Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
ХÆМЫЦЫ ЛЫМÆН
ХÆМЫЦЫ ЛЫМÆН Нарты Хæмыц усуарзаг уыди. Иубон Нарты сылыстæг – усæй, чындзæй, чызгæй – бадзырдтой иумæ: "Абон нæ иу дæр йæ къах æддæмæ куынæуал авæра, афтæ!" Куыд бадзырдтой, афтæ бакодтой. Æмæ Хæмыц дис кæны: "Кæм ысты Нарты сылыстæг? Иу цæ æддæмæ куынæуал зыны?" Æмæ Сатанамæ бацыд фæрсынмæ. – Нарты сылыстæг куы никæцæй зынынц, уæд кæм ысты? Дæуæй сæ бон нал у зæгъгæ йын загъта Сатана. – Ус нæ курыс, æмæ дыл æмдзырд бакодтой: цалынмæ Хæмыц Нартыхъæуы уа, уæдмæ нæ иу дæр мауал ракæсæд æддæмæ. Æмæ фæлтау авд уæйыджы хæрæфыртмæ фæцу Нарты сылыстæгæй сеппæтæй дæр уый аивдæр у, æмæ рæсугъддæр. Æмæ Хæмыц араст и йæ фæндагыл иунæгæй. Бафтыди иу хъæдмæ иу хохрæбын. Никæуыл сæмбæлд, æххормаг дæр ысси. Уæд кæсы, æмæ иу хъуаз æрбацæйзылди хизгæ-хизгæ хъæды кæрон. Хæмыцæн æй йæ зæрды фехсын уыд, фæлæ саг æхстбæрцмæ нæ лæууыд. Уæд систа Хæмыц йæ сартæнзæт, æмæ дзы ныууасыди. Хъуаз æй базыдта, æмæ иу лæгæтмæ балыгъди. Бахæддзæ Хæмыц лæгæты дуармæ. Лæгæтæн та уыди зырнæйзылд æмæ нывæфтыд дуар. Хæмыц йæхиуыл фæхæцыд иучысыл, стæй бадзырдта мидæмæ: – Уазæг уæ дуармæ, хæдзаронтæ! Иу ус æм рауади 'мæ йæ хæдзармæ бакодта. Хæдзар мидæгæй уыд хæрзæфснайд æмæ сыгъдæг. Ус Хæмыцы раз æртыкъахыг авæрдта – алы минас фынгæн йæ уæлæ. – Сис, ахæр уал исты. Ам нæй мæ сæрыхицау. Æмæ Хæмыц æрæвнæлдта фынгмæ. Уæд дын ус йæ дыстæ фесчъилкодта 'мæ фегомкодта рудзынг. Адардта уырдыгæй йæ иу цонг, æмæ цонг хурытынау рухс ыскалдта. Иннæ къухæй та арт акодта, æмæ хыссæ змæнтыныл фæци. Цы кæрдзын ракæны, уый афыцы, æмæ йæ фехсы рудзынгæй. Хæмыц дискæны 'мæ дзуры йæхинымæр: "Цæмæн цæ 'ппары, цымæ, ацы ус йæ кæрдзынтæ? Уæд ма цæ фыцгæ та цæмæн ыскæны?" Ус æй фембæрста 'мæ йын афтæ зæгъы: – Цæуыл дискæныс, уазæг? – Диссагыл дис куыд нæ кæнон? – Уагæры цы федтай ахæм диссагæй? – Кæрдзын кæныс дæ иу къухæй, гъеуый федтон. Афыцыс æй, стæй йæ фехсыс. Уый диссаг куыд нæ у? Уæд ма йæ фыцгæ та цæмæн ыскæныс? – Уый цас диссаг у! Диссаг, далæ фæзы хыл чи кæны, уыдон ысты. Мæнæ-ма ардæм рауай, æмæ цæм акæс. Хæмыц усы цурмæ бауад. Усæн йæ цонджы рухсмæ дзæбæх зындысты авд гуыппыр уæйыджы. Кæсы Хæмыц, æмæ иу лæгыл сæвварс ысты уæйгуытæ – хъуамæ йæ амарой. Ус кæрдзын куы фехсы, уæд уыцы лæджы дзыхы бахауы кæрдзын: æмæ та лæг тынгдæр æрлæууы сæ ныхмæ. Хæмыц мæтхæлкодта йæ мид-зæрды. Нал æм фæлæууыд, æмæ йæ афарста усы: – Чи сты уыцы адæм? Цæмæн æй марынц удхарæй уыцы лæджы? – Авд уæйыджы сты уыдон, – загъта ус. – Æз уартæ уыцы лæгмæ скодтон мой, æмæ йæ ку' амарой, уæд мæнæн дæр ме сæфт у. Мæ цонджы рухс уæйгуыты кæсын нæ уадзы, æмæ цын уæд нæ лæг хорз фæвæййы. Кæрдзын йæ хъуыры ку' ацæуы, уæд йæ ныфсыл бафты, æмæ йæ тых нæ сæтты. Ныр æртыггаг бон хæцынц. Хæмыц рагæпласта, æмæ гуыппыр уæйгуытæм дзуры: – Цæуылнæ ныууадзут мæгуыр лæджы? Уыдон æм нæ байхъуыстой. Уæд Хæмыц кард фелвæста 'мæ цыл ралæууыд. Ныццагъта цæ сеппæты дæр. Стæй лæгмæ бацыди 'мæ йæ фæрсы: – Куыд дæ, мæ фысым? – Мæ уд мæ мидæг ис, фæлæ нæ – мæрдтæй дæн, нæ – цæрдтæй. – Уæдæ цом уæхимæ. Æмæ йæ ракодта Хæмыц. Æмæ загъта уыйфæстæ лæг йæ усæн: – Ацы лæджы фæрцы фервæзтæн, æмæ йын мацы бахæлæгкæн. Æз та йын лæваркæнын, æртæ комы мын цы фосрæгъæуттæ ис, уыдон. Хæмыц дæр æртæ комы рæгъæуттæ йæ разæй ыскодта, æмæ цæ 'ртардта Нартæм. Нарты сылыстæгæй алкæмæн дæр фæйнæ стуры балæваркодта. Цы ма дзы баззад йæ фæллойæ, уыдон та иннæтæн байуæрста. Хæмыцæн ыстыр аргъ ыскодтой Нартæ, æмæ йыл Нарты сылыстæг дæр нал худтысты. Уæдæй фæстæмæ Хæмыц афæдз иу хатт цыди авд уæйыджы хæрæфыртмæ. Фæткæн баззайæд ацы хабар зæгъгæ, ахæм ныхас æрцæуы ныр дæр ма. Фæткæн баззайæд, фæлæ сусæг макуы бауæд. | |
Просмотров: 319 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |