Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
ХÆМЫЦ ÆМÆ НАРТЫ ЧЫНДЗЫТÆ
ХÆМЫЦ ÆМÆ НАРТЫ ЧЫНДЗЫТÆ Уæд, зæгъы, Нарты чындзытæ срæдзæгъдкодтой сæ къуымбил æмæ, быцæуæй, чи пиргæ кодта, чи – фæтдзæгъдæн. Хæмыц сылыстæгуарзаг уыди, æмæ йæ фæндаг чындзытыл ракодта. Чындзытæ йын сыстадысты, сæ куыст ныууагътой. – Йæ нымæт æвзæр кæмæн разына, уый мæ тæрхонмæ хаудзæн, – æртхъирæнгæнæгау цæм дзуры Хæмыц. Æмæ ацыди уыйфæстæ. Бурæфæрныгæн хæрæфырт-чызг уыди. Хæмыц æм рагæй хъавыд, фæлæ йæ къухы не фтыд. Æмæ дзы ныр йæ цæст нал иста уыцы чызгæй. Фесты цагъд сæ къуымбил Нарты чындзытæ. Дон ыстæвдкодтой, æмæ райтыгътой сæ фондзыссæдз хъисыны. Хæмыц та цыл разылди, æмæ та йын сыстадысты. Уæд цæм уый бартхъирæнкодта: – Æмхуызон куы нæ рауайой уæ нымæттæ, искæй нымæт уæ чысыл æндæрхуызондæр куы разына, уæд мæ тæрхонмæ хаудзæн!.. Ныууагъта цæ Хæмыц, æмæ Сатанамæ бауад. – Бурæфæрныджы хæрæфырт мæ къухы куыд бафта, уымæн мын хос ыскæн – йæ нымæты йын исты хъулон авæр. Сатана ацыд æмæ, Бурæфæрныджы хæрæфырт йæ къуымбилтæ цы хъисыныл æрывæрдта, уым сау къуымбилты бын урс къуымбилы уадздзаг авæрдта сусæгæй. Стæй, цыма ницы 'рцыд, уыйау загъта: – Иухуызон æвæрд ысты къуымбилтæ, куыддæриддæр хъæуы, афтæ æмæ цыл ныр дон акæнут. Дон цыл акодтой, стыхтой цæ хъисыны æмæ – гъæйда-мардзæ – уæрдын райдыдтой Нарты чындзытæ. Æмæ Сатана рацыди уæд æмæ рахабаркодта Хæмыцæн: – Бурæфæрныджы хæрæфырты нымæты уыдзæн урс уадздзаг, æмæ йæ дæ зæрдыл бадар. Нарты чындзытæ уæрдынц сæ нымæттаг æмæ зарынц: Уой-уонай! Ауæрдæм, ауæрдæм сахъ лæгæн нымæт. Уой-уонай! Сахъ лæг сахъгуырд цæхæрцæст лæппу. Уой-уонай! Хæхты цъуппытыл цæргæсау тæхдзæн. Уой-уонай! Быдырты куы цæуа – дымгæйау тæхдзæн. Уой-уонай! Мæйдар æхсæвты хурбонау уайдзæн. Уой-уонай! Хурбон куы цæуа – цæст ыл нæ хæцдзæн. Уой-уонай! Йæ йæхсы къæртцæй айнæг æркæлдзæн. Уой-уонай! Йæ бæхы къæхтыхъæр арвау нæрдзæни. Уой-уонай! Йæ бæх йæ быны кафгæ кæндзæни. Уой-уонай! Нарты ызнæгты зæвæтæй цæгъддзæн. Уой-уонай! Хæстмæ куы цæуа – заргæ кæндзæни. Уой-уонай! Нæртон хæлæртты уæларвæй кæндзæн. Уой-уонай! Чызджыты хуыздæртæм худбынæй кæсдзæн. Уой-уонай! Чындзæхсæв куы кæна – хонæг нæм цæудзæн. Уой-уонай! Хуыздæр нæ чи у – кафты рад уымæн. Уой-уонай! Ауæрдæм, ауæрдæм, цæрдæгдæр, чындзытæ. Уой-уонай! Чи уæ бафæллайа – худинаг кæндзæн. Уой-уонай! Нарты чындзытæ ныллæг хъæлæсæй кæнынц сæ зарæг, æмæ уæрдынц уæлæдарæн нымæттæ. Фесты сæ куыст æмæ цæ райхæлдтой. Нымæттæ сеппæтдæр уыдысты æмхуызон, æмыйас – дæргъмæ дæр, æмæ уæрхмæ дæр. Æрмæст Бурæфæрныджы хæрæфырты нымæты уыди урс къуымбилæй иу чысыл уадздзаг. Хæмыц цæм бацыди, уыны чындзытæн сæ нымæттæ. Æмæ урс къуымбил цы нымæты уыди уымæй бафарста: – Ай уæ йæ нымæты урс къуымбил чи фæкодта? Бурæфæрныджы хæрæфырт, мæгуыр, йæ сæр æруагъта, æмæ ныфсæрмы и. Хæмыц æм дзуры: – Мæ уат æнæфснайд у, æмæ мын æй афснай. Уый дын мæ тæрхон. Чызгæн цы гæнæн уыди, æмæ Хæмыцы хæдзар æфснайынмæ ацыд. Хæмыц дæр йæ фæдыл араст, бацыди сæхимæ, æмæ йæм Æрхъызыдæндаг фæдардта чызгмæ, æмæ чызг бауадзыг и. Сырдон хабар базыдта 'мæ Бурæфæрныгмæ ссыди. Уæдмæ Бурæфæрныджы хæрæфырт дæр фæзынд. Æмæ Сырдон Бурæфæрныгæн дзуры: – Дысон диссаджы фын федтон. – Цавæр фын? – Цыма уæйгуыты куывды бахауддæн. Уæйгуыты мад мæм æрбацыди 'мæ мын дзуры: "Дæхи сцæттæкæн". Æз æй афарстон: "Цы дын ысцæттæкæнон?" Уый мын афтæ: "Æз ахсæв хъуамæ дæ фарсмæ мæхи 'руадзон". Æз фæтарстæн, мæ хуыссæг фæхауди, æмæ, æцæгдæр, цыма уæйгуыты мад æрбацыди. Мæ фарсмæ йæхи 'руагъта, фæлæ, мæ Хуыцау – ме вдисæн, ницы йæм бавнæлдтон. Уайтагъд фестади. Иу каст æм бакодтон, æмæ йæ цæстыбынтæ – тæлмцъæх... Бурæфæрныг хъуыддаг бамбæрста, 'мæ тынг ысмæсты: "Фæлæу, Хæмыц, кæд дын батайа!" Йæ кард кæрцы мидæг бамбæхста Бурæфæрныг, æмæ Хæмыцмæ 'рцыд æмбисæхсæв. Æмæ йæм бахъæркодта: – Хæмыц! Æддæмæ ма ракæс. Мæнæ суг ластон, æмæ мæ галтæ цаддоны ныххаудтой. Æмæ цæ сласæм. Хæмыц ницы зыдта Бурæфæрныджы хинæн, æмæ йæм рауади. Æмæ йæ Бурæфæрныг кардæй барæхуыста. Фæлæ кардыфындз æргъæвæгмæ арæзт фæци, æмæ йын ницы уыди Хæмыцæн. Хæмыц мæцъисмæ февнæлдта, фæлæ Бурæфæрныг уæдмæ фæлидзæг. Хæмыц æй нал баййæфта. Бурæфæрныг йæ мæсыгмæ балыгъд, æмæ дзуры мидæгæй: – Ныббар мын, Хæмыц, фæрæдыддæн. Фæлæ м' аххос нæ уыди – мæ хæрæфырты мын бафхæрдтай. – Æддæмæ ракæс, æмæ дын ныббарон. – Æууæнк дыл нæй. Цæй, мæ къобор гал дын дæдтын, æмæ мæ ныууадз. Хæмыц ысразы æмæ йæм Бурæфæрныг рацыди мæсыгæй. Радта йын йæ къобор гал, æмæ йæ Хæмыц æркодта йемæ сæ хæдзармæ. Æмæ бафидыдтой уыууыл. | |
Просмотров: 389 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |