Пятница, 04.07.2025, 04:43
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ДÆЛИМОНТЫ ХÆСТ
ДÆЛИМОНТЫ ХÆСТ
Дæлимонтæ та ногæй æрбамбырдкодтой сæ тыхтæ, æмæ сæ размæ
бабадтысты Нартæн. Æхсар æмæ Æхсæртæг рацæйцыдысты, æмæ Зæронд
лæгæн афтæ зæгъынц:
– Мах цуаны азилæм, ды та фæткъуыбæлас Нартæм ныххæддзæкæн.
Зæронд лæг рахаста фæткъуыбæлас. Фæлæ базыдта, Дæлимонты 'фсад
сæ размæ кæй бабадтысты, уый. Йæхи аууæтты айста, æмæ йæ Нартæ нал
уыдтой.
Æхсар Æхсæртæгмæ дзуры:
– Мæ зæрдæ йæм æхсайы уыцы зæрондмæ. Ныууадзæм уал фæлтау нæ
цуан, æмæ фæцæуæм нæ фæткъуыбæласы фæдыл. Цæст æй нал уыны, æмæ йыл
уæд та исты 'рцыди уыцы зæронд лæгыл. Уæд æнæхай куы кæнæм нæ
бæласæй!
Æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Цæуынц.
Æмбисвæндагыл уыдысты, афтæ цыл æрбакалдысты Дæлимонтæ. Æхсар
æмæ Æхсæртæгæн нал размæ цæуæн уыд, нал – фæстæмæ... Дæлимонтæм уыд
иу Хъоппæгцæст. Уый дын цæм куыддæртæй куы бахъуызыд фæсвæдты –
хъуамæ цæ чъылдымдзæф фæкæна Нарты. Ауыдта йæ зæронд лæг дардæй.
Фæуагъта йæ фæткъуыбæлас иу дзыхъхъы. Уæлейы йыл къалиутæ 'ркалдта.
Иу дзæггор райста 'мæ бахъуызыди Хъоппæгцæст кæй хуыдтой, уыцы
лæгмæ. А ныр Æхсары ныццæва Хъоппæгцæст, афтæ йыл зæронды дзæггор
сæмбæлди. Хъоппæгцæст дзуццæджы 'рхауди.
Æхсар фæзылди, æмæ йæм дзуры зæронд лæгмæ:
– Цы фæдæ, цы?
– Мæнæ бæргæ дæн. Хъоппæгцæст дæ марынмæ хъавыд, æмæ йæ æз
дзæггорæй æрцавтон.
Уæд Æхсар Хъоппæгцæсты йæ бецыккæй фелвæста. Нырдиагкодта уыцы
хæйрæджыты фæтдзæгъдæн, æмæ Дæлимонтæ хорзау нал уыдысты.
Хъоппæгцæст æм дзуры Æхсармæ:
– Уæ, ма мæ амар. Цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.
– Нæй дыл æууæндæн...
Йæ сæр ын ракъуырдта Æхсар, æмæ йæ фехста. Сæр атахти, æмæ
Бæртæлæджы цур йæ дзæхст фæцыд.
– Ракæс-ма мæнæ Дæлимонты фыддæрæн йæ сæрыкъуыдыр ардæм
фæхаудта, – загъта Бæртæлæг йæ усæн, æмæ сæрыкъуыдыр доны
басхуыста:
– Хуыцау дæ мыггагыскъуыд фæкæнæд!
Æхсар æмæ Æхсæртæг сæ хæст фæуырæдтой. Фæлæ цыл Дæлимонтæ нал
ауæрстой, æмæ сæ хæстæн кæрон нал уыди.
Фæстагмæ Дæлимонтæ сæ бон базыдтой, ай цыл афтæмæй нæ
фæтыхуыдзысты зæгъгæ, æмæ райдыдтой уæрмытæ къахын. Мæнгæмбæрзт цæ
кодтой сыджытымурæй, уæлейы та цыл кæрдæг зæрстой. Уæд та тыхджын
ысхæцыдысты, æмæ цæ сæ фæдыл уæрмытæм сайдтой.
Æхсар зæронд лæгмæ дзуры:
– Дæ хорз хорз у, æмæ ацы фæткъуыбæлас фæхæддзæкæн бынатмæ.
Дæлимонты мæхи бар уадз.
Зæронд лæг ахаста фæткъуыбæлас, æмæ та йæ Нарты кæрты
ныссагътой ногæй. Æмæ 'нхъæлмæкасти зæронд лæг уыйфæстæ, уæдæ кæд
æрцæудзысты Æхсар æмæ Æхсæртæг...
Æхсар æмæ Æхсæртæг бæргæ айстой Дæлимонты сæ разæй. Фæлæ уæрмы
аирвæзтысты 'мæ Цæрддзуйыбæсты балæууыдысты дыууæйæ дæр.
Байдыдтой дын зилын Цæрддзуйыбæсты, æмæ иу ран иу къадакуырой
ауыдтой. Куырой зилы, фæлæ йæ мидæг æппын иу ызмæлæг нæй.
– Дзæгъæл хъеллауæй ницы, – загъта уæд Æхсар. – Фæлтау
банхъæлмæкæсæм – ацы къадакуырой æнæхицау нæ уыдзæн.
Æрынцадысты лæппутæ иу бæласы бын. Ссадлæхурæнæй хыссæ
змæстой, афтæ цæ 'рбаййæфта иу боцъоджын, æмæ цæм дзуры цыдæр
мæстыхуызæй. Й' армы та кæд уыди сæрыкъуыдыр.
– Ай уыд мæ лæппу. Æмæ сымахæй кæйдæр къухæй æрцыди йæ мæлæт.
Боцъоджын сæр Æхсæртæгмæ авæрдта. Сæрыкъуыдыр æнцад лæууыди.
Æхсар бамбæрста: уыцы Хъоппæгцæст ын ыстыдтаид, æвæдздзæгæн
лæппуйæн йæ сæр. Уый сæрыкъуыдыр у, æнæмæнг.
Боцъоджын Æхсармæ дзуры:
– Уæдæ мæ сафæг мæнæн ды уыддæ, æмæ абон махæн нæ тыхæвзарæн
у.
– Дæу куыд фæнды, афтæ, – загъта Æхсар. Ныззыввытт æй ласта,
æмæ сæрыкъуыдыр кæмдæр дуртыл ныппырх и.
Боцъоджын куыд нæ смæсты уыдаид! Афтæмæй дыууæ лæджы хæцын
байдыдтой. Хъæд æмæ дуртæ кæрæдзиуыл цавтой. Уыцы рæстæг Дæлимонтæ
дæр Цæрддзуйыбæсты фестадысты. Схæцыди семæ Æхсæртæг, хæстæг цæ нæ
уагъта Æхсармæ.
Æхсар фæхæст и Боцъоджынæн йæ боцъотыл, æмæ йæ ныууыгъта йæ
сæрæй йæ къæхтæм. Йæ боцъо йын рацæйскъуыдта, æмæ Боцъоджын
сауæрдиагкодта.
– Уæ, ма мæ амар, бафидауæм...
– Нæ бафидаудзынæн, цалынмæ мæ уæлзæхмæ нæ фæхæссай...
Боцъоджын ныууагъта йæ хæст æмæ дзуры Дæлимонтæм:
– Адон мах зæххыл нæ райгуырдысты. Мах зæххыл нæдæр мæлгæ
акæндзысты. Фæлтау цæ сæ зæхмæ фæхæддзæкæнут.
Сæхъхъисæй бæндæнасин цын авæрдтой уæлзæхмæ, æмæ йыл хæрдмæ
хизынц: Æхсар – разæй, æхсæртæг – йæ фæстæ. Хæрдмæ куыд цыдысты,
афтæ Æхсæртæг бæндæн фæстейы лыгкодта. Дæлимонтæ уæд
бæндæнылыггæгтæ кæрæдзиуыл бастой, æмæ хæрдмæ бырстой сæ фæдыл. Нал
æййæфтой Нарты лæппуты. Æппынфæстаг зæхмæ сирвæзтысты Æхсар æмæ
Æхсæртæг. Бынмæ 'ркастысты, æмæ дунейы Дæлимонтæ сæ фæдыл ысбырынц.
– Адон куыддæр сирвæзой, афтæ ныл тых кæндзысты, – загъта
Æхсæртæг.
Уæд æм Æхсар дзуры:
– Куыддæр ысцæйхæддзæкæной, афтæ бæндæнтæ фæлыгтæкæнæм, æмæ
цыл уæлейæ цæхæр ауадзæм.
Арт акодтой Æхсар æмæ Æхсæртæг. Уæдмæ Дæлимонтæ дæр
ысзындысты, æмæ дын Æхсар æмæ Æхсæртæг уым бæндæнтæ фæлыгкодтой.
Дæлимонтæ схъиудтытæгæнгæ тахтысты Цæрддзуйыбæстæм. Къултыл ма цæ
бирæтæ фæхæцыд, фæлæ уыдон та цæхæры бын фесты, æмæ Дæлимонтæ
судзгæ-уыраугæ хаудтой уырдыгмæ, æмæ ныппырх ысты Цæрддзуйызæххыл.
Æхсар æмæ Æхсæртæг рацæуынц Нартæм, æмæ фæрсынц адæмы:
– Бæлас рахæсгæ нæ федтат?
– Иу зæронд лæг æй Нартæм фæцæйхаста.
Цæуынц Æхсар æмæ Æхсæртæг.
– Ныр нæ куы фæсайа уыцы зæронд лæг, уæд цы кæндзыстæм? –
загъта Æхсар.
– Сар мын йæ сæр кæны! Уæлæмæ цæуа – йæ къæхтæй йæ
'рласдзынæн, дæлæмæ цæуа – йæ бецыккæй йæ ахсдзынæн. А зæххыл та
мын ирвæзгæ н' акæндзæн!
Æхсар æмæ Æхсæртæг Нартæм æрбаввахс ысты. Кæсынц, æмæ сæ
кæртæй зыны сæ фæткъуыбæлас.
– Нæ кæртæй цыдæр зыны нæ бæласы 'нгæсæн, – загъта Æхсар. –
Бæлвырд у, уыцы зæронд лæг нæ нæ фæсайдта.
Æрцыдысты сæхимæ, æмæ цыл зæронд лæг амбæлди. Фæцин цыл кодта
'мæ загъта:
– Ныр нал æрцæудзысты Дæлимонты дæлсинтæ. Бæлас та æз уæ кæрты
уе рцыдмæ ныссагътон.
– Хорз бакодтай, дæ цæрæнбон бирæ!
Æрынцадысты æрсабыр ысты уæд Æхсар æмæ Æхсæртæг.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 298 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск