Четверг, 03.07.2025, 23:56
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

КАР ÆМÆ КÆРÆФ
КАР ÆМÆ КÆРÆФ
Нарты адæм æппæтыл тыхкодтой. Цæрын цæ нал уагътой уæйгуыты,
гуымирты, дæлимонты 'мæ арвыцæрджыты.
Уæд зæдтæ загътой Хуыцауæн:
– Кæнæ дын – Нартæ, кæнæ – мах.
Хуыцау дæр цæм байхъуыста, æмæ Уазалихыбардуагмæ фæсидти.
– Нартæ коммæ нал кæсынц, æмæ цæм ды куы бацæуис. Уæд тынг
хорз уаид æмæ æз цы дзуæртты сфæлдыстон, уыдонмæ нал æвналиккой.
– Нартæ зынгæй гуырд ысты, – загъта Уазалихыбардуаг Хуыцауæн.
– Тæрсын сæ зынгæй.
– Уæд цæм фæсахсæвæрты бацу.
Уазалихыбардуаг йæхиуыл æризæркодта, æмæ фæсахсæвæрты бацыди
Нартæм.
– Æз сымахмæ минæвар дæн!
– Минæвар кæд рæстмæгæнæг у – байхъусдзыстæм дæм, кæд
ныхмæдзæуæг у – басудздзыстæм дæ.
– Хуыцау мæ сымахмæ рарвыста.
– Зæгъ, цы йæ хъæуы.
– Хуыцауы фæнды, цæмæй йын йесконд дзуæртты мауал хъыгдарат.
– Уæд дæхæдæг та кæцытæй дæ?
– Æз Уазалихыбардуаг дæн.
– Кæд дæуæй хуыздæр кæй рарвыстаид, уый йын нæ уыд Хуыцауæн,
уæд мах ихзæрдæлæджы мидæмæ нæ уадзæм.
– Байхъусут мæм, кæннод фæсмон фæкæндзыстут.
Нартæ Уазалихыбардуагмæ нал байхъуыстой, фæлæ йæ хъиладзагъдæй
ратардтой.
Уазалихыбардуаг æхсæвы Нартыл й' азар калдта. Фæлæ уыдон хъарм
кæрцыты батыхтой сæхи, æмæ йæ хъуыды дæр нæ кодтой.
Уазалихыбардуагæн уый æхсызгон кæм уыдаид! Хуыцаумæ ссыди 'мæ йын
афтæ:
– Къæрттæй цъула нæ кæнынц Нарт, стæй зæронды тых дæр ахадæн
нал у. Фырттæ мын куы рацæуид дæ фæндонæй, амæй ай карздæр, амæй ай
кæрæфдæр, уæд бæргæ басæттин Нарты. Æмæ мæм хъусгæ дæр кæниккой
уæд.
Хуыцауы фæндонæй Уазалихыбардуагæн райгуырд дыууæ лæппуйы –
фаззæттæ. Нæмттæ цыл сæвæрдтой Кар æмæ Кæрæф. Æмбал цын нæ уыди
арвы бын, ахæм æнæуаг рахастой. Никæуыл цæвынæй ауæрстой, никæмæн
баргæ кодтой. Уазалихыбардуаджы зæрдæ цæ рухскодта 'мæ цæ стыр буц
уыди.
– Фæлæууæд Нартæ! Уыдон мæн ницæмæ 'рдардтой! Уыдон мын мæ
дзырдæн аргъ не скодтой! Сар мын сæ сæр кæндзæни ныр. Сæ туг цын
донæн баназдзынæн, уæлхъæдæй цæ ныссæлынкæндзынæн. Мизыны бон дæр
цæ нал уыдзæн!
Дыууæ лæппуйы рахъомыл ысты. Нырма уал хъазынц фырыхъултæй.
Кæй рамбулынц, уымæн цæ фæстæмæ йæ ныхыл ныццæвынц.
Уæд та иуахæмы фатæхсæн кодтой, æмæ Кар æмæ Кæрæф ноджы фыддæр
фесты.
– Сымах кæд ахæм тыхджын ыстут, уæд уын уæ фыд аргъ цæуылнæ
кæны? Бардуаджы номæй уын нæмттæ цæуылнæ дæдты? – загътой дзуæрттæ.
Кар æмæ Кæрæф сæ фыдмæ фæцыдысты уæд, æмæ йæм дзурынц:
– Ды махæн цы бавæййыс?
– Уæ фыд дæн. Номы куывд уын ыскодтон. Хуыцау – æвдисæн.
– Фод афтæ, фæлæ нын бардуаджы номæй нæмттæ цæуылнæ дæдтыс?
– Нырма 'взонг ыстут...
– Мах ныр нæ лæджы кары стæм. Уæд нæм алы цæуæгæй уайдзæфы
ныхас цæмæн хауы?
Уазалихыбардуаг уæд куывд ыскодта, дзуарæй-дуагæй – сеппæт дæр
уым уыдысты.
Уæд дын Уазалихыбардуаг йæ фыртты Хуыцаумæ скодта.
– Кар фæуæд Уазалыбардуаг, – загъта Хуыцау. – Уый аххосæй
хъæды сыфтæр бур кæнæд, зæхх та – сæлгæ. Дон уазал кæнæд, кæрдæг –
хус. Бардуаджы номæй арфæгонд фæуæд Кæрæф дæр. Дон их куыд кæна,
зæххы уазалæй дуртæ тъæнджытæ куыд хауой, æмæ схъисгай куыд бауой
бæлæстæ!..
Уый та уый къухы лæвæрд фæуæд!
Кар æмæ Уазалыбардуаг ысси уыйфæстæ, Кæрæф та – Ихыбардуаг.
Зæдтæ 'мæ дауджытæ куывды сæхи хорз федтой, æмæ фæцыдысты сæ
хæдзæрттæм.
Кар æмæ Кæрæф дæр сæхицæй ныббуц ысты, æмæ та хъазын байдыдтой
се мцахъхъæнтимæ. Æмбылды-иу куы фесты, уæд-иу Кар йæ уазал
рауагъта. Кæнæ-иу Кæрæф фыдих рауагъта.
Уæд та дын иубон дауджыты фырттæ афтæ зæгъынц:
– Уо, тыхджын ыстут, уый фæбæрæг и. Фæлæ нæ зонут, уæ фыды
зæрдæйы цы стыр маст и, уый.
Кар æмæ Кæрæф дæр та сæ фыдмæ фæцыдысты:
– Нæ фыд, зæгъ-ма нын, ды дæ сусæг маст дæ зæрдæйы кæй тыххæй
хæссыс? Æви афтæ 'нхъæлыс, æмæ мах æдых ыстæм? А бæстыл махыл ничи
фæтых. Ничи дæр нæм йæ ныфс хæссы.
Уæд цын сæ фыд афтæ зæгъы:
– Фæгæдзæкæнут, базондзыстут æй й' афоныл, æз цæуыл мæстджын
дæн, уый.
– Нæй дын ныууадзæн, зæгъ нын æй абон.
– Уæ, ацæут фæлтау. Уыйфæстæ уын æй зæгъдзынæн.
Уазалихыбардуаг катайы бацыд: "Ныр ме фхæрд куыд зæгъон мæ
фырттæн? Нартæм тыхкæнынмæ куы цæуой, уæд сæ бон куы ницы бауа, æмæ
бынтон фæсмойнаг куы фæуон? Нæ – мæ маст æрцæудзæн ист Нартæй, нæ-
мæ фырттæй исты хур фендзынæн. Цы бакæнон? Цæй, фæлтау цæм фервитон
Нартæм мæ хæрæфырты, æмæ йæ базонон, кæд, мыййаг, сæ ныхас аивтой".
Фæуади Уазалихыбардуаг йæ хæрæфыртмæ. Йæ хæрæфырт уыд
Сæлфæнуазал, æмæ йæм дзуры:
– Фæуай мын Нартæм, æмæ цæ бафæрс, кæд, мыййаг, сæ фæнд
аивтой.
Сæлфæнуазал Нартæм æрцыди. Кæсы, æмæ цæттæкæнынц Нартæ сæ
куывдмæ. Сатæгсау ронг нард фæхсынтимæ 'хсидынц.
Сæлфæнуазал цæм дзуры:
– Æз сымахмæ 'рвыст дæн уæларвæй, æмæ мæм байхъусут.
– Зæгъ, цы дæ фæнды.
– Уазалихыбардуаг мæ рарвыста мæн. Æппын уæ ныхас нæма аивтат?
– Искæд бон ивын кæй бахъæуа, мах ахæм ныхас нæ зæгъдзыстæм.
Раздæхт Сæлфæн сæхимæ 'нкъардæй, æмæ 'рбадти сæ къонайы цур.
Уымæн йе фсымæр Салф уыди, æмæ йæ афарста Сæлфæны:
– Цы кодтай, цы дыл æрцыди? Зæгъ ма йæ мæнæн дæр.
Сæлфæн ын йæ хъæстытæ фæкодта. Æмæ рарасти уæд Сæлф
Нартыбæстæм, æмæ Нарт сæ куывды бадтысты, афтæмæй цæ æрæййæфта.
Нартæ Сæлфы уым рацахстой, йæ сæр ын сыскъуыдтой æмæ йæ
фехстой уæларвцæрджытæм. Йæ гуыр та йын фурды басхуыстой.
Сæр атахти, æмæ Кар æмæ Кæрæф кæм хъазыдысты, раст уым йæ
дзæхст фæцыди.
Кар систа сæрыкъуыдыр æмæ дзуры Кæрæфмæ:
– Ацы сæр мæм зонгæйы хуызæн кæсы.
– Цом нæ фыдæн æй фенынкæнæм.
Ахастой сæрыкъуыдыр Уазалихыбардуагмæ.
– Æркæс-ма, нæ фыд, ацы сæрыкъуыдыр зонгæйы хуызæн у.
Уазалихыбардуаг сæрмæ 'ркасти 'мæ загъта:
– Ай мæ хæрæфырт у, æмæ цы кодтаид? Бауайут-ма сæ хæдзармæ.
Кар æмæ Кæрæф сæ хæрæфырты хæдзары фæмидæг ысты 'мæ баййæфтой
Сæлфæны.
– Нæ фыд дæм дзуры.
Сæлфæн рацыди Кар æмæ Кæрæфимæ. Уазалихыбардуаг æй фæрсы:
– Уыдтæ Нартæм?
– Уыддæн, фæлæ сæ дзырд нæ ивынц. Сæлф сæм ацыди æмæ нæма
зыны.
– Уæдæ уый æгас нал у – амардтой йæ Нартæ. Йæ сæр та йын
уæларв бæстæм сæппæрстой.
Æмæ ныккуыдта Сæлфæн йе фсымæры сæфтыл.
Уазалихыбардуаг дзуры уæд Кар æмæ Кæрæфмæ:
– Ныр байхъусут. Æмæ уын радзурон, мæ сусæг маст цæуыл уыд,
уый. Нартæ æдзух хъыгдардтой, Хуыцау кæй ыскодта, уыцы дзуæртты.
Уæд мæн Хуыцау нырвыста Нартæм. Уыдон мæм нæ байхъуыстой. Уыйфæстæ
мæ расырдтой хъиладзагъдæй. Бæргæ цыл авзæрстон мæ тых, фæлæ мæ бон
ницы баци. Сымах Хуыцауы фæндонæй равзæрдыстут дунемæ, стыр куывд
дæр уын ыскодтон. Хуыцау уын радта бардуаджы нæмттæ: Кар ныр
Уазалыбардуаг у. Кæрæф та – Ихыбардуаг. Ай уын мæ диссаг, æмæ ме
стыр маст.
Кар æмæ Кæрæф рахызтысты 'мæ загътой:
– Мах цæуæм уæдæ Нартæм, æмæ хъуамæ схæцæм семæ.
Кар æмæ Кæрæф сæхи рауагътой хохрæбынты, æмæ аууæтты хъуызгæ
цыдысты. Нарты сæрмæ 'рхъуызыдысты, æмæ Нартæмæркæсæнæй кæсынц.
Нартæ ма сæ куывды бадтысты.
Æмæ загъта Кар Кæрæфæн:
– Адоныл æз, карздæр нæй, ахæм уазал ыскæндзынæн, ды та цыл
судзгæ 'мæ уыраугæ салдих рауадз. Сæлфæн та доныл рог мигъ
æрæвæрæд.
Уæд æнæнхъæлæджы Нартыл уазал æрбатыхсти. Сæлфæн æрбадти
доныбылтыл, æмæ митхалас хаста. Нарты хæхтыл Кæрæф их равæрдта, æмæ
цæ цъититæ-цъититæ самадта. Их уырдыгмæ быргæ рацыди, дон
ныддæвдæг. Зæхх абыгъдæг и, кæрдæг абур. Хъæды сыфтæр æрызгъæлди.
Нартæ уазалæй ризын байдыдтой, се фсæрты къæртц-къæртц цыди, сæ
фынгтæ ихдзæг фестадысты. Сæ нозт та бынтон их ныцци. Нал арт
кæнынмæ арæхстысты, нал сæ бон фезмæлын уыди. Ноджы цыл уад тымыгъ
рахаста, миты фæлдзæгъдæнтæ хъызтимæ ихкæрц авæрдтой. Нартæ сæ
кæрæдзийы нал уыдтой. Сæ фос, сæ фæллой цы фæци, уый нæ зыдтой. Иу
хæдзарæй иннæ хæдзармæ ацæуæн нал уыд.
Ныр Зынджыбардуаг, Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг та балцы
уыдысты, æмæ сæ фæндаг Нартыл ракодтой. Акастысты Нартæмныккæсæнæй,
æмæ бæстæ иуыл миты бын фæци.
– Ай, бæлвырд, фыддæрадæн у, – загъта Зынгæвзалы, æмæ
цæхæрзынг фестад æмæ ратылди Нарты хæхтыл уырдыгмæ. Рахаста хъарм
тын. Мит тайын байдыдта, зæхх ыстæфсти, æмæ Нартæ базмæлыдысты.
Кæрæф ысмæсты уæд, æмæ дзуры Зынгæвзалымæ:
– Уæ, цытæ кæныс уый? Нартæ нæ – сæ дзуары ном арынц, нæ –
Хуыцауæн кувынц. Уадз цæ мæхи бар.
– Сымах бар ныууадз Нарты, æмæ цæ хъырттызмæлæг дæр нал
уыдзæн. Æз та Нартимæ хæларæй цæрын. Æмæ дæхи айс, кæннод дæ
судзын!
Кæрæфы бон цы уыди, æмæ йæхи хъуырхъуыргæнгæйæ хæхтыцъуппытæм
систа. Кар фыдхæст самадта Зынгæвзалыимæ.
Уæрхæг йæхæдæг уазалæй гæвгæвкæны, афтæмæй дзуры Зынгæвзалымæ:
– Иунæгæй йын ницы бакæндзынæ. – Фæлтау мæн æмæ Уæрхтæнæджы
чысыл ахъармкæн, не нгуылдзтæ цæмæй ыстæфсой. Æмæ йæ иумæ
басæтдзыстæм.
Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг фæхибаркодтой Уæрхæг æмæ
Уæрхтæнæджы. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сæхи тавтой зынгмæ.
Кæрæф, Зынгæвзалы уым нал и, уый куы федта, уæд æртывæрæй
ысхъызыди. Нарты адæм ныссалдысты 'мæ ныккалдысты митыл. Нарты
дурынсистæ уазалы ныкъкъæскъæскодтой, æмæ фæйнæрдæм акъултæ сты.
– Бахъарм ыстæм иучысыл. Æмæ бавзарæм уæдæ ныр нæ хъару!
Æмæ рацыдысты – Зынгæвзалы зынг фестади. Артæртхутæг та Уæрхæг
æмæ Уæрхтæнæгыл хъарм халас авæрдта. Схæцыдысты Кар æмæ Кæрæфимæ,
æмæ дын цæ скъуымбилкодтой сæ разæй. Сæ бон нал уыди, цæмæй дыууæйæ
цыппары ныхмæ фæлæууой. Сæхи айстой Кар æмæ Кæрæф хæхтыцъуппытæм
æмæ уым æрынцадысты.
Зынгæвзалы Нарты зынгæй атылди. Нарты адæмы тафс бацыди 'мæ сæ
къæхтыл ыслæууыдысты. С' агъуыстытæм баирвæзтысты. Суагътой сæ
къонаты арты 'взæгтæ, æмæ æрынцадысты сæ хуыссæнуæтты. Уæрхæг,
Уæрхтæнæг, Зынгæвзалы 'мæ Артæртхутæг дæр иу ран æнцад сæхи
'руагътой. Нарты уынгтæ цæугæдæттæ фестадысты, фæлæ ма ихы
фæзгъæртæ ластой.
Ныр Кар æмæ Кæрæф мæстæй æхсидынц.
– Нартæ куыддæр æрфынæйтæ уой, афтæ бахъуызæм, æмæ цæ фынæйæ
ныссæлынкæнæм, – дзуры Кæрæф.
Нартæ фырфæлладæй тарф фынæй баисты. Уыцы афоныл Кар æмæ Кæрæф
Нартæм æрбахъуызыдысты, æмæ та с' азар ныккалдтой Нартыл,
Артæртхутæг фехъал и 'мæ дзуры йе мбæлттæм:
– Æрхъуызыдысты та Кар æмæ Кæрæф.
Фæгæппытæластой сæ хуыссæнуæттæй Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Семæ
сырх зынгæй рахызт Зынгæвзалы. Ногæй та хæцынтæ систой. Æмæ
фæлыгъдысты боныцъæхафонты, хур куы сцæйкасти, уæд Кар æмæ Кæрæф.
Хуыцауæн хъыг уыди, æмæ смæсты – хъуамæ йæ Зынгæвзалыйы
амардтаид. Фæлæ йæ Артæртхутæг йæ хъæбысы бакодта йе фсымæры, æмæ
йын ницы уыди.
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Кар æмæ Кæрæфы асырдтой фæстейы. Кар æмæ
Кæрæфæн уæларвмæ лидзæн нал уыди, æмæ гуымиртæм базгъордтой.
Дзурынц цæм тыхулæфтгæнгæ:
– Мах уе уазæг, гуымиртæ! Нартæ нæ цæрын нал уадзынц, æмæ мах
– уæ фæдзæхст.
Гуымиртæ дын рахъызыдысты Кар æмæ Кæрæфы сæрыл.
Адон мах уазджытæ сты 'мæ аздæхут зæгъгæ загътой Уæрхæг æмæ
Уæрхтæнæгæн.
Æмæ раздæхтысты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг.
Зынгæвзалы Артæртхутæджы хъæбысæй дзуры:
– Хуыцау нæм ысмæсты.
– Смæсты уæд! Зæхх æппæты фаг дæр у, – загътой æфсымæртæ.
Уыйадыл зынгæй æвзалы баззад Нартæм, æмæ Æртхутæг дæр. Зынг
æфсахсæвæр æртхутæджы банордын, уый фæткæн у ныр дæр ма нæ Иры.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 291 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск