Пятница, 04.07.2025, 08:27
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ХÆМЫЦ ÆМÆ БЫЦЕНОН
ХÆМЫЦ ÆМÆ БЫЦЕНОН
Нарты Хæмыц цуаны уыди, æмæ ницæуыл сæмбæлд. Æмæ хъуыдытыл
фæци йæхинымæр: "Уæдæ ныр афтидармæй куыд аздæхон фæстæмæ? Цы
зæгъдзысты Нарт?"
Æмæ афтæмæй æрфынæй и иуран. Æмæ тарф фынæй аци. Уæд дын æртæ
зæды 'ртахти уæларвæй. Бæласыл абадтысты 'мæ ныхаскæнынц.
– Дурæгомы иу чызг ис, – дзуры сæ иу. – Уый ахæм рæсугъд у,
æмæ йæм хур бакæса, хур æфсæрмыкæны. Мæй йæм бакæса, æмæ мæй
къæмдзæстыгкæны. Уый кæй къухты бафта, уымæн цард уæлдон, уæлвынг
уыдзæни.
– Уыцы чызгæн ахæм хъахъхъæнджытæ ис, – дзуры дыггаг зæд, æмæ
йæ фондзыссæдз бонцау æддæдæрмæ базонынц уайтагъд, исчи йæм куы
цæуа, уæд. Уыдон ысты æртæ тугдзых дурдзæргæсы, æртæ тугдзых
дзагъырбирæгъы æмæ æфсæндзых уырс. Бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха,
уæддæр уыдон никæй бауадздзысты. Æмæ йæ кой цы кæнут уыцы чызгæн?
– Тугдзых дурдзæргæстæн ис ахæм хос, – райдыдта дзурын
æртыггаг зæд. – Фæйнæ гогызы цын аппар. Æмæ уыдоныл куы фæуой, уæд
цæ тас нал у – ныффынæйтæ уыдзысты. Тугдзых дзагъырбирæгътæн та
фæйнæ фысымарды аппар, æмæ – уыдон дæр афтæ. Хос ын ис æфсæндзых
уырсæн дæр. Чызгмæ чи цæуа, уый йæ бæхы авд хатты бурæмæдзæй
байсæрдæд. Авд хатты та йæ змисы стулынкæнæд. Стæй йæм афтæмæй
ауадзæд йæ бæхы. Æмæ дæндагæй лæбурдзысты кæрæдзимæ. Стæй уыцы уырс
йæхæдæг лæгъстæмæ фæуыдзæн.
Æртæ зæдæй та иу зæгъы:
– Уыцы чызг кæй къухтæм бахауа, уымæн дзы хъуамæ цæуæт ма
цæуа, кæннод зæххон адæмы сафдзæни.
– Цæуæт дзы рацæуæд, фæлæ йæ мады 'хсыры хъæстæ ма фæуæд, –
дзуры дыггаг зæд. – Кæннод ыл Хуыцау дæр нал фæтыхуыдзæн.
– Хъомыл та доны кæнæд, – загъта æртыггаг зæд. – Науæд зæххы
сой æмæ уæларвон хуры тынты хъæстæ куы фæуа, уæд цæ дæндагæй
бахæрдзæн дуртæ дæр, æмæ къæдзæхтæ дæр.
Уыйадыл æртæ зæды атахтысты. Хæмыц райхъал и, æмæ фæрсы йæхи:
"Уæдæ ай фын федтон, æви мæ хъустыл искæй дзæгъæл дзæнгæда ауад?"
Бон цъæхтæ кæнын байдыдта. Хæмыц та цуаны араст и æмæ иу урс
саг ауыдта. Ныхъхъавыди йæм. А ныр æй фехса, афтæ йæм саг дзуры:
– Хæмыц, м' амарынæй дыл ницы бафтдзæн. Фæлтау мæм байхъус,
æмæ дын д' амонд зæгъон. Иунæгæй кæдмæ уыдзынæ – бинонтæ дын куы нæ
ис... Уæд дæ кæнæ 'хсын нæ хъæуы, кæнæ дын хæринаг кæнын нæ хъæуы?
Дурæгомы иу чызг ис, æмæ уыцы чызджы куы ракурис, уæд дыл ыстыр
хорз æрцæуид.
Фæндаг мын бацамон зæгъгæ загъта Хæмыц. – Стæй йын исты
хоскæндзынæн.
– Дурæгомæй сæ лæппу арæх рацæуы цуаны. Æмæ та райсом йæ цуаны
бон у. Банхъæлмæ йæм кæс, æмæ уый фæрцы сараздзынæ дæ хъуыддаг.
Хæмыц ын арфæ ракодта сагæн, æмæ йæ ауагъта. Стæй хъуыдыкæны:
"Раст мын зæгъы ацы саг, кæдмæ афтæмæй иунæг уыдзынæн? Афон мын у
бинонтæ 'ркæнынæн".
Дыггаг бон хохысæрæй хохыбынмæ бæстæ гыбаргыбур ысси.
Æмæ дискæны Хæмыц: "Уæдæ, цымæ, цы уа?" Ахъахъхъæдта, æмæ –
сырдтæ кæрæдзийы сæрты хауынц, кæрæдзийы скъуырынц, æмæ зæхх нæры
сæ къæхты бын.
Дзуры Хæмыц йæхинымæр: "Уæдæ цæ сурæг дæр куы нæ ис, уæд
сырдтæ цæмæй фæтарстысты?"
Цы урс саг федта, уый амарын уыд уæддæр Хæмыцæн йæ зæрды. Фæлæ
фат куы фехсы, уæд сырдтæй иуы дæр нæ бавæййы йæ бон фæцæфкæнын.
Хæмыц та зæгъы йæхицæн: "Мæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн, æнхъæлдæн.
Уыйбæрц сырдтæй иу дæр куы нæ 'фты мæ къухы".
Æрæджиау акасти, æмæ иу къаннæг лæппу, хæрзæрыгон, доныбылты
рацæуы. Саджы мард ыскодта йе ггой, йæ быны зынгæ дæр нæ кæны,
афтæмæй йæ рæуæгæн хæссы. Иу суадоны былмæ йæ 'рхаста. Цæсты
фæныкъуылдмæ арт акодта, ауæнгтæкодта саджы 'мæ физонджытæ кæны.
Хæмыц дæр хицæнæй арт бæргæ акодта, фæлæ физонæг цæмæй
ыскодтаид, уый йæм нæ уыд. Бауади хъæдмæ, фатдзæгъдæнкæны, фæлæ –
дзæгъæлы бынтондæр. Лæппу йæм кæсы, æмæ худы. Хæмыц æй фембæрста,
арты фарсмæ 'рхуыссыд, æмæ йæхи фынæйæфсон ыскодта. Лæппуйы
физонджытæ сцæттæ сты. Зæххы цæ 'рсагъта, æмæ Хæмыцмæ бацыди.
Дзургæ ницы скодта, фæлæ йын къухæй ацамыдта, м' артмæ ахиз æмæ
физонæг бахæр зæгъгæ.
– Чи дæ, уый уал мын зæгъ, – дзуры йæм Хæмыц. – Кæимæ бадын,
кæимæ у мæ ныхас, уый хъуамæ æз раздæр зонон. Æфсæрмы мацæмæй кæн.
– Базондзыстæм кæрæдзийы. Æз Дурæгомæй дæн.
Хæмыц æм иу каст фæкодта.
– Уæдæ мын ды баххуыскæндзынæ.
– Кæм дын ысбæззон, уым – табуафси!
– Цуаны рацыддæн, бæргæ, фæлæ мæ къухы ницы 'фты. Мæн хъæуы,
адæм дисæн кæй хæссой, ахæм дыууæ хъæддаг гогызы, дыууæ хъæддаг
фысы, æмæ мын цæ ацамалкæн.
Лæппу йын ныфс бавæрдта. Æхсæвы уым баззадысты иумæ. Райсомы
лæппу цæрдæг фæгæпласта. Ауади, æмæ дзы, Хæмыц цы гогызтæ 'мæ фыстæ
агуырдта, уыдон ын æрхаста. Арфæ ракодта Хæмыц лæппуйæн. Лæппу ахæм
цырд уыди, æмæ дзы Хæмыцæн йæ уд баззад.
Уæд ын Хæмыц афтæ зæгъы уыцы лæппуйæн:
– Æз дын ныр дæ хъæддаг гогызтæ 'мæ фысты фенынкæндзынæн
Нарты.
– Æмæ ды нæртон лæг дæ?
– Уо, нæртон лæг бæргæ дæн зæгъгæ загъта Хæмыц.
– Æмæ æз рагæй куы бæллыддæн нæртон лæджы фенынмæ! Хъæбатыр
адæм цæ хонынц. Стыр хорзы мын бацæуис, мæ номæй цын ацы сырдтæй
куывд куы скæнис, уæд.
– Нырма м' афон нæу, – загъта Хæмыц, – фæлæ æртæ къуырийы
фæстæ ам уыдзынæн, æмæ-иу мæм уæд фæзын.
Лæппу сразы, æмæ фæхицæн ысты.
Хæмыц йæ хъæддаг гогызтæ 'мæ фысты фæкодта Нартæм. Сæхимæ
'рцыди 'мæ зæгъы Сатанайæн:
– Уæдæ Нартæ кæм ысты? Куы ничи цæ зыны?
– Нартыл фыддуг æркодта, цагъды кæнынц сыдæй, æмæ алчи йæ уаты
ныххаудта.
– Уæдæ уæртæ, цы фос æркодтон, уыдонмæ дæ хъус фæдар. Æз
ацамалкæндзынæн исты Нарты фервæзынæн.
– Æмæ дæм цæй фос ис уагæры? Нартæн цæ цæуылнæ дæдтыс?
– Нарты фаг не сты – дыууæ хъæддаг гогызы 'мæ дыууæ фысы сты
æгасæй, æндæр ницы.
Сатана цæ куы федта, уæд афарста Хæмыцы:
– Адон цыдæр æнахуыр бæстыйæ конд ысты, æвæдздзæгæн?
– Уо, фæлæ уыцы бæсты ахæм сылыстæг ис, æмæ йæ цырддзинадæн
æмбал нæй. Æмæ йын зæгъ Уырызмæгæн – бынат мын ыскæнæд.
– Уырызмæг уал йæ къæхтыл ыслæууа. Стæй исты кæндзыстæм.
Хæмыц ауади, æмæ иу комæй мæргъты цæгъдтæ фæхаста, иннæ комæй
сырдымæрдтæ, æмæ Нарты адæммæ зилын райдыдта. Нартæ дæр сæрæнкæнын
байдыдтой, æмæ сæ къæхтыл ыслæууыдысты. Хæмыцы дыууæ хъæддаг гогызы
'мæ дыууæ фысмæ та уынæг цыдысты. Æмæ цæ дисæн хастой се хсæн. Æмæ
та Хæмыцæн йæ хорзы кой кодтой. Нартæ фæсæрæн ысты. Хæмыц йæ
гогызтæ 'мæ фысты аргæвста, сцæхджын цæ кодта, бæхуæргътæ цæ
скодта, æмæ араст и Дурæгомбæстæм.
Цæуы Хæмыц йæ фæндагыл. Бахæддзæ иу хъæдрæбынмæ. Æмæ та федта,
раздæр цы сагыл амбæлд, уыцы урс саджы.
Цы фæдæ, Хæмыц, зæгъгæ йæм дзуры саг.
– Мæнæ дæн, – зæгъы Хæмыц, – фæлæ-ма зæгъ, мæ ном та мын кæцæй
зоныс?
– Зонын æй... Уый дардыл дзуринаг у.
– Ницы кæны, радзур мын æй.
– Æз саг нæ дæн, фæлæ сылгоймаг. Æз дæн æлгъыст, æмæ мæ
цалынмæ Æфсати йæ йæхсæй ракъуыра, уæдмæ афтæ цæудзынæн саджы
хуызы. Уыйфæстæ мæ-иу бафæрс. Ныр та, цы хъуыддаджы фæдыл дæ, уый
бакæн. Фыдæбæттæ уындзынæ, фæлæ уал дæхи сырдыфыдæй хорз фен. Уæртæ
н' акомкоммæ цы буррагъ саг лæууы уый дæ хай фæуæд.
Хæмыц уыцы сагмæ бахъуызыди. А ныр æй фехсон зæгъгæ, афтæ ком
ныннæрыди. Саг сæрбихъуырæйттæгæнгæ ратахти. Дыууæ богъы ма
фæкодта, стæй адæргъ и.
Дискæны Хæмыц: "Ау, цы хабар у? Саджы мæнæн амонгæ бачындæуыд,
æхсгæ та йæ æндæр чидæр фæкодта. Ам мæхицæй дарддæр куы ничи ис
ызмæлæг".
Ахъахъхъæдта фæйнæрдæм. Никæй уыны, æмæ йæ цыд саджырдæм
ыскодта. Кæсы, æмæ иу чысыл лæппу уæйыджы цыд ракæны. Сагмæ бацыди
лæппу, æмæ йæ ацæттæкодта, йæ царм ын астыгъта. Хæмыц лæппумæ
'ввахсдæр бацыди, æмæ базыдта, лæппу Дурæгомбæстæй кæй у.
– Хуыцау дын бирæ радтæд, лæппу... – дзуры йæм Хæмыц.
Лæппу цæхгæр фæзылд, базыдта йæ Хæмыцы уый дæр.
– Уæ, хорз амонд дæ хай фæуа, нæртон лæг!
– Æмæ уый та кæцæй базыдтай, æз æнæ бинонтæ дæн, уый?
– Цас базонинаг у! Бинонтæ дын к' уаид, уæд мæ афтæ тагъд н'
абæрæгкодтаис. Фæлæ уал æрбад, æмæ иумæ фæминаскæнæм.
– Тагъдкæнын, рæстæг мын нæй.
– Тагъд хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ нæ рæзы.
Сагдзæрттæй йын бадæн ацарæзта лæппу. Æмæ цыл куыддæр æрбадти
Хæмыц, афтæ цæрмтты хъуынтæ алы 'взагæй ысцагътой. Æмæ Хæмыц
ныуулæфыд:
– Ехх, æмæ ныр ацы...
Уæд ын лæппу æваст йæ ныхас фескъуыдта:
– Ныр уый ды цармы тыххæй зæгъыс. Æмæ кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд
дын мæнæй лæвар фæуæд.
– Æмæ дын æз та цы балæваркæнон?
– Дæ зæрдæйы дзæбæх.
– Уæдæ мын æххуысгæнæг у кæддæриддæр.
– Зæххæй дын ард хæрын, Хуыцауæй та дын сомы кæнын.
Æмæ уый фæстæ изæрхор ыскодтой иумæ, æмæ ныххуыссыдысты.
Хæмыц йæ уæлæфтауы къуыдыр батыхта, æмæ æхсæвы сыстади,
раласта йæ бæхы, æмæ Дурæгомбæстæм афардæг. Лæппу афтæ 'нхъæлдта,
æмæ Хæмыц фынæй у, уæлæфтау куы федта, уæд. Æмæ та афынæй.
Цæуы Хæмыц. Дурдзæргæстæ йæм сæхи рауагътой. Хæмыц цын фæйнæ
гогызы аппæрста. Уыдон цæ цырд ахордтой, æмæ доныбыл сæхи
'руагътой. Уалынмæ йæм тугдзых дзагъырбирæгътæ ралæбурдтой. Уыдонæн
та фæйнæ фысы аппæрста, æмæ 'нцад æрхуыссыдысты доныбыл. Уыйфæстæ
йæ бæхы бурæмæдзæй авд хатты байсæрста, авд хатты йæ стулынкодта
ызмисыл, æмæ йæ ауагъта æфсæндзыхбæхмæ. Уыдон кæрæдзиуыл сæхи
ныццавтой. Æфсæндзых уырсы фæрстæ Хæмыцы бæх дзыхыдзагæй тыдта, æмæ
йæ туг лæсæнтæкодта уырсæн. Хæмыцы бæхæн та йе змис калди.
Уæд æфсæндзых бæх лæгъстæкæны:
– Чи дæ, ацы бæхы хицау, дæ бæхæн мæ мауал хæрынкæн. Кæд усгур
дæ, æмæ дæ кæд Дурæгомы чызг бауарза, уæд дæу дæн, æмæ дæу!
Хæмыц æм рацыд, æмæ бæхты баиргъæвта.
– Уæдæ мын дзырд радт, Дурæгомы рæсугъды мын кæй
фенынкæндзынæ.
Уæд æфсæндзых уырс азгъордта. Иу даргъ мæсыджы бынмæ бахæддзæ,
'мæ ныууасыди. Бæхы уасынмæ чызг мæсыджы рудзынгæй ракасти, æмæ хур
йæхи фæтаркодта, чызг ахæм рæсугъд уыд. Хæмыц æй ауыдта, æмæ...
зæрдæсаст фæци.
Чи у уыцы лæг? Цæмæн æй æрбауагътай зæгъгæ дзуры чызг бæхмæ.
– Йæ бæх мын мæ туг дойныйæн цъырдта, æмæ йын дзырд радтон.
– Бирæгътæ! Сымах та цы фестут?
– Нард, цæхджын фысыфыдæй æфсæст ыстæм, æмæ доннуазæн кæнæм.
– Цæргæстæ, сымах уæддæр фезмæлут!
– Нард, цæхджын гогызыфыдæй æфсæст ыстæм, æмæ нæ дойны сæттæм.
Уæд чызг Хæмыцмæ радзырдта.
– Уæдæ 'хсæв кæугæ чи кæны, бон – сагъæс, уыцы урс саг цалынмæ
дæ къухтæй æмæ дæ фæрцы йæ фыдздзаг хуызмæ цæуа, уæдмæ дыл мæн
тыхæй сагъæс бафтæд. Æхсæв дыл хуыссæг ма хæцæд, бон та æрынцой ма
зон!
Чызг йæхи фæаууонкодта. Хæмыц фæстæмæ раздæхти, æмæ, лæппуйы
фынæйæ кæм ныууагъта, уырдæм æрбацыд. Йæ уæлæфтауы бын рафтбафт
байдыдта Хæмыц боныцъæхмæ.
Райсомы йæ лæппу фæрсы:
– Цæуыл удхар кодтай дысон-бонмæ?
– Сагъæс æмæ хъуыдыты 'хсæн бахауддæн, æмæ уыууыл.
– Уагæры циу дæ сагъæс? Кæнæ цæуыл хъуыдыкæныс?
– Чысыл уал æрсабыр уа мæ зæрдæ, стæй дын æй зæгъдзынæн.
Лæппу та физонджытæ акодта. Æрывæрдта цæ 'мæ дзуры:
– Бахæр, нæртон лæг.
Хæмыц æнæбары хæрд кæны. Цалынмæ иу физонæджы комдзаг кодта,
уæдмæ лæппу æртæ физонæджы апырдта. Лæппуйы цырддзинад тынг фæцыди
йæ зæрдæмæ Хæмыцæн, æмæ загъта йæхинымæр: "Ай хуымæтæджы нæ
уыдзæн.
– Цæй, уæд та цуаны азилæм, кæд дын æнцондæр уаид, – загъта
лæппу. – Комраз лæууыс, æви сурæг?
– Æз сурæгæн ницы бакæндзынæн, æгæр хъуыдыты дæн. Комраз
ныллæудзынæн.
Æмæ Хæмыц комраз æрлæууыд. Лæппу иу суангыл ысуайы, иннæйыл
дæлæмæ 'руайы, халоны цъæхахст, уарийы æхситт ныккæны. Бæстæ
гыбаргыбур ысси сырдты къæхтыхъæрæй: гæппытæкæнынц Хæмыцы рæзты –
чи йæ сæрты, чи йæ фæрсты. Фæлæ дзы Хæмыц иумæ дæр нæ сарæхсти
фехсынмæ.
Уæд лæппу 'рцыд, æмæ йæ фæрсы Хæмыцы:
– Кæм ысты, цы сырдтæ амардтай, уыдон?
– Ауылты иу сырд дæр нæ рацыди, – сæфсон ын кодта Хæмыц.
– Уæдæ уал ды бад, мæн мæхи бар бауадз.
Ауади лæппу, æмæ цæ 'ртæ дихы акодта. Иу дих дзы астыгъта, æмæ
цын сæ цæрмттæй гæрзытæ рауагъта, йæхсытæ цæ абыдта æмæ хъуыдыкæны
Хæмыц: "Мах дыууæ куы стæм, уæдма ай æртыггаг хай кæмæн дæдты? Кæнæ
цын сæ цæрмттæ цæмæн растыгъта? Кæнæ утæппæт йæхсытæй цы кæны?"
Физонджытæ та скодта, æмæ йæм дзуры Хæмыцмæ лæппу.
– Рацу, æмæ иу комдзаг уæддæр сис дæ дзыхмæ.
Хæмыц та уæддæр ницæмæ 'вналы.
– Цыдæр маст дæ бацыди, бæлвырд. Уæд та мын, цы дзуринаг
уыддæ, уый радзур.
Уæд та кæд мæнæй исты маст зоныс...
– Дæуæй æз ницы маст зонын, хорздзинадæй дарддæр. Фæлæ мæ
иугæр нал уадзыс, уæд дын æй зæгъдзынæн. Æз ардæм хуымæтæджы не
рцыддæн. Дæуæй дæр хъæддаг гогызтæ 'мæ фыстæ хуымæтæджы не
рцагуырдтон. Æз æрцыддæн Дурæгонкомы цы чызг цæры, уый фенынмæ.
Уынгæ дæр æй фæкодтон, æмæ мын ныр æнæ уый фæцæрæн нал ис.
– Кæцæй йæ федтай, нырма мæ цурæй æддæмæ куы нæ ацыддæ?
– Æз мæ уæлæфтауы бын къуыдыр бакодтон. Ды æвæдздзæгæн, афтæ
'нхъæл уыддæ, æмæ æз фынæйкæнын. Æмæ афтæмæй ацыддæн, æмæ йæ федтон
мæсыгмæ.
– Уымæн хъахъхъæнджытæ ис, æмæ дæ куыд бауагътой?
– Ды мын цы фос радтай, уыдонæй цæ фæхыгътон: гогызтæ –
цæргæстæн, фыстæ – бирæгътæн.
– Æфсæндзых бæхæн та цы радтай, уæд?
– Мæ бæхы бурæмæдзæй байсæрстон, змисы йæ стулынкодтон авд
хатты. Æмæ цæ кæрæдзиуыл бафтыдтон бæхты. Стæй æфсæндзых уырс
сæттын байдыдта 'мæ мын лæгъстæмæ фæци. Æз ыл баууæндыддæн, æмæ уый
фæрцы федтон чызджы.
– Уæд дын чызг та цы загъта?
– Мæ урс саг дам цалынмæ Æфсатийы нымæтынйæхсы цæфæй йæ
фыдздзаг хуыз райса, уæдмæ дыл æхсæв хуыссæг ма 'рхæцæд, бон та
сагъæскæн. Уыдон уыдысты йæ ныхæстæ. Гъеуый дын мæ цыды сæр. Ныр мæ
уыцы чызджы ныхæстæ сагъæсы баппæрстой. Æмæ мыл æхсæв хуыссæг нал
хæцы, бон та сагъæссаг фæдæн.
– Уæдæ чызг – уый мæ хо у, урс саг – уый та мæ мад у. Æз
фæдзæхст дæн нæ бафхæрæгæй – ницы зæгъдзынæн. Кæд æмæ, мæ хо кæй
загъта, уый сæххæсткæнын бауа дæ бон, уæд дын мæ мад йæ хабар
йæхæдæг зæгъдзæни. Ныр та уал дæ хистæрæггаг райс.
Хæмыц иу хай райста. Лæппу та йæм ноджы хаты:
Хæмыц дыггаг хай дæр райста.
Стæй та йæм дзуры лæппу:
– Мæнæ дын йæхсытæ, æмæ цæ мæ номæй Нарты фæсивæдæн байуар.
Ныр та фæндараст фæу.
Хæмыц рацæйцыди, фæлæ фæхъуыдыкодта: "Айбæрц фæцыддæн ацы
лæппуимæ, æмæ йæ ном æмæ мыггагæй нæ базыдтон. Æмæ ныр Нартæн цы
зæгъдзынæн?" Раздæхт фæстæмæ 'мæ йæм дзуры лæппумæ:
– Фæлæу-ма иучысыл!
– Цы ма дæ хъæуы, нæртон лæг?
– Айбæрц демæ фæцуанкодтон, бирæ хæрзтæ мын фæдæ. Фæлæ дæ ном
æмæ мыггагæй нæма базыдтон, æмæ Нартæн цы зæгъдзынæн, куы мæ
фæрсой, уæд?
– Дурты бын цæрæм доны мидæг. Æрмæст нæ хойæн уæлион зæххыл
мæсыг сарæзтон, æмæ æз цуаны куы рацæуын, уæд мæ мæ хо мæсыгæй
фæхъахъхъæны. Мæ мад урс саджы хуызы цæуы, æмæ мæ уый та афтæмæй
хъахъхъæны. Нæ мыггаг у Быцентæй.
– Дæ асæй чысыл дæ, æмæ ахæм цырд кæм дæ, уым сымахæй
байзæддаг та иуыл диссагдæр уыдзæни. Дæ хойы дын нал ныууадздзынæн.
– Цу уал уæхимæ. Иннæ ацафон та 'рцу, æмæ дын уæд зæгъдзынæн
мæ фæндон.
Хæмыц утæппæт сырдтымæрдтимæ Нартæм æрцыди.
Нартæ дзы фæбузныг ысты – сæ тыхсты заман сæ уæлхъус
æрбалæууыд. Нарты фæсивæдæй алкæмæн дæр йæхс радта Хæмыц. Йæхсæй
февзыстай зæгъгæ, уæд арвы 'рттывд кодта. Дæ бæхы дзы 'ркъуырдтай
зæгъгæ, уæд арвы нæрд кодта.
– Хæмыц, уыцы хорздзинад нæ цы зоныс, æмæ нын ахæм йæхсытæ
радта? – загътой Нартæ.
– Чи мын цæ радта, уымæн йæ хо тагъд мемæ чындзæхсæв кæндзæни,
æмæ йæ фендзыстут. Уыдон та уын раздæр лæварæн æрбарвыста.
Æмæ Нартæ Хæмыцæн арфæтæкодтой.
Иубон та Хæмыц балцы цæуын æрымысыд. Араст и, æмæ ныххæддзæ
ис, Быценон-лæппуйы кæм федта, уырдæм. Быценты лæппу дæр та уым.
Кæрæдзийæн салам радтой, стæй йын Хæмыц афтæ зæгъы:
– Акæн мæ ныр уæхимæ.
– Афтæмæй цæугæ дын нæу. Нæ фыдæн куыддæр ыскойкæнай, мæ хомæ
'рцыддæ, уый, афтæ дæм феххæлдзæни. Æмæ дын мæ хойæ ницыуал пайда
ис.
– Уæдæ куыд бакæнон?
– Нæ мады уал йæхи бынатмæ 'ркæн. Цæмæй урс саджы хуызы мауал
цæуа. Исчи нын æй сагæфсон амардзæни кæннæуæд.
Хæмыц Æфсатимæ атындзыдта. Æфсати йæ фырттимæ рацæйцыд.
Дæ фæндаг раст, Æфсати, зæгъгæ йын загъта Хæмыц.
– Дæ хъуыддаг раст, Хæмыц!
– Мæ хъуыддаг раст к' уаид, уæд тæхгæмаргъау нæ уаин.
– Уагæры цы кодтай?
– Дæ сæр мæ бахъуыд.
– Цæмæн?
– Иу ус саг фестади, æмæ йæ йæхи бынатмæ 'ркæнын хъæуы. Цæмæй
мæ хъуыддаг ысрæвдз уа, æмæ мæхион мæхи фæуа...
– Ам Быценты бæстæ у, Дурæгонком. Кæд цæ никæй бауарзтай?
– Тæккæ дæр афтæ.
– Хорз, ахæсс мæ йæхс. Æз уал дæм ам фæлæудзынæн.
Хæмыц йæхс райста 'мæ ратындзыдта. Æрбахæддзæ 'мæ дзуры
Быценон-лæппумæ:
– Цæуæм ныр!
– Хорз, ацæуæм. Фæлæ нæ зонын. Нарт фидисгæнаг ысты, æмæ мах
та фидисæн нæ лæууæм. Уæд æй куыд дардзынæ?
– Мæсыг мын ахæм ис, æмæ арвыл æмбæлы. Уым æй дардзынæн.
Æмæ йын уæд Быценон-лæппу загъта:
– Ныр уæдæ мемæ рацу. Куыддæр къæсæрæй бахизæм, афтæ дын мæ
фыд сыстынмæ хъавдзæни. Ды йын-иу йæ уæрджытыл æрхæц, æмæ-иу ын
зæгъ: "Кæмæн фестаддæ, æз уыдонæй нæ дæн". Æмæ-иу æй æрбадынкæн
фæстæмæ. Стæй нæ мад къæбицæй рахиздзæни саджы хуызы. Уæд-иу ды,
фосы артдзæстмæ куыд уадзут зæгъгæ зæгъ.
Æмæ-иу йæ йæхсæй рацæв, цыма йæ кæртмæ сурыс, афтæ.
Æмæ араст ысты Хæмыц æмæ Быценты лæппу. Æмæ Быценонтæн сæ
хæдзары къæсæрæй бахызтысты. Зæронд Быценон ысцæйыстади йæ бынатæй.
Хæмыц æм цырд бауади. Æрхæцыди йын йæ уæрджытыл æмæ загъта:
– Бадгæ кæн, мæ фыдыхай! Ды кæмæн фестаддæ, æз уыдонæй нæ дæн.
Æмæ æрбадти зæронд лæг. Уæд къæбицæй сæ мад саджы хуызы
рауади.
– Ацы фос та хæдзары цы ми кæны? – загъта Хæмыц, æмæ йæ
Æфсатийы нымæтын йæхсæй ракъуырдта, æмæ урс саг ус фестади.
Ныттыхсти Хæмыцыл, æмæ йыл бауызæлыд. Хæмыц фефсæрмы.
– Бахатыр мын кæн, афтæ дæм кæй ысдзырдтон.
– Дæхæдæг бахатыркæн: бирæ хъиамæт бахордтай м' аххосæй.
Чызг Хæмыцмæ бакасти, мидбыл æм фæхудти 'мæ фæсырх и. Хæмыц
сæргомкодта йæ ныхас. Фæдзырдтой цасдæр, æмæ бафидыдтой.
Æмæ Хæмыц Быценоны йæ дзыппы нывæрдта 'мæ рацыди. Радта йæ
йæхс Æфсатийæн фæстæмæ, арфæтæ йын фæкодта, æмæ талынгты Нартæм
æрцыди.
Уырызмæджы æрхуымæсыгæн æй йæ тæккæ сæр сæвæрдта Быценоны.
Быценон æхсæвы не рхуыссыди. Хæмыцы хуысар-хъуымац Быценон йæ иу
къухæй кæрдгæ кодта, иннæ къухæй – хуыйгæ. Нартæн æхсæвæй бонмæ сæ
фæлыст раивта. Нартæ дискодтой, уæдæ цавæр сылыстæг у Хæмыцы ус,
цас ын æнтысы?
Не вдыста йæ усы Хæмыц. Афтæмæй цасдæр фæцардысты.
Уæд та Хæмыц цуаны цæуын æрымысыди, æмæ иубон зæгъы Быценонæн:
– Иугæндзон ам бадын, æмæ худинаг у. Цуаны уал азилон, фæлæ-иу
Сатанайы йæддæмæ дуар макæмæн бакæн.
Хæмыц цуаны ацыди, æмæ иухатт, æртæ зæды кæм ныхаскодтой,
уырдæм бафтыди. Æмæ иу чысыл йæхи æруагъта.
Уæд та дын кæддæры æртæ зæды февзæрдысты фæскъуыбыр, æмæ
ныхаскæнынц:
– Дурæгонкомы цæрæг чызг Быценоны Нарты Хæмыц усæн ракуырдта,
загъта зæдтæй сæ иу.
– Быценонæн йæ гуырдз йе хсыры хъæстæ нæ фæуыдзæн, æмæ
фæстагмæ Хуыцауы фæндæй сæфдзæни, – загъта дыггаг зæд.
– Искæй æхсырæй та 'фсæдгæ нæ бакæндзæни, – загъта æртыггаг
зæд. – Хæмыц цæмæй зондзæни, ай ноггуырды фурды баппарын хъæудзæн,
уый – цæмæй йæ йæ мадырвадæлтæ схæссой.
Хæмыц уыцы ныхæстæ фехъуыста 'мæ фæстæмæ ратындзыдта.
Ныр дын Сырдоны фыдбылыздæр базыдта, Хæмыц цуаны ис, уый æмæ
бавдæлди, æмæ æфсæнкъæбæлтæ ацæттæкодта, мæсыджы къултыл цæ
фæкъуырдта, æмæ цыл ысбырыди. Æмæ федта рудзынгæй Хæмыцы усы.
Æрхызти фæстæмæ, æмæ Нарты ныхасмæ рацыди. Уæдмæ æрбахæддзæ и
Ныхасмæ Хæмыц дæр, æмæ Сырдон зæгъы:
– Амæлат, Нартæ, кæд цæуыл дискодтат! Хæмыцы ус – уыдисны йæ
бæрзæнд, цыппар æнгуылдзы йæ фæтæн, йæ фындз Хохойы дзæкъулы йас.
Уыцы ныхæстæм Хæмыц фæмæсты, æмæ йæ фæцæфкодта йæ мустучъийæ
Сырдоны. Стæй мæсыгмæ цæуыныл фæци. Бахызт мæсыгмæ, æмæ Быценоны
фæлурсæй баййæфта.
– Цы кодтай?
– Хуыцау ын ма ныббарæд Сырдонæн, мæсыджы къулыл æфсæнкъæбæлтæ
фæтъыста, æмæ мæ афтæмæй федта. Стæй мæ фидиссаг фæкодта Нарты
Ныхасы. Ныр мæнæн демæ фæцæрæн нал и. Æмæ мæ æрдæгфæндагмæ
ахизынкæн.
Хæмыц æй акодта æрдæгфæндагмæ, æмæ йын Быценон уæд афтæ зæгъы
Хæмыцæн:
– Бæргæ дын хастон мæ гуыбыны, тыхгæнæг тых кæмæн не скодтаид,
ахæм гуырд. Фæлæ мæ цæгаты куы райгуыра, уæд фæлмвæзт уыдзæни.
Фæлтау æй уадзын дæхицæн, æмæ мæм де уæн æрбадар.
Хæмыц йе уæнтæ бадардта, æмæ цæ Быценон ныуулæфыди. Стæй
загъта:
– Ацы хабар Сатанайæн радзур, æндæр макæмæн мацы зæгъ.
Æмæ ус сæхимæ ацыди. Хæмыц дæр сæргуыбыр æмæ 'нкъардæй
æрыздæхти сæ хæдзармæ.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 412 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск