Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
ФАРНÆДЖЫ КАДÆГ
ФАРНÆДЖЫ КАДÆГ Нарты Фарнæг уый хуызæн рацыди, æмæ йын Æртæ Нарты йæ номæй йестæн кодтой. Ныхасы уа, фæндагыл – кæмдæриддæр-иу Фарнæджыстæн зæгъгæ дзырдтой. Æмæ цæмæн дзырдтой афтæ? Фарнæг æмæ Уæны райгуырд фарны 'хсæв, Уастырджийы 'хсæв, уыд. Уæн дыууæ уæны 'хсæнæй райгуырди, æмæ дурæмвидар уыди, фæлæ гуыргæгуырын фæрсчыты 'хсæн фæцъист, æмæ уыйфæстæ æдзухæй дæр мæллæг хаста. Фæстагмæ дзы уый хуызæн лæг рацыди Уæнæй, æмæ Нарты 'хсæн цауддæр никæмæй уыд. Фарнæг та сси Нартæн æлдары хуызæн. Æлдар дæр циу, фæлæ мæликкæй дæр кадджындæр æмæ тыхджындæр. Мæликк дæр Фарнæджы цур дзурын нæ уæндыди. Йæ хъæлæс фидар, йæ ныхас – арвынæрд. Чи йын цы хъом уыди, чи йæм уæндыди! Нартæ 'лдар нæ зыдтой, паддзах уыдонæн нæ уыди. Ныр Фарнæджы æвастæй сæ кæрдзын дæр нал хордтой. Фарнæг бирæ 'ххуыстæ фæци Нарты адæмæн. Нартæн цыфыддæр ызнæгтæ гуымиртæ уыдысты. Цардцæрæнбонты никуы бафидыдтой Нартимæ. Бонæй-бон карздæр, бонæй-бон хæрамдæр кодтой кæрæдзимæ. Уый Фарнæг хорз зыдта, æмæ йæхи сбаста, Нартæн тугхæстæг чи уыди, уыцы Донбеттыртимæ. Уæларв Куырдалæгон æмæ Уастырджиимæ та 'фсымæртау цардысты. Иу бон Фарнæг фехъусынкодта: "Нартæй алчидæр майрæмбоны Фарнæджы хæдзар фенæд!" Нартæ сæхи цæттæкодтой куывдмæ. Фарнæг æрхуыдта Куырдалæгон, Уацилла, Аларды, Æфсати, Тутыр, Донбеттыртæ, Галæгон, Уастырджи 'мæ Сафайы. Уыди йæ фынгмæ хуынд Гуымиртæй дæр, Уæйгуытæй дæр æмæ Дæлимонтæй дæр. Уыди дзы уазджытæ Чынтæй. Ралæууыди майрæмбоныбон. Уæд алырдыгæй цæуын байдыдтой Фарнæгмæ. Чи – лæвæрттимæ, чи та хуынтимæ цыди. Байдзаг и Фарнæджы къæбиц æрхæссæггагæй. Уæд Фарнæг фынгтæ равæрынкодта иу кæронæй иннæмæ. Фынгтæ фæтасын нæ куымдтой алы хæринаг æмæ алы нуазинагæй. Адæм та уыйбæрц æрцыди, æмæ цæ зæхх тыххæйты уырæдта. Фарнæг йæхæдæг хистæрæн бадти. Йæ фарсмæ иуырдыгæй – Уастырджи, иннæрдыгæй – Донбеттыр. – Хуыцау, табу дæуæн, ыстыр Хуыцау! – ракуывта Фарнæг. – Хуыцау, æппæт рафæлдисæг дæ – адæм æмæ фос, хор æмæ дон – бæстæппæт ды сфæлдыстай. Æппæтыл дæр аудыс, æппæты дæр сæ фæндагыл аразыс. Кæд искуы искæмæн хорзырдæм æххуыс уыди дæ зæрдæйы, уæд æй Нартæн дæр ныууадз! Дæ хорз Нартæн æлутонау куыд уа, æмæ дын алы хатт дæ ном хорзæн кæм арой! – Уоммен! – загътой алырдыгæй. Дыггаг нуазæн дæр систа Фарнæг, æмæ кувы. – Хуыцау, табу дæуæн, ыстыр Хуыцау! Алцыдæр дæуæй аразгæ у, дæуæй рацæугæ! Кæд дыууæ адæмы искуы хæрам уыдысты, уæд цын сæ зонд рæстырдæм сараз. Кæрæдзийы куыд бамбарой, кæрæдзийы куыд бауарзой, сæ цин алкæмæн дæр цин куыд уа, сæ маст алкæмæн дæр – маст. Йæ, дунескæнæг иунæг Хуыцау, ацы стыр хорзæх нын дæ цæст бауарзæд! – Уоммен, уоммен! – загътой та хуындыадæм. Уæд Фарнæг æртыггаг нуазæн райста, æмæ та скуывта: – Хуыцау, табу дæуæн, ыстыр Хуыцау! Алы хъуыддаг аразæг дæр ды дæ. Нартæм хæларзæрдæ чи дары, уыдонимæ цæ кад æмæ радæй фæцæрынкæн. Сæ ном сæфт куыннæ уа, сæ кад бæрзонд куыд уа, ныфсджын æмæ цæ тыхджын фæкæн. Кæрæдзийæн адджын куыд уой, сæ цард та дзаджджын куыд уа! – Уоммен, уоммен, уоммен! – загътой та хуындыадæм. Фарнæг ысбадти. Уæд Уастырджи сыстади 'мæ скуывта: – Нарты сæрæндæр ды дæ, Фарнæг. Дæ номæй Нартæ фæцæрæнт! Дæ ис, дæ бон, дæ ном цын баззайæд дæ фæстæ дæр. Фæндагыл дæр æмæ бынаты дæр, сæ цардцæрæнбонты дæ номæй арфæ кæнæнт кæрæдзийæн. Де ххуыс цын баззайæд, æмæ дæ хорзæй хайджын уæнт! Уæдæй фæстæмæ Нарты Фарнæджы ном баззади ирон адæммæ, æмæ уымæн фæдзурæм: "Фарн дæ куысты! Фæрнæйдзаг у!" Уый Нарты Фарнæджы номæй у. Фарнылæг уыди, æмæ ирон дзыллæйы фарнæн ныууагъта йæ ном дæр. Æмæ ныр дæр нæ фесæфти. Уæд Донбеттыр сыстади 'мæ ракуывта уый дæр: – Дæ ном хорзæн баззайæд, Фарнæг! Дæ куывд дæр канд Нартæн нæ, фæлæ неппæтæн дæр ахадæн фæуæд! Донбеттырты адæм Нарты мыггагимæ рагæй дæр хæлар ысты, æмæ хæстæгдзинадæй баст кæрæдзиуыл. Сæ ном канд Донбеттыртæ 'мæ Нартæн нæ, фæлæ, хæстæгдзинад чи аразы адæмты 'хсæн, уыдонæн сеппæтæн дæр амондджын æмæ кадджын уæд! Кæрæдзийæн æххуысхъом уæд дзыллæтæ, кæрæдзийы цæрайæ цæрæд! Уæд сыстади Чынтаг лæг æмæ ракуывта: – Арфæ дын ракæнæд иунæг Хуыцау, Фарнæг! Дæуæн де ртыггаг куывд æз дæр æмæ иннæтæ дæр тынг хорз бамбæрстам, æмæ дын арфæкæнæм. Бузныг де рхъуыдыйæ. Нартæ 'мæ Чынтæ, стæй Гуымиртæ, Дæлимонтæ – уыдоны 'хсæн хæрамдзинад ис. Кæрæдзийы куынæгмæ 'рцæуæм, кæрæдзийы бафхæрæм. Дæ дзыхы ныхас нын тæлмæн фæуæд. Абон де рхуынды иумæ бадæг ыстæм – Нартæ 'мæ Чынтæ, Гуымиртæ, Дæлимонтæ, Дзуæрттæ 'мæ Дауджытæ, Донбеттыртæ. Дæ фарн цын баззайæд сеппæтæн дæр æгъдауæн. Фарнæг афтæ хуыздæрæн бакодта зæгъгæ чи зæгъы, уыимæ æмзонд уæм неппæт дæр. Дæ номы дзыхæй дзурыс ды, Фарнæг, æмæ дæ номæй кæрæдзимæ хорзæн фæдзурæнт адæм – Фарнылæджы номæй! Æмæ банызтой сæ нуазæнтæ сеппæт дæр. Уæд Куырдалæгон сыстади 'мæ загъта: – Фарнæг, дæ ном кадджын уæд. Ацы куывд ды сарæзтай дæ тых, дæ номæн. Æз уæларв куырды куыст кæнын, æмæ дын мæнæ лæварæн – мæхи къухтæй конд цирхъ. Цирхъæй алчи йæхи хъахъхъæны, æмæ ахæм уæд дæ ном! Цирхъæй алчи йæ фыдгулы сафы, æмæ ахæм уæд дæ кад! Дæ ном кæстæртæн кад æмæ фарнæн баззайæд! Куырдалæгон райхæлдта йæ цирхъ йæ фарсæй, æмæ йæ Фарнæгмæ радта. Уæд Æфсати дæр сыстади 'мæ загъта: – Фарнæг, дæ ном кадæн баззайдзæн уæлæуыл, фæлæ дын мæ лæвар дæр уæд! Нырмæ дæ иунæг, æмæ бинонтæ куы кæнай, уæд дын мæ сырдтæй алкæмæй дæр сæдæ сæры раддзынæн. Дæ фынгау ахадæн куыд уой! Анызта уый дæр йæ нуазæн. Уæд Фæлвæра дæр сыстади 'мæ дзуры: – Ахæм цины хъуыддæгтæ аразынхъом фылдæр цы уай, Фарнæг, уыцы амонд дæ уæд! Мæ номæй дын – мæ фосфæллой. Макуы сафтид уæд дæ фынг ахæм бæркадæй! Сыстади Тутыр, æмæ загъта уый дæр: – Фарнæг, абон неппæты 'рхуыдтай зондджын хъуыдыйæ. Дæ номæй зæгъын: мæ сырдтæн дæуæн дæ фæллоймæ бацæуæн ма уæд, мацы фыд æмæ дæм мацы бар дарæнт. Уадз, æмæ дæ ис æмæ дæ бон фылдæр кæной, афтæ, æмæ ноджы рæдаудæр куыд уай! Уацилла дæр сыстад æмæ загъта: – Фарнæг, хорз нæ уыныс дæ фарны номæй. Мах хæдзæртты дæр уæд уыцы исбон. Мæ цæст дын уарзы, æмæ дын мæнæ мæ дзырдфидар: тæвд бон дæ уазал дардзынæн, уазал бон та – хъарм. Мæ дымгæ дын кæм бæзза, уым дын хосæн фæуæд! Аларды, нуазæн йæ къухы, афтæмæй сыстад: – Цæрæццаг гуырд тагъд рæстæджы дæ хæдзары равзæрæд, æмæ йыл мах дæр йæ куывды стыр цин цы фæкæнæм! Мæнæй уымæ хæрамдзинад нæ уыдзæни. Дæ фарны номæй хъомылкæнæд. Сафа дæр сыстад æмæ дзуры: – Йæ бынаты уæд кæддæриддæр фарн, Фарнæг! Цас хардз кæнай, авд ахæмы йыл æфтæд! Уымæ бæллæг æмæ уымæ кувæг уæнт иннæ адæмтæ дæр. Дæ ном негасæн дæр хорзæн фæуæд! Уæд ма фæстагмæ ноджы иу хатт сыстади Нарты Фарнæг æмæ дзуры: – Мæнæн ыстыр кад ыскодтат Æртæ Нарты 'хсæн, æмæ мæ номæй алчи йæ хъуыддагæн, йæ куыстæн, йæ цардæн, йæ фæндагæн, йæ бынатæн фарны ном радта. Иугæр афтæ у, уæд мын Хуыцау абоны фынгæвæрд ма фæкъаддæркæнæд мæ номæй æмæ фылдæргæнгæ цæуæд. Æрмæст ма зæгъын иу ныхас: æз дæр иунæгæй цæрон, уый мæ сæрмæ нал хæссын. Афæдзы бонмæ хъуамæ азилон, æмæ иннæ ацафон Нартæн нæртон чындзæхсæв ыскæнон, æмæ та мæм афтæ æрымбырд ут. Ацы бонмæ, афæдзы фæстæ! – Æрымбырд уыдзыстæм, Фарнæг! – дзурынц бадтыадæм алырдыгæй. – Уæдæ мæхицæн бинойнаг цæмæй ыссарон, уый тыххæй хъуамæ мемæ дыууæ лæджы акæнон. Æмæ цæ зæгъон? – Зæгъ, зæгъ, Фарнæг! – Мæ фыдздзаг æмбал – Уастырджи. Мæнæ мæ рахизфарс бады. – Чи 'мбæлы ахæм у! – Дыггаг æмбалæн та Донбеттыры кæнын. – Тынг раст дæ уымæй дæр! – Уæдæ адонимæ кæнын мæ балц. Хуындыадæм сеппæт дæр арфæтæ фæкодтой Нарты Фарнæгæн. Æмæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм иуыл сæрæгас: дзæбæхæй, æнæ мастæй. Баззадысты Фарнæг, Уастырджи 'мæ Донбеттыр æртæйæ. Рахъуыдыбахъуыды байдыдтой, æмæ Донбеттыр загъта: – Кæдæм фæцæуæм? – Уæ дыууæ дæр зонут, кæм чи цæры, æмæ кæм цы ис, уый, – дзуры Фарнæг. – Абоны бадты ма сылыстæг куы уыдаид, худгæ 'мæ рæдауæй чи кæса! Мæ зæрдæ 'мæ дзы адæмы зæрдæтæ дæр райгондæй куыд баззайой! Гъеныр, кæд æмæ ахæм искуы ис, уæд æй сымах зондзыстут. – Арвы кæрон Хуыцауæн ис æртæ æфсымæр-хæлары, – загъта Уастырджи. – Уыдонæн ис иунæг хо – арвырæсугъд æмæ зæххыфидыц. Æмæ йæм фæцæуæм уæдæ иумæ! – Раст кæныс, Уастырджи, – загъта Донбеттыр. – Фæлæ æфсымæртæ куы нæ сразы уой – æнæрцæф ысты. – Æнæрцæф дæр сæ хойы тыххæй ысты. Æфсымæртæ дзырд радтой сæ ныййарджытæн, цалынмæ сæ иунæг хо й' амонд ыссара, уæдмæ цæ бинойнаг кæй ничи 'ркæндзæн, уыууыл. Æмæ æнæрцæф дæр уымæн ысты. – Æмæ ныр сæ хо мой куы нæ кæна, уæд кæдмæ баддзысты? Уæд ма цæргæ та кæд кæндзысты? – Хойырдæм æфсымæрты рæвдыд тынгдæр у, – зæгъы Уастырджи. – Бинонтæ куы 'ркæной, уæд кæрæдзимæ гæсгæ хо æнæрæвдыдæй зайы. Раст дæ уымæй, – зæгъы Фарнæг. Сфæндкодтой Фарнæг, Уастырджи 'мæ Донбеттыр арвы кæрон Хуыцауы хæлар æртæ 'фсымæрмæ фæцæуын. Æмæ 'ппæтæй куы сцæттæ сты, уæд араст ысты сæ дард балцы æртæйæ. Бирæ фæцыдысты, фæллайгæ дæр бакодтой æмæ фæлмæцгæ дæр. Фæлæ цы гæнæн уыди! Уæддæр цæуынц. Æппынфæстаг бахæддзæ сты фысгæстæм, æмæ цын арфæ ракодтой: – Уæ фос бирæ уой, фыййæуттæ! – Хорз уæ хай æмæ Нарты фæрнджын Фарнæджы уазджытæ фæут! – Æмæ йæ цæмæй зонут Нарты фæрнджын Фарнæджы? – Хорз лæджы хуызæн дæ, фæлæ, зæххыл цы хорз хъуыддæгтæ цæуы, уыдон сеппæт нæ хатыс, æвæдздзæгæн. Фарнæг йæхицæн ном ыскодта дунейы номæй йæ куывды. Уым бæстæ 'ппæт уыдысты – хæларæй, ызнагæй, хионæй, æддагонæй æмæ Фарнæджы номæн куывтой. – Зонгæ дæр æй кæнут? – Цæсгомæй йæ нæ зонæм. Фæлæ, хорз лæг кæй у, уый бæрæг у. – Уæдæ кæй фос хизут сымах та? – Мах хизæм, Хуыцауæн хæлар цы 'ртæ 'фсымæры ис, уыдоны фос. – Æмæ бынаты сты? – Бынаты. – Уæдæ хорзæй баззайут! – Хорзыл амбæлут сымах дæр! Æмæ араст ысты дарддæр æртæ бæлццоны. Фысгæстæ загътой: "Адон хуымæтæг адæм нæ уыдзысты, иу дзы уæларвцæрæджы хуызæн у, иннæ – дæларв, æртыггаг зæххон лæг у". Æрбахæддзæ сты Фарнæгитæ хъомгæстæм, æмæ цæм дзурынц: – Уæ фос бирæ уой! – Арфæгонд ут, æмæ уæ Нарты Фарнæджы фарны хорзæх уæд! – Фарнæджы та цæмæй зонут? – Æмæ, кæд уый нæ зонут, уæд, зæххыл цы хабæрттæ цæуы, уымæн дæр ницы зондзыстут. Йæ номылкуывд дунетæ куы зонынц. Уым дзыллæтæ хæларæй, ызнагæй æмхæрд æмæ æмнуæзт куы кодтой. Æмæ йæ æнæуый дæр зонут? – Æнæуый та йæ цæмæй зонæм! Фæлæ йæ митæй бæрæг у, хорз лæг кæй у, уый. – Уæдæ хизгæ та кæй хъом кæнут? – Хуыцауы хæлар æртæ 'фсымæры. – Бынаты уыдзысты? – Бынаты сты. – Цæй, уæдæ уал хорзæй баззайут! – Хорзыл амбæлут сымах дæр! Æмæ рацыдысты бæлццæттæ. Æмæ хъомгæстæ загътой: "Адон хуымæтæг адæм нæ уыдзысты. Чи цæ уæларвцæрæджы хуызæн у, чи – дæларв цæрæг у, чи та зæххон лæг у". Уастырджиитæ 'рбахæддзæ сты бæхгæстæм, æмæ цæм дзурынц: – Уæ бон хорз уа, æмæ уæ фос бирæ! – Хорзæй нæм цæуат, æмæ уæ Нарты Фарнæджы фарны хорзæх уа! – Æмæ Нарты Фарнæджы та цæмæй зонут? – Уоххай, æмæ цæ мах сæрæндæр æнхъæл куы уыдыстæм! Зæххыл Фарнæджы ном чи нæ зоны? Йæ номылкуывд æмбисонд куы фæци! Уæд сымах куыд ницыма фехъуыстат? – Чи зоны, мах дæр исты зонæм, фæлæ йæ сымах та цæмæй зонут? – Фæсаууонмæ йæ зонæм. Фæлæ бæрæг у, хорз лæг кæй у, уый. – Хизгæ та кæй бæхтæ кæнут? – Хуыцауы хæлар æмæ æртæ 'фсымæры бæхрæгъæуттæ хизæм. – Æмæ сæхимæ сты? – Уо, сæхимæ сты. – Цæй, уæдæ уал хорзæй баззайут! – Хæрзтылæмбæлæг фæут сымах дæр! Æмæ рараст ысты бæлццæттæ. "Адон хуымæтæджы адæмы каст нæ кæнынц. Чи цæ уæларвон цæрæджы хуызæн у, чи – дæларвон у, чи та – зæххон лæджы хуызæн" – дзурынц ныр æвæдздзæгæн, сæхинымæр бæхгæстæ. – Цæй, Фарнæг, куыд дæм кæсы – дæ номæй алы ран арфæ куы кæнынц? – загъта Уастырджи. – Уый æнхъæл та чи уыди! – Нæ, мæ хур, хорздзинад лæгæн йæхицæй кæнгæ у, æвзæрдзинад та сæрмæ хæссинаг нæу. Уалынмæ цæм æрбазындысты фыдздзаг – стыр дыргъдæттæ 'мæ цæхæрадæттæ. Стæй – Хуыцауы хæлар æртæ 'фсымæры бæстыхæйттæ... Дардмæ стъалытау æрттывтой – иуыл цъæх авгæй конд. Бахызтысты æртæ барæджы кæртмæ. Сæ бæхтыл бадынц, афтæмæй бадзырдтой: – Ам ыстут, хæдзаронтæ? Хъæрмæ æртæ 'фсымæры хо разгъордта. Арфæ цын ракодта уазджытæн. – Мидæмæ, рахизут! – Де фсымæртæ ам ысты? – афарста чызджы Уастырджи. – Ам ысты. Ныртæккæ цæм фæдзурдзынæн. Æрхизут уал уæ бæхтæй. Чызг бæхты бæхбæттæнтыл æрбаста, се хтæнгтæ цын суагъта иучысыл. Фарнæг уыцы лыстæг касти чызджы змæлдмæ. Æмæ сагайдта йæ зæрдæ. Чызг цæ уазæгдонмæ скодта уазджыты уыйфæстæ.Уыйфæстæ пылыстæг фæлмæнцъæт бандæттыл цæ сбадынкодта. Йæхæдæг цырд фæзылди. Йе 'фсымæртæм бауад æмæ цын афтæ: – Уазджытæм акæсут – хæдзары бадынц. Æртæ фсымæры дæр уазæгдонмæ бахызтысты. Райстой уазджыты къухтæ, арфæ цын ракодтой. – Дæрддаг бæлццæтты хуызæн ыстут, исты хабæрттæ уæм уыдзæни? – загъта æфсымæрты хистæр. – Раст зæгъыс. Дæрддаг ыстæм, бæгуыдæр. Чи уæларв цæрæг у, чи – дæларвæй цæуæг, чи зæххон лæг у. Æртæ ранæй иу хъуыддаджы фæдыл æрцыдыстæм, – дзуры Уастырджи. – Фæрнæйдзаг ут. – Фæрныг хæдзар та кæм ис! Исты уын Нарты Фарнæджы фæрныг ном куы нæ сарæзтам! Уыцы ныхæстæм Уастырджи 'мæ Донбеттыр Фарнæджырдæм бакастысты. Уалынмæ чызг фынг æрбадавта. Хæрд, нуæзт сæ разы февзæрди. Æмæ хистæр æфсымæр загъта: – Фарны уазджытæ фæут загъта. Фæлæ аипп ма уæд чи уæ кæцæй у? – Базондзыстæм кæрæдзийы. Кæд нын ахæм фадат дæр фæуид, – загъта Уастырджи. – Фадат та куыннæ уыдзæн! Бæргæ – Нарты Фарнæджы хæдзар уын куы басгуыхид нæ хæдзар... – Нарты Фарнæг дæр дард нæй. Чи зоны 'мæ ма йæм ноджы цы фарн кæсы? Рæстмæ фæуæнт йæ хъуыддæгтæ, – загъта Донбеттыр. – Хуыцауы бафæндæд, – зæгъы æфсымæрты хистæр. – Æз дæн Уастырджи, æмæ 'рцыддæн Нарты Фарнæджы фæндонæй сымахмæ. Мæнæ мæ ныхмæ бады Донбеттыр, йæ мадырвад. Уый дæр Фарнæджы тыххæй æрцыд. Мæнæ уый та Нарты Фарнæг йæхæдæг у. Æмæ базонæм кæрæдзийы. Æртæ фсымæры ногæй райстой уазджыты къухтæ. Æмæ хистæр æфсымæр ыскуывта: – Цæй, амондджын уазджытæ фæут! – Кæд Хуыцауы 'мæ Хуыцауы хæлар æртæ 'фсымæры фæнда, уæд арæхдæр æмбæлдзыстæм. Æмæ та Уастырджи райста йæхимæ ныхасыбар. – Мах Нартыбæстæй Фарнæджы тыххæй рараст ыстæм. Фарнæджы ном ныр чысыл сабитæ дæр зонынц. Уый адæмæн хæлар адæймаг у. Знагæн – æфсымæр, хионæн – сæрхъуызой! Фарнæджы фæнды сымахимæ бахæстæгкæнын. Лæг йæхи кæуыл атигъ кæна, ахæм гуырд нæу. Æмæ нæ фæнды уæ фæндон базонын. Уыцы ныхæстæм æртæ фсымæры хо мидвæлурс аци, æмæ фæцудыдта. Йæ кæстæр æфсымæр æм фæцырд, æмæ йæ уатмæ, чызджы хуыссæнмæ, бадавта. – Уымæн ма тæрсут, – загъта Уастырджи. – Фæлæ нæ ныхасæн – дзуапп. – Уастырджи! Дæ разы мах бон ницы у. Дæ зонд сызгъæрин фæуæд, фæлæ Хуыцауы раз дзуапдæдтæг уыдзыстæм æмæ йæ афæрсæм. – Хуыцау дæр уæлдай ницы зæгъдзæн. – Хъыг æм куы фæкæса... – Кæд уæ фæнды – æз, æмæ сымахæй исчи – дыууæйæ ацæуæм иумæ. Æвдисæнлæгæн Донбеттыры акæнæм. Æмæ Хуыцау ком куы радта, уæд та ма цы зæгъдзыстут. – Хуыцау цы зæгъа, мах дæр – уый. Æмæ Уастырджи, Донбеттыр æмæ чызджы хистæр æфсымæр уæларвмæ фæцыдысты. Разæй цыд Уастырджи. Бацыдысты Хуыцаумæ. Уымæн æхсызгон уыд. Тынгдæр та фæцинкодта йæ хæлар æфсымæрты хистæрыл. Стæй фынгтæ равæрдтой, æмæ Уастырджи Хуыцауæн ракодта сæ цыды сæр. – Нарты Фарнæг цæрынæн гуырд у, – загъта Хуыцау. – Ницы фауинаг æм ис. Нарты зонд иунæг йæхимæ ис уымæн. Уый номæй адæм алы ран кæрæдзимæ дзурынц. Уыйфæстæ Уастырджи 'мæ Донбеттыр Хуыцауæн арфæ ракодтой. Хуыцау цын ыстыр лæвæрттæ ракодта 'мæ раздæхтысты. Фæсидти хистæр æфсымæр йæ кæстæртæм, æмæ цын загъта: – Хуыцау æмæ Уастырджи махæй тонынц нæ хурыскасты, æмæ цы зæгъут сымах та? – Кæд уыдонæн фæндон у, уæд ма мах та цы зæгъæм? – загъта кæстæр æфсымæр. – Фæлæ нæ хойы дæр æмбæлы афæрсын. Кæстæр æфсымæр йæ хомæ бацыд. Йæ сæр ын йæ хъæбысы акодта 'мæ загъта: – Уæ, нæ хурыскаст, æмæ нæ мæйрухс! Хуыцау æмæ дæ Уастырджи махæй исынц... Æмæ чызг йæ цæссыгтæ 'ркалдта. – Кæд уыдон афтæ фæнды... Фæлæ æз иунæг кæм уыддæн, уыцы бынатмæ сымах дæр æркæндзыстут искæй. Кæдмæ уыдзыстут æнæ бинонтæ мæн тыххæй? Кæстæр æфсымæр йæ хистæртæн ракодта сæ хойы ныхас. Æмæ бадынц æфсымæртæ. Бадынц уазджытæ дæр иуцасдæр æнæ исты сдзургæ. Стæй Донбеттыр загъта фæстагмæ: – Мах тыхми нæ кæнæм. Тыхми фыдми у. Уый мах нæ сæрмæ дæр не рхæсдзыстæм. Фæлæ уæ фæндонæй Хуыцауы дæр бафарстам. Раст æм фæкасти нæ хъуыддаг. Æмæ нын цы зæгъут, уый – цыбырæй. Æмæ та хъусæй лæууынц æфсымæртæ æртæйæ дæр. Стæй хистæр æфсымæр загъта: – Уæ хъуыддаг кæнут, мах ма цы фæрсут? – Донбеттыр раст у. Мах тыхми нæ кæнæм. Нæдæр нæ зæрды и. Сымах фæрсинаг куы нæ уыдаиккам, уæд ма уæм цæмæ цыдыстæм? – загъта Уастырджи. Æмæ бафидыдтой Хуыцауы уарзон æртæ 'фсымæры Нарты Фарнæгимæ. Æмæ бадзырдтой æппæтыл дæр. Стыр бузныг цæ фесты фидауджытæ 'мæ рафардæг ысты зæрдæрухс æмæ хъæлдзæгæй. Нарты Фарнæгæн ысцæттæ йæ чындзæхсæв. Чындзæхсæвы бон æрцыдысты Фарнæгмæ Уастырджи, Æфсати, Уацилла, Тутыр æмæ Фæлвæра – чындзхæсджытæ. Нартæй семæ уыдысты Фарнæджы фсымæр Уæн æмæ Алæг, йæ фыдыфсымæры лæппу. Æмæ рараст ысты Хуыцауы уарзон æртæ фсымæрмæ чындзхæссæг. Æртæ фсымæры сæхи афтæ сцæттæкодтой, афтæ, æмæ нуæзт уæлдон денджыз фестад, хæринаг – хохы рæдзæгъдтæ. Никуыма уыд ахæм фынгæвæрд, дыууæ уазæджы раз – галыфых. Æмæ райдыдта чындзæхсæв. Уырдæм хуынд уыдысты адæм уæларвæй дæр, æмæ дæларвæй дæр, зæххы алы кæрæттæй. Æнæхъæн авд æхсæвы 'мæ авд боны. Уыйфæстæ авд уæрдоны сифтыгътой æртæ 'фсымæры дзаума- лæвæрттæн. Æмæ ракодтой Нартæ сæ чындзы: Алæг хистæр уазæг уыди, Уæн кæстæр уазæг, Уастырджи – къухылхæцæг, Уацилла – æмдзуарджын, Фæлвæра – нымæттухæг, Æфсати 'мæ Тутыр хистæр уазæджы 'мбæлттæ. Æмæ 'рцыдысты Нартæ сæ чындзимæ Нартæм. Æнæхъæн къуыри ахаста сæ чындзæхсæв. Къуырийы фæстæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. Нарты Фарнæг æмæ æртæ 'фсымæры хо цæрынтæ байдыдтой хæлар æмæ уарзонæй. Афæдзмæ цын райгуырди лæппу, æмæ йыл буцдæрæн Маргъуыз зæгъгæ, ахæм ном сæвæрдтой. Æмæ йын æрдхæрæны куывд ыскодтой. Рахъомыл и Маргъуыдз. Уæд, иуафон рарынчын Фарнæг, æмæ сынтæгæй нал ыстад, æмæ фæсидти йæ фыртмæ. – Хъусыс, лæппу? – М' амæлæты фæстæ ма фæкъаддæркæн дæ бынтæ, æмæ дæ уæд нымайдзысты, сæрæн цæрæджы куыд фæнымайынц, афтæ. Фыдбылызæй хиз дæхи, æмæ амондджын уыдзынæ. Сабыркæн хылгæнджыты, æмæ дæ кадылæгæн агурдзысты адæм. Макуы батыхкæн макæмæн, æмæ дæ хорзæн мысдзæни дуне. Амарди Фарнæг. Стыр кад ын ыскодтой Нартæ, æмæ йæ Софиайы зæппадзы бавæрдтой. | |
Просмотров: 387 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |