Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
БОРÆЙЫ КАДÆГ
БОРÆЙЫ КАДÆГ Гуымирты хистæр æрæмбырдкодта 'фсадхон æмæ загъта: – Нарт мæ бындзагъд фæкодтой. Ныр та уæйгуыты дæр цæгъддзысты. Рæстæг ахæм ыскодта 'мæ фæстиатгæнæн нал и. Зæхх цæ нæ уырæдта, цæст цыл не ххæсти. Гуымирæй, уæйыгæй – Бæргъуаны 'фсæдтæй ма ц' аззади – сæмбырд ысты сеппæт. Цыма хъæд фенкъуысти, уый цыд кодтой. Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад кæрæдзиуыл амбæлдысты, æмæ дзуры Борæмæ Зæрисæры чызг: – Ныр куыд хæцдзыстæм гуымирты 'фсæдтимæ, зæхх цæ куы нæ уыромы, цæст цыл куы нæ 'ххæссы! – Бирæ куыд ысты, сæ тых афтæ нæу. Нæхи æрымбæхсæм, æмæ цæ дыууæ дихы фæкæнæм. Хæст талынгмæ ку' ахæсса, уæд фемхæддзæ уыдзысты. Стæй фæцæгъддзысты сæ кæрæдзийы. Чи ма цæ аззайа, уыдон та мах бар фæуæнт, æмæ фендзыстæм! Сæхи æрæмбæхстой иу нарæг комы, Борæ – донæн йæ рахизырдыгæй, Зæрисæры чызг – донæн йæ галиу фарс. Фæцæуы гуымирты хистæр комынарæджы 'мæ дзуры: – Уæдæ ам, нæ хæцæнбынаты, змæлæг куы нæ ис, уæд кæм уыдзысты? Сайдæй ныл ма рацæуæнт Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад. Нарæг комæн йæ тæккæ уынгæджы рахизфарсырдыгæй Борæ сæ размæ фæци. Уæд дын гуымирты хистæр Борæйы цур куы фестид. А ныр æй æрцæва, афтæ йæ Борæ барæхуыста, æмæ рахауди гуымирты хистæр йæ тæлтæг бæхæй. Æфсад уый куы федтой, уæд фæсабыр ысты. Сæ ныфс асасти, фæлæ цыл гуымирты раздзог фæхъæркодта: – Фидыды алдзæн хæст фæуыромут. Æмæ Борæ сразы. Хæст фæуырæдтой, æцæгæйдæр. Æмæ гуымирты хистæр фæсидт уæд кæстæр уæйыгмæ. – Мæнæн мæ мæлæт æрцыд, фæлæ райсом сæумæраджы бацу Борæмæ. Уый цалынмæ йе згъæр не ркæна, уæдмæ йæм æууæнкæй бацу. Уый йæхи æхсдзæни. Ды фæцырд у, æмæ йæ чъылдымдзæф фæкæн. Кæннод ын амæлæн нæй уымæн. Райсомæй раджы кæстæр уæйыг бацыд Борæмæ. Бахатыркæн зæгъгæ йын загъта Борæ. – Æз уал мæхи æрæхсон. Йæхи 'хсынмæ куыддæр фæгуыбыркодта Борæ. Æмæ куыддæр й' армыдзаг дон ыскалдта йæ цæсгомыл, афтæ йæ кæстæр уæйыг чъылдымдзæф фæкодта. Борæ ма бæргæ фæзылди. Кæстæр уæйыгæн йæ сæр ыстыдта 'мæ йæ фехста. Сæр гуымирты хистæры хъæбысы абадт, æмæ ма йæ цæстытæ иу ирд фæкодта. Æмæ дзы разынди Борæйы ныв, йæ фæсонты кард сагъд. Зæрисæры чызг, Борæ фæцæф зæгъгæ, уый куы базыдта, уæд ысхæцыд гуымирты 'фсæдтыл æмæ цæ 'мбис фæкодта. Гуымирты хистæр аууоны хуыссыд, æмæ чызг-æфсадыл йæ цæст ахаста. Зæрисæры чызг-æфсады иу чызг Бурхан хуынди. Уый æфсæдты фæстæ цыд барæй. Гуымирты хистæр Зæрисæры чызгыл фат ысуагъта, æмæ чызг уæззау цæф фæци. Уæд Бурхан йæ сенккард фæцъортласта, æмæ гуымирты 'фсæдты къуыммæ бахаста. Кæй цæ нырриуыгъы, уый дыууæ фæвæййы. Изæрмæ цæ бирæ нал фæцыд. Ныууагътой сæ хæст. – Æз нæхимæ нал цæуын, – загъта Зæрисæры чызг, – фæлæ Борæимæ Нартæм ацæудзынæн. Бурхан дæр рацæуæд немæ. Чызг-æфсад фæцыдысты сæхимæ 'мæ загътой Зæрисæрæн: – Дæ чызг Нарты чындз баци... Борæ 'мæ Зæрисæры чызг æрцыдысты Нартæм. Гуымирты хистæр амарди 'мæ йæ бавæрдтой. Фæлæ та афæдзы фæстæ йе фсад уæйгуытимæ иумæ сæ фæнд ысиукодтой. Æмæ афсæрстой иубон. Нартæ фехъуыстой хабар, æмæ Сæуæссæ скатай: цы бакæна, кæдæм фæкæндзæн йæ дыууæ идæдзы? Уæд Борæ фæрсы Сæуæссæйы: – Цæуыл тыхсыс? – Куыд нæ тыхсон? Не знæгтæ 'рбырсынц. – Дæ идæдз-чындзытæн с' афæдз æрцыд. Афæдз фæбадтысты 'мæ цæ арвит ныр кад æмæ радæй. Арвычызджы та Бæртæлæгмæ фæкæн. Дæхæдæг дæр ацу йемæ. Мæн ам уадзут мæхи бар. Борæ куыд загъта, афтæ бакодтой. Систой сæ саутæ дыууæ чындзы 'мæ фæцыдысты. Арвычызджы та Сæуæссæ Буртæлæгмæ фæкодта, йæ рагон хæлармæ. Утæппæт æфсад бырсгæ рацæйцыдысты. Хур цыл не ххæссыд, афтæ бирæ уыдысты. Сæ къæхтыхъæрæй бæстæ арыдта. Уæд Бæртæлæг фæрсы Сæуæссæйы: – Уый цæй нæрын у, цымæ? – Уый – Нартыбæстæм ызнаг æрбабырсы. – Фæгæдзæкæн, Сæуæссæ, æз Борæйы Сечъылæгæтмæ 'рбакæнон. Уырдыгæй йын хæцын æнцондæр уыдзæн. Бæртæлæг Нартыл рацыд, æмæ акодта Борæйы Сечъылæгæтмæ. Йæхæдæг раздæхт, фæлæ йыл гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсæдтæ хæрзæмбæлд фесты, æмæ схæцыдысты йемæ. Борæ цæ ауыдта. Рауагъта йæхи йе згъæрты. Смидæг и æфсæдты 'хсæн æмæ цæ цæгъдынтæ систа. Гуымиры фырт дзуры Борæмæ – уый сæ раздзог уыди: – Фæлæу мын гъеныр, мæ фыды марæг! Уæд æм Борæ хæстæгдæр бацыд, æмæ йын афтæ зæгъы: – Кæд хæцæм, уæд лæгæй-лæгмæ. Ацы 'фсæдты фæстæдæр арвит. Æфсæдты фæстæдæр арвыстой. Февнæлдтой кæрæдзимæ дыууæ знаджы. Гуымиры фырт Борæйæн йæ хъæдгомы арц фæсагъта, фæлæ йæм Борæ дæр фæцырд и. Нырриуыгъта йæ кардæй, æмæ гуымирæн йæ сæр фæтахти. Борæ йæхæдæг дæр ахаудта зæххыл. Смæсты сты гуымиртæ. Калдтой хъæд, æмæ Борæйы бынмæ стыр цагъдамад ыскодтой уыцы бæлæстæй. Арт цыл бандзæрстой, æмæ йæ басудзын уыди сæ зæрды. Фæлæ Донбеттыртæ хабар куы базыдтой, уæд уыдон дæр ысмæсты сты, æмæ доны уылæнтæ артмæ сарæзтой, æмæ гуымирты 'фсад хæхтæм фæлыгъди. Артæй йæ бæргæ байстой Борæйы Донбеттыртæ, фæлæ нал фервæзти Борæ йæ цæфтæй... Уæларвцæрджытæ зæхмæ сæхи 'руагътой. Донбеттыртæ сурмæ рахызтысты. Сæуæссæ Бортæлæджы хæдзарæй ысхæддзæ и. Æмæ тæрхонкæнын байдыдтой сеппæт дæр, уæдæ йæ хуыздæр кæм бавæрæм зæгъгæ. Уæларвцæрджытæ загътой: – Уæларв æй бавæрæм – æрвон сиахс уыди. – Дæларв æй бавæрæм, – загътой Донбеттыртæ. – Донбеттырты хæрæфырт уыди. – Зæххон гуырд уыди, æмæ йæ ам нæхи зæххыл бавæрæм, – загътой Нартæ. Уæд Зынджыбардуаг загъта: – Чи кæм райгуыры, уым æй бавæрынц. Æмæ сразы сты уыцы ныхасыл адæм сеппæтдæр, æмæ йын æрттивгæ зæппадз ыскодтой Борæйæн, æмæ йæ кадимæ бавæрдтой, Нарты уæзæгыл. Сæуæссæ нал ацыд Бæртæлæгмæ, фæлæ баззади Нартæн сæхимæ. – Ныр мæхæдæг дæр мæ зæнæджы фæстæ цæринаг нал дæн, – загъта Сæуæссæ Бæртæлæгæн. – Мæ маст ма сисон æххæст ацы уæйгуытæй. Сæуæссæ скодта йæхицæн дурын чъырынтæ, райста иу æфсæн дзæккор, æмæ 'нхъæлмæ касти уæйгуыты фæзындмæ. Бæртæлæг æрцыди сæхимæ. Борæйы ус, Арвычызг, уыцы рæстæджы фæтæлæнтæ, æмæ сагъæсы бафтыд: уæдæ куыд уыдзæн, уæдæ цы бауыдзæн? | |
Просмотров: 315 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |