Пятница, 04.07.2025, 04:43
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ХÆМЫЦ ÆМÆ САЙНÆГ-ÆЛДАРЫ ЧЫНДЗ
ХÆМЫЦ ÆМÆ САЙНÆГ-ÆЛДАРЫ ЧЫНДЗ
Уæд, зæгъы, иухатт Сайнæг-æлдар æрхуыдта Нарты Уырызмæг, Хæмыц
æмæ Сосланы. Фынг цын æрывæрдтой, æмæ бадынц, хæрынц æмæ нуазынц.
Сайнæг-æлдар хинæйдзаг уыди, æмæ сфæндкодта фæрасыгкæнын Нарты.
Сарæх ысты нуазæнтæ. Фыдздзаг цын йæхæдæг радта нуазæнтæ, уыйфæстæ
– йæ ус. Стæй та йе ртæ фырты – радыгай. Фæстагмæ йæ чындз
æрбацыди, æмæ уый дæр барвыста нуазæнтæ. Чындз ахæм рæсугъд уыди,
æмæ Хæмыцæн йæ дзых хæлиуæй аззад, куы йæ федта, уæд. Уырызмæг æмæ
Сослан арфæ ракодтой чындзæн. Ныр Хæмыц дæр нуазæн йæ къухы дары,
цыдæртæ адзырдта, фæлæ йæ цæстытæ нал исы чындзæй. Уыйфæстæ йæ
нуазæн куыд анызта, уый зонгæ дæр нал бакодта. Радта нуазæн
фæстæмæ. Æрхъызыдæндагæн æрмæст йæ иу тигъ фæзынди чындзмæ. Æмæ
уыйадыл чындз афæлурс, æмæ ма тыххæйты рахызт. Йæ уатмæ бауад,
ныххауди йæ хуыссæны 'мæ сусæгкуыд систа. Бацыди катайы, уæдæ мæ
ныр ацы сырх хъæбæрхъисджын лæг афтæмæй нал ныууадздзæни зæгъгæ.
Æмæ уæд – худинаг æмæ æрдиаг, уæд й' амæлын хуыздæр у. Ма йын
бакома, æмæ уæддæр йе сæфт у. Иннæмæй, хъуыддаг куы рахъæр уа,
уымæй дæр тæрсы. Уæд уый та мæлæтæй фыддæр. Æмæ цы кæна ныр?
Уыцы катæйттæ куыд кодта чындз, афтæмæй йæ 'рбаййæфта йе фсин,
æмæ йæ афарста:
– Цы кодтай, чындз? Цæуыл дæ цæссыг калыс? Уæдæ дæм æвзæрæй
дæр куы никуы ничи сдзырдта: нæ – фысымтæй, нæ – уазджытæй.
– Ма мын æй зæгъынкæн.
– Ау, цы 'рцыди?
– Нырма ницы.
– Уæдæ циу?
– Нартæ ку' ацæуой, уæд дын æй зæгъдзынæн. – Хорз нæ рауайдзæн
хабар, æмæ фынг æддæг-мидæг ауайдзысты.
Æмæ рацыди уæд уыйфæстæ æфсин йæ чындзы уатæй.
Нартæ ма цасдæр рæстæг абадтысты, стæй арфæ ракодтой, æмæ
цухмухтæгæнгæ радыгай фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Хæмыцæн Сайнæг-
æлдары чындз йæ зæрдæйы баззад, æмæ хъуыдыкодта, уæдæ йыл цы
'гъдауæй фембæлон, зæгъгæ.
Сайнæг-æлдары ус та фæрсы йæ чындзы:
– Нæма мын зæгъыс, цæуыл куыдтай, уый?
– Расомыкæн, кæй ницы зæгъдзынæ, уыууыл.
– Уæд мæ арв æркъуырæд, дæ ныхас мæхицæй дарддæр ку' ацæуа!
– Уыцы сырххъисджын мæм абон сусæгæй Æрхъызыдæндаг февдыста,
æмæ стыр катайы дæн.
– У-у-у, йæ бындур ныззила уыцы дзæгъæлхæрæгæн. Уæдæ нæ
царæфтыд куы кæны! Æддæмæ дæр мауал акæс. Уый ахæм лæг у, æмæ иугæр
йæ зæрдæмæ фæцыддæ, уæд дæ нал ныууадздзæн – иугæндзон дæ фæдыл
зилдзæн. Фæлтау æддæзылдтытæ мæхæдæг кæндзынæн, ды дæ къах дæр
мауал равæр.
– Хорз, баддзынæн нæ хæдзары, иу къахдзæф дæр нал акæндзынæн
никуыдæм.
Афтæ, афтæ зæгъгæ загъта Сайнæг-æлдары ус. – Мæнæн мæ хъæбулы
хъæбул мæхи тугæй хъуамæ уа. Исты арвистонтугæй гуырд нæ дæн,
мыййаг, мæхæдæг дæр.
Сайнæг-æлдары чындз уыйфæстæ æддæмæ нал касти.
Уæд æй иубон фæрсы Сайнæг-æлдар йæ усы:
– Нæ чындзы бæсты дæр дæхæдæг куы кæныс æддæ-зылдтытæ, не
фсин, уæд чындз та цы ми кæны?
– Уомæ, æз нырма мæ сæрæн дæн, æмæ уадз æмæ кусон. Чындз дæр
й' афоны кусдзæн.
– Нæ, нæ – æцæгæй дæ фæрсын.
Уæд ус афтæ зæгъы:
– Уо, нæ лæг! Чындзæн йæ цонг фæрæуæгдæр хъæуы.
– Цæмæн уæд?
– Тæрынхъæлцау у.
– Æмæ уый дæр та худинаг у? Ус æмæ лæгæн зæнæг дæр рацæуы...
– Рацæуы, фæлæ мах ыстыр тасы стæм нæ чындзимæ.
– Цавæр тасы?
– Цавæр куы зæгъай, уæд нæ чындз Хæмыцы Æрхъызыдæндаг ауыдта,
æмæ йæ ныр æвыдæй нал ныууадздзæн уыцы фыдбылыз.
– Æ, хæрæджы сæр бахæра, уастæн! Хъусыс, не фсин? Æппын ын
хурыцæст дæр мауал фенынкæн нæ чындзæн, цалынмæ йæ тыр райгуыра,
уæдмæ. Стæй уый, æвгъæды чи бада, ахæм усмæ нал бацæудзæн.
Сайнæг-æлдар йæ чындзы æддæмæ нал уагъта. Бамбæрста цын сæ
сусæг фæнд Хæмыц, æмæ катайыл ысси уый дæр.
Иуахæмы Нартæм уыди номхæссæны куывд. Сайнæг-æлдары дæр
æрхуыдтой уырдæм йæ фырттимæ. Уæд цын Хæмыц сусæг-æргомæй карз нозт
фæдарынкодта. Æмæ сæ къæхтыл нал лæууыдысты уазджытæ. Цагъдымæрдтау
фесты, æмæ цæ уæд Хæмыц баласынкодта Сайнæг-æлдары фæзмæ. Уым цæ
нæууыл аппæрстой. Уыйфæстæ Хæмыц тигътигъ Сайнæджы хæдзармæ 'рцыд.
Æрхæцыди æрвгæнæны синагыл, æмæ дуар бакодта. Бахызти мидæмæ.
Чындзы йæ уаты баййæфта, Æрхъызыдæндаг æм фæдардта, æмæ – дæ
балгъитæг афтæ: чындз йæ уагыл нал уыд...
Боныцъæхтыл былæй агæпласта Хæмыц. Йе ндоны зæлланг ма фæцыд,
æмæ Хæмыц фæтары...
Базыдтой хабар Сайнæг-æлдар æмæ йæ ус.
– Багъæцæд! – загъта Сайнæг-æлдар. – Иу Быценты мыггагæй ма
'ркæнæд ус! Уыдон дзыппыхæсгæ адæм ысты. Уыййæддæмæ йæ фендзыстæм,
кæддæра цы уавæры фенид йæхи усы!
Сайнæг-æлдар æнхъæлмæкасти, уæдæ кæй ракурдзæн, цымæ, Хæмыц?
Фæлæ фыдæнхъæл фæци. Хæмыцы ус Быценон уыди, æмæ кæй бон уыди уый
æрцахсын!
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 285 | Комментарии: 2 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск