Четверг, 03.07.2025, 23:35
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БАТЫРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ СÆРÆНТÆ
БАТЫРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ СÆРÆНТÆ
Нарты Батырадз фурды царди. Æмæ уый Сатана зыдта 'рмæст, фæлæ
йæ нæ хъæркодта, æнахъом у, æмæ уал уадз æмæ йæхи æрымбара зæгъгæ.
Кæннод искæмæн исты фыдбылыз ыскæндзæн æнахуырæй.
Хæмыц дæр зыдта йæ фырты хабар, фæлæ йæ цъитийы скъуыды ку'
ауагъта Батырадзы, уæдæй фæстæмæ йæ йæ цæстæй дæр никуыуал федта.
Иубон Нартæ 'ртæйæ балцæй æрцæйцыдысты: Уырызмæг, Хæмыц æмæ
Сослан. Дардæй цыдысты 'мæ фурды былтыл рацæуынц. Изæрмилтæ 'рци,
цæст ма гæзæмæ 'взæрста. Кæсынц, æмæ фурд, куы иу ран, куы иннæ ран
дурдзæджындзау йæхи хæрдмæ фехсы, æмæ та фæстæмæ 'ркæлы.
Хъуыды байдыдтой Нартæ, уæдæ цымæ цæмæн афтæ кæны фурд?
– Айонг рацарддæн, – загъта Уырызмæг. – Уæдæ ауылты дæр
фыдздзаг хатт нæ цæуын. Фæлæ фурд афтæ хауа хæрдмæ, уый æнхъæл
никуы уыддæн. Цыдæр диссаг у. Æмæ кæд сымах дæр фæнды, уæд
бонырухсмæ лæууæм. Æмæ йæ базонæм, кæддæра цы у?
– Æз дæр айонг фæхаттæн алы бæстæтыл, – дзуры Хæмыц. – Ауылты
дæр иу æмæ дыууæ хатты не рцыддæн. Фæлæ фурд дурдзæджындзтæ кæна,
уый хъусгæ дæр никуы фæкодтон. Ам цыдæр хабар ис, æмæ йæ рухсæй куы
нæ фенæм, уæд æй афтæмæй нæ базондзыстæм.
– Æз дæр чысыл бæстæтæ нæ федтон, – загъта Сослан. – Уæдæ мæ
хæтæнтæ дæр кæуылты сты! Ацы фурды былтыл дæр æдзæугæ никуы фæдæн
æмæ, дурдзæджындзтæй хауа хæрдмæ, ахæм æмбисонд никуы федтон.
Лæууæм боны 'рбарухсмæ, æмæ йæ уæд базондзыстæм.
Нартæ сæ бæхтæ суагътой хизынмæ. Сæхæдæг æрхуыссыдысты, æмæ та
кæсынц: фурд хæрдмæ дурдзæджындзтау ныллæууы, сабухы. Æмæ та
фæстæмæ 'ркæлы. Хатт та ныссабырвæййы. Куы та йæ уылæнтæ кæрæдзийы
расурбасур байдайынц. Æмæ афтæ ахаста фурд раст фæсæмбисæхсæвмæ.
Уыйфæстæ фурд ныссабыр, æмæ Нартæ дæр фæлладæй тарф фынæй баисты.
Бон æрбарухс, фæлæ Нартæ нæ райхъал ысты. Цæмæй зыдтой – уый
Батрадз кæй хъазы фурды.
Райсомæй та Батырадз фурд ызмæнтын систа. Иугай, дыгай цæ
хæрдмæ 'ппары дойнаг галты. Стæй ауыдта Нарты бæхты, æмæ дзуры
йæхинымæр: "Адон кæй бæхтæ уой?"
Уалынмæ ауыдта Нарты фынæйæ æмæ та дзуры йæхинымæр:
– Цы бæрæг и? Кæд, мыййаг тыхгæнджытæ сты? Уæдæмæ цыл дон
бакалон, æмæ цын бакæсон сæ митæм".
Æмæ ныффу ласта Батырадз æмæ уылæнтæ Нартыл æрбакалдысты. Сæ
иуы дзы уылæнтæ 'мбисы уонг æрбаластой донмæ, иннæйы та –
æввахсдæр. Æртыггаг доны тæккæ был банцади.
Батырадз ныххудти 'мæ загъта:
– Адонæй цæй тыхгæнджытæ ис? Доны уылæнтæ раппар-баппар кæй
кæнынц!
Нартæ фехъал ысты, ныххуылыдз ысты, уæдæ цы уыдаид. Æмæ сæ дон
мизгæ лидзынмæ фесты. Батырадз иу цалдæр ыстыр бæласы стыдта æд
уидæгтæ, æмæ цæ ныккалдта фæндагыл дыууæрдыгæй. Æмæ Нартæн алидзæн
нал уыди. Æнцад æрлæууыдысты иу ран. Батырадз цæм донæй кæсы.
Уæд Уырызмæг загъта йе 'мбæлттæн:
– Мæн тыххæй баззадыстут ам. Æмæ ныр фыдбоны хай фестæм æртæйæ
дæр.
– Æгады бæсты нæ фесæфын хуыздæр, – зæгъы Хæмыц.
– Æртæйæ йыл ысхæцæм, – дзуры Сослан. – Кæд сæфæм, уæддæр
æгады сæфт нæ фæкæндзыстæм.
Уыцы ныхæстæ Батырадз фехъуыста, æмæ цæм доныбылмæ рахызти.
Хæстифтонгæй цæ куы федта Батырадз, уæд сагъæсы бафтыд: "Мыййаг,
кæд Нартæй ысты? Æмæ цæ куы фæцæгъдон, уæд мын худинаг уыдзæн.
Фæлтау цæ æртæ дихы фæкæнон, æмæ цæ хицæнтæй бафæрсон. Базонон цæ,
кæддæра чи сты?"
Æмæ цыл Батырадз бафукодта. Уырызмæг хохы рæбын балæууыд.
Хæмыц иу дзыхъхъы ныххаудта. Сослан та бæлæстæм ныффидар. Стæй
сыстад Батырадз: мæлгъхъуынтæ йæ рустыл, йæ цæстытæ сасирычъилты
йæстæ. Цæнгтæ ставд хъæдты хуызæн.
– Æввахсдæр мæм рацу, – дзуры Батырадз Сосланмæ. – Чи дæ, уый
мын зæгъ. Æрмæст – раст. Гæдыныхасæй дæ Хуыцау бахизæд!
– Нæртон лæг бæргæ дæн. Мæ ном – Сослан.
– Уæдæ уал дæлæ доныбыл абад.
Стæй Хæмыцмæ фæсидти Батырадз.
– Чи дæ, уый зæгъ. Ма фæсай!
– Æз Нарты Хæмыц дæн.
– Уæдæ дæлæ де мбалы цурмæ ацу.
Фæстагмæ ма Уырызмæджы дæр æфсоны фарст акодта Батырадз:
– Ды та кæмæй дæ?
– Æз дæр Нартæй дæн – Уырызмæг.
Уæд Батырадз Уырызмæджы йæ дæларм æрбакодта, æмæ иннæтæм
æрцыдысты. Стæй цын Батырадз афтæ зæгъы:
– Сымах ыстут ме рвадæлтæ: Уырызмæг – Нарты хистæр, Хæмыц – мæ
фыд, Сослан – Нарты тыхджындæр. Æз та дæн, Хæмыцæн Быценты чызгæй
цы гуырд равзæрд, уый – Батырадз.
Нартæ йыл ныццинкодтой æмæ загътой:
– Уæдæ кæд нæхицæй дæ, уæд дæ мах ам нал ныууадздзыстæм, æмæ
немæ цом.
– Нæ, мæн нырма мæхи сæрын хъæуы доны. Кæннод мын фæстагмæ
хорз нæ рауайдзæн. Рæстæг к' уа, уæд уæм зындзынæн, ныр та уал
Нартæм мæ номыл исты ахæссут. Æмæ Батырадз фурдмæ багæпласта.
Цалдæр галгæфы рацахста, æмæ цын цæ радта семæ. Нартæ хæрзбон
загътой Батырадзæн æмæ рараст ысты.
– Сæрæн гуырд у Батырадз, – загъта Уырызмæг. – Уый немæ цæрын
куы райдайа, уæд нын тас нал у.
– Батырадзы хуызæн æргомзæрдæ нæ уыдзæни, – дзуры Хæмыц.
– Æз æм кæсын, æмæ йæ кæстæр æнгуылдзы цы тых ис, уымæн йæ
дæсæмхай дæр мæнмæ нæ разындзæн.
Ныххæддзæ сты Нартæ сæхимæ 'мæ Батырадзы номыл ыстыр куывд
ыскодтой. Фынгтæ седзаг уыдысты кæф æмæ сырдыфыдæй. Æмæ та иу
абонæй иннæ абонмæ нæ бамынæг сæ хъæлдзæг зард æмæ цины уынæр.
Уæд иубон куы уыди, уæд Донбеттырты лæппутæ фурды хъазыдысты
æмæ ауыдтой Батырадзы – мæкъуыстæгджын æмæ фидæрттæарæзт.
Донбеттырты лæппутæ сæ мадæлтæм фæхабаркодтой: "Ахæм æмæ ахæм лæппу
фурды хъазы. Нырма хæрзæрыгон у, афтæмæй доны хъудздзыты ахсы. Æмæ
йæ цард уыцы хъудздзыты хсырæй у.
Донбеттырты устытæ Батырадзмæ бауадысты 'мæ йæ рбакодтой.
Базыдтой йæ. Æмæ цыма сæхи хъæбул у, ахæм цæстæй йæм кастысты.
Батырадз Донбеттырты лæппутимæ хъазыди 'мæ афтæмæй царди.
Нарты лæппынфæсивæд-иу арæх цыдысты фурды былмæ хъулæй
хъазынмæ. Зæдтæ 'мæ уæларвон цæрджыты лæппутæ дæр-иу æртахтысты
Нартæм, æмæ-иу хъазыдысты иумæ Нарты фæсивæдимæ.
Уæд цæ Батырадз федта иу хатт, æмæ цæм рахызти. Æмæ-иу цын
сауæмбылд акодта.
Нартæ 'мæ-иу уæларвон цæрджытæ уæд æнкъард æмæ сæргуыбырæй
фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.
Иухаттдæр та афтæ 'нкъардæй фæзындысты. Æмæ цæ фæрсынц Нартæ:
– Цæуыл æнкъард ыстут? Ахæм диссагæй цы 'рцыди?
– Хъулæй хъазынмæ нæм фурдæй иу лæппу рахизы. Фыдæмбылдтытæ нæ
ныккæны, æмæ уыууыл ыстæм æнкъард.
Сатана базыдта, уый Батырадз кæй у, уый. Æмæ зæгъы Нарты
лæппутæн:
– Нартæй иу зæронды акæнут, æмæ йæ ныддасут доныбыл. Рæсугъд
даст æй акæнут. Уыцы лæппу йæм бабæлдзæни, æмæ йæхи адасынкæндзæн
уый дæр. Æмæ йæ уæд дон йæхимæ нал бауадздзæн, æмæ уемæ рацæудзæн.
Нарты фæсивæд акодтой иу зæронд лæджы доныбылмæ. Зæдты лæппутæ
дæр та 'ртахтысты уæларвæй. Систой хъулæй хъазын, иучидæр та дзы
зæронд лæджы даста.
Уæд цæм Батырадз бабæллыд, æмæ дзуры Нарты лæппутæм:
– Мæн дæр ма адасут!
– Табуафси! Кæд дæ афтæ тынг фæнды, уæд!
Батырадз дзудздзæджы 'рбадти, æмæ йæ Нарты лæппутæ бындаст
акодтой.
– Уаих, цы лæппутæ стут! Афонмæ дæр мæ афтæ ныддастаиккат.
Батырадз ахæм аив уыди дастæй, æмæ дзы цæстытæ сæхи райсын нæ
куымдтой. Уæларвæй чи 'рцыди, уыдон зæрдæмæ дæр тынг фæцыди. Се
хсæн æй акодтой, æмæ иумæ хъазыдысты суанг изæрмæ. Изæры цæ алчи йæ
хæдзармæ цæуыныл ысси. Батырадз фурдмæ бахизы, фæлæ йæ фурд фæстæмæ
раппары. Нал æй уадзы фурд йæхимæ.
– Махмæ цæрынæн дын фадат нал и – дæхи адастай, – загътой
Донбеттыртæ.
Батырадзмæ фæсмон æрцыди, фæлæ ма цы гæнæн уыд, æмæ загъта
Нарты лæппутæн:
– Фæлæуут, æз дæр уемæ цæуын!
Уыдон ныццинкодтой. Уæд Хур йæ тын зæххыл рауагъта, æмæ
изæрæхсид ыскодта, æмæ уæларвон лæппутæ загътой:
– Ацы лæппуйы нæхимæ фæкæнæм.
Бауадысты Батырадзмæ, æмæ йæ Хурытынмæ 'рбасайдтой. Хурытын
систа йæхи, æмæ йæ уæларвон лæппутимæ уæларв балæууынкодта
Батырадзы дæр.
Хурæн Батырадзы цахъхъæн чызг уыди. Йæхимæ 'рбакодта Хур
Батырадзы æмæ цæ иумæ хаста йæ чызгимæ.
Нарты фæсивæд æнкъардæй æрцыдысты сæхимæ.
– Цавæр æнкъард ыстут уый? Цы кодтат? – афарста цæ Сатана.
– Батырадзы донæй бæргæ расайдтам, фæлæ нын æй уæларвон
лæппутæ аскъæфтой хурытыныл уæларвмæ.
– Йæ рæстæг к' уа, уæд уæм зындзæни, маст ыл мауал кæнут.
Æмæ Нарты лæппутæ дæр ницыуал загътой.
Батырадз Хуры чызгæй йæхицæн хо загъта, æмæ уым цасдæр
фæцарди. Хур æй йæ тынты доны 'хсынкодта Батырадзы, æмæ 'ндонвидар
ысси.
Уæд иубон Сатана кувы, æртæ мыдамæсты 'мæ нуазæн йæ къухы,
афтæмæй:
– Хуыцæутты Хуыцау, кæд Хæмыцы фырт йæ фыды бæстæйы аггаг у,
уæд æй æртæ бонмæ Нартæм æрцæуынкæн!
Æмæ Хуыцауы фæнд Хурыл сæмбæлд.
– Бавзарæм уал æй, – загъта Хур.
Æмæ Хур цæджджинагаджы дон рафыхта, æмæ дзы йæ сызгъæрин худ
ныппæрста. Стæй йын афтæ Батырадзæн:
– Гъа-ма, Хæмыцы фырт Батырадз, уыцы худ сис.
Батырадз бирæ нал фæхъуыдыкодта, фæлæ йæ дарæс феппæрста 'мæ
фыцгæаджы ныггæпласта, æмæ худ систа – чысыл дондæппæлттæ йыл
фæзынд.
– Куыд дæм кæсы? – афарста йæ Хур Хуыцауы.
– Тынг хорз, тæвды йæ бон бауыдзæн.
– Ноджы ма йæ бафæлварæм.
Æмæ мусуатмæ дон рауагъта Хур, æмæ Галæгонмæ фæдзырдта.
– Гъеуыцы мус ныййихкæн.
Батырадз астæуæйуæлæмæ бæгънæгæй лæууыди цады. Афтæмæй йыл
тымыгъ рауагъта Галæгон. Цад ныййих ис, æмæ Батырадз йæ мидæг й'
астæумæ ныссалд. Радтой йæм дыууæ стыр дуры: уый цæ хæрдмæ
зыввытласта кæрæдзийы фæстæ, цырд-цырд, æмæ йæ хид йæ риуыл калди.
Уæдта йæ Хур афарста Хуыцауы:
– Куыд дæм кæсы Батырадз?
– Их-уазалæй йæхи чи байса, ахæм у.
– Уæдæ ма йæ ноджы иу фæлвæрд бакæнон.
Хурæн Хурыхохы уыди стыр мæсыг амад, æмæ йын Хур афтæ зæгъы
Батырадзæн:
– Гъеуый бынмæ слæу.
Батырадз Хурыхохы бын ыслæууыди. Хур йæ мæсыг фæкъулкодта, æмæ
мæсыджы дуртæ бынмæ ракалдысты. Батырадз цæм йæ ныхытъæпæн дардта,
æмæ йыл лыстæг пырх кодтой.
Батырадзы ныхыл чысыл нос дæр нæ фæзынди.
– Цæй, цы зæгъдзынæ? – афарста та йæ Хур Хуыцауы.
– Тынг хорз! – æмæ йын арфæ ракодта Хуыцау.
Æмæ Батырадз цæнгæт-фидар аци.
– Нартæ дæ сæхимæ кæнынц, æмæ цæм фæцу, – загъта уæд Хур
Батырадзæн. – Уæларвмæ дын алы хатт дæр – фæндаг, æмæ
уæларвцæрджытæн се мвынг у.
Уыцы ныхас Хур Хуыцауы фæндонæй загъта æмæ цын Батырадз арфæ
ракодта сæ дыууæйæн дæр. Фæлæ фæстагмæ уыууыл ныллæууыд:
– Æз афтæмæй н' ахиздзынæн.
– Уæдæ ма дæ цы хъæуы?
– Зæххон цæрæгæй мыл тых куыд нæ уа!
Уæд Хуыцау бахудти 'мæ загъта:
– Нырма уал ацу Нартæм. Æз ам Куырдалæгоны фендзынæн. Уый дæ
бахсиддзæни йæ куырдадзы, æмæ дын уæд зæххыл тыхгæнæг тых нал
ыскæндзæн.
Батырадзы Хур йæ тынтыл систа, æмæ йæ, бæрзонддæр цы хох уыди,
уыууыл æрывæрдта. Æмæ рарасти ныр Батырадз Нартыхъæумæ. Йæ
къæхтыхъæр æрвнæрæгау кодта, æмæ йæ къæхтыбынæй дуртæ фæйнæрдæм
тахтысты. Кæуыл-иу сæмбæлдысты, уымæн-иу йæ богъбогъ ыссыди.
Сатана йæ уайтагъддæр базыдта – уый Хæмыцы фырт Батырадз у.
Фæцин ыл кодтой Нартæ. Стæй йæ Сатана иу хицæн ран бакодта, æмæ-иу
æй искуы-иу хатт рауагъта æддæмæ.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 339 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск