Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
БАТЫРАДЗ ÆМÆ ÆРТÆСÆРОН УÆЙЫГ
БАТЫРАДЗ ÆМÆ ÆРТÆСÆРОН УÆЙЫГ
Сау хæхты 'хсæн, тархъæды бын, къæдзæх-лæгæты царди Æртæсæрон уæйыг. Æртæсæрон уæйыгæн Хуыцауæй дзырд уыди, хъуамæ къуыри иу хатт æнгуырстуаны дзаг туг баназа, цæмæй йæ тых къаддæр ма кæна. Æртæсæрон уæйыг зылди æмæ цæ чызгæй-лæппуйæ ахста Нарты фæсивæды, æмæ цæ хаста йæ лæгæтмæ. Сæ кæстæр æнгуылдзтæй цын æнгуырстуаныдзæгтæ туг уагъта 'мæ цæ нуæзта. Тугнуæзтæй Æртæсæрон уæйыг фыднард ныцци. Бæрзæй сæмхуызон сæримæ. Былтæ – кæфойтæ, цæстытæ – сасиры йæстæ, фындз – бæхы йас, хъустæ – ивазны йæстæ, дæндæгтæ та – дуæртты йæстæ. Ахæм уыди Æртæсæрон уæйыг. Иу бон та Æртæсæрон уæйыг разылди. Уыцы рæстæг Нарты Батырадз дуармæ хъазыд æмæ йæм Сатана дзуры: – Дард ма ацу, мæ къона – фесæфдзынæ ды дæр Нарты фæсивæдау. – Цæмæй мын тæрсыс? – Нартæм ахæм хæдзар нæй, чызг кæнæ лæппу кæмæй нæ фесæфт. – Ма мын тæрс. Батырадз хъазгæ-хъазгæ доныбылырдæм ацыди. Æртæсæрон уæйыг æй ауыдта 'мæ йæ аскъæфта. Æмæ Батырадз иу къæдзæх-лæгæтмæ бахаудта. Акасти, æмæ дын Нарты фæсивæд уым – иууылдæр фæлурс, удыртах цæ нал уыди. Æмæ цæ афарста Батырадз: – Цы ми кæнут ам? У' агурæг рахаубахау куы кæнынц Нартæ! Сымах та ам æнцад бадут... – Йе-йй-и, Батырадз, н' азыд нæхи бар нал у... Æмæ дæхæдæг ам цы ми кæныс? – Мæнæ мæ æртæсæрон уæйыг раскъæфта, æмæ мæм худæг кæсы. – Гъеуæдæ дæ худæг мастмæ цæудзæни, дæ туг дын куы нуаза, уæд. – Куыд мын нуаздзæни мæ туг? – Фендзынæ йæ. Æртæсæрон уæйыг æрбахаста йæ барæн æнгуырстуан, æмæ Батырадзы 'фцæгготыл фæхæцыди. Хъуамæ йын йæ кæстæр æнгуылдзæй туг рауадза. Батырадз æй асхуыста æмæ Æртæсæрон уæйыг къуымы сæмбæлди. Æмæ амæсти и уæйыг. – Æ, къæбыла! Ды мæн куыд асхуыстай? – Æмæ мын ды ме фцæгготмæ куыд бавнæлдтай? – Рацу ардæм æмæ нæ тыхтæ бавзарæм! – Ма йыл баууæнд, асайдзæн дæ, – дзурынц æм Батырадзмæ Нарты фæсивæд. – Нæ мæ асайдзæн! Æмæ рахызтысты лæгæтæй. Æртæсæрон уæйыг дур систа, æмæ йæ ныззыввытласта. Дур комы 'мбисы сæмбæлди, æмæ дзуры Æртæсæрон уæйыг: – Фехс-ма ды дæр иу ахæм дур, кæддæра кæйонг фехсис. Батырадз æртæ хатты йегъаудæр дур систа. Ныззылдта йæ, æмæ комы нæргæ атахти, æмæ æртæ хатты дарддæр ныппырх и. Йæ рыг сыстади 'мæ хуры цæст бамбæрзта. Æртæсæрон уæйыг уый куы федта, уæд хорзау нал фæци. – Ныр та схæцынтæй бафæлварæм. Батырадз ысразы ис. Уæйыг иу къуылдымыл сæнцади, æмæ йæ æд къутæртæ срæмыгъта. Батырадз дæр иу ыстыр айнæгыл сæнцади, æмæ йæ æд хъæд, æд зæхх ыстыдта. Æртæсæрон уæйыг та дзуры Батырадзмæ: – Цæй, ныр та цæнгтæ ивазын бафæлварæм. – Бафæлварæм. Батырадз йæ цонг адардта. Æртæсæрон уæйыг ахæцыди Батырадзы цонгыл. Батырадз йæхи ныффидаркодта, æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта йæ бынатæй Æртæсæрон уæйыг. Æртæсæрон уæйыг дискодта: "Ау цавæр тыхы хицау у ахæм æрыгонæй. Уагæры ма йæ лæджы ранмæ ку' ацæуа, уæд куыд уыдзæн? Тыхгæнæг ын тых нал ыссардзæн". Уæд æм Батырадз дзуры: – Æрбадар цæй дæ цонг, ныр та мæ рад у. Æртæсæрон уæйыг Батырадзмæ йæ хъæдыстæвдæн цонг бадардта. Батырадз Æртæсæрон уæйыджы цонг йæхимæ ратъæпласта, æмæ йын йæ цонг йæ рæбыныл раскъуыдта. Æртæсæрон уæйыгæн йæ богъ фæцыди, æмæ Нарты фæсивæд уæйыгыл ныххудтысты. Æртæсæрон уæйыг рамæсты и. Йæ иу цонгæй бæлас æд уидæгтæ стыдта, æмæ йæ Батырадзыл фехста. Батырадз бæлас тæхгæ-тæхын рацахста, æмæ йæ Æртæсæрон уæйыгæн йæхиуыл ныххуырста. Æртæсæрон уæйыгæн йæ иу цæст йæ тæккæрæбыныл фæхаудта. Æртæсæрон уæйыг дæр та къæйыфахс ратыдтакъæдзæхæй, æмæ йæ Батырадзыл рауагъта. Батырадз та уый дæр рацахста тæхгæ-тæхын. Фæстæмæ йæ фехста, æмæ уæйыгæн йæ дыггаг цæст дæр зæххы абадти. Æртæсæрон уæйыг бакуырм, уæдæ цы! – Де ртæ сæрыл хъуамæ фылдæр цæстытæ уыдаид, – дзуры йæм Батырадз. – Хæстæгдæр мæм рацу, рæстмæ дæ нæ хъусын. Батырадз æм уæд хæстæгдæр бацыд æмæ йын уæйыг йе фцæггот рацахста. Батырадз йæ уæлæфтау феппæрста. Æртæсæрон уæйыг уæлæфтау йæ къæхты бын аууæрста. Афтæ 'нхъæлдта, æмæ уый Батырадз йæхæдæг у... Уæд æм Батырадз дзуры: – Мæ уæлæфтауыл куы нæ тыхкæныс, уæд Нарты фæсивæды цы ныфсæй рахастай? Æртæсæрон уæйыг зæрдæскъуыд фæци, æмæ 'рхаудта, дыууæ хъæрзты ма скодта, оф-оф зæгъгæ. Батырадз Нарты чызджытæ 'мæ лæппуты рамбырдкодта, æмæ цын раскъæрынкодта Æртæсæрон уæйыджы фос. Нарты фæсивæд чызгæй-лæппуйæ Батырадзимæ Нартæм æрцыдысты. Нартæ ныццинкодтой. Æмæ Батырадзы схуыдтой сæ хуыцау Нартæ. Уый уыди, Батырадз ма æрыгон лæппу куы уыди, уæд. Стæй йын тыхгæнæг тых нал ардта, кæд ма йыл Хуыцау фæтых уыдаид, уыййæдтæмæ. | |
Просмотров: 328 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |