Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
ФАРНÆГ ÆМÆ АЙГУЫРТÆ
ФАРНÆГ ÆМÆ АЙГУЫРТÆ Уæрхæджы кæстæр зæнæг – Фарнæг æмæ Уæн дæр рахъомыл ысты. Уыдон цардысты хицæнæй Борæты сыхы. Фарнæг хæтæнты хатти 'мæ Айгуырты бæстæм бахауд. Айгуыртæ ахæм адæм уыдысты, æмæ туг æмæ 'хсырæй цардысты. Фарнæг хохрæбынты фæцæйцыд, æмæ иу ран Айгуырты лæгрæгъау ауыдта: Айгуыртæ сæ хъомвосы фæдджытыл сæ дзыхтæ сæвæрдтой, æмæ цæ дæйынц. Нæ зыдта Фарнæг Айгуырты 'гъдау. Æххормаг дæр уыди 'мæ загъта йæхинымæр: "Цæй, кæд æнахуыр адæм ысты, уæддæр цæм уазæг куыд никуы уыдаид? Бацæуон цæм, цы мын кæндзысты?" Хæстæг цæм бацыди 'мæ загъта: – Уæ бонтæ хорз æмæ арфæйаг ут, мæнæ хорз адæм! Айгуыртæ сæ дæйын фæуагътой, сæ былтæ сæрфынц æмæ афтæмæй дзурынц: – Хорз дæ хай, фæлæ кæцæй цæуыс? Кæнæ кæмæй дæ? – Нартыбæстæй, æмæ Нартæй дæн. – Ау, æмæ ма Нартæй ызмæлæг ис? – Ис! Æмæ бацыдысты Айгуыртæ сæ хистæрмæ. – Дæ фыдæхæй фесæфæм! Нарты бæстæй нæм иу нæртон лæг æрхауди. – Ракæнут-ма йæ ардæм! Бакодтой Фарнæджы, æмæ йын фысым загъта: – Дард у Нартыбæстæ, фæллад уыдзынæ... – Дардæй чи цæуа, уый фæллайгæ дæр кæны, æмæ стонг дæр, уæдæ цы! – Цы хуыздæр хæринаг агуры дæ зæрдæ? – Нæртон адæм фыдæй цæрынц, æмæ физонæг бахæрин. Физонæг ын ацæттæкодтой фысымтæ. – Нозтæй та цавæр нозт цæуы фылдæр дæ зæрдæмæ? – Ронг баназин. Разынди цæм ронг дæр. Фарнæг фæлмæцыд уыди. Бахордта, банызта. Стæй йын фысым афтæ зæгъы: – Кæд дæм дæ фæллад ысуадзын цæуы? – Чысыл æркъулкæнин. Хатырæй уæд æрмæст. Фарнæджы хицæн уатмæ акодта йæ фысым. Æмæ йæ уым ныууагъта, йæхæдæг раздæхт. Фарныг йе рдын къулыл сауыгъта, йæ кард банцойкодта уаты иу къуымы, æмæ 'рфынæй. Агуырты хистæр загъта уæд Айгуырты кæстæртæн: – Тарф фынæй у, æмæ йæ сбæттут. Айгуырты кæстæртæ Фарнæджы къухтæ сбастой. Стæй зæгъы фысым йæ чызгæн: – Йæ цуры лæу. Кæд йæ бæстытæ атона, уæд-иу, дæ къухтыл дын алдымбыдтæ быдтон зæгъгæ зæгъ. Фысымты чызг Фарнæджы уæлхъус ыслæууыд. Фарнæг куы райхъал, уæд йæхи аивæзта 'мæ атыдта йæ бæттæнтæ. Æмæ фысымты чызг ныххудти. – Алдымбыд хъултæ арæзтон, æмæ дæ нæхиуæттæй фенхъæлдтон. Мах æгъдау ахæм у, æмæ алдымбыдтæ фынæй лæджы къухтыл фæбийæм. Ницы кæны зæгъгæ загъта Фарнæг æмæ радта йæ бæттæнты скъуыддзæгтæ чызгмæ. Æмæ та уайсахат афынæй. Чысыл фæстæдæр чызг бацыди йæ фыдмæ. – Атыдта нæ уазæг йæ бæттæнтæ. – Ныр та йæ уæдæ рæхыстæй бабæттут, æндæр хос ын нал и, – загъта чызджы фыд. Айгуырты кæстæртæ Фарнæджы къухтæ рæхыстæй ысбастой. – Кæд цæ атона, – загъта фыд йæ чызгæн, – уæд-иу, мойаг мын ис, æмæ уæ дыууæйæ чи тыхджындæр у, уый фæлварын зæгъгæ зæгъ. Чызг та Фарнæджы уæлхъус алæууыд. Фарнæг райхъал, йæхи аивæзтытæкодта, æмæ цæстгай фæтахти рæхыс. – Мойаг мын ис, æмæ уæ кæддæра тыхджындæр чи у. Кæсын, æмæ ды æртæ хатты тыхджындæр дæ, æмæ мын ныббар мæ рæдыд, – загъта чызг. – Ницы кæны, – загъта Фарнæг. Æмæ радта рæхысы пырхытæ чызгмæ. Чызг худгæ рацыди 'мæ дзуры йæ фыдмæ: – Цæстгай йæ ныппырхкодта рæхыс уыцы лæппу. – Уæдæ йæ ныр та йæхи æрдынбосæй бабæттут. Айгуырты кæстæртæ тыхтæ 'мæ фыдтæй райстой Фарнæджы 'рдын къулæй, æмæ йын йæ бос ысуагътой. Æрдын феуæгъд, æмæ æрдынхъæды цæфæй айгуыртæй дыууæ фæмард. Фæлæ йæ иннæтæ йе рдынбосæй фидар бабастой Фарнæджы. Æмæ та фысым йæ чызгæн афтæ зæгъы: – Кæд ма йæ ныр дæр аскъуына, уæд ын-иу, бауарзтон дæ, æмæ дын дæ къухтæ дæр барæй бабастон зæгъгæ зæгъ. Фысым-чызг та Фарнæджы уæлхъус алæууыд. Уалынмæ райхъал и Фарнæг, йæхи та аивæзтытæкодта, фæлæ æрдынбос нал атыдта. – Æмæ уæд фæрсы Фарнæг: – Чи мын ысуагъта ме рдынбос? – Айгуыртæ. – Цæмæн уæддæр? Цы дарæг цæ дæн? – Айгуыртæ туг æмæ 'хсырæй цæрынц, æмæ дын хъуамæ дæ тугæй баназой. – Сымах æнæууæнк куыйтæ стут, уыййæддæмæ йæ уазæгæн афтæ чи кæны! Чызг азгъордта йæ фыдмæ æмæ йын афтæ: – Нæ уазæгæн йæ бон йæ баст атонын нал у. Уæд чызджы фыд загъта Айгуырты кæстæртæн: – Дыууæ дурдзæджындзыл хъæд авæрут, æмæ йæ сауындзут уыцы лæджы йæ цæнгтæй. Айгуыртæ йын æцæгæй дæр афтæ бакодтой. Фарнæджы цæнгты 'хсæн хъæд атъыстой. Дыууæ дурдзæджындзыл æй сæвæрдтой, æмæ Фарнæг уым дзедзыройгæнгæ баззад. Айгуыртæ алы майрæмбоныразмæбоны кæнæ 'хсыр, кæнæ тугæмхæддзæхсыр хъуамæ нуæзтаиккой. Æмæ æрæввахс и уыцы бон. Уæд иу изæр Фарнæг ыскуывта: – Хуыцау ахæм дымгæ рауадз, æмæ зæхмæ куыд ахауон! Йæ куывд æрцыди Фарнæгæн. Æхсæв ыл ахæм дымгæ сыстади, æмæ æддæмæ акæсæн нал уыди. Фарнæг зæхмæ 'рхауди, хъæдæй абырыди, æмæ, йæ кард цы уаты уыди, уырдæм бацыди сындæггай. Йæ дæндæгтæй кардыл ныххæцыд, æмæ дуармæ рацыд. Йæ кард дурдзæджындзыл банцойкодта, йæ уæрагæй йæ балхъывта, йæ дæндæгтæй та карды фистоныл ысхæцыд, æмæ сласта кард йæ дæндæгтæй. Йæ бæттæнтæ йæм бахаста, æмæ ныссаста йæ бæстытæ. Фарнæджы цæнгтæ феуæгъд ысты. Уæд йæ фысыммæ бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: – Уæлæмæ сыст, Айгуырты хистæр, æмæ иумæ фæцæуæм балцы! Айгуырты хистæр Фарнæджы ку' ауыдта, уæд ын лæгъстæмæ фæци: – Ма мæ фесаф, мæ чызг дæ йæхицæн бинойнагæн агуырдта, æмæ дын æй раддзынæн. Айгуырты хистæрæн ма цы гæнæн уыд – сыстади, æмæ араст ысты балцы. Бацыдысты бæхгæстæм, æмæ цын Фарнæг афтæ: – Къахæй цæуынæн æвгъау ыстæм, фæйнæ бæхы нын радтут. Бæхгæстæ цын радтой фæйнæ бæхы, æмæ та цæуынц дарддæр. Дзæвгар фæцыдысты, æмæ иу коммæ бахаудтой. Æмæ æрынцадысты, Айгуырты хистæрæн йæ фосхизæнтæ кæм уыдысты, уыцы ран. Уæ цард цæмæй у зæгъгæ йæ фæрсы Фарнæг Айгуырты хистæры. – Нæ цард æхсырæй у. – Æндæр ма цæмæй у? – Туг дæр ма йæм бафтауæм. Фарнæг иу сырд амардта, æмæ йын йæ туг рауагъта. Радта йæ Айгуырты хистæрæн æмæ загъта: – Ай дын туг, æхсыр та дын дæ бæхмæ, æрдуц æй, æмæ нуаз. Фарнæг сырдæй йæхицæн физонджытæ скодта, йæхи хорз бафсæста. Стæй фæрсы Айгуырты хистæры: – Цæуылнæ хæрыс? – Æз сырды тугыл сомыгонд дæн. – Уæдæ дæ лæджы туг хъæуы? Мæ туг мын нуазынмæ хъавыддæ? Раст мын зæгъ æппæт дæр, науæд дæ марын! Айгуырты хистæрæн гæнæн нал уыди 'мæ загъта: – Ныххатыр мын кæн, æз дын бæгуыдæр хъавыддæн дæ тугæй баназынмæ, фæлæ уый мæ къухы нæ бафтыди. Дæумæ Хуыцауы комытæфæй хай ис, æвæдздзæгæн, æмæ фервæзтæ. – Цал хатты мæ бабæттынкодтай? – Æртæ хатты. – Уæдæ Нартæй алы хæдзарæн дæр æртææртæйыцæмæй радтон фос, уыйбæрц мын ыскæ мæ разæй. Цы йæ бон уыд Айгуырты хистæрæн! Сразы, æмæ цас агуырдта, уыйбæрц фос ын радта Фарнæгæн. Стæй йын Фарнæг афтæ зæгъы фæстагмæ: – Ацу ныр, фæлæ амæй фæстæмæ кæрæдзийы куынникуыуал фенæм, афтæ! Æмæ Фарнæг йæ фосыконд æртардта 'мæ цæ байуæрста Нартыл. Айгуырты хистæр дæр йæ бæстæм фæцыди, æмæ хурæрбакасты ныххæддзæ и. Хъусы йæ чызг æмæ йæ бинонты хъæр: – Н' ахæст дæр ам нал и, æмæ нæ хицау дæр! – Кæд æй йæхæдæг бастæй искуыдæм фæкодта. Æмæ йын йæ туг цъиры, уæд уын сау сыгъд бакæнын хъæуы сымахæн уæ хæдзарвæндаг! – загътой Айгуыртæ. Уалынмæ Айгуырты хистæр фæлурс æмæ хуыздзыдæй дыдæгътæгæнгæ ныххæддзæ и сæ хæдзармæ. Айгуыртæ йыл амбырд ысты 'мæ йæ афарстой: – Цы фæци ахæст? Кæдæм æй фæкодтай? Йæ мард цы фæци? – Н' ахæстмæ æз мæхæдæг бахауддæн ахæсты, – загъта Айгуырты хистæр. – Мæ фос мын фæтардта, мæхæдæг ма тыхтæ 'мæ амæлттæй раирвæзтæн. Айгуырты хистæр ноджы дарддæр фæкодта йæ хабæрттæ. Уæд Айгуыртæ зæгъынц: – Нæ маст цæ райсæм Нартæй. Æфсад ыскодтой, æмæ ныббырстой Нартæм. Авд æхсæвы 'мæ авд боны фæхæцыдысты Фарнæг æмæ Нартæ Айгуыртимæ. – Иуыл нæ ма фæцæгъдут, мыггагваг ма нæ уæддæр ныууадзут! – Сымахæн уæ мыггагæй уенæмыггаг хуыздæр у, – загъта Фарнæг. – Æнæууæнк ыстут, æмæ хъуамæ фесæфат! Схæцыдысты цыл фат æмæ 'рдынæй. Айгуыртæн ма цы гæнæн уыди! Уæд Нартæ сæ быруйы дуар бакодтой, æрлæууыдысты дыууæрдыгæй. Айгуыртæ æддæмæ куыд лыгъдысты, афтæ цæ Нартæ кæрдтæй куынæг байдыдтой, иу ацæуæг цæ нал ныууагътой. Стæй бавдæлдысты уыйфæстæ, æмæ Айгуырты мæрдты сæртæ фæхицæнкодтой сæ гуыртæй. Æрцытыл цын ныссагътой сæ сæртæ, æмæ Айгуыртыбæстæм ныфсæрстой. Айгуырты сылыстæг дзырдтой: – Ай цавæр цæуджытæ уой, дыгай сæртæ цыл куы ис? Ныххæддзæ сты Нартæ 'мæ ныппырхкодтой Айгуырты хъæу, басыгътой йæ. Хæзнайæ, фæллойæ ма цы ссардтой, уыдон ратæлæткодтой, æмæ раздæхтысты сæхимæ. Ахæм ысгуыхт ракодта Фарнæг, æмæ фервæзтысты Нартæ Айгуыртæй. | |
Просмотров: 381 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |