъуыдз. Уастырджи 'мæ ма дзы Уацилла дæр фесты. Маргъуыдз Гуынты мæличчы чызгимæ а 'мæ ойæ цардысты. Уæд иубон Маргъуыдзæн йæ мад афтæ зæгъы: – Чындз тырæнхъæлцау у, æмæ уал дæхи искуыдæм айс. – Æмæ кæдæм айсон мæхи? Кæдæм фæцæуон? – Малхъыбæсты дæ фыдæн бирæ фæллæйттæ 'мæ бирæ бынтæ баззад. Уым хизынц дæ фыды рæгъæуттæ. Де рттивгæ худ ныккæн, кæннод дæ рæгъаугæстæ нæ базондзысты. Дæлæ ныггæнды цы гæбæр бæх ис, уыууыл та цæугæ акæн. Маргъуыдз раласта уыцы бæхы ныггæндæй, арыхъ-сапонæй йæ хорз ныхсадта. – Хорз мæ ныхсадтай, æмæ мын æгъгъæд фæуæд. – Æхсгæ дæ бæргæ кæнын, фæлæ дæ гæбæр уæддæр нæ хауы. – Æз гæбæр чъизийы аххосæй нæ дæн. – Уæдæ цæй тыххæй? – Дæ фыды фæстæ мыл балцы ничиуал ацыди æмæ айхуызæн фырмæстæй ысгæбæр дæн. Æз та дæлимонтæм хъомыл дæн, æмæ ме гъдау ахæм у: балцы мыл арæх куы нæ цæуай, уæд гæбæр кæнын. – Уæдæ мæн дæуæй хуыздæр бæх нæ хъæуы. – Мæн та дæуæй хуыздæр барæг нæ хъæуы. Маргъуыдз саргъ авæрдта сæ гæбæрбæхыл, æмæ араст и Малхъыбæстæм. Йæ худ дæр йæ уæлæ. Худы хъуынтæ дымгæмæ алы 'взагæй фæндырдзæгъдæгау кодтой, æмæ гæбæрбæх та йæ быны кафгæ цыди. Ныххæддзæ йæ фыды рæгъаугæстæм Маргъуыдз. Уыдон æй базыдтой, æмæ семæ цæрынтæ систа. Уæд дын Уастырджи иубон Уациллайы фæхуыдта. Æмæ Уастырджийы ус йæ пырх ыскалдта 'мæ йæ хъуырхъуыр цыди. Уастырджи йæ усæн аивæй дзуры: – Уазæг нæм ис, æмæ дæхи фæуыром. – Ды уазджытæ кæндзынæ, æз та дын уыдонæн лæггадкæнон? Уастырджийæн хъыг куыд нæ уыдысты йæ усы ныхæстæ. – Дæуæй – æнæус хуыздæр! – Гъемæ ацу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм! – Нæ, уæдæ дæумæ кæсдзынæн, хуыскъ хъуг дæ, æмæ дæуæй иу æфтауæг карк хуыздæр у. – Æркæн, хуыздæр дын чи уыдзæн, ахæм, æмæ дын цæуæт дæр фæзындзæн. Фехъуыста Уацилла уыцы ныхæстæ 'мæ Уастырджимæ бакаст: – Уастырджи, балцы азилæм. Æмæ Уастырджи рацыди. Сæ бæхтыл ысбадтысты 'мæ фæцæуынц. – Ахæм ма налат сылгоймаг уыдзæн! Æфсарм цы у, уый æмбаргæ дæр нæ кæны. – Налатæй налатдæртæ ис... Фæлæ дын иу ныхас зæгъин, æмæ дын хъыг куы уа? – Зæгъ æй, цæмæн мын уыдзæн хъыг? – Уæдæ-ма Гуынты мæликкæн цы чызг баззад, уый æрхæсс дæхицæн. Уастырджийы зæрдæмæ фæцыди Уациллайы ныхас, æмæ сæ фæндаг Гуынтыбæстæм ыскодтой. Æрхæддзæ сты Гуынты мæликмæ 'мæ Уацилла дуар бахоста: – Мæликк, ам дæ? Мæликк цæм рауади. – Мидæмæ! Цы хур, цы къæвда уæ 'рхаста? – Нæ фæндаг, – зæгъы Уацилла. Фынг тæккæ дæр февзæрди сæ разы 'мæ та Уацилла загъта: – Бахатыркæн, Гуынты мæликк. Фæлæ Уастырджи дæумæ кæсы. – Дæ чызджы дын куры. – Уох, уох! Æмæ усджын куы у, уæд дыууæ усы иумæ куыд цæрдзысты? – Тæхгæмаргъ бын нæ кæны. Цæуыл æрмæт кæна, йæ гуыбынæй дарддæр, ахæмæй йæм ницы ис, – загъта Уастырджи. – Уома уый куыд? – Æвæстаг тæхгæмаргъ у. Мæликк фембæрста, Уастырджи цы зæгъынмæ хъавыди, уый: – Цæй, дæу зонын, Уастырджи. Æмæ йын радта мæликк йæ чызджы, æмæ йæ ахаста Уастырджи. Маргъуыдзы усæн лæппу райгуырди. Рацыд фынддæс азы, æмæ фыддæсаздзыд лæджы бындзæфхад у. Маргъуыдзы мад рарынчын и 'мæ мæлæтæй фæтарсти. Æмæ зæрватыкмæ дзуры: – Уо, уæлæ зæрватыкк, фæтæх мын Маргъуыдзмæ, æмæ мæм тагъд зынæд. – Дæ мад рынчын у, æмæ дæм æрвиты. – Уæ, адджын фæуай зæрдæйæн. Фæцæуын зæгъгæ йын зæгъ. Æмæ ратахти зæрватыкк фæстæмæ. Æмæ йын адзырдта Маргъуыдзы мадæн: – Æрцæуы дæм дæ лæппу. Æмæ уæдæй фæстæмæ зæрватыкк хæдзæртты ахстæттæ аразы йæхицæн. Талынгты 'рхæддзæ ис Маргъуыдз, æмæ йæ фындзыл нæлгоймаджы тæф ауади. Бацыд, йæ ус кæм хуыссыди, уырдæм, æмæ усы фарсмæ – нæлгоймаг. Фæмæсты Маргъуыдз, цирхъ фелвæста, æмæ цæ с' астæуыл ахауынкодта сæ дыууæйыдæр. Æмæ фырмæстæй æндæр ран ахуыссыд. Райсомы йæ мад куы райхъал, æмæ йæ куы ауыдта, уæд æм дзуры йæ хуыссæнæй. – Фæзындтæ, лæппу? Æмæ дæ хъæбулы нæ федтай? – Цавæр хъæбулы? Æмæ кæм и? – Гæр, фынддæс азы ам нæ уыддæ, æмæ дын лæппу куы райгуырди, йæ мады фарсмæ хуыссыд... Маргъуыдз хъуыддаг бамбæрста æмæ хорзау нал фæци. Зæронд ус дæр ма бауади уатмæ. Æмæ цы бæллæх æрцыд, уый куы базыдта, уæд нырдиагкодта. – Уæу, мæнæ куыд бабын ыстæм зæгъгæ æмæ зæрдæскъуыд фæци уыцы ран. Маргъуыдз бавæрдта йæ мады Царциаты уæзæджы, йæ ус æмæ йæ фыртæн та уæзæг ыскодта. Иубон куы уыд, уæд йæ хъуырмæ сси бынтондæр, йæ масты фæдыл ацыд, æмæ йæ фындз æрбалыгкодта, мæ фындзы аххосæй байсæфтон мæ бинонты зæгъгæ. Маргъуыдз æрвылбон уæзæгмæ цыди. Фæсагъæс-иу кодта. Стæй та-иу мæстæлгъæдæй ныххауди йæ хуыссæны. Афтæ 'рвыста Маргъуыдз йæ цард, сагъæс æмæ удхар кодта бонæй-æхсæвæй. Уæд æм иу бон Нартæ æрхатыдысты Маргъуыдзмæ: "Дæхи мауал хæр, афон у..." Фæлæ Маргъуыдз никæмæ хъуыста, æмæ иу дзырдта: – Мæ фыдздзаг амонд мæхи къухæй кæм фесæфт, уым дыггаг амонд мæнæн ад нал раддзæни, æмæ мæм мауал хатут. Иу хатт куы уыди, уæд Уастырджи афтæ зæгъы йæ дыууæ усæн: – Рагæй нал уыддæн Нартыбæсты 'мæ мæ арæвдзкæнут. – Маргъуыдз-иу æнæфенгæ ма фæу, – дзуры йæм кæстæр ус. Æмæ февнæлдтой устытæ сæ куыстмæ. Фæлæ кæстæр ус йæ хойы æрымысыди æмæ æнцой нал зыдта, сагъæсы бацыд, уæдæ цы хуызæн у ныр мæ хо зæгъгæ. Уæд æм хистæр ус дзуры: – Цæуыл хъуыдыты ацыддæ? Нæ лæг балцы цæуы, ды та дæ зæрдæмæ ныккастæ. Цырддæр фезмæл! – Цы фезмæлон, исты мын Нарты Маргъуыдз куы нæ у, йæ фосрæгъæуттæ 'мæ йæ бæхрæгъæуттæй ныккæнæн кæмæн нæй! – Де взагыл судзгæ сынкъ рауайа! Уый цытæ дзурыс? – Раст цы у, уый. – Фæлæу, æз ын зæгъон! Ды махонæй Маргъуыдзы хуыздæр куыд хоныс? Алчи йæ лæгæй æппæлгæ фæкæны, ды та йыл уырдыгмæ хæцыс. – Æз, раст цы у, уый зæгъын. Устытæ нал фидыдтой, æмæ сæ хъæлæба ссыди. Цъæхахст кæнынц. Æнхъæлдæн, кæрæдзимæ армæй дæр бавнæлдтой. Сæ куыст дæр баззади. Кæрæдзимæ сæ чъылдымтæ сыздæхтой, æмæ 'лгъыстой сæ кæрæдзийы. Изæры Уастырджи æрцыди. Йæ устыты афтæ бадгæ куы æрæййæфта, уæд фæрсы кæстæр усы: – Цы кодтай, хæцагфыры каст куы кæныс? – Уæртæ дæ хурытыны бафæрс, мæнæй дæумæ 'взæгтæ чи хæссы: æмæ дын æй зæгъдзæн. – Цы кодтат, уый мын зæгъ, – баздæхти Уастырджи йæ хистæр усмæ. – Боны рухс æмæ 'хсæв дæр хъал кæмæй вæййыс, уый бафæрс. – Уый та мæ дæумæ ардауы. – Цæмæ дæ ардауы? Уыйау дын æз дæ сæр цъыфмæ куы 'ппарин, уæд мæ афонмæ бæхыкъæдзилыл бабастаис. – Уагæры мæ цы дзырдта? – Нарты Маргъуыдзæй æппæлы. Æмæ ды уый цур рыг дæр нал дæ! Æз дæ сæрыл хæцын, уый та Маргъуыдзы сæрыл дзуры. – Маргъуыдзы æнæуый зонын, æмсиахс дæр мын æййафы. Фæлæ нæ зонын, нæ мæ уырны – мæнæй бонджындæр нæ уыдзæн. Цæуын Нартæм, æмæ мын æй æнæ бабæрæг хос нæй. Стæй уыйфæстæ зæгъы йæ дыггаг усæн Уастырджи: – Æз Маргъуыдзы бафæлварон. Æмæ рараст Уастырджи Нарты Маргъуыдзмæ. Уыцы рæстæг Маргъуыдз йæ гæбæр бæхæн уазал суадон дардта æмæ йæм дзуры йæ бæхмæ: – Ай цы диссаг у, ноджы фыддæр гæбæр куы сдæ! Уæд ма дыл балцы та куыд цæуон? – Дæ маст мæнæн дæр маст у. Дæ усы 'мæ дæ фырты сæфт мæнæн зындæр ысты дæхицæй. Æмæ мыл уый тыххæй ысхæцыди гæбæр. Маргъуыдз ма цы загътаид... Бæх уазал суадон нуазы æмæ æвиппайды йæ сæр фæгуыбыркодта зæхмæ. – Цы кодтай, цæмæй тæрсыс? – афарста йæ Маргъуыдз. – Мæ хъустыл бæхы къæхтыхъæр ауад. – Цытæ дзурыс, ам цæ куы ничи зыны? – Æрбацæуы иу барæг, æмæ цыма йæ фæндаг дæумæ у... Маргъуыдз афтæ сфыдхуыз ис, йæ фындз ку' алыгкодта, уыйфæстæ, æмæ йын базонæн дæр нал уыди. Сбадти йæ гæбæр бæхыл. Уымæн та бынтондæр базонæн нал уыди. Æмæ рацæуы. Уастырджи акасти Нарты фæзбыдыртæм, æмæ бæхрæгъæуттæй нал зындысты быдыртæ. Дискæны 'мæ дзуры йæхинымæр Уастырджи: "Ай цавæр рæгъæуттæ сты? Уæвгæ фынддæс азы дæр фынддæс боны не сты. Фынддæс азы дæргъы æз Нарты зæххыл нал уыддæн". Бæхгæстæм бацыди Уастырджи. – Уæ фос бирæ уой! – Бирæ амонд дын Хуыцау радтæд, бæлццон! – Хатыр бакæнут, фæлæ кæй бæхрæгъæуттæ сты адон? – Нарты Маргъуыдзы. – Æмæ бынаты ис? – Бынаты ис! – Уæдæ хорзæй баззайут! – Хорзыл амбæл! Уастырджи хъуыдытæгæнгæ рацæуы, æмæ та дзуры йæхицæн: "Мæ кæстæр ус цыдæр хорздзинад зоны Маргъуыдзæй..." Цæуы, æмæ Нарты къуылдымтæм æрбахæддзæ. Акасти, æмæ бæстыл нал цæуынц хъомвос. Хъомгæстæм бахæддзæ. – Уæ фос бирæ уой! – Æгас нæм æрцу, хорз лæг. – Хатыр бакæнут, фæлæ адон утæппæт кæй хъомрæгъæуттæ хизут? – Нарты Маргъуыдзы. – Æмæ бынаты уыдзæн? – Бынаты ис! – Уæдæ хорзæй баззайут! – Хæрзтыл æмбæлæг у! Рараст и Уастырджи хъуыдытæгæнгæ, æмæ та дзуры йæхицæн: "Мæ кæстæр ус цыдæр зоны Маргъуыдзæй, фæлæ мын куыд ницы схъæркодта? Кæцæй зоны, цымæ, Маргъуыдзмæ уыйбæрц хъомрæгъæуттæ ис, уый? Цæуы та Уастырджи, æмæ 'рбазындысты Нарты хæхтæ 'мæ уæлхохбыдыртæ. Къах кæм æрывæрдтаид лæг, уыйбæрц бынат дзы нæ уыди лыстæгфосæй. Æмæ бацыди Уастырджи фыййæуттæм. – Уæ фос бирæ! – Алыбон æгас нæм æрцу. – Хатыр уæд, фæлæ кæй фос хизут айбæрц? Нарты Маргъуыдзы зæгъгæ йын загътой фыййæуттæ. Уастырджи дæр та ныхъхъуыдыкодта, йæ сæр та банкъуыста 'мæ цæ афарста фыййæутты: – Бынаты уыдзæн Маргъуыдз? – Уо, бынаты ис. – Уæдæ мын хорзæй баззайут, æз æй хъуамæ фенон. – Хорзыл амбæл, хорз лæг! Уастырджи та арф ныхъхъуыдыкодта, æмæ дзуры йæхицæн: "Мæ кæстæр ус æй æцæгдæр хорз зоны Маргъуыдзы. Фæлæ мын æй куыд никуы схъæркодта?" Цæуы, æмæ йæм Нартыхъæу æрбазынди. Нартыхъæу æм бынтон æндæрхуызон фæкаст. Уастырджи йæхицæн зæгъы: "Фынддæс азы дæргъы Нартыбæстæ фынддæс хатты хъæздыгдæр æмæ цæрдхуыздæр фæци. Сæ хæдзæрттæ дæр бынтон æндæрхуызон фесты. Хъæутæ та стырдæртæ сысты". Хъæумæввахс æртæ зæронд лæджы баййæфта Уастырджи 'мæ цæм дзуры: – Уе зæртæ хорз! – Хорз дæ хай дæуæн дæр. Кæйонг фæндарасткæныс? – Нарты Маргъуыдзмæ. – Уо, мæгуыр, уымæн базонæн дæр нал ис. Уастырджи æртæ лæджы ныхас рæстмæ нæ бамбæрста. – Цæргæ та кæцы ран кæны? Алы ныхас кодтой зæронд лæгтæ. – Ай цы лæг дæ! Маргъуыдз кæм цæры, уый чи нæ зоны? – Чи зоны, æцæгæлон у. – Фæрсæг сонт у, худæн ыл нæй. Уастырджи цæм фæхъуыста, фæхъуыста. Стæй цæм хатыркурæгау дзуры: – Æз а бæстаг нæ дæн. Фæрсгæ-фæрсгæ цыддæн, æмæ мыл ма бахудут. Уæд ын зæрæдтæй иу афтæ зæгъы: – Хъæуы астæуты ссæудзынæ. Астæумæхæстæг фендзынæ стыр авдуæладзыг хæдзæрттæ. Мидæмæ бацу, æмæ дæ разы уыдзæни авд дуары, сæ уæлæ нывтæ: хызын ауыгъд цы дуарыл ис, уый у, æххуырсты чи цæуы Маргъуыдзмæ, уыдоны дуар. Дыггагыл фендзынæ бæндæн ауыгъд. Уый та, цагъарæй чи цæуы Маргъуыдзмæ, уыдоны дуар у. Æртыггаг дуарыл уыдзæн зæронд худ ауыгъд. Уыцы дуар та у, саукусæгæй йæм чи цæуы, уыдоны дуар. Цыппæрæм дуарыл фендзынæ йæхс ауыгъд. Уый та кæвдæсæрдты дуар у. Фæндзæм дуарыл фендзынæ местæ ауыгъд. Уый та фæрссаг адæмы бацæуæн у. Æхсæзæм дуарыл фендзынæ басылыхъ ауыгъд. Уый та – хъæздыгцæрæг адæмы бахизæн у. Æвдæм дуарыл фендзынæ уæлæдарæн нымæт ауыгъд. Уый та дауджыты, зæдты бахизæн дуар у. Ды комкоммæ бацу, нымæт ауыгъд цы дуарыл ис, уыууылты. Стæй дæм исчи зындзæн. Æмбаргæ 'мæ зондджын лæджы каст кæныс, æмæ аггаг дæ уыцы дуарыл бахизынæн. Уастырджи зæронд лæгтæн бузныг загъта, æмæ хъæуы астæуты фæцагайдта йæ бæхыл. Маргъуыдз кæм царди, уырдæм бахæддзæ, дуарæй бахызти 'мæ зæгъы йæхицæн: "Цæй, мæхи ма схъæркæнон. Æвæдздзæгæн, цæ кæстæр ус цыдæр сусæгдзинад зоны Маргъуыдзæй, фæлæ мын æй никуы загъта. Бацæуон, хызын цы дуарыл ауыгъд ис, уымæ". Æмæ бараст и уыцырдæм. Стæй иу чъызибандоныл æрбадти. Чысыл фæстæдæр кæсы, æмæ дыууæ лæппуйы рацæуы. Уастырджийы бæхы ауыдтой, æмæ сæ иу зæгъы: – Цымæ ацы бæхы хицау чи у? Кæцы дуарæй бахызтаид? Стæй йæ ауыдтой. Кæсынц, æмæ-иу æххуырстытæ æнхъæлмæ кæм кастысты, уым цавæрдæр лæг бады. Æмæ йæ афарстой: – Уый дæ бæх у? – Уо, мæ бæх у. – Æмæ æххуырсты цæуыс? – Æххуырсты дæр бацæудзынæн... Фæлæ сымах чи стут? – Мах Маргъуыдзы кæстæр лæггадгæнджытæ стæм. – Уæдæ Маргъуыдз бынаты ис? – Уо, бынаты ис. – Тынг æхсызгонæй йæ агурын. – Зæгъдзыстæм ын ныртæккæ! Азгъордтой Маргъуыдзмæ кæстæр лæггадгæнджытæ, æмæ йын фехъусынкодтой хабар. Маргъуыдз ахъуыдыкодта: "Уæдæ чи уыдзæни, цымæ? Цæй, æмæ йæ бафæлварон, базонон ын йæ лæджыгъæд". Маргъуыдзмæ уыди тыртына, 'й алы хъуын дæр æрттивгæ кæмæн кодта, ахæм – цæстытæ йæм нæ лæууыдысты. Рауагъта йæ барæй. Уæд Нартæ ныффæдискодтой йæ фæдыл, алчидæр æй æрцахсынмæ хъавыди, фæлæ йæ не ййæфтой. Тыртына адæмы йæ фæдыл асайдта, æмæ цыл Уастырджи худти. Тыртына цъыфты багæпкæны, Нартæ дæр цъыфты йæ фæдыл фæвæййынц. Куы та пыхсыты амидæгвæййы, æмæ та Нартæ дæр пыхсыты балæгæрдынц. Тыртына цæ афтæ йæ фæдыл ракæбакæкодта. Уастырджи бахудти. Уæд йæ цурты иу зæронд ус æрцæйцыд, æмæ йын бауайдзæфкодта Уастырджийæн: – Бын бауай, цæуыл худыс? Адæм тыртынайы фæдыл сæхи куы сафынц. Æви дæ ныфс нæ хæссыс? – Мæ рæстæг к' уа, уæд æй æз дæр сурдзынæн. Тыртына Уастырджийы цурты 'рбацæйлыгъди. Стæй цæхгæр фæзылди, æмæ та быдырмæ фæлидзæг. Уастырджи йæ бæхыл абадти, басырдта тыртынайы. Бæхы цæфхæдты бынæй дуртæ цæхæртæкалдтой, æмæ стъæлфæнтæ адæмыл æмбæлдысты: кæмæн йæ хæдон сыгъди, кæмæн – йæ дыстæ, кæмæн – йæ худ, кæмæн – йæ хæлаф. Баййæфта тыртынайы Уастырджи 'мæ йæ рацахста йæ бæрзæйæ. Нартæ 'рлæууыдысты 'мæ загътой: – Гъеуый фæдисонæн бæззы, æцæгдæр! Маргъуыдз тинтыкæрц йе уæхсчытыл æрбаппæрста. Рацыди Уастырджийы размæ 'мæ йæм дзуры: – Æгас нæм цу, уазæг! Диссаджы хъаруйы хицау дæ, фысым нæм бакæн. – Бузныг дæн де гъдауæй, мæнæ дæ тыртына! Мæн фæстæмæ цæуын хъæуы. – Ау, куыд цæуыс? Мæ хæдзармæ чи 'рцыд, уый фынгыл ма 'рбада, æмæ афтæмæй аздæха фæстæмæ, уый гæнæн нæй. Фысым дын дæн. Дыууæ кæстæры цырд айстой Уастырджийы бæхы, æмæ йæ афснайдтой. Уастырджийы уазæгдон-хатæнмæ акодтой. Фынг йæ разы февзæрди. Хæрд æмæ нуæзт æрхастой фагæй фылдæр, æмæ дыууæ кæстæры уызæлдысты Уастырджийыл. Уастырджи нæ – нуазгæ кодта, нæ – хæргæ. Кæстæриуæг чи кодта, уыдон æй фæрсынц: – Цæуылнæ хæрыс? Цæуылнæ нуазыс? – Цалынмæ фысым мæ цуры 'рбада, уæдмæ ницæмæ æрывналдзынæн. Уæд кæстæртæй иу ауади 'мæ загъта Маргъуыдзæн: – Уазæг æнæ дæу нæ – хæргæ кæны, нæ – нуазгæ. Уалынмæ йæм рацыди Маргъуыдз æмæ Уастырджи дисы бафтыд: уæдæ Маргъуыдзы хорз куы зыдтон, æмæ ай уый хуызæн куы нæ у? Нæ дзы бакаст ис, нæ йыл фындз и. Ахæм куы нæ уыд, уæд ай циу? Маргъуыдз æрбадти Уастырджийы цур. – Цæуылнæ исты сисыс дæ дзыхмæ? – Æмвынг ысты уазæг æмæ фысым. Ахæм æгъдау ис Нартæм, æнхъæлдæн. – Бæгуыдæр афтæ у. Фæлæ ма искуы уыддæ Нартæм? – Уыддæн, иу фынддæс азы размæ. – Уох-хай! Фынддæс азы фæстæ мæныл та стыр бæллæх сæмбæлди. – Цавæр бæллæх? – тарстхуызæй йæ афарста Уастырджи. – Ма мæ бафæрс абон уымæй. Уастырджи уæлдай ницыуал загъта. Фæсахсæвæр ын сыгъдæг зæлдаг æмæ харæхуысæнты уат бакодтой. Æмæ Маргъуыдз ку' ацыд, уæд йæ уаты йæхи æруагъта. Маргъуыдз дæр ысхуыссыд, æмæ хъуыдытыл ахæцыд: "Ныр ай Уастырджи уаид, æмæ мын йæхи цæуылнæ хъæркæны? Кæд мæм мæсты у, мыййаг, мæ ус æмæ мæ фырты кæй амардтон, уый тыххæй. Мæхи аххос у: тагъд нæ хъæуы ницæуыл. Нырма уал æй хъуыддаджы хъуыди базонын. Цæй, райсом æй комкоммæ бафæрсдзынæн, чи у, уымæй". Уастырджи дæр хъуыдыкæны: "Ай Маргъуыдзы хуызæн нæу, цавæрдæр æндæр лæг у. Кæм ма уыди ахæм фысым: дæ уазæджы хорз фен, æмæ йæ фæрсгæ дæр ма бакæн. Нæ мæм мæсты хуызæй касти, нæ – худгæйæ. Райсом æй хъуамæ мæхæдæг бафæрсон. Сæ дыууæйыл дæр хуыссæг не рхæцыд уыцы 'хсæв, æмæ цыл кæуылты сбон, уый нæ базыдтой. Райсомы сыстадысты, аходæн бахордтой. Маргъуыдз кæстæр лæггадгæнджытæн дыууæ бæхы 'рласынкодта 'мæ загъта: – Дæхи бæх ам уадз, æмæ мæнæ ацы бæхтыл ацæуæм. – Бузныг, фæлæ дын дæ бæхты миниуæг нæ зонын. Искæуыл цæ исты куы 'рцæуа, уæд хæсы хауын. – Бар дæхи, – загъта Маргъуыд. Æрбаласынкодта уæд йæ гæбæрбæхы, æмæ йæ сифтыгъта. Уастырджи йæм дзуры: – Уый цавæр гæбæр бæх у? Фæразгæ та дæ куыд акæндзæн? – Уынд хъаруйæн æххуыс нæу. Араст ысты дыууæйæ 'мæ Царциаты уæзæгмæ схæддзæ сты. Цæуынц дарддæр. Иу донхъирæны цæ хъуыди ахизын. Маргъуыдзы гæбæрбæх дзы сæрибарæй ахызти, фæлæ Уастырджийы бæх ныссагъди донхъирæны. Куы-иу дзы йæ гуыбыны уонг нынныхсти, куы та – йæ саргъы уонг. Тыхтæй-амæлттæй ахызти донхъирæны Уастырджийы бæх. Цæуынц, æмæ бахæддзæ сты иу ивылд донмæ. Маргъуыдз йæ гæбæр бæхы доны баскъæрдта, æмæ фаллаг фарсмæ ахызти. Уастырджи йæ ныфс нæ хаста 'мæ дзуры Маргъуыдзмæ: – Мæ бæх ацы доны н' ахиздзæн. – Хатырæй уæд. Цæуылнæ дæм байхъуыстон! Маргъуыдз раздæхти, донцæвæнырдыгæй йæ бæхы баскъæрдта доны, йæ фæрсты та Уастырджийы бæх цыди, æмæ афтæмæй ахызтысты. Дарддæр та цæуынц. Æрбазынди цæм иу уæзæг. Æввахс æм бацыдысты, æмæ Маргъуыдз Уастырджийæн афтæ зæгъы: – Ам фæлæу иучысыл. Æз ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæн. Уастырджи 'рхызти йæ бæхæй, æмæ йæ хизыныл бафтыдта. Маргъуыдз араст и уæзæгмæ. Йæ худ систа, фæйнæрдæм акасти, стæй йæ цæссыгтæ 'ркалдысты, æмæ раздæхти йæ цæссыгтæ сæрфгæ. Уастырджи йæм йæ хъус дардта. Маргъуыдз æрбаздæхти, æмæ йæ Уастырджи фæрсы: – Мемæ кæй дæ, уый дын кæд хъыг у, мыййаг? – Цытæ дзурыс, уазæг! Демæ кæй дæн, уый мын бирæ 'нцой дæдты. – Кæд афтæ у, уæд ма дæ цæссыгтæ цы калыс? – Уæлæ, æз цы уæзæгæй акастæн, уырдæм ыссу. Акæс ды дæр æмæ, цы фенай, уый мын-иу зæгъ. Мæнæ мæ бæхыл ыссу, дæхион не сфæраздзæн. Уастырджи Маргъуыдзы гæбæрбæхыл араст и уæзæгмæ. Йæ сæрмæ схæддзæ и 'мæ фæйнæрдæм акаст. Дзалагæрдæг Уастырджийы зæнгтыл йæхи 'рбатыхта. Хæтæлтæ та Уастырджийы астæуыл æрбатыхтой сæхи, хъæбыс æй кæнынц. Цыма дзы исты курынц, æмæ Уастырджийæ у сæ цард, уыйау ыл уызæлыдысты Уастырджийыл. Маргъуыдзы гæбæр бæх дзалагæрдæг æмæ хæтæлты йæ былтæ 'мæ йæ рустæй лæгъзытæкодта. Уастырджи дисы бахауди. Раздæхти фæстæмæ, æмæ йæ фæрсы Маргъуыдз: – Цæй, цы федтай? – Айонг рацарддæн зæгъгæ загъта Уастырджи. – Фæлæ никуыма федтон, дзалагæрдæг лæджы зæнгтыл йæхи 'рбатуха, хæтæлтæ та йын й' астæуыл сæхи 'рбатухой, æмæ йæ хъæбыстæ кæной? Инн' ахæм цæ дæ бæх лæгъзытæ 'мæ сæрфтытæ кодта йæ былтæ 'мæ йæ рустæй. Ацы хабар кæмæн зæгъон, уый мыл дисæй амæлдзæн, уырнгæ та йæ 'ппындæр нæ бакæндзæн. – Уæдæ федтай дæхи цæстæй: фос дæр ма зонынц æмæ 'мбарынц тæригъæд. Иу хал не стыдта мæ бæх уыцы дзалагæрдæгæй, нæдæр къахæй ныллæууыди хæтæлтæй искæуыл. – Афтæ уыди. – Уæдæ лæг лæджы хъуамæ ма рох кæна. Æз дæ хъуыдыкæнын. Фæлæ мæм ды дæ сæр рæстмæ дзурынмæ дæр нал хæссыс. – Æз дæр дæ хъуыдыкæнын. Фæлæ дыл дызæрдыг кæнын. Уымæн æмæ айхуызæн нæ уыддæ. – Уый раст у. Фæлæ æз мæ масты фæдыл ацыддæн, æмæ ме стыр циндзинад фесæфтон. Æрбакæс мæм ныр. Уæдæй фæстæмæ мæхи хæрын æмæ 'ргæвдын, æмæ кæд сæфон, уæддæр ме стыр уарзтæй. – Уæдæ æз афтæ 'нхъæлын, æмæ ды Маргъуыдз дæ. – Маргъуыдз бæргæ дæн. – Æмæ дæ фындз та цы кодта? – Уый дардыл ныхас у. Фæлæ ды та Уастырджи дæ, æвæдздзæгæн. – Æз Уастырджи дæн, дæуæн де мсиахс. – Куыд ме мсиахс? – Дæ усы хо мæ къухы ис. – Уæдæ мæм хъус, æмæ дын ракæнон æз мæ царды хабар. Мæ бинонтæ сæхибар нæ уыдысты, Тырæнхъæл уыди не 'фсин, æмæ мæ мæ мад фервыста Малхъыбæстæм. Уым мæ фыдæн дзугрæгъæуттæ уыди. Фæцарддæн иу-фынддæс азы фыййæуттимæ, æмæ мыл сæмбæлди зæрватык: дæ мад рынчын у, æмæ тагъддæр хæддзæкæн дæ хæдзармæ. Æз ратындзыдтон. Ныр уæдмæ не фсинæн лæппу райгуырди. Рацыди уыууыл фынддæс азы, æмæ лæппу йæ мады цур хуыссыди. Æз сабыр бацыддæн талынджы. Мæ фындзыл аныдзæвди нæлгоймаджы тæф. Бакастæн сусæгæй, æмæ мæ усы цур иу лæппу хуыссы. Цирхъ фелвæстон, æмæ цæ амардтон. Мæхæдæг æндæр ран ныххуыссыддæн. Райсомæй мæ мæ рынчын мад ку' ауыдта, уæд ысцинкодта 'мæ загъта: "Дæ фырты федтай?" "Цæй фырты?" – афарстон æй æз. Уый фестади, æмæ, ус æмæ лæппуйы мардæй куы федта, уæд зæрдæскъуыд фæци. Мæ мады бавæрдтон Царциаты уæзæджы. Систон иннæ дыууæ марды, æмæ цæ ацы ранмæ 'рхастон. Мæнæ, цы уæзæджы уыддæ, уый бын ысты ныгæд. Дзалагæрдæг мæ фырты æндæрг у, хæтæл та – йæ мады. Цардысты, мæгуыртæг, ацал-ауал азы мæ фендмæ бæлгæйæ, æмæ цæ ныр мæхæдæг байсæфтон. Æз мæхи нал бауырæдтон, фæмæсты дæн мæхимæ, æмæ мæ фындз æрбалыгкодтон. Гъеуый дын, гъе, ме мсиахс, мæ царды хабæрттæ. Уæд Уастырджи загъта: – Уæдæ мæ кæстæр ус дæуæй раст зæгъы, ды æцæгæй дæр, йæ бинонты бирæ чи уарзы, ахæм лæг дæ. – Бæргæ уыддæн, фæлæ ма ныр цы? – Скъахæм мæрдты, – зæгъы Уастырджи. – Цæмæн? Уæлдай низ ма мын кæныс мæ зæрдæйæн? – Нæ, фенæм цæ. Алы хатт ардæм фæцæуыс, æмæ цæ иу хатт уæддæр фенæм. Фенон дын дæ фырты дæр. Æмæ ракъахтой уæзæг. Мад æмæ фырт, цыма хуысгæ кодтой, уыйау лæууыдысты. Уастырджи йæхс фелвæста, æмæ цæ ракъуырдта. Мад æмæ фырт сæ цæстытæ фæирдкодтой, кæрæдзимæ бахудтысты, æмæ ныхъхъæбыскодтой кæрæдзийы. Ауыдтой Уастырджи 'мæ Маргъуыдзы. Ус Маргъуыдзы нал базыдта. Уастырджи Маргъуыдзы дæр йæхсæй рацавта, æмæ фындз йæ фыдздзаг бынаты абадти. Маргъуыдз йæ ус æмæ йæ фыртыл ныттыхсти, ныццин цыл кодта. Уыйфæстæ ныхъхъæбыстæкодта Уастырджийы. – Мæ бинонтæ дæ руаджы фервæзтысты, æмæ цом нæхимæ! Маргъуыдзы гæбæрбæх дæр цæм æрбацыд. Уастырджи йын йæ йæхсыдыдагъæй йæ хæрв æрсæрфта, æмæ сæрттывта бæх. Гъеныр дæ бæх мæ зæрдæмæ цæуы зæгъгæ загъта Уастырджи. Уырдыгæй сæхимæ 'рцыдысты, æмæ Маргъуыдз ыстыр куывд ыскодта. Уыйфæстæ Уастырджи сæхимæ фæцыди, æмæ йæ фæрсы сæхимæ йæ хистæр ус: – Цæй куыд уыди дæ балц? – Тынг хорз. Маст ыл сæмбæлди Маргъуыдзыл, фæлæ йын æй æз цинмæ раздæхтон. Йæ мад Хуыцауы фæндæй амард, æмæ уый раздахын мæ бон нæ уыд Хуыцауы 'вастæй. Фæлæ кæстæр хо æмæ йæ лæппу мæ руаджы ныр цардæгас ысты. Маргъуыдз, æцæгæй дæр, бæстыйаргъ у. Зыныссарæн у зæххыцъарыл ахæм лæг. | |
Просмотров: 380 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |