Пятница, 04.07.2025, 05:13
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БАТЫРАДЗЫ РАЙГУЫРД
БАТЫРАДЗЫ РАЙГУЫРД
Уæд, зæгъы, иу бон бацыди Хæмыц Сатанамæ, æмæ йын ракодта
Быценоны ныхас. Сатана бонтæ 'мæ мæйтæ нымайын байдыдта. Хæмыц
æддæмæ нал хызти, йæ чъылдым къутуйы йас ныррæссыди, хæрдмæ фæцыди.
Æрцыди й' афон, æмæ Сатана фервыста Уæларв Куырдалæгонмæ.
Куырдалæгон æм æрцыди, æмæ йын Сатана афтæ зæгъы:
– Хæмыц зынг фестад, йæ цуры алæууæн нæй фыртæвдæй, æмæ йын йæ
чъылдым фæкъæрткæн доныбыл.
Куырдалæгон æмæ Сатана изæрдалынгты 'ркодтой Хæмыцы доныбылмæ.
Куырдалæгон бавнæлдта Хæмыцы чъылдыммæ, акъæртт æй кодта, æмæ дзы
лæппу райста цæхæрзынгæй. Сатана йæ донмæ фехсынкодта. Дон уыйонг
ныххуыскъ и, æмæ тæф фестади 'мæ арвмæ фæцыди. Уæд Галæгон
радымдта, æмæ бæстæ рауазал. Стæй къæвдамæ расайдта бон, æмæ
ныууарыд. Æмæ Батырадз доны баззад, цалынмæ руазал и, уæдмæ.
Куырдалæгон Хæмыцы чъылдым æрхуыдта, стæй йæ даргъ æртыскæнæй
раласта донæй лæппуйы 'мæ загъта:
– Мæнæ уæ диссаджы гуырд!
Хæмыц æмæ Сатана арфæтæ фæкодтой Куырдалæгонæн, æмæ
Куырдалæгон уæларвмæ фæцыди уыйфæстæ.
Хæмыц Нарты дзидзидарæг устытыл зилын байдыдта, цæмæй йын йæ
фыртæн дзидзи бадардтаиккой. Батырадз-иу цы усы риумæ февнæлдта,
уый-иу æд туг-æхсыр ацъырдта. Æмæ-иу ус уайтагъд æрхауди.
Батырадзæн нæ фаг кодта усы 'хсыр. Уæд æй хъудздзыты фæдджытыл
бафтыдтой, фæлæ-иу хъуг дæр æрхаудта – Батырадз-иу хъуджы 'хсыр
тугимæ рацъырдта.
Сайнæг-æлдар базыдта Батырадзы хабар, æмæ йæ зыдта, Батырадз
куы рахъомыл уа, уæд уымæн тыхгæнæг тых нал ыссардзæни. Æмæ дзырдта
Нарты адæмæн:
– Багъæцут, Нартæ! Сымах хъомылкæнут уæхицæн фыдбылыз. Нырма
нæ – уæ устытæ фæразынц йæ бафсадын, нæ – уæ хъудздзытæ. Чысыл
фæстæдæр та уын уæхи туг дойныйæн нуаздзæни. Фæлæ йын афоныл исты
хос ыскæнут йæ фесафынæн.
Нарты бауырныдта Сайнæг-æлдары ныхас æмæ Хæмыцмæ барвыстой:
"Дарынхъом дын нал ысты Нартæ дæ фырты. Мах æй ку' амарæм, уæд
нын раст нæ уыдзæни. Сомбон фæсмойнаг фæуыдзыстæм, æмæ нæ туг фидын
бахъæудзæн. Фæлæ йæ дæхæдæг фæкæн искуыдæм.
Хæмыцæн цы гæнæн уыди, æмæ ахаста йæ фырты хохы сæрмæ. Йæ
фесафын йæ цæст нæ бауарзта, æмæ йæ цъитийы скъуыды ауагъта. Стæй
æнкъардæй рацыд сæхимæ.
Батырадз цъитийы тигътæм зыдæй лæбурдта 'мæ цæ дадта.
Батырадзы тæвдæй æнусон цъити тайын райдыдта æмæ й' алыварс ысцад
и.
Иу бон тæгъдыкъæвда рацыд. Бæстæ лæсæнтæ кодта, æмæ Батырадзы
цад йæ былтæй акалд. Уæд цадуат фæкъæртт и, æмæ Батырадз фурды
былмæ ныттылди. Стæй доны фæдыл фурдмæ бацыди 'мæ уым царди.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 379 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск