Четверг, 03.07.2025, 19:43
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БОЛАТБÆРЗÆЙ
БОЛАТБÆРЗÆЙ
Болатбæрзæй æнкъардкодта, æмæ йæ Борæ базыдта. Иуизæр куы
уыди, уæд æй фæрсы:
– Цы кæныс, ме фсымæр, бинонтæ кæнын ма 'рымыс...
– Уый нæ, фæлæ, нæ фарс цы 'фсад хæцы, уыдон мæ фæнды базонын.
– Æз дзы иу чызджы федтон æмæ, Нартæн цы бавæййы, уый мын æнæ
базонгæ нæй ахсæв.
– Дæхи уал хъахъхъæ, базондзыстæм æй!
– Æнæ цæугæ йæм нæй.
Борæ ницыуал загъта, æмæ Болатбæрзæй æхсæвы хæрзæввахс бацыди
чызг-æфсæдтæм. Уæд Æвдсæрон гуымир æрбацæйхъуызыди. Зæрисæры чызг
йæхи 'хсадта, æмæ йæ буары уындæй мæй тæмæнтæ калдта. Болатбæрзæй
ныхъхъавыди Æвдсæронмæ. Фат Æвдсæроны цæсты смидæг и, æмæ гуымир
уыраугæ алыгъд.
Зæрисæры чызг фæзылди, ауыдта Болатбæрзæйы, æмæ йæм дзуры:
– Ды уыддæ, ды фехстай Æвдсæроны?
– Уо, æз уыддæн.
Афарста дын уæд Болатбæрзæй чызджы:
– Чи дæ? Нартæн цы бавæййыс?
– Нартæн хæстæг ницæмæй дæн, фæлæ цæ иу ыстыр хорз мæ зæрдыл
дарын. Мæ фыд æй арæх æрымысы. Рынчын уыди нæ фыд, æмæ мæ чысыл
æфсымæрæн та йæ хуым – æнæласт, æмæ йын æй Нартæй иу лæппу баласта.
Нарт æххуысæн æххуыс ысты кæддæриддæр зæгъгæ фæдзуры нæ фыд ныр дæр
ма. Æмæ цын мах дæр нæ рохкæнæм сæ дзæбæх.
– Æмæ цæ кæцы уыди, цымæ, Нартæй?
– Дзылæу æй хуыдтой.
– Уый ме фсымæр уыд. Й' адæг æмæ йæ сагтæ ныр дæр нæхимæ сты.
Уæд дын Болатбæрзæй æмæ Зæрисæры чызг кæрæдзийы бауарзой. Æмæ
райсом бонысцъæхтæм Болатбæрзæй уым баззади. Стæй æрцыди уыйфæстæ
сæхимæ.
– Мæ цыд рæстмæ фæци. – загъта БОлатбæрзæй Борæйæн.
– Чи дын уыди уыцы чызг?
– Уый Зæрисæры чызг уыди. Дзылæу цын кæддæр сæ хуым баласта
адæгæй, æмæ нæм ныр æххуысмæ 'рцыди. Чызг-æфсад æркодта.
Бонæй та ногæй хæст ыстынг и. Болатбæрзæй ысмидæг и гуымиртæ
'мæ уæйгуыты 'хсæн. Уыйас æфсад Болатбæрзæйы се хсæн фæкодтой, æмæ
йæ 'рцахстой. Болатбæрзæй цæ бирæ фæцагъта. Изæры та ныууагътой сæ
хæст. Гуымиртæ 'мæ уæйгуыты 'фсад кæрдтæй цавтой Болатбæрзæйы. Фæлæ
сæ кæрдтæ цъулатæй истой, иу хъуын дæр н' алыгкодтой. Уæд ын йæ
уæнтырдыгæй сысчъилкодтой йе згъæр. Уым ын гомæй федтой йæ буар.
Арцыл æй систой. Æрсагътой арц зæххыл, æмæ йæ афтæмæй хъеллаугæнгæ
ныууагътой тыгъд быдыры.
Борæ нæ базыдта Болатбæрзæйы сæфт, æмæ талынджы бацыди чызг-
æфсадмæ. Зæрисæры чызгмæ бадзырдта 'мæ йæ фæрсы:
– Ме фсымæр нæ зыны, кæд сымахмæ нæй?
– Нæй ам. Уый абон æфсады 'хсæн бахауд, æмæ кæд уа, уæддæр
уыдонмæ.
Акастысты дыууæ, æмæ федтой арцыл иу цыдæр хъеллаугæнгæ.
Зæрисæры чызг дзуры йе фсадмæ:
– Цæуын иунæгæй, уæртæ хъеллау чи кæны, уымæ, хъуамæ йæ
рахæссон.
– Уæ, иунæгæй дын зын уыдзæни! Искæй нæ ауадз æмбалæн.
– Ничи мæ хъæуы.
Æмæ араст и Зæрисæры чызг, æмæ бадзырдта Æвдсæронмæ:
– Д' ард – де уазæг, ды куы фæсайай, æмæ мæм æргом куы нæ
рацæуай!
– Фод афтæ!
Æвдсæрон дæр æргомæй рацыд йæ бæхыл, æмæ уæйгуыты 'фсад
гуымиртимæ ракалдысты йемæ.
Зæрисæры чызг æм дзуры:
– Дур фестæд, махмæ 'ввахс чи 'рбацæуа!
Æмæ 'рлæууыдысты æфсад. Æвдсæрон æмæ Зæрисæры чызг хæцынтæ
систой. Кæрдтæй цæхæр акæлы, æмæ бæстæ арт ысуадзы. Зæрисæры чызг
кард фæхаста, æмæ Æвдсæрон-гуымирæн йæ иу сæр атахт. Ратылд дæлæмæ,
æмæ Борæйы цур банцад. Борæ сæрыкъуыдырмæ дзуры:
– Æ, фæлитой! Нал дын и аирвæзæн!
Зæрисæры чызг дыггаг риуыгъд ракодта, æмæ та Æвдсæроны сæртæй
иу атылди, æмæ чызг-æфсæдты цур банцади. Æркастысты йæм, æмæ
загътой.
– Бирæ цæрæнбон дын нал и!
Уалынмæ æртыггаг сæр дæр ысхъиудтытæгæнгæ доны смидæг и. Йæ
фæстæ цыппæрæм, фæндзæм, æхсæзæм... Иу сæр ма уыди Æвдсæроныл æмæ
дзуры:
– Мауал мæ амар. Фæлтау бафидауæм – æнусты мастæй æнустæм
хæлар цард хуыздæр у.
– Фод афтæ!
Иу къуырмагуымир фæзынди уым уыцы рæстæг. Сæ ныхæстæ цын нæ
фехъуыста. Фæстæты 'рбахъуызыд æмæ дзæккорæй чызджы фæрсчытæ
ныццавта.
Зæрисæры чызг та кардæй нырриуыгъта Æвдсæроны. Æвдсæронæн йæ
сæр ахауын кодта. Къуырмагуымиры та йе фцæгготæй фелвæста,
Болатбæрзæйы æд арц раскъæфта, æмæ 'рцыди Борæйы цурмæ. Борæ
къуырма гуымиры дыууæ фарсты акодта.
Болатбæрзæйы 'рхастой Нартæм, æмæ йын зæппадз ыскодтой. Уым æй
бавæрдтой. Стæй йын йæ уæлкъæсæр къуырмагуымиры иу æрдæг сæвæрдтой,
йæ иннæ 'рдæг та йын куыйтæн аппæрстой.
Гуымирты хистæр уый куы федта, уæд нал ауагъта хæцынмæ йе
фсады 'мæ дзуры Борæмæ:
– Нæ хæст уал ныууадзæм.
Борæ дæр фæллад уыди, æмæ сразы и. Уыйадыл сæ хæст ныууагътой,
æмæ фæцыдысты.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 352 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск