Пятница, 04.07.2025, 13:13
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

ЦАРЦИАТЫ АХУЫ
ЦАРЦИАТЫ АХУЫ
Нартæн Хæмыц æнæрцæф уыди, барын нæ зыдта. Уырызмæг та лаз æмæ
уæззау зондыл хæст уыди. Схъомыл ысты, слæгтæ сты, фæлæ нæ
фидыдтой, хистæр цæ чи у, уыууыл. Иумæ цæргæйæ кæрæдзийæн бар нæ
лæвæрдтой. Иумæ бадгæйæ дæр афтæ, ныхасы – иннæ ахæм. Адæмимæ-иу
балцы куы уыдысты, уæддæр афтæ.
Нартæ цæ фæлмæцгæ дæр кодтой. Æмæ цæ ‘гъдау дæр домдтой – сæ
иу цæмæй хистæриуæг кæна, иннæ цæмæй хиуылхæцгæдæр уа.
Уæд дын иубон Хæмыц афтæ зæгъы:
– Уырызмæг, махæн бафидауæн нæй, фæлæ къулбадæгусы бафæрсæм.
Науæд нæ Нартæ азымы дарынц.
– Хорз, бафæрсæм! – загъта Уырызмæг.
Æмæ араст ысты къулбадæгусмæ. Æмæ йæ фæрсынц, куы бахæддзæ
сты, уæд:
– Раст нын зæгъ, хистæр нæ кæцы у?
Къулбадæг ус ахъуыдыкодта: «Ныр Хæмыцæй зæгъин, æмæ раст нæу.
Æнæрцæф адæймагæй хистæр чи кæны? Æмæ Уырызмæг тæригъæд у.
Уырызмæджы схонин хистæр, æмæ мын Хæмыц м’ артыл дон ауадздзæн.
Цæй, сæ мадырвадæлтæм сæ фервитон».
Хæмыц æмæ Уырызмæг Донбеттырты хæрæфырттæ уыдысты, æмæ цын
къулбадæгус загъта:
– Фæцæут уæ зæронд мадыфсымæрмæ. Уый уын базондзæн уæ хистæр,
уæ кæстæр. Æмæ араст ысты дыууæ ‘фсымæры Донбеттыртæм – сæ
мадырвадæлтæм.
Уырызмæг æрхъуыдымæ дæсны уыди. Доны уонг куы бахæддзæ сты,
уæд йæ бæхæй рахызти. Саргъыбаз систа, рифтæгтæ Хæмыцмæ авæрдта ‘мæ
загъта:
– Адон уал дæхимæ уадз. Мæ саргъыкъуыдыр асасти, æмæ йæ
бафидæрттæкæнон.
Стæй дæ æз дæр æййафдзынæн.
Хæмыц ницы зыдта Уырызмæджы хинæн, æмæ рифтæгтæ йæ фæсарц
нахæтбосыл абаста. Стæй араст и йæ фæндагыл Хæмыц.
Уайтагъд æй баййæфта Уырызмæг дæр, æмæ бахæддзæ сты сæ зæронд
мадыфсымæрмæ.
– Ам дæ, нæ зæронд мадыфсымæр?
– Ам дæн, мидæмæ!
Бахызтысты хæдзармæ. Сæ мадыфсымæр цыл фæцинкодта. Стæй цæ
фæрсы:
– Цы ис нæуæгæй?
– Иу хъуыддагыл нæ фидауæм, æмæ нын ды раст зæгъ: хистæр нæ чи
у? – райдыдта Уырызмæг.
– Хистæр – Уырызмæг, – загъта уыцы рæвдзæй зæронд Донбеттыр.
Уæд æм Хæмыц нал фæлæууыд:
– Æмæ цæмæй у хистæр?
– Цæмæй, цæ? – загъта Донбеттыр, – хистæр нæ, фæлæ кæстæр
фæхæссы рифтæгтæ, балцы куы вæййынц, уæд. Мæнæ сымах хуызæн.
Уырызмæг хистæр у, Хæмыц – кæстæр.
Хæмыц фæмæсты ис, æмæ рифтæгтæ зæххыл ныццавта.
Стæй, кæс æмæ, уæртæ фæцæуы... тæргай.
– Багъæцæд, иуран уал фæлæууыди! – загъта Уырызмæг уыйфæстæ.
Расырдта йæ Хæмыцы. Уырызмæг рахизырдыгæй цыд фæци. Æмæ Нартæм
æрбацæуынц. Сæ фæндаг Ныхасыл уыди, æмæ Нартæ загътой:
– Хæмыцæй, Уырызмæгæй хистæр чи у, уый гъеныр сæ цыдыл
фæбæрæг.
Кæсынц, æмæ Уырызмæгæн Хæмыц йæ галиу фæрсты цæуы.
Æмæ уæд Нартæ загътой Хæмыцæн:
– Гъеныр дæр ма дзурдзынæ, Уырызмæгæй хистæр дæн, зæгъгæ.
– Æмæ нæ дæн?
– Нæ дæ, нæ дæ! Уыййæддæмæ рахизырдыгæй цæуис, Уырызмæг та –
галиуæрдыгæй.
Бамбæрста Хæмыц йæ рæдыд, фæлæ не сразы уæддæр.
– Мах хъуыддаг ам ничи ахицæнкæндзæн.
Уæд Нартæ загътой:
– Нал и æндæргæнæн, æмæ фæцæут Царциаты Ахуымæ. Уый уын
равзардзæн уæ хъуыддаг. Дзырддзæугæлæг у, æппæтзонæг.
Сфæндкодтой дыууæ ‘фсымæры æцæгæй дæр Царциаты хорз Ахуымæ
фæцæуын.
Царциаты Ахуыйæн уобауы сæр ыстыр мæсыг уыди. Фæцæй йæм
хæддзæкодтой æфсымæртæ. Уырызмæг йæхи разæйцæуæг акодта ‘мæ
бадзырдта мидæмæ къæсæрыдуарæй:
– Ам дæ цы, Ахуы?
– Ам дæн, кæцы дæ?
– Нартæй ыстæм! – дзуры Уырызмæг.
Ахуы цæм ракасти ‘мæ загъта:
– Мидæмæ рахизут. Уазæг – Хуыцауы уазæг.
– Уыйас æвдæлон дæр не стæм, – загъта Хæмыц.
– Уæдæ уæ цы хъæуы?
– Мах фаззæттæ стæм, нæ фидауæм, æмæ нын зæгъ, хистæр нæ чи у
æмæ кæстæр? – дзуры Уырызмæг.
– Ау, æмæ йæ уе ‘рбацыдæй уæхæдæг куы равдыстат уæхи, уæд ма
мæ цы фæрсут?
– Цæугæ кæрæдзийы фæдыл æрбакодтам, æмæ уый ц’ амоны? – загъта
Хæмыц.
– Бæлццæттæй фысымтæм раздæр хистæр æрбадзуры. Хистæры раз
кæстæрæн ахæм бар кæм и!
Æмæ та Хæмыц йæхи нал бауырæдта:
– Уæдæ дыл дæ мæсыг ныккæлæд!
– Æртæ раны мæн хистæр ысхуыдтой, – загъта Уырызмæг. – Æмæ,
Хæмыц, мæ кæстæр у!
Уæд Хæмыц рамæсты бынтондæр.
– Æз цæуын, фæлæ ма æз нæ хæдзарыкъæсæрæй куы бакæсон!
Хæмыц Нартæм рацыди ‘мæ нал бацарди Уырызмæгимæ. Æндæр хæдзар
аразыныл ныллæууыд.
– Кæстæр у Хæмыц, хæдзар аразы, æмæ йæм фæкæсæм, – загътой
Нартæ.
Февнæлдтой фæйнæрдыгæй, æмæ йын Уырызмæджы ‘рцыдмæ хæдзар
сарæзтой Нартæ Хæмыцæн.
Ахуы Уырызмæджы мидæмæ бахуыдта. Куыддæр фæцæйхызтысты
къæсæрыл, афтæ дын тарвæзтæ ныхъхъыстхъыст кодтой. Уырызмæг ын
фæтарсти Ахуыйæн æмæ йæ æддæмæ раскъæфта.
– Кæдæм мæ скъæфыс, Уырызмæг?
– Ме фсымæр Хæмыцы ‘лгъыстæй дæ мæсыг фæцудыдта. Æмæ
ныккæлдзæни. Æмæ йæ мидæг сæфыс.
– Уæ Хуыцау ын ма уа!
– Ма тыхс, Ахуы, æз æй бафидæрттæкæндзынæн.
Уырызмæг тулдзлæдзæг æрсагъта, æмæ лæдзæг фидар цæнгтæ
рауагъта. Мæсыг кæмыты фæтасыди, уымыты рараст и.
Бахызтысты мидæмæ, хæрд æмæ нуæзт февзæрди сæ разы. Уæд мæсыг
фæлтæргай фæхаудта, æмæ Ахуы фæгæпласта.
Уырызмæг æм дзуры:
– Сбад, цæмæй тæрсыс!
– Куыннæ тæрсон, ай хурмæ ку’ аззадыстæм.
Уырызмæг бахудти ‘мæ загъта:
– Мæсыг йæ бынаты уыдзæни.
Æрбадти Ахуы, æмæ мæсыг фæлтæргай фæстæмæ цæуын байдыдта. Æмæ
ноджы фидардæр арæзт æрцыди.
– Гъер та ма цы зæгъыс, – загъта Уырызмæг.
– Сымахæн Хуыцауы комытæфæй дæр хай ис, Нартæ! Уæ бон бирæ у,
æмæ уæ цы фæнды, уый бакæнут.
Фæминаскодтой. Стæй ма Уырызмæг фæстагмæ афтæ зæгъы:
– Цæй, ныббар мын, Ахуыр, уыйбæрц дæ кæй бахъыгдардтон, уый
тыххæй.
– Ныббар мын, Уырызмæг дæхæдæг дæр. Де ‘мбал мæ тæргай кæй
ацыди, уый дæр дæ зæрдæмæ ма бахæсс.
– Мæн дæр раст гъеуый фæндыди.
Æмæ рараст и Уырызмæг.
Нартæм куыддæр æрхæддзæ, афтæ Хæмыцы ногарæзт хæдзар ауыдта.
Уырызмæгæн уый хъыг куыд нæ уыдаид, æмæ загъта йæхинымæр: «Хуыцау
æй хæрзтæй хуыздæр фæкæнæд Хæмыцы! Кæстæриуæг кадæн чи исы, уый
æлгъыстаг кæны, æмæ Хуыцауæй дæр къухист у. Цæрæд, куыд æй фæнды,
афтæ».
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 233 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск