Воскресенье, 06.07.2025, 03:04
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БÆГÆНЫ КУЫД ФÆЗЫНД
БÆГÆНЫ КУЫД ФÆЗЫНД
Нартæ, бирæ чи федта мæ 'рхъуыдымæ дæсны чи уыд, ахæм адæм
уыдысты. Кастысты дунейы ахастмæ, æмæ цын ц' амыдта, уый кодтой.
Афтæ фæзынди бæгæны дæр. Иу бон, зæгъы, Нарты бæркадкъух Сатана
хоры зад байтыдта хурмæ, æмæ цыдæр кусинæгтимæ бадти хуртуаны цур.
Уæд дын кæсы, æмæ иу цъиу къутæрыл абадт, ахордта хуымæллæджы гага,
стæй æртахти Сатанайы размæ, æмæ ма задынæмыг дæр ахордта. Цас
рацыдаид, фæлæ цъиу ыстæхын нал фæрæзта – куы иуырдæм, куы иннæрдæм
фæчиуы, пæррæстытæкæны.
Сатана дæр ауад, хуымæллæг ратыдта, сфыхта йæ хоры задимæ, æмæ
дзы диссаджы бæгæны рауад. Бинонтæ дзы фæрасыг ысты. Фæлæ уыууыл
дæр н' ахицæн хъуыддаг. Бурæнæлфыс аргæвдынкодта Сатана. Ныссыгъдæг
æй кодтой хорз. Стæй йæ уыцы бæгæныйы сфыхтой æд дымæг. Диссаджы
æлутон дзы рауад – сау, бæзджын, æлвасгæ нуазинаг.
Нартæ, зæгъы, уæдæй фæстæмæ Сатанайы конд бæгæныйы йæддæмæ
ницыуал нозтæй сæ куывдты.
Ахæм ыстыр хорз ракодта Сатана Нартæн йæ зонды фæрцы.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 598 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск