Пятница, 04.07.2025, 02:40
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БУРÆФÆРНЫДЖЫ ЛÆППУ 'МÆ БАТЫРАДЗ
БУРÆФÆРНЫДЖЫ ЛÆППУ 'МÆ БАТЫРАДЗ
Бурæфæрныджы лæппу, фидар æмæ домбæйттæарæзт, бирæты
хъыгдардта. Батырадз ын йæ кой хъуыста, æмæ дискодта, уæдæ цавæр у,
цымæ – уыйбæрц адæмы чи домы? Уæд æм бацыд Батырадз Хъазæнлæгъзмæ,
æмæ йын афтæ зæгъы:
– Лæппу, иумæ ахъазæм!
– Æз дæ хуызæн сабитимæ куы хъазон, уæд цы уыдзæн? Фæлæ
ныххæцыдысты, æмæ симын райдыдтой. Æмæ йын Батырадз йæ цонг
фелвæста. Иннæ фарс фæхæцыд, æмæ йын й' агъд аскъуыдта. Фæци
Бурæфæрныджы фырт, уæдæ цы уыдаид.
Афæдз рацыд, фæлæ уæддæр нæма зыдта Бурæфæрныг йæ фырты
марæджы. Хæрнæг кодта Бурæфæрныг, æмæ загъта Нартæн:
– Стыр лæвар ын уыдзæн, мæ фырты марæджы мын чи бацамона,
уымæн.
Нарты хъалтæй йæм алчидæр цыд, æз уыддæн зæгъгæ, фæлæ цын-иу
Бурæфæрныг загъта:
– Ды ницы бакодтаис...
Уæд Хæмыцæн басомыкодта:
– Дæ фыдыстæн, Хæмыц, ницы зоныс?
– Нæ зонын, дæлæ нæм фæнычы фарсмæ иу саудзагъд лæппу ис, æмæ
кæд уый исты бакодта, æндæр ницы зонын.
– Ацæут, æмæ йæ ракæнут, фенæм æй, – загъта Бурæфæрныг.
Скодтой Батырадзы 'мæ йæ бафарстой:
– Цы зоныс, лæппу?
– Цы зонын, æз æй амардтон.
Уæд æй Бурæфæрныг фæрсын райдыдта:
– Уæдæ Уациллайы фырты чи амардта?
– Æз.
– Уæдæ Фæлвæрайы фырты та чи амардта?
– Уый дæр æз.
– Уæдæ Йелиайы фырт дæр куы фæхъуыди. Уый та чи амардта?
– Уый дæр æз, – загъта Батырадз.
– Уæдæ Уастырджийæ дæр фæхъуыди лæппу. Уый та чи амардта?
– Уый дæр æз.
Уæд Бурæфæрныг загъта:
– Нартамонгæ-къусæй йын дыууæ рахæссут, æмæ цæ кæд аназа, уæд
мæ бауырндзæн.
Рахастой йын дыууæ къусы, æмæ цæ Батырадз ахуыппкодта.
Бурæфæрныджы бауырныдта уæд, Батырадз кæй уыди йæ фырты марæг.
Æмæ знаг рахастой уыйфæстæ Батырадзимæ дзуæрттæ.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 304 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск