Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ КАДÆГ
ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ КАДÆГ Арвычызг иу бон хураууон бадти 'мæ йæхицæн сусæгкуыд кодта, тыххæйты уырæдта йæ цæссыг, мыййаг ыл исчи куы фæхуда, уымæй тарст. Æхсар æмæ Æхсæртæг æддæ фæскъул хъазыдысты. – Нæ зæронд мад иунæгæй цæмæн бады? Цом ма, базонæм æй, – загъта Æхсар. Сабыр, хъуызæгау, æрбацыдысты фаззæттæ, æмæ йæм æнцад кæсынц сæ фыдымадмæ. Бамбæрстой йæ кæугæ кæй кæны уый, æмæ йæ уæлъус алæууыдысты. – Цы кодтай, Æна? Махæн ма йæ зæгъ. Мацы нын басусæгкæн. – Æмæ куы ницы кæнын, мæ хуртæ. Сусæггагæй дæр мæм ницы и. Фæлæ н' адæм никуыцæй зынынц – уæ фыд Уæрхæг æмæ уæ фыды фсымæр Уæрхтæнæг. Уæ фыд ацыди йе фсымæры фæдыл, æмæ кæмдæр фесæфт. Ныр кæд дзæгъæлмард ысты, уæд сырдтæн – холыйаг, кæд æмæ дæлсыджыт фесты, мыййаг, уæд та цын сæ бынат базонын хъæуы. Æмæ нын зæронд Бæртæлæджы йæддæмæ ничи баххуыскæндзæн. Зæронд Бæртæлæг доны был цæры, æмæ уый фæндæгтæ сеппæт дæр зоны. Бæргæ куы нæ уын загътаин ацы ныхæстæ, фæлæ цæрдтæй мæрдтæм фæхæстæгдæр дæн, æмæ ма уын цæ чи зæгъдзæн? Бацагурын уæ хъæудзæн уæ фыдæлты, фæлæ нырма хомдæндаг куы стут... – Уæ, цытæ нын загътай, уый? – батыхсти Æхсæртæг. – Нæ фыд кæмдæр æддæ баззади йе фсымæримæ. Уæд мах ам цы бадæм? Мыййаг, пъæззытæ куы нæ стæм. – Кæд нал лæуут, уæд Бæртæлæгыл уæ фæндаг акæнут. Æмæ фæндараст фæут. Фæлæ ма иу хъуыддагæй фæдзæхсын. Цыфæнды куы уа, уæддæр кæрæдзийæ куыд нæ фæхицæн уат, афтæ. – Уый афтæ уыдзæн, фæлæ куыд базондзыстæм мах нæ фыдыфсымæры, кæнæ нæ фыды? Арвычызг йæ къухæй къухдарæн рафтыдта, æмæ йæ Æхсæртæгмæ радта: – Гъеуый дар де нгуылдзыл. Ныр æфтæуцæгмæ бахизут. Æхсар æмæ Æхсæртæг æфтæуцæгмæ бацыдысты 'мæ равзæрстой хотыхтæ сæхицæн. Сæ фыдымад цæм дзуры: – Гъеныр фæндараст фæут, мæ хъæбултæ. Æмæ араст ысты дыууæ лæппуйы. Бæртæлæджы йæ хæдзары дуармæ бадгæ баййæфтой. Арфæ йын ракодтой. Бæртæлæг цын ысцæйыстади, фæлæ йæм лæппутæ цырд фæлæууыдысты. – Бад, бад! Уыйас лæггады аггаг не стæм. – Чи стут, уæхи мын бацамонут. – Мах ыстæм Нартæй – Уæрхæджы фырттæ. Нæ фыдыфыд та Борæ уыди. – Уый æфсымæртæ та Дзылæу æмæ Болатбæрзæй уыдысты – мæ хæлар адæм. Цы хъуысы Уæрхæгæй, Уæрхтæнæгæй? – Ницы, уанæбæрæг. Уый тыххæй дæм фæцыдыстæм дæумæ дæр. Нæ зæронд мад нæ дæумæ рарвыста. С' агурæг цæуын ис нæ зæрды, æмæ нын ды та цы зæгъдзынæ? Зæронд Бæртæлæг арф ныуулæфыд. – Иугæр æдзæугæ нал и, уæд мæм байхъусут. Уæ фыд æмæ уæ фыдыфсымæр æгады сæфтæй нæ фесæфтаиккой... Уæд цæ афонмæ исты хабар уыдаид. Уыдон æгас ысты. Фæлæ уæлæзæххыл нæ разындзысты. Уæдæ Донбеттыртæм дæр нæ уыдзысты. Кæд уой, уæддæр Дæлимонтæм. Уырдæм фæцæут, æндæр зæрдæ никуыдæм æхсайы. Æрмæст уæ иу хъуыддаг курын: ма фæхицæн ут кæрæдзийæ! Араст ысты Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ хистæрты агурæг. Иу тархъæды арф бацыдысты. Хъæды астæуæй цæм цыдæр æрттывта, æмæ сæ цыд уырдæм ыскодтой. Куыд æввахс кодтой, афтæ уыцы æнæбæрæг цыдæр йæхи фалдæрæй фылдæр иста. – Ай цы уыдзæн, уый хъуамæ базонæм, – загъта Æхсар. Фатæй йæ фехсынц, фæлæ фат сæрдзыд ацæуы, æмæ хохрæбын лæгæтыл сæмбæлы. Цæуынц йæ фæдыл, æмæ ссардтой хохрæбын иу лæгæт. Лæгæты мидæг дзæвгар фæцыдысты лæппутæ. Куы ныррухсвæййынц лæгæты къултæ, куы та бынтондæр нытталынгвæййынц. Куы та сау арвы стъалытæм къултæ сæрттивынц, куы та сæ цæхæр акæлы. Æппынфæстаг лæгæтæй ахызтысты. Афæлгæсыдысты, æмæ сындзын æртытæ дзæгъæлæй судзынц. Лæгæты кæрон адæмы бардз фынæйкодтой тæккæ фæндагыл. Сæ сæрты хъавгæ фæцæйхызтысты, фæлæ дын Æхсæртæг кæйдæр былтыл фæлæууыд æнæрхъуыдыйæ. Æмæ адæмы бардз ницы базыдтой, фæлæ сæ иу ныцъцъæхахстласта: – Кæмæй цы дардтон, чи мæ амардта?!. Уыдон уыдысты дæлимонтæ 'мæ Нартыл ысхæцыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг цæ цæгъдынтæ систой. Дæлимонтæ цæ сайдтой сæ фæдыл, æмæ цæ зындоны къæсæрмæ 'рбасайдтой. Уым æвиппайды астæрд аскъæфтой, æмæ зындоны хуыккомы аирвæзтысты лæппутæ. Дæлимонты хай баисты Æхсар æмæ Æхсæртæг. Араст ысты уым иу тъæпæн фæзы. Иу къуымрæбынæй гæзæмæ рухс цыд. Уырдæм бацыдысты. Дыууæ дæлимоны иу зæронд лæгæн йæ хъуынтæ бийынц, æмæ цæ хæрдмæ асин аразынц. Æхсар фæрсы дыууæ дæлимоны: – Цæмæн тухæнæй марут ацы зæронд лæджы? Дæлимонтæ хъусæй лæууыдысты, æмæ та цæ Æхсар дыггаг фарст акодта: – Сымах куы фæрсын? Кæд дуртæ не стут? Цæуылнæ дзурут? Ницы та загътой дыууæ дæлимоны. Æхсар дзы иуы ныцъцъыкласта, æмæ та йæ фæрсы: – Мæ фарстæн дзуапп цæуылнæ ис? Дæлимонтæ дын æммид æрбатар ысты. Зæронд лæг иунæгæй аззад, æмæ йæ фæрсынц: – Баст цæмæн дæ? – Дæлимонтæ мæ сбастой. – Æмæ чи дæ? – Æз Нартæй дæн, мæ ном та Уæрхтæнæг у. Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ кæрæдзимæ бакастысты. – Мах дæр Уæрхтæнæджы агурæм, нæ фыдыфсымæры. – Æмæ сымах чи стут? – Мах дæр Нартæй ыстæм. Æхсæртæг æм къухдарæн февдыста Уæрхтæнæгмæ. – Уый нæ мады къухдарæн куы у! Ныр мæ уырнынц уæ ныхæстæ. Фæлыгкодтой уым Уæрхтæнæджы бæстытæ. – Иугæр ме фсымæр нал æрцыд, – загъта Уæрхтæнæг, – уæд уый дæр ам искуы уыдзæн, æмæ йæ ссарын хъæуы. Дыууæ лæппуйы Уæрхтæнæджы суадонмæ бадавтой, æмæ йæ арыхъæхсад акодтой. Уыйфæстæ йæ 'рдастой, æмæ усгуры хуызæнæй агæпласта Уæрхтæнæг. Уырдыгæй та араст ысты, æмæ та дæлимонтæ дзырдæппарæн кæнынц. – Дзæбæх лæппуты хуызæн бæргæ сты, фæлæ сæ фыд кæм сæфы, уый нæ зонынц. Лæппутæ 'мæ Уæрхтæнæг уыйфæстæ иумæ райдыдтой зилын дæлимонты бæстыл. Иу хуынкъ æнæсгæрст никуал ныууагътой. – Ам æнæсгæрст ницыуал ныууагътам, фæлæ Сауцады был бирæ ахст адæм кусы, æмæ уырдæм фæцæуæм, – загъта Уæрхтæнæг. Араст ысты Сауцадырдæм, фæлæ дуар æдгæрзтæ лæг хъахъхъæдта. Æмæ йæ дыууæ фæхауынкодтой Æхсаритæ. Бахызтысты уыйфæстæ Сауцады былмæ. Уым мингай адæмтæ дурсæттæн кодтой, æмæ цыл дуррыг æрмæрины бæзнæн ысбадти. Дуррыгæй цын базонæн нал уыд. Адæм – фыдбæгънæг. Чи цæ цы цахъхъæн уыд, уымæн равзарæн нал уыди. Сæ дæндæгты къæртц-къæртц цыди фыруазалæй. – Ацы уазалы кусгæ хорз кæнут, фæлæ бæгънæг та цæмæн ыстут? – фæрсы адæмы Уæрхтæнæг. – Уый нæ хистæры дзырд у. – Кæм и уæ хистæр? – Уæртæ, сискъул кæм амайынц, уым ивы кусджыты. Араст ысты Нартæ уыцы хистæрмæ. – Ацы адæмы кусынкæныс, фæлæ цыл дарæс та цæуылнæ ис, – дзуры йæм Æхсар. – Æмæ сымах та чи стут? – фæрсы хистæр, фæтæнуæхскджын. – Кæд кусынмæ 'рбацыдыстут, уæд – кусгæ! Æз дæр мæ хъалæй, мыййаг, куы нæ джиуын ам. Уый уыди Уæрхæг. Уæрхтæнæг æй уайтагъддæр базыдта йæ ныхасæй. Хæстæг æм бацыд, æмæ йæ фæрсы: – Ай, æмæ Уæрхæджы хуызæн куы дæ! Хистæр æм фæкомкоммæ: – Уæрхтæнæг нæ дæ? Æз дæу агургæйæ куы бадæн дæлимонты хай. Ам мæ бауырæдтой хистæрæй, сискъул мын амайынкæнынц. – Æммыст, æмæ фынæй уæйыджы æртæ хъуыны мæхимæ к' уаиккой, – зæгъы Уæрхтæнæг, – уæд цæ æз мæ мæстытæ бæргæ сисин. – Уыдон мæнмæ сты, ме тары 'вæрд. Донбеттыр цæ мæнмæ радта. – Æри цæ ардæм, æз цын сæ бон базонынкæнон. Уæрхæг æм уыцы æртæ хъуыны авæрдта. Уæрхтæнæг цæ йæ карды фистоныл æрбатыхта. Ахæст адæм базмæлыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг уæлкъæй лæууынц, æмæ цæм Уæрхæг иу каст фæкодта. – Адон та чи сты сæ бакаст – хурау, арвы цæфау – сæ фезмæлд? – Уыдон та сты, ардæм мах агурæг чи фæцыд, уыдон. – Уæд кæмæй ысты? – Нартæй. – Æз Нартæм ахæм куы никæй зонын, уæд цытæ дзурыс? Уæрхтæнæг фæхудт æмæ йæм дзуры: – Уыдон Æхсар æмæ Æхсæртæг ысты. – Цæмæй бæрæг у? – Нæ мады къухдарæн Æхсæртæджы 'нгуылдзыл ис. Уæрхæг цæм бацыд æмæ цæм дзуры: – А, мах сæфæм дыууæ 'фсымæрæй, фæлæ ма сымах та цæуыл уæхи сафут? – Нæ фыдæлтæ кæм сæфой, уадз æмæ мах дæр уым фесæфæм. Йæ цæссыгтæ 'ркалдта Уæрхæг. Ахæст адæм цæм кæсынтыл фесты. Уæд фæзынди бурхил дæлимон, æмæ ахæст адæмæй иу Нартæм дзуры: – Цæй, кæд нæ кæнут, уæд ма цæмæ кæсут? Неппæты сафæг махмæ куы кæсы! Уæрхæг бурхил дæлимоныл тымбылдур фехста, æмæ йын йæ фæрсчытæй æртæ 'рбасаста. Бурхил дæлимон нырдиагкодта, æмæ бæстæ арыдта йæ хъæрæй. Æрбамбырд ысты дæлимонтæ бардзтæ-бардзтæй. Æмæ цын сæ фæндæгтæ ахгæдтой Нартæн. Дæлимонтæ барæй ахуыссынкодтой сæ мæрдзрухс, æмæ цæ Нартæ нал уыдтой. Цыдæр Хуыцау дын бурхил дæлимоны Уæрхтæнæгмæ фæкомкоммæ кодта. Куыддæр рухс ферттывта, афтæ йыл й' арц фæкодта бурхил дæлимоныл Уæрхтæнæг, æмæ йæ нылхъывта зæхмæ. Бурхил дæлимон нырдиагкодта 'мæ дзуры: – Суадз мæ! Цæуыл мæ марыс! – Тагъд мæрдзрухс ыскæсынкæн. Бурхил дæлимон адзырдта дæлимонтæм, æмæ мæрдзрухс ракасти фæстæмæ. Ныррухс и Дæлимонтыбæстæ. Уæрхтæнæг та бурхил дæлимонмæ дзуры: – Ныр нын фæндаг акæн нæхи бæстæм, кæннод дæ ам арты басудздзынæн. Цы гæнæн ма уыди бурхил дæлимонæн, æмæ сæ разæй рацыди Нартæн. Нарты фæстæ та ахæст адæм цыдысты. Æрбахæддзæ сты иу ыстыр зæхмæ. Бæстæ уыди рухс, цæрæг дзы нæ зынди. Сисамæдтытæ пырхæй зындысты. Æмæ дын Нартæ фæрсынц бурхил дæлимоны: – Ай, цæй пырх бæстæ у? – Ай пырх бæргæ нæ уыди, фæлæ цæрæнбынат уыди. Й' адæм та махмæ ахæсты уыдысты. Сæ зæрæдтæ фæцагъды сты. Кæстæр фæлтæр та сæ фыдыбæстæй иппæрд уыдысты, æмæ нæ зыдтой сæ раздæры цæрæн. Уæрхæг афарста ахæст адæмы: – Ам уæ чи царди, уыдон æрбахæддзæ сты 'мæ нын хæрзбон зæгъæнт. Дыууæ зæронды размæ рацыдысты. Сæ къæхтыл ма тыххæй лæууыдысты. – Цы ма лæууæм ам? Чи ма нæ баззад? Фæлтау нæ Нартæм тымбылæй ныккæнут, æмæ кæд фервæзиккам ацы дæлимонтæй. Иннæ ахæст адæм дæр Нартæм дзурынц: – Мах дæр уемæ цæуæм, ам нæ ма ныууадзут. Ацы бур дæлимонæн та йæ сæр ракæнут. Нартæ бурхил дæлимонæн йæ сæр ракодтой æмæ йæ уырдыджы бынмæ ауагътой. Сæр гæппытæгæнгæ атылд бынмæ, æмæ дæлимонты цур йæ тъæпп фæцыди. Нартæ ахæст адæмы семæ ракодтой Стыр куывдтæ фæкодтой иумæ. Ахæст адæм Нартæн фарсхæцæг уыдысты, иумæ цардысты. Уæдæй фæстæмæ ничиуал хаста йæ ныфс Нартæм. Бурхил дæлимоны сæр федтой дæлимонтæ 'мæ загътой: – Нартæ нæ худинаджы сæфт фæкодтой. Нæ маст цæ райсæм, æндæр гæнæн нал и. Фæлæ цыл кæм сæмбæлдзыстæм? – Нарты кæстæртæй иуæн йæ къухыл къухдарæн уыди, – загъта Саудзых дæлимон. Хæцгæ-хæцын къухдарæн æрхауди, æмæ ныр мæнæ мæнмæ ис. Уыдон ныр уый агурæг рацæудзысты, æмæ цыл хъуамæ тыхджын ысхæцæм. Дæлимонтæ сцинкодтой æмæ æрбацæуæнты арф уæрмытæ скъахтой. Сæ уæлæ цын глазигауызтæ байтыгътой, цæмæй Нартæ мацы 'нхъæл уой. Æмæ хæцынмæ сцæттæкодтой сæхи. * * * Уæд дын иуахæмы Арвычызг фæрсы Æхсæртæджы: – Къухдарæн дæм радтон, æмæ, цымæ, цы фæци? Кæм æй ныууагътай, мæ къона? Æхсæртæг йæхимæ асгæрстытæкодта, фæлæ ницы ссардта. – Уæрхтæнæгæн æй уынынкодтон, æмæ мын, бæлвырд, уыцы ран баззад. Уæд адæмæй иу зæронд дзуры: – Ды Уæрхтæнæгæн дæ къухдарæн куы уынынкодтай, уый æз хорз хъуыдыкæнын: æнгуылдзæфсон æй карды бикъыл асагътай, æмæ 'рхауди, Дæлимонтæй иу – Саудзых дæлимон кæй хонынц – уый йæ амбæхста. – Мæнæн æм æнæцæугæ нæй. – Æз дæр цæуын демæ, – загъта Æхсар. – Мæн дæр акæнут. Фæндагамонæг уын уæддæр уыдзынæн, – лæгъстæгæнæгау бакодта зæронд лæг. Ноджы ма цалдæр лæджы ацыди Æхсар æмæ Æхсæртæгимæ, фæлæ сæ хистæрты нал рауагътой семæ. Ссыдысты иу хохы сæрмæ, æмæ нал арынц фæндаг Дæлимонтæм. Сæ фале фæзынд, йæ хъуын æрттивгæ кæмæн кодта, ахæм саг. – Ацы саджы æз Дæлимонтæм арæх уыдтон, – загъта зæронд лæг. – Мачи йæ фехсæд, уадз æмæ хиза. Уагуадзæн афон сæхимæ цæудзæн. Уый кæдæм цæуа, мах дæр уыууылты йæ фæдыл цæудзыстæм, æмæ ныххæддзæуыдзыстæм Дæлимонтæм. Нартæ байхъуыстой зæронд лæджы ныхæстæм, æмæ 'нхъæлмæкастысты уагуадзæн афонмæ. Уагуадзæн афон дæр уæдмæ 'ракодта, æмæ саг йæхи уæззау бауыгъта. Йе 'рттивгæ царм хъуытæзтау ысцагъта, стæй араст и Дæлимонтыбæстæм. Æхсар æмæ Æхсæртæг цыдысты йæ фæдыл, фæлæ дын иу фæзилæны саг æрбатар. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæлæ ницыуал ыссардтой. – Маст ма бакæнæм, уымæн та райсом æнæ цæугæ нæй. Бонрæфты цæудзæн дон нуазынмæ Æвдадзысуадонмæ. Йæ цуры йын цæхх байзæрæм. Уый дойны кæндзæн, æмæ донмæ уайдзæни тагъд-тагъд. Æмæ базондзыстæм уæд афтæмæй саджы бахизæн. Ныллæууыдысты дыггаг бонмæ. Райсомы та хур æрбакасти, æмæ бæстæ ныррухс. Саг та разынди, ауыдта цæхх æмæ дзы сдæры. Фыдздзаг хатт æм хорз фæкасти, æмæ йын фегæр. Саг ысдойны. Тагъд-тагъд азгъордта суадонмæ 'мæ дзы фыднозт бакодта. Стæй уагуадзæн афон сабыр араст и 'мæ иу къæйыл ыслæууыд. Къахындзæг кæны йæ сæфтджытæй къæйыл. Æмæ йæ къæй уырдыгмæ аласта. Æмæ та фæстæмæ йæ бынаты абадти къæй. Нартæ дæр йæ цуры лæууынц. – Цæй, æмæ ацы къæй аппарæм. – Нæ, хъил æй акæнæм. – Фæлтау йæ бынты абырæм. Алы ныхæстæ кодтой, æмæ иу фæндмæ нæ цыдысты. Уыцы бон Бардуаджыбон уыд, æмæ йæ кувæг адæмыл зилгæ рацæйцыд. Æрбаййæфта Нарты, æмæ цæ фæрсы: – Ам цы ми кæнут? Абон мæ бон у, æмæ кувгæ цæуылнæ кæнут? Ацы цъæх къæйыл цы æрымбырд ыстут? – Бардуагафон сæфт хъуамæ мацы уа, – дзуры йæм Æхсар. – Дæлимонтæм нын иу дзаума баззади. Хъуамæ йæ афоныл æрхæссæм. Нæ хистæртæ махмæ кæсынц. Æмæ нын Дæлимонтæм фæндаг бацамон. – Уæ разы къæйы кæрон сæхъхъис бæндæн ис. Уыцы бæндæныл арт андзарут. Бæндæн басудздзæн, æмæ къæй ахаудзæн. Стæй уын Дæлимонты фæндаг байгом уыдзæн, – загъта ма Бардуаг æмæ ацыди. Нартæ сæхъхъис бæндæн ыссардтой, æмæ йыл арт бафтыдтой. Сæхъхъис бæндæн ыссыгъд, стæй атыдта. Къæй атахти, æмæ Дæлимонты кæсæнуат ныппырхкодта. Æмæ Дæлимонтæ загътой: "Нартæ 'рцæуынц". Базмæлыдысты Дæлимонтæ. Саудзых дæлимон дзуры: – Æрбацæуæнтæ æрыхгæнут, æмæ цæ къæбутдзæф кæнут, æгады мардæй куыд амæлой! Нартæн, Дæлимонтыбæстæм цы фæндаг уыди, уый фегом. Араст дын ысты. Бахæддзæ сты иу цады былмæ, æмæ сæ фæндаг нæууыл акодтой. Цæуынц Нартæ. Фæлæ нæ зонынц Дæлимонты хинвæнд. Нартæ иу дуарæй бахызтысты, афтæ цыл къæбутырдыгæй схæцыдысты Дæлимонтæ. Фатæхст цæ кодтой. Нартæ дæр цæ айстой сæ разæй. Кæй кæм æййæфтой, уым æй мардтой, афтæмæй цæ быны сæфт кодтой. Уæд цæ глази-гауызтыл басайдтой Дæлимонтæ, æмæ дын Æхсар уæрмы смидæг. Дæлимонтæ йыл дур æмæ хъæд калын байдыдтой. Æхсæртæг Дæлимонты ахста, æмæ цæ уæрммæ калдта. Æхсар та цæ уæрмы цагъта. Куырисбаст-иу цæ акодта, æмæ цæ йæ сæрыл авæрдта. Уæле цы дур, цы хъæд калдтой, уыдон Дæлимонтæн сæхиуыл æмбæлдысты, æмæ цагъды кодтой. Мæрдтыл хæрдмæ бырыди Æхсар, æмæ фæуæлбыл. Ногæй та цæ цæгъдын байдыдтой. Зæронд лæг, æмæ ма семæ чи уыди, уыдон та цын æххуыскодтой. – Ай цæ мæнæ кæридзагъд куы кæнæм. Æмæ дзы райсом мардæй куы никæйуал фенæм, уæд цы хабар у? Цы фæвæййынц, кæй цæгъдæм уыдон? – загъта Æхсар. – Мæн ам мæрдты 'хсæн бакæнут. Æз цæ базондзынæн, цы фæвæййынц, уый, – дзуры зæронд лæг. Æхсар æмæ Æхсæртæг æй мæрдты 'хсæн бакодтой зæронд лæджы. Лæппутæ дзæвгар фæцагътой Дæлимонтæй. Стæй сæхи фæсфæд айстой, хæст куы банцад, уæд. Дæлимонтæй иу саусырдыл абадт, æмæ дын æй зæронд лæг ауыдта. Саусырд атахти 'мæ 'рбатар. Чысыл фæстæдæр ногæй фæзынди. Иу дæлимон йæ къухы сырхфарсфæткъуы 'рбахаста. Мæрдтыл æй атылдта, æмæ райгас ысты мæрдтæ. Зæронд лæг фæцырд, æмæ йæ рацахста дæлимоны æмæ йæ уым дзыхъмард фæкодта 'мæ æрбацыд Нартæм. – Удæгасгæнæн фæткъуы хæссынц кæцæйдæр, – загъта зæронд лæг. Сæ мæрдтыл æй атулынц, æмæ райгасвæййынц мæрдтæ. Ацы хатт ма фæткъуы куыддæр æрбахæссой, афтæ-иу фæткъуыйæн йæхи цæвут. – Фæткъуы кæцæй хæссынц, уыцы бæлас нын базон. Зæронд лæг та йæхи мардыфсон ыскодта. Æхсар æмæ Æхсæртæг тынгдæр ысхæцыдысты дæлимонтыл, æмæ цæ бындзагъд фæкодтой. Фæсхæст та, фæткъуы цы дæлимон хаста, уый саусырдыл æрбацæйцыди. Æхсæртæг йæ размæ бадти, æмæ фæткъуы скъуырдта. Фæткъуы зæхмæ ахауди. Æхсæртæг æй кардæй ныццавта, æмæ фæткъуы дыууæ дихы фæци. Дæлимон мæрдтыл рацæйцыд. Зæронд лæг фæцырд и, æмæ сау сырдыл абадти дæлимоны фæсарц. – Тагъд мын, фæткъуы кæцæй хæссыс, уый фенын кæн, кæннод дæ марын! – загъта зæронд лæг дæлимонæн. Дæлимон фæтарсти, æмæ йæ уыцы ран балæууын кодта. Иу кæртмæ бахызт. Кæрты зад иу бæлас. Æмæ дзуры дæлимон: – Ацы бæлас у мардудæгасгæнæг. – Кæд сайгæ кæныс? – Нæ, нæ дæ сайын. Уæд зæронд лæг сау сырды фæмардкодта 'мæ загъта: – Уæдæ мын ныр мæ сау сырды райгас кæн. Дæлимон бæласæй фæткъуы ратыдта, æмæ йæ уыцы сау сырдыл атылдта. Сау сырд, куыд уыд, афтæ фестади. Уæд зæронд лæг дæлимоны кардæй барæхуыста. Бæлас æд уидæгтæ стыдта, æмæ сау сырдыл абадт, æмæ йын афтæ: – Гъеныр мæ тагъд ме мбæлттæм фæхæддзæ кæн, кæннод дын æгасæй ныууадзæн нал и. Сау сырд фæтарсти 'мæ рахаста зæронд лæджы. Æмæ Æхсæртæгмæ 'рхæддзæ сты. – Се гасгæнæн фæткъуы цын æд бæлас рахастон, – загъта зæронд лæг. Æхсæртæг бæлас райста, æмæ цын афтæ зæгъы Дæлимонтæн: – Мæ къухдарæн мын куы нæ радтат, уæд уын æз ацы бæласыл арт бандзардзынæн. Сымах та быныцагъд фæкæндзынæн. Фæтарстысты Дæлимонтæ 'мæ доныбынæй къухдарæн систой. Саудзых дæлимон Æхсæртæгмæ къухдарæн радта: – Айс дæ къухдарæн, фæлæ нын нæ бæлас радт фæстæмæ! Æхсæртæг æм æрбамæсты, æмæ йæ 'рбамардта. Раггойкодта бæлас. Нартæм æрцыдысты, æмæ йæ сæ кæрты ныссагътой. Фæлæ та-иу фæзындысты дæлимонтæ. – Кæд æй нæ дæдтыс, уæд йæ уæлæ æмбисæй фылдæр мауал æрзайæд! – загъта Дæлимонты хистæр. – Кæд æй нæ дæдтыс, уæд æртæйæ фылдæр йæ уæлæ мауал æрзайæд! – загъта иннæ. – Кæд æй нæ дæттыс, уæд йæ уæлæ иу... хъуамæ загътаид, иу дæр мауал æрзайæд зæгъгæ, æртыггаг дæлимон. Фæлæ йæ уæдмæ Æхсæртæг æрбамардта. Æмæ ма йыл ныр иунæг фæткъуы зайы уыцы бæласыл. | |
Просмотров: 312 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |