Пятница, 04.07.2025, 13:09
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ÆХСАРЫ КАРД
ÆХСАРЫ КАРД
Æхсар æмæ та Æхсæртæг иуахæмы сфæндкодтой афæдзы 'мгъуыдмæ
балцы фæцæуын. Æртæ фæндаджы ныхмæ бахæддзæ сты, нысан дзы
сæвæрдтой æмæ загътой: "Цæуæм фæйнæ фæндагыл фæйнæрдæм. Чи нæ
раздæр æрцæуа, уый-иу нæ нысанмæ 'ркæсæд, æмæ-иу иннæмæ фæлæууæд".
Фæцыдысты æфсымæртæ фæйнæ фæндагыл. Бирæ бонтæ рацыди. С'
афæдзы бон дæр æрхæддзæ. Æхсæртæг æрыздæхт фæстæмæ. Федта сæ нысан,
æмæ нысан æрдæгсаухъуына адардта æмæ фæтарсти йе фсымæрæн Æхсæртæг.
Æмæ Æхсар цы фæндагыл ацыд, уыцы фæндагыл араст.
Бирæ фæцыди быдыртæ 'мæ хæхты. Стæй иу сау коммæ бахæддзæ, æмæ
хъæдыкъохмæ бахаста йе хсæв, æмæ уым æрынцади. Æмæ федта фын, цыма
йын йе фсымæры 'рцахстæуыд.
Æхсæртæг фæтæррæстласта, нал бафынæй, æмæ цæуы дарддæр. Бон-
изæрмæ та фæцыди, æмæ бахæддзæ иу урскоммæ. Æрынцади та иу
хъæдыкъохы, афынæй и иучысыл, æмæ та федта фын, фыдздзаг фыны
хуызæн. Фестади та Æхсæртæг, æмæ дарддæр кæны йæ фæндаг.
Бон сауизæрмæ фæцыди. Æмæ изæрæй бахæддзæ и иу сырхкоммæ. Тынг
бафæллади 'мæ сæххормаг и. Фынæй нал бакодта, фæлæ хъæдыкъохыл
азылди, кæд, мыййаг, искуы иу сырдыл сæмбæлин зæгъгæ. Бахæддзæ и иу
цады былмæ. Цады кæрон халагъуд арæзт, æмæ дзы рухс ферттивы
рæстæгæй-рæстæгмæ. Æхсæртæг ахъуыдыкодта: "Кæд ме фсымæрыл исты
'рцыди, уæддæр ам. Ацы бынат хуымæтæджы нæ уыдзæн". Бацыди
'ввахсдæр халагъудмæ. Кæсы, æмæ æфсæндуар йæхигъæдæй йæхи бакæны,
стæй та йæхи сæхгæны. Дуар йæхи куы бакæны, уæд дзы рухс ракæлы.
Æхсæртæг фат фехста, куыддæр дуар йæхи бакодта, æмæ рухс
фæзынди, афтæ. Æмæ иу уысммæ ахæм хъæр фæцыди уырдыгæй, æмæ бæлæстæ
ныггуыбыртæ сты, цад уылæнтæй сурмæ акалди. Æхсæвиуат дзы цы
мæргътæ 'мæ сырдтæ кодтой, уыдон фæтарстысты 'мæ дарддæррæттæм
фæлыгъдысты. Æппынфæстаг бæстæ 'рсабыр и. Цад фæстæмæ байдзаг,
бæлæстæ дæр ысраст ысты сæ фыдздзаджы хуызæн. Сырдтæ 'мæ та мæргътæ
сабыргай æрбацыдысты сæ фыдздзаг бынæттæм. Бон дæр рухскæнын
байдыдта. Куыддæр æрбарухс и, афтæ Æхсæртæг иу зæронд усы ауыдта.
Ус йæ иу цæстæй уыди сохъхъыр, иннæ цæсты та Æхсæртæджы фат
ныффидар, æмæ хъæрзы зæронд ус. Æхсæртæг æм æввахсдæр бацыди, æмæ
йе фсымæры фындзыкæлмæрзæн усы къухы ауыдта.
Уæд æй Æхсæртæг фæрсы:
– Ай æмæ чи дæ? Цы ми кæны дæумæ ме фсымæры фындзыкæлмæрзæн?
– Гъей, лæппу! Чи дæ, уый æз нæ зонын, фæлæ Æхсарæй ды де
фсымæр кæм зæгъыс, уым ме фсымæр дæр дæ. Æз дæн нæртон чызг. Æрæджы
ме рвадæлтæй иу ам уыди.
Ныр ахæст у Быценæгтæм, фæлæ йæ фындзыкæлмæрзæн мæнмæ
ныууагъта, æмæ мын бафæдзæхста: "Кæс æм, мæ хо! Кæд ацы
фындзыкæлмæрзæныл тугхæддзæ рахъара, уæд зон, æмæ уæззау уавæры
дæн. Кæннод мын мацæмæй фæтæрс". Æз æм æркастæн, æмæ уæззау уавæры
ис. Фæлæ ма ныр цы? Бынтондæр басаугуырм дæн, æмæ йæм кæдæм
фæцæуон?
– Æмæ дын хосгæнæн нал и, цæмæй ма дæ иу цæстæй ракæсай? –
афарста йæ Æхсæртæг.
– Райсомы сæуæртæхтæ ку' амбырдкæнид исчи. Хъуазы 'хсыримæ мын
цæ, фат кæм сæмбæлд, уым куы ныттадзид, уæд хъæлæкк ракæсин мæ
цæстæй.
Æхсæртæг хъæдмæ азгъордта, иу хъуаз рацахста 'мæ йæ радыгъта.
Хъуазы 'хсыр сæуæртæхтимæ амхæддзæкодта. Стæй фат ысласта усы
цæстæй, æмæ æхсыр уым ныттагъта. Æмæ ус ракасти йæ цæстæй, æмæ
Æхсæртæгыл ныццинкодта. Уæд æй Æхсæртæг афарста:
– Æмæ ме фсымæр Быценæгтæм куыд бахауди?
– Быценæгтæ уыдысты цуаны. Æвиппайды Арвы дуар фегом æмæ дзы
æрвызгъæр æрхаудта. Быценæгтæй сæ хистæры сæрыл сæмбæлди, æмæ дзы
иннæрдæм ахызт. Уыдон æрвызгъæр рацæйхастой. Æхсар цæ базыдта, æмæ
йæ хъуамæ байстаид. Уыдон ыл æртымбыл ысты, æмæ йæ сбастой. Абонмæ
мæхи цæттæкодтон уырдæм, фæлæ д' аххосæй бакъуылымпы дæн.
– Æмæ ды Нартæн цы бавæййыс? Иуæхсæв æз ардæм кастæн, æмæ дзы
цыдæр рухс ферттывта.
– Æз ын дæрддаг хо æййафын Уæрхæгæн. Рагæй ам бадын. Нæ лæг
Хуримæ æмвынг уыди, æмæ йын иу дзæгъæфæрдыг ралæваркодта. Алы изæр
дæр-иу æй мæ хъуырыл бакодтон, æмæ мын мæ фæндаг рухс кодта, æмæ
уый уыцы фæрдыджы рухс уыд.
– Уæд уæ лæг та цы фæци?
Ус ын, халагъуд цы лæгæты уыд, уырдæм ацамыдта 'мæ загъта:
– Мæнæ ацы лæгæты дуар алы сабатизæр фегомвæййы. Ардыгæй
Быценæгтæ 'рбахизынц, æмæ уæларвон лæджы хъуамæ сæхицæн аскъæфой,
кæннод цæ иу амæлы. Нæ лæджы дæр мын ардыгæй аскъæфтой, фæлæ цы
баци, уымæн æппын ницы зонын.
Æхсæртæг æмæ ус сабаты изæрмæ банхъæлмæкастысты. Сабатизæр
дуар фегом и. Æхсæртæг æм йæхи фæбыцæукодта. Ратыдта дуар æд
æвдузæнтæ, æмæ йæ ныззыввыттласта иуырдæм. Уыйфæстæ усимæ лæгæтмæ
бацыди. Кæсынц, æмæ дын иу лæджы фæйнæрдæм бабастой, йæ боцъотæ 'мæ
йын йæ рихитæй хил-асин бийынц уæлзæхмæ.
Уæд ус Æхсæртæгæн афтæ зæгъы:
– Ай у мæ сæрыхицау.
Æхсæртæг кард фелвæста, лæджы бæттæнтæ фæлыгкодта. Стæй йæ
'рдаста. Лæг дæр ын арфæ ракодта 'мæ рацыдысты уырдыгæй. Кæсынц,
æмæ Быценæгтæ иу къулыл байтыгътой Æхсары. Фатæй йæ 'хсынц, кардæй
йæ цæвынц. Фæлæ йын ницы фæразынц й' амарынæн.
Æхсæртæг цæ ку' ауыдта, уæд цыл йæхи рауагъта, æмæ цæ
цæгъдынтæ систа. Чи цæ лыгъди, уыдон та Уæрхæджы хо æмæ йæ лæг
цагътой. Быценæгтæй ма иу хай аирвæзти, иннæтæ цагъды фесты.
Суагътой бастæй Æхсары.
– Ныр мын тас нал у, фæлæ цæут уæхимæ, – загъта Æхсар Уæрхæджы
хойæн. – Æз æмæ дæм Æхсæртæг дæр тагъд зындзыстæм.
Æхсар æмæ Æхсæртæг Быценæгты згъæруатмæ бацыдысты. Æрвызгъæр
систой, æмæ йæ Куырдалæгонмæ бахастой. Уым дзы Æхсар кæрдтæ
саразынкодта. Æхсары кард дывæдзыргъ уыди, Æхсæртæгæн та – иуырдæм.
Кæрдтæ ахæм уыдысты, æмæ дзы дур, кæнæ 'фсæйнаг куы ныццавтаис, уæд-
иу дыууæ фæхауди, къуымых нæ кодтой.
Уырдыгæй рацыдысты лæппутæ, ус æмæ лæг кæм цардысты, уырдæм.
Æрæййæфтой усы зыбытыиунæгæй æмæ йæ фæрсынц:
– Цы фæци не сиахс?
– Цыфыддæр сæ хай дæлзæххон Быценæгтæн, уе рцыдмæ ардæм
ыслæбурдтой æмæ йæ амардтой.
– Уæдæ дын хъуамæ мах дæ туг райсæм, – загътой Æхсар æмæ
Æхсæртæг.
– Уой, ницы райсдзыстут, уыдонæн сæ раздзæуæг Хъарæмæгъ у,
кард æй нæ кæрды, æрвызгъæрæй конд куы нæ уа, уæд.
Уыдон нæ бакоммæ кастысты, æмæ дæлзæхх Быценæгтæм ныббырстой.
Сæ раздзог Хъарæмæгъ дæр уым фæци. Дыууæ дихы фæкодтой æфсымæртæ
Быценæгты, æмæ цæ цæгъдын байдыдтой. Фæсацæф æй фæкодта Æхсæртæджы
сусæгæй уæд Хъарæмæгъ, æмæ Æхсæртæгæн йæ кард йæ къухæй фæхаудта,
Хъарæмæгъ æй фелвæста. Райдыдтой хæцынтæ Æхсаримæ. Уæд Донбеттыртæй
сæ иу уым февзæрди.
– Дæ карды ком æвæдз-сæрдæнæй айсæрд, æмæ йыл фæтых уай, –
дзуры йæм Донбеттыр Æхсармæ.
Æхсар йæ карды ком æвæдз-сæрдæнæй айсæрста. Хъарæмæгъæн йæ
кард нырриуыгъта, æмæ зæгæлгай баци. Æмæ бабын ысты æгасæй дæр
быценæгтæ. Фæцæф и Æхсар йæхæдæг дæр. Донбеттыр æй тæхгæсуадонмæ
аскъæфта. Уым æй æрыхсадта, æмæ байгас ысты уайтагъд йæ цæфтæ.
Уырдыгæй Нартæм æрцыдысты лæппутæ.
Нартыл айхъуысти Æхсары карды кой. Уынынмæ йæм цыдысты, æмæ
йыл дискодтой. Нартыл-иу исты тасы заман куы уыди, уæд-иу Æхсар сæ
разæй бырста йæ кардимæ. Æхсары кард ахæм фидар кæй уыди, уыйадыл
Æхсары номыл баззад. Абон дæр ма йæ хонынц æхсаргард, уома Æхсары
кард. Уæрсты лæварæн уый хистæр æфсымæрмæ хауы, кæстæрæн та
фæхайкæнынц бæх. Уыцы фæтк, фæдзурынц, ирон адæммæ Нартæй баззад.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 304 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск